Брэйн-ринг «Ныууагътой нын нæ фыдæлтæ æвзаг…»
методическая разработка (9 класс)

Бурнацева Татьяна Трофимовна

Брэйн-ринг для 9-10-х классов.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл breyn-ring_nyuuagtoy_nyn_nae_fydaeltae_aevzag.docx16.17 КБ

Предварительный просмотр:

Брэйн-ринг «Ныууагътой нын нæ фыдæлтæ æвзаг…»

Ирон æвзаг у дунейы рагондæр æвзæгтæй иу. Йæ хъæздыгдзинад æмæ йæ аивдзинадæн та æмбал нæй. Мах хъуамæ зонæм, цавæр стыр хæзна нын балæвар кодта Хуыцау æмæ йын аргъ кæнæм.

Абон ацы залы æрæмбырд сты, ирон æвзаг чи уарзы æмæ йæ хорз чи зоны, уыцы фæсивæд: 9-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Хъазынц 4 командæйы:

9 «а» къл.командæ «Домбайтæ»

9«б» къл.командæ «Хохæгтæ»

9 «в» къл.командæ «Гуыппырсартæ»

9 «г» къл. командæ «Зондабитæ».

Алы раст дзуаппæн дæр лæвæрд цæудзæнис 2 баллы. Æххæст дзуапп куынæ уа, уæд та - 1 балл. (Хъуыды кæнынæн рæстæг лæвæрд цæудзæнис 1 мин. бæрц).

Хъазт дихгонд цæудзæнис 3 хайыл:

1-аг: фæрстытæ лексикологийæ: базонын хъæудзæнис дзырдты этимологи æмæ сæ нысаниуæг;

2-аг: видеофæрстытæ, нывтæм гæсгæ базонын хъæудзæнис предметты нæмттæ æмæ сæ функционалон нысаниуæг;

3-аг: поэтикон - æмдзæвгæты бавæрын хъæудзæнис цухгонд рифмæтæ.

1-аг хай.

1.Нæ рагфыдæлтæ– скифтæм -  тынг кадджын уыдис æмгардзинад. Дыууæ адæймаджы-иу балымæны размæ ард бахордтой æмæ-иу сæ амæлыны бонмæ уыдысты тынг æнувыд кæрæдзиуыл. Ирон æвзаджы ис дзырд-æвдисæн уыцы рагон æгъдауæн. (æрдхорд)

2.Ацы дзырды райдиан бирæ æвзæгты у иухуызон:нем.- Stern, перс.-Sitara, лат.-Stella, англ.-Star.Ирон æвзаджы дæр райдайы афтæ. Цавæр дзырд у?(стъалы)

3.Ацы дзырд нысан кæны «хъæр кæнын», «богъ кæнын».Ирон æвзаджы афтæ хонынц афæдзы мæйтæй иуы. Цавæр мæй у æмæ йæ цæмæн афтæ хонынц? (рухæны мæй, сагтæ ацы мæйы рухынц, ома хъæрæй фæуасынц)

4.Дзырд «лæсгæрзил»-ы ис 2 уидаджы. 2-аг уидаг уын баххуыс кæндзæн дзырды нысаниуæг базонынæн.(«зилын», отвёрткæ)  

5.Ацы дзырд нысан кæны «мифологион адæмы хойраг». Цавæр дзырдыл цæуы ныхас? (нартхор)

6.Куыд ма ис зæгъæн дзырд «згъæрхуд»-æн?(така)

7.Ацы хæцæнгарз нæ рагфыдæлтæ райстой Европæйы адæмтæй, нысан кæны «европаг, франкаг». Цавæр хæцæнгарз у уый? (фæринк)

8.Нæ рагфыдæлтæ Венера хуыдтой «Бонвæрнон», «Сæууон стъалы», йæ иннæ ном та уыдис «Кæрдæджы стъалы». Цæмæн æй хуыдтой афтæ?  Ратæлмац кæнут ацы нæмттæ. (райсомæй ма фæстагмæ уæларвыл æрмæст ацы стъалы вæййы, изæрæй та фæзыны фыццаг; «Утренняя Венера», «Вечерняя Венера»).

9.Ацы дзырд куы ратæлмац кæнат, уæд уыдзæнис «глаз-рот». Цавæр дзырд у? (цæсгом)

10.Уырыссаг æвзаджы дæр æмæ ирон æвзаджы дæр ацы дзырд нысан кæны уыцы иу хуыз. Цавæр? (бур, бурый)

Музыкалон номыр

2-аг хай.

А)Базонын хъæуы, нывты цы предметтæ ис, уыдон. Куыд хуыйнынц?Цæмæн хъæуынц?

1.Лæгдзæвхæдтæ .Къахдзоныхтæ кæнæ къæлæттæ (арф миты цæуынмæ, рагъæй бынмæ бырынмæ)

2.Къуту (хор кæм уыдис, ахæм ран)

3.Къонайы рæхыс (хæдзары кувæггаг)

4.Бæгæнынуазæн (хъæдæй конд мигæнæн кадджын нуазæнæн, кувынæн)

5.Куыси ( дон кæнæ бæгæны исынæн мигæнæн)

6.Похци (зæхгуыстгæнæн дзаума, зæхх фæлмæн кæнынæн)

7.Саргъ (бæхы дзаума, бæхыл бадынæн)

8.Кæфой (хор, фæнык æмæ æнд.исты исынæн)

Æ)Базонут, кæуыл цæуы ныхас. (Слайдтæ)

1.Ацы ахуыргæндтæй иу  у ирон алфавит саразæг. Чи у уый? (А. Шёгрен).

2.Ссарут ацы адæмы 'хсæн «Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат»-ы авторы. (Абайты В.)

3.Уыцы азы рацыдис фыццаг ирон чиныг. 1798 азы.

Музыкалон номыр

3-аг хай. Бавæрын æмдзæвгæты хъæугæ (цухгонд) рифмæ.

1.Дзабыр нæй, - æрчъитæ!

Топп рæхсæнтæй баст,

Пака худ нысчъилтæ,

Сæр æхсырфæй … (даст) Хетæгкаты Къ.

2.Уый конд у тарæй,

Йæ цæст – стъалы.

Æдзухдæр арвæй

Цæхæртæ … (калы) Хъамбердиаты М.

3.Нæй, нæ батад йæ сагъæс æххæст,

Удхор бирæгътæ систой сæ сæртæ.

Байтыдта та фæздæгкалæн хæст,

Ног та сдудыдта мадæн йæ… (зæрдæ) Плиты Г.

4.Фæуагътон уæд фæндыр рæстæгмæ,

Рæстæгмæ фæуагътон мæ зард.

Мæ къухмæ æз райстон мæ гæрзтæ:

Æз райстон мæ топп æмæ … (кард)  Кочысаты М.

5.Æз зонын, куыд райгонд у дуне æгасæй,

Куыд рухс у, куыд хъарм у ныр хурæфсæст бон.

Тæхуды, тæхуды, кæмæ кæсы амонд,

Кæмæн æххæст кæны йæ царды … (фæндон) Гæдиаты Ц.

6.Уый абон сомбонæн куыста,

Мæ Иры фидæн бацыдис йæ хуызы.

Мæ хуры скаст, мæ хурныгуылд – Къоста.

Йæ фарны хъæр мæм скифты дугæй… (хъуысы) Хъодзаты Æ.

7.Уым уæздандзинад рæбынæй

Цыд куыд-дæлæмæ рæдау,

Æмæ цæхх æмæ кæрдзынæй

Уыд йæ уазæгæн … (æгъдау) Джыккайты Ш.

Фæстиуджытæ.

Кæронбæттæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Брэйн-ринг. Математическая игра для старшеклассников

Математическая игра для старшеклассников в форме телевизионной игры Брэйн-ринг. Рассчитана на учеников 8-11 классов. Содержит задания как на знание теоретического материала, так и на сообразительность...

Интеллектуальная игра "БРЭЙН-РИНГ" по дисциплине "Дискретная математика"

Положение о проведении интеллектуальной игры «БРЭЙН-РИНГ» по общепрофессиональным дисциплинам, методическая разработка и презентация помогут в проведении данного внеклассного мероприятия...

Брэйн-ринг к Дню Лицеиста

Познавательная игра к празднованию Дня Лицеиста...

Интеллектуальная игра по информатике "Брэйн-ринг"

Разработка содержит подробный план внеклассного мероприятия...

Методический брэйн-ринг

Предлагаю Вашему вниманию описание заседания РМО учителей биологии и химии в форме БРЭЙН-РИНГА, а также брошюры для подготовки к нему: "Знаменитые педагоги" и "Педагогический словарь"....

«Ныууагътой мын нǽ фыдǽлтǽ ǽвзаг.Рацыд ǽрмǽг фǽлхат кǽнын.Номивджытǽ» открытый урок

Технологон картæ ирон æвзаджы  урокмæ 9-æм къласы (дифф.къорды)12.05.2022г.Темæ: «Ныууагътой мын нǽ фыдǽлтǽ ǽвзаг.Рацыд ǽрмǽг фǽлхат кǽнын.Номивджытǽ» Урочы  нысантæСфæлхат ...