Нымӕцонтæ æмæ сæ арæзт. Дихон нымæцонтæ.
план-конспект урока (6 класс)
Урочы нысан:
1) Морфологийы рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.
2) Бацамонын, ахуырдзауты зӕрдыл ӕрлӕуууын кӕнын, цы хонӕм нымацон, цавар хуызтӕ вӕййы нымӕцонтӕн.
3) Бакусын нымӕцонты аразтыл.
4) Хъомыладон хӕс: скъоладзаутӕм сывзӕрын кӕнын разӕнгарддзинад нымайынад ӕмӕ нымайӕджы дӕсныйадмӕ.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
nymatson_6_kl.docx | 401.97 КБ |
Предварительный просмотр:
Темӕ: Нымӕцонтæ æмæ сæ арæзт.Дихон нымацонтæ.
Урочы нысан:
1) Морфологийы рацыд ӕрмӕг сфӕлхат кӕнын.
2) Бацамонын, ахуырдзауты зӕрдыл ӕрлӕуууын кӕнын, цы хонӕм нымацон, цавар хуызтӕ вӕййы нымӕцонтӕн.
3) Бакусын нымӕцонты аразтыл.
4) Хъомыладон хӕс: скъоладзаутӕм сывзӕрын кӕнын разӕнгарддзинад нымайынад ӕмӕ нымайӕджы дӕсныйадмӕ.
Урочы цыд:
1. (Райуарын карточката дзырдуатон куыстæн æмæ паспортта,фæйнæгыл бакæнын хæдзæрттæ)
2. Рацыд ӕрмӕг зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнын.
3.НЫФФЫССЫН НЫМÆЦ.
4.Дырдуатон куыст: карточкæтимæ куыст æмæ кæрæдзийы куыстытæ бæрæг кæнынц,смайликтæ æвæрынц .
Ахуыргӕнӕджы разныхас:
-Номдар,миногон,мивдисаг……
-Цы ранымадтон?
-Æвзаджы цавæр раздел ахуыр кæны ныхасы хайттæ?
-Уæдæ абон дзурдзыстæм морфологийы цæрджытыл.
2.(Файнагыл 3 хадзары
-Адон сты морфологийы цæрджытæ.
- Сымах зонут номдар ӕмӕ миногон , сӕ иу ӕвдисы предмет, иннӕ та предметы ас, хъӕд,конд,хуыз,сты кӕрӕдзиуыл ӕнгом баст, ома фӕлӕууынц иу хауӕны, иу нымӕцы. Уый хорз,фӕлӕ ма номдарӕн зонын хъӕуы йӕ бӕрц , ома цал нӕм ис лӕппутӕ, чызджытӕ, хъӕутӕ.
-Предметы бæрц æмæ рæнхъæвæрд та цавæр н.х. æвдисы?(Нымæцон).
Ах-г та ныхасы фæйнæгыл нымацоны хæдзар.
-Цы æвдисынц нымæцонтæ?предметы бæрц æмæ рæнхъæвæрд
-Сæ нысаниуæгмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц?
Бæрцон
Рæнхъон
Дихон
Мурон
-Са аразтма гасга та?
Хуымæтæг
Вазыгджын
Амад
-Алы хадзары цараган дар ваййы паспорт.Мах дæр нæ хадзары цæрджытæн паспорт скæнæм.
3.-Райсут паспорттæ æмæ сæ баххæст кæнут
4.Къордты куыст.
Ирон нымады хуызта зардыл арлаууын канын.
1-аг къорд.
Нымацонты сæрмæ ныффыссын амбалга нымацта.
Фондз æмæ ссæдз,æхсæз æмæ дыууиссæдзы,æвддæс æмæ дыууиссæдзы,æртындæс æмæ æртиссæдзы,дыууæ æмæ цыппарыссæдзы,æхсæрдæс æмæ цыппарыссæдзы,æртæ æмæ фондзыссæдзы,æртындæс æмæ фондзыссæдзы,дыууæ æмæ дыууæ фондзыссæдзы,фондзфондзыссæдзы æмæ иуæндæс.
2-аг къорд
Нымацонты сæрмæ ныффыссын амбалга нымацта.
Дыууын æртæ,цыппор фараст,фæндзай фараст,æртын æртæ,фондз æмæ фондзыссæдзы,дæс æмæ æртæ фондзыссæдзы,дыууадæс æмæ цыппарыссæдзы,æхсæрдæс æмæ æртиссæдзы, æвдай аст,фынддæс æмæ цыппарыссæдзы.
-Уæдæ цаварта сты ирон нымады хуызта?
НОГ ÆРМÆГ
Абон бæлвырддæр æрлæудзыстæм дихон нымæцонтыл.
-Дзырд –дихон-дзырды хæйттæм гæсгæ равзарын
Дзырд-дихон-дих- ирон æвзаджы амоны фæдих кæнын.
_ахъуыды ма кæнут,цы ис фæдих кæнæн?(халсартæ,дыргътæ)
-Арæх уæ урочыты адих кæнынц къордтыл
-Слæуут иугæйттæй,дыгæйттæй,цыппæргæйттай-ома,фадихта уæ кæнынц.
Ахæм нымацонтæ хонæм дихон нымацонтæ.
-Цавæр иумæйаг дзырды хай ис ацы нымæцонты? (гай)
-Уæдæ цæй руаджы рауайынц дихон нымæцонтæ? фæсæфтуан-гай-ы руаджы.
Чиныгима куыст.
Чиныджы армаг касынц 88 фарсыл.
Куыд тасындзаг кæнынц дихон нымæцонтæ уымæ хъус æрдарын.
-Тетрæдты куыст:
Фæлт.241.фæйнæгыл.
Фæлт243 (самост.)
Рефлекси:
Урочы базыдтон……..
Урок мам æнцон (зын)амбарæн фæкаст,уымæн æмæ…..
Бæрæггæнæнта сæвæрын.
Х/к.ныффысын цыбыр хъусынганинаг,спайда кæнын нымæцонтæй(Ирыстоны хæхтæй иуы, кæнæ мæ уарзон горæты,сырды,зайæгойты тыххæй)
Хинӕйдзаг фарст:
Ссыгътой 15 мыдадзын цырагъы, фӕстӕмӕ дзы ахуыссын кодтой 10. Цал ма баззад цырагътӕй ӕнӕсыгъд?
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.
Бӕркадджын сты ирон адӕмы сфӕлдыстадон бынтӕ, ахъаззаг у сӕ историон ӕмӕ эстетикон нысаниуӕг.Джыккайты Шамил...
Урочы темӕ:Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ хӕзна... Грамматикон темӕ:Нымӕцонты растфыссынад.
Нымӕцонты растфыссынадыл дарддӕр бакусын; скъоладзаутӕм рӕзын кӕнын цымыдисдзинад иронау нымайынмӕ,ирон адӕмон сфӕлдыстадмӕ,нӕ адӕмы ӕгъдӕуттӕм....