Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.
план-конспект урока (6 класс)

Козаева Фатима Ивановна

Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл nymatson.docx26.98 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ  хӕзна...

Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Урочы нысантӕ: Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм. Ныхасы рӕзтыл бакусын.

Эпиграф урокмӕ:

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.

Джыккайты Шамил

Урочы цыд:

1.Организацион хай.

2.Скъоладзаутӕ бадынц къордгай(3 къорды). Сӕ разы гӕххӕтты сыфтӕ дзырдтимӕ:  журналист, нымӕрдар, дуканигӕс;  ахуыргӕнӕг, экономист,хынцӕг; диктор,фыссӕг ,банчы кусӕг.

Алы къордӕй дӕр иу ахуырдзау кӕсы дзырдтӕ.

Ахуыргӕнӕджы фарст:

ӕгъут-ма, цы дзырдтӕ бакастыстут , уыдон цы иу кӕны?

Дзуапп:

-Сты дӕсныйӕдты нӕмттӕ.

Фарст:

-Ӕмӕ ацы  дӕсныйӕдтӕ цы бар дарынц, цы ныхасы хай ахуыр кӕнӕм, уымӕ?

Дзуапп:

-Ацы дӕсныйӕдты нымӕцон тынг хъӕугӕ ныхасы хай у.Ацы адӕм сӕ  куысты арӕх пайда кӕнынц нымӕцонтӕй, ӕмӕ сӕ хъуамӕ зоной раст  фыссын ӕмӕ дзурын.

Ахуыгӕнӕг:- Уӕ дзуаппытӕм гӕсгӕ нымӕцон тынг хъӕугӕ ныхасы хай у.Ӕмӕ ма мын зӕгъут, абон нӕ урочы цӕуыл дзурдзыстӕм, ӕмӕ нӕ абоны урочы  уӕ куысты нысан цы уыдзӕн,уый.

(Ахуырдзаутӕ кусынц къордгай).

1-аг къорд:-Махмӕ гӕсгӕӕ урочы дзурдзыстӕм нымӕцонтыл,нӕ куысты нысан та у сӕ растфыссынадыл сын дарддӕр бакусын.

2-аг къорд:-Мах дӕр афтӕ ӕнхъӕлӕм, ӕмӕ нӕ урочы темӕ у нымӕцонтыл куыст. Нӕ урочы нысан та у нымӕцонты  растдзурынадыл хуыздӕр бакусын, нӕ ныхасы сӕ раст пайда кӕнын зонын.

3-аг къорд:-Нӕ урочы темӕ мах дӕр  сбӕлвырд кодтам афтӕ:Нымӕцонты растфыссынад. Нӕ нысан та у, цӕмӕй контролон диктант  хорз ныффыссӕм, уый тыххӕй бакусын, раздӕр урокты цы къуыхцытӕ баййӕфтам, уыдон аиуварс кӕныныл.

Ахуыргӕнӕг:

-Бузныг, сывӕллӕттӕ. Разы дӕн уӕ дзуӕппытӕй.(Интерактивон фӕйнӕгыл равдисы урочы темӕ ӕмӕ нысантӕ). Ныр та нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, нымӕцонӕй цы базыдтам,уый:

1.Цы хонӕм нымӕцон?

2.Цавӕртӕ вӕййынц нымӕцонтӕ сӕ арӕзтмӕ гӕсгӕ? Сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ?

3.Хъуыдыйады  мидӕг цавӕр уӕнгтӕ вӕййынц?

Ахуыргӕнӕг:

-Сывӕллӕттӕ, абон махмӕ ис уазӕг,не скъолайы математикӕйы ахуыргӕнӕг.Куы базыдта, нымӕцон ахуыр кӕнӕм,уӕд ӕй бафӕндыд базонын, иронау нымайынмӕ куыд арӕхсут, уый.Ӕрбахаста йемӕ ӕмдзӕвгӕтӕ-хынцинӕгтӕ.Табуафси, ныхасы бар ын дӕттӕм.

Математикӕйы ахуыргӕнӕг кӕсы   хынцинӕгтӕ:

Фондз хатты кӕрдотӕ абон

Ногдзаутӕн дӕсгӕйттӕ радтон.

Ӕз мӕ удварнӕй-ныфсхаст,

Баззад ма мӕ тӕсчъы аст.

Цал мӕм уыди, цал кӕрдотӕ,

Базонут-ма уый, мӕ хотӕ?

Аст чызгыл дыччытӕ ӕз

Байуӕрстон фӕндзай ӕхсӕз.

Радта ма сын уӕд Зӕйнӕ

Ахӕм дыччытӕ фӕйнӕ.

Цал ис иу чызгмӕ ныр дуртӕ,

Уый-ма мын зӕгъут, мӕ хуртӕ?

(Ахуырдзаутӕ хынцынц хынцинӕгтӕ).

Математикӕйы ах-г:

-Бузныг,сывӕллӕттӕ, хорз сарӕхстыстут хынцинӕгтӕм.

Ахуыргӕнӕг:

-Ныр та ахӕм хӕс: хынцинӕгты нымӕцонтӕ рафыссын  ӕмӕ сын характеристикӕ раттын.

Ахуырдзаутӕ сӕ дзуӕппытӕ кӕсынц.

Хӕс  Фӕйнӕгыл фыст нымӕцонтӕй саразын алыхуызон нымӕцонтӕ:

авд-ӕвдӕм,ӕвдӕймаг,ӕвдай

аст-ӕстӕм,ӕстӕймаг,ӕстай

Фарст:

-Цы бафиппайдтат нымӕцонты растфыссынады?

Дзуапп:

-Цы нымӕцонтӕ сарӕзтам, уыдонӕн сӕ райдайӕны тыхджын хъӕлӕсон а-йы бӕсты фыссӕм лӕмӕгъ хъӕлӕсон ӕ.

Хӕс Саразын бӕрцон нымӕцон иу-ӕй рӕнхъон нымӕцон :

Иу-фыццаг.

Хӕс Ныффыссын фӕйнӕгыл нымӕцонтӕ 11-19-мӕ. Скӕнын хатдзӕг.

Дзуапп:

-Вазыгджын нымӕцонты дыккаг хайы хъуысы т, фӕлӕ дзы фыссӕм д

Хӕс  Фӕйнӕгыл фыст нымӕцонтӕ ныффыссын дамгъӕтӕй:

31,245,96. Хатдзӕгтӕ скӕнын.

Дзуапп:

-Ацы нымӕцонтӕ сты амад, сӕ хӕйттӕ сын фыссӕм хицӕнӕй.

Чиныгимӕ куыст,раиртӕстытӕ бакӕсын.Фӕлт.249-ӕм сӕххӕст кӕнын фысгӕйӕ.

Ахуыргӕнӕг:

-Ныр та сбӕрӕг кӕнӕм нӕ хӕдзармӕ куыст. Хъуыдис уӕ ныффыссын ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ уыци-уыцитӕ  нымӕцонтимӕ.

Иу-цалдӕр ахуырдзауы кӕсынц  сӕ уыци-уыцитӕ ӕмӕ ӕмбисӕндтӕ.

1.Дыууӕ лӕджы дӕ сохъхъыр куы схоной,уӕд дӕ иу цӕст бамбӕрз.

2.Галиудзинадмӕ мин фӕндаджы ис,рӕстдзинадмӕ-иу.

1.Иу дон  калы, иннӕ йӕ нуазы,ӕртыккаг дзы рӕзы.

2.Ӕртӕ ӕфсымӕрыл иу нымӕтхуд уӕлдайджынтӕй ӕххӕссы.

3.Дууадӕс догъони уайунцӕ, сӕ кӕрӕдзей ба  не ййафунцӕ.

Фарст:

ӕгъут-ма, нӕ урочы эпиграф куыд баст у  уӕ хӕдзармӕ куыстимӕ?

Дзуапп:

-Нымӕцон тынг цымыдисаг ныхасы хай у, нӕ адӕмон сфӕлдыстады дӕр  ыл арӕх ӕмбӕлӕм, уӕлдайдӕр ӕмбисӕндтӕ ӕмӕ уыци-уыциты.

Ахуыргӕнӕг:

-Раст зӕгъыс. Нымӕцонтӕй хъӕздыг у нӕ фольклор , нӕ фыдӕлты хӕзна...

Къордты куыст.Алы къорды раз дӕр-чингуытӕ(«Ирон адӕмон аргъӕуттӕ»,»Нарты кадджытӕ»). Рафыссын сӕ хъуыдыйӕдтӕ нымӕцонтимӕ.

1.Афтӕ ӕртӕ хатты дӕр Сосланы хал  систа. («Сослан ӕмӕ Тары фырттӕ»).

2.Сӕ кӕстӕр  ӕфсымӕр фӕлдахы авд гутонӕй  быдыртӕ.(«Уастырджи ӕмӕ ӕртӕ  ӕфсымӕры").

3. Арвы цыппар къабазӕй кӕдӕм нӕ фӕкаст, ахӕм нал баззад.(«Арвы айдӕн»).

4.Иннӕ лӕппуты зӕрдӕйы тӕгтӕй фӕндырӕн скодта дыууадӕс тӕны.(«Фӕндыр куыд фӕзынд»).

5.Мах уыдыстӕм авд ӕфсымӕры(«Сослан-тыхагур»).

6.Раджы авд хойы уыдис, чи сӕ хуыздӕр уыд, уымӕн раиртасӕн нӕ уыд.(«Авд хойы»).

Ахуыргӕнӕг:

-Тынг хорз сарӕхстыстут  ныр дӕр та. Цавӕр нымӕцонтӕ ӕмбӕлынц арӕхдӕр уӕ хъуыдыйӕдты?

Дзуапп:

-Ӕртӕ,авд.

Ахуыгӕнӕг:

-Раст у. Ирон адӕмон сфӕлдыстады, стӕй нӕ уырнынады дӕр иуӕй-иу нымӕцонтӕ сты табуйаг, хӕццӕ сӕм кӕны дины тӕваг. Уый фӕдыл цалдӕр скъоладзауӕн бахӕс кодтон бацӕттӕ кӕнын , ирон адӕммӕ цымыдисаг цы нымӕцтӕ сты,уыдоны тыххӕй хъусынгӕнинӕгтӕ.Табуафси.

Ахуырдзаутӕ кӕсынц сӕ куыстытӕ нымӕцонтӕ ӕртӕ ӕмӕ авды тыххӕй.

Математикӕйы ахуыргӕнӕг:

-Сывӕллӕттӕ, тынг ӕхсызгон мын у, нӕ адӕмон сфӕлыстадон бынтӕ уӕм цымыдисдзинад кӕй рӕзын кӕнынц, нымӕцонтӕй  ирон ӕвзаджы хорз кӕй  пайда кӕнут, уый дӕр федтон. Ӕз ма уын ӕрцӕттӕ кодтон иу  хынцинаг.Уый дӕр ист у «Нарты кадджытӕй». Кадӕг»Уырызмӕджы  мӕсыг», зӕгъгӕ, уым Уастырджи дзуры Уырызмӕгмӕ,Донбеттыртӕй,дам,дӕм чи фӕзына,уымӕн-иу зӕгъ:»Авд хатты мӕм авд фӕлтӕры авд-авды адӕм ӕрхуы мӕсыг амайынмӕ куыд фӕзынат Нарты хъӕумӕ». Цал адӕймаджы хъуамӕ уыдаиккой?

Дзуапп:

-2401.

Математикӕйы ахуыргӕнӕг:

-Иттӕг раст. Бузныг.

Ахуыргӕнӕг:

ӕ урочы кӕрон мӕн фӕнды базонын,уӕ размӕ цы нысантӕ ӕрӕвӕрдтат, уыдон уӕ къухы бафтыдысты ӕви нӕ?

Дзуаппытӕ:

ӕнӕн ацы урок пайдайаг фӕци, уымӕн ӕмӕ нымӕцонты растфыссынад бафидар кодтон,ӕмӕ мӕ уырны, контролон диктант хорз ныффысдзынӕн.

-Урок мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд.Базыдтон, куыд рӕсугъд,куыд хъӕздыг нын кӕнынц нӕ фольлор нымӕцонтӕ.

-Ӕз та мӕ дзуапп равдыстон синквейны:

Урок

Цымыдисаг, хӕрзхъӕд

Хъуыстон, куыстон, хъуыды кодтон

Сахуыр дӕн нымӕцонтӕй мӕ ныхасы раст пайда кӕнын

Бузныг.

Ахуыргӕнӕг:

-Бузныг. Куыд федтат,афтӕмӕй хъӕздыг у нӕ адӕмон сфӕлдыстад, не взаг. Ӕмӕ уӕм ахӕм зонд разынӕд,нӕ адӕмон сфӕлдыстадон бынтӕ уӕ  фӕзминаг ӕгъдӕуттыл, ӕвзӕрдзинадӕй хи хъахъхъӕныныл куыд ахуыр кӕной, ӕмӕ сӕ сымах та ӕххӕст куыд кӕнат.

Бӕрӕггӕнӕнтӕ сӕвӕрын.

Хӕдзармӕ куыст: Ӕрхъуыды кӕнын цыбыр аргъау,спайда дзы кӕнын нымӕцонтӕй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.

Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...

Урочы темӕ: Æрдз - нæ дарæг Грамматикон темӕ: Архайды хуызы фадатон дзырдтӕ.

Объяснение нового материала. Второстепенные члены предложения- обстоятельство  действия....

Нымӕцонтæ æмæ сæ арæзт. Дихон нымæцонтæ.

Урочы нысан: 1) Морфологийы рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.2) Бацамонын, ахуырдзауты зӕрдыл ӕрлӕуууын кӕнын, цы хонӕм нымацон, цавар хуызтӕ вӕййы нымӕцонтӕн.3) Бакусын нымӕцонты аразтыл.4) Хъомыладон ...

Урочы темæ: Бирæ нын цæрат, нæ буц хистæртæ (зарæгæй) Грамматикон темæ: Ирон ныхасы стильтæ

План конспект урока в 9 классе. Грамматическая тема урока "Стили речи"....

Урочы темæ: «Мады уарзтӕн арӕнтӕ нӕй!» Грамматикон темæ: «Номивӕг. Ӕриугӕнӕн урок»

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номивӕджы  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок....