Открытый урок в 7 классе на тему "Мивдисджытæ æппæрццæгтимæ æмæ сæ растфыссынад"
методическая разработка (7 класс)

Кайтмазова Марина Беказаевна

Открытый урок был проведен в 7 классе

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл urok_v_7_klasse.docx19.73 КБ

Предварительный просмотр:

Мивдисджытæ æппæрццæгтимæ æмæ сæ растфыссынад.

Нысæнттæ: раст кæсын, мивдисджыты иртасын иннæ ныхасы хæйттæй, мивдисджыты растфыссынадыл бакусын, сæ хæйттæ сын раст иртасын, предметты бастдзинадыл бакусын, æнæниздзинады технологитæй пайда кæнын, дзырдты лексикон нысаниуæгыл бакусын, хъомыладон куыст (нæ фысджыты сфæлдыстад ахуыр кæнын, аргъ сын кæнын, патриотизмыл хъомыл кæнын ахуыргæнинæгты).

Урочы цыд.

  1. Организацион момент.
  2. Зонындзинæдты актуализации.

-Ранымайут ныхасы хæйттæ. Цы нысан кæнынц? Æрхæссут сыл дæнцæгтæ.

-Мивдисджыты растфыссынадыл бакусын. Дзырдуатон диктант.

Ныххæцын, æруидзын, æрдуцын, хынцын, ныссадзын, ныббарын, ныппарын, азгъорын, æрбабæттын, згъорын, æруадзын, цæгъдын, тындзын, баззайын, сийын. Ахуыргæнинæгтæ æмбарын кæнынц дзырдты растфыссынад фысгæ-фыссын.

-Бамбарын кæнын мивдисджытæ ныббарын æмæ ныппарын – ы нысаниуæг.

-Фæлхат кæнын мивдисæджы тыххæй рацыд æрмæг.

-Фæнысан кæнын мивдисджыты хæйттæ: ныххæцын , æруидзын  , æрдуцын .

-Садзын ракæныт фонетикон æвзæрст индивиндуалон (фæйнæгыл).

-Куыд ивынц мивдисджытæ? Цы хъауджыдæр ис ирон æвзаджы мивдисджытæй æмæ уырыссаг æвзаджы мивдисджытæй? Проблемон ситуаци.( Ирон æвзаджы мивдисджытæ кæнынц тасындзæг).

-Æртæ къорды куыст: аифтындзæг кæнын мивдисæг садзын нырыккон, ивгъуыд, суинаг афоны æмæ æрхъуыды кæнын нырыккон, ивгъуыд, суинаг афоны ацы мивдисджытимæ хъуыдыйæдтæ.

-Проблемон ситуации. Кæд вæййы -ын- фæсæфтуан, кæрон?

-Сбæрæг кæнын хæдзарон куыст.

3. Урочы темæйыл куыст. Таурæгъон æмæ фарстон хъуыдыйады интонацийыл бакусын. Ратæлмац кæнут хъуыдыйæдтæ ирон æвзагмæ. Я не пойду в школу. Я не хожу больше в школу. Ты не ходи в школу. Ты больше не ходи в школу.

Практикон куыстытæ.

Предметты бастдзинад (ирон æвзаг æмæ литературæ, уырыссаг æвзаг).

Куыд тæлмац кæны уырыссаг æппæрццæг хайыг не ирон æвзагмæ? Куыд фыст цæуы æппæрццæг хайыг не дзырдтимæ. Ирон æвзаджы та?

Бахъуыды кæнын дзырд æппæрццæг – ы (отрицательный) растфыссынад.

Фæйнæгыл фыст: ма дзур, нæ дзурын, мауал дзур, нал дзурын.

Дзырдты лексикон нысаниуæгыл бакусын: къудзи – куст, зындзинад – трудность, чъырын сис – каменная стена, морæ фæсмын – коричневая шерсть. Морæ фæсмын цавæр æмæ кæй æмдзæвгæйы ис? (Къоста «Салдат»).

Æвзаргæ диктант (рафыссын дзы мивдисджытæ, сбæрæг сын кæнын сæ афонтæ.

Хур ракаст (ивгъуыд). Скъоладзаутæ фыссынц (нырыккон). Уасджытæ уасынц (нырыккон). Дада хъуццыты аскъæрдзæн (суинаг). Мæргътæ алырдыгæй зарынц нырыккон).

Ахуыргæнæн чиныджы дзырдуатыл кусын – 120 ф. Ссарут дзы мивдисджытæ, бакæсут сын сæ лексикон нысаниуæг.  Хибарæй куыст. Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм: ныдздзагъыр уын – ныйирд уын (цæстытæ), схархаса уын – схæццæ уын, сæмтъеры уын, кæрæдзи нал æмбарын.

Куыд хуыйнынц ацы дзырдты къордтæ? (Синонимтæ).

Ахуыргæнæджы комментаритæ.

Чиныгимæ куыст. Бакæсын параграф 10, радзурын ын йæ мидис. Ацы темæ уырыссаг æвзагимæ абаргæйæ цæмæй хицæн кæны? (Проблемон ситуаци).

Фæлтæрæнтæ 59, 60, 63, 65. Цавæр къуылымпыдзинæдтæ, цæлхдуртæ ис уæ разы, цы нæ бамбæрстат урочы? Куыд аразын хъæуы фæлтæрæнтæ? Кæрæдзийæн æххуыс кæнын.

Ацы мæй цавæр бæрæгбон нысан кодта? Чи у Къоста? Сфæлдыстадон куыст. Ныффыссут чысыл сочинении ахæм темæйыл: «Къоста – патриот». Къостайы сфæлдыстад ахуыр кæнын хъæуы, аргъ ын кæнын. Спайда кæнут уæ сочиненийы æппæрццæг хайыгтæй.Цы зонут Къостайы æнæниздзинады тыххæй? Æнæниздзинад хъахъхъæныны технологитæй пайда кæнын. Куыд ауды ныр хицауад йæ адæмы æнæниздзинадыл? Скъолайы уын уе ,нæниздзинадмæ хъусдард ис?  Ахуырадон, коммуникативон, регулятивон æмæ адæймаг хъомыл кæныны архæйдтытæй пайда кæныны куыстытæ, алы компетенцитæ ахуыргæнинæгтæн дæттын урочы.

Ахуыргæнинæгтæ сæ кæрæдзи фæлтæрæнтæ бæрæг кæнынц, сæ кæрæдзи рæдыдтытæ раст кæнынц, æмбарын сæ кæнынц.

Бакæсын сочиненитæ, бамбарын кæнут æппæрццæгты растфыссынад мивдисджытимæ. Цы нысан кæны дзырд патриот? Сымах та уарзут уæ Райгуырæн бæстæ?

  1. Рефлекси. Рацыд æрмæг ныффидар кæнын. Хатдзæгтæ скæнын цы базыдтат, уымæн, урокæн. Уæхи куыд æнкъардтат урочы? Сывæллæтты эмоционалон ахастдзинæдтæм хъус дарын, толерантон ахастытыл ахуыр кæнын.
  2. Хæдзарон куыст. Параграф 10, ф.64, аифтындзæг кæнын иу мивдисæг æртæ афоны дæр æмæ йæ атасындзæг кæнын.

По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Открытый урок 9 класс. Тема урока: «Уравнения, приводимые к квадратным»

Цель: 1.     Проверка знаний учащихся по теме; 2.     Умение решать квадратные уравнения с параметром; 3.     Правильная запись решений....

Разработка открытого урока по классу фортепиано «Работа над полифонией в старших классах»

Трёхголосное полифоническое произведение. И.С. Бах Фуга С-dur....

Открытый урок 8 класс. Тема урока: “Global ecological problems”

Задачей современной школы является обеспечение условий для формирования у обучаемых адекватной современному уровню знаний картины мира и интеграции личности ученика в систему мировой и националь...

Открытый урок (мастер-класс) по русскому языку, проведённый на Фестивале инновационных идей в региональном образовании «Педагогические открытия 21 века» по теме Урок – исследование. «Предлог». (7 класс)

Тема: Предлог. (Закрепление знаний)Цель урока а) учебная: систематизировать и обогатить знания учащихся о предлоге, на основе заданий-исследований предупредить возможные ошибки в употреблении предлого...

Проект открытого урока 9 класса "Открытие нейтрона. Состав атомного ядра. Массовое число. Изотопы"

Проект открытого урока «Открытие нейтрона. Состав атомного ядра. Массовое число. Изотопы»...

Открытый урок 5 класс. Тема урока :«Present Perfect Tense»

Развитие грамматических навыков употребления времени Present Perfect Tense в различных видах речевой деятельности....

Открытый урок 6 класс. Тема урока: "Черты характера человека".

Сформировать у учащихся знание основной лексики , включающей синонимы и антонимы , основные префиксы,придающие словам отрицательное значение....