Проектон методы ахадындзинад ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты
материал
Предварительный просмотр:
Проектон методы ахадындзинад ирон æвзаг
æмæ литературæйы урокты
Скъоладзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ, сæ удыхъæды миниуджытæ раргом кæнынæн, ахуырдзау æмæ ахуыргæнæджы иумæйаг архайд урочы къухы бафтынæн æмæ æххæстæй равдисынæн хорз æххуыс у проекты метод. Проекты метод, куыд ног педагогон технологи, стыр æххуыс у скъоладзауы сфæлдыстадон, иртасæн куыстыл фæцалх кæнын.
Нырыккон методикæйы ахуырадон – сфæлдыстадон проект нымад цæуы раззагдæр технологитæй иуыл. Проекты сæйраг нысан у ахуыргæнæджы æххуысæй хи куыст баццæттæ кæнын. Проект арæзт цæуы 3 этапæй: бацæттæгæнæн, технологон æмæ кæронбæттæн.
Ахуырадон - сфæлдыстадон проектыл кусгæйæ, пайда кæнæн ис, куыд традицион методтæй, афтæ ног ахуырадон технологитæй дæр.
Уæдæ афтæ, ахуырады эффективондзинады барæн свæййы ахуырдзау йæхæдæг æмæ йæ индивидуалон фæлтæрддзинады хъæздыгад, йæ фæстиуæг та- удгоймаджы зонындзинæдты рæзты процесс. Проекты метод у ахуырады программæйы иугæнæн элемент, хорз фадæттæ аразы ахуырты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнынæн, ахуырдзаутæн хибарæй зонындзинæдтæ райсынæн. Проектыл куыст цымыдисондæр кæны ахуыры процесс.
Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджыты размæ дæнцæгæн хæссæм методикон рекомендацитæ проект «Хетæгкаты Къоста æмæ уырыссаг литературæ» баххæст кæнынæн.
Проекты куысты нысантæ сты ахæмтæ:
1) сбæрæг кæнын Кавказы темæйы сæвзæрд æмæ йæ рапарахат уырыссаг аивадон æмæ æхсæнадон-политикон архайджыты æмæ Хетæгкаты Къостайы цæстæнгас, Кавказ Уæрæсеимæ кæй баиу ис, уыцы проблемæмæ, Кавказы историон хъысмæтмæ;
2) ссарын хъæугæ информаци бæрæгзонæн æмæ аивадон литературæйы, пайда дзы кæнын проект цæттæ кæнгæйæ, æхсæнадон раныхæсты æмæ къорды куысты фæстиуджытæ хынцгæйæ;
3) историон документтæ æмæ литературон уацмысты бындурыл бацæттæ кæнын хатдзæгтæ.
Номдзыд ирон поэт, ирон аив литературæйы æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста хъомыл кодта канд йæ мадæлон национ культурæйыл нæ, фæлæ ма уырыссаг культурæйыл дæр. Уырыссаг литературæ, музыкæ, æхсæнадон- политикон хъуыдытæ уыдысты позты алывæрсыг курдиат æмæ дунеæмбарынады ратæдзæнтæ.
Фыссæг хæрз æрыгонæй базонгæ уырыссæгтимæ æмæ уырыссаг культурæимæ. «Схъомыл дæн уырысимæ…» - фыста поэт йæ иу æмдзæвгæйы. Æмæ æцæгдæр: скъолайы, Бетъырбухы Аивæдты академийы, газет «Северный Кавказы»- редакцийы, рухстауæг куыст кæнгæйæ, литературон изæрты æмæ равдыстыты архайгæйæ - алкæддæр уыд уырыссаг рухстауæг æмæ культурæйы архайджыты ‘хсæн. Къоста уыд уырыссаг демократон культурæйы æмæ йæ архайджыты æнувыд иузæрдион фарсхæцæг.
Хетæгкаты Къоста тынг уарзта уырыссаг æвзаг, æнæкъуылымпы дзы пайда кодта революцион - демократон идеалты фæуæлахизы сæраппонд тохы. Йæ аивадон уацмыстæн сæ фылдæр, йæ публицистон æмæ эпистолярон бынтæ фыст сты уырыссаг æвзагыл. Уый æрмæст ирæттыл æмæ Кавказы хæххон адæмтыл нæ фыста. Поэт цалдæр уацмысы æвдисы йæ рæстæджы уырыссаг цардыуаджы æцæгдзинæдтæ, уырыссаг адæмы, уырыссаг культурæйы архайджыты æмæ а. д.
Æппæт уыдæттæ дзурæг сты, Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад æнгом баст кæй сты XIX æнусы уырыссаг адæмы цардимæ. Йе сфæлдыстадæн йæ иу хай органикон æгъдауæй бацыд уырыссаг историон- литературон процессы, æмтгæй та йыл хорзæрдæм фæзынд уырыссаг классикон литературæ.
Къостайы царды, архайды æмæ аивадон сфæлдыстады бастдзинæдтæ уырыссаг æцæгдзинадимæ æмæ аивадон хъуыдыкæнынадимæ арф æмæ алывæрсыг сты. Куыд сбæрæг кодтам, афтæмæй Къостайы бастдзинад уырыссаг культурæимæ нырма фаг иртæстгонд нæма ‘рцыд. Ацы стыр темæйы хицæн фарстатыл афæлгæст æрцыд æрмæст Л.П.Семеновайы, А.Малинкины уацты.
Проекты куысты этаптæ:
1. Сбæрæг кæнын темæйы сæйраг хъуыды, проблемæ, проекты нысан, вербалон æмæ иллюстративон æмбарынад, йæ фæстиуæг.
2. Бацæуæн информаци: ахуыргæнæг, иртасæн куыстмæ сразæнгард кæныны фæдыл, скъоладзаутæн дæтты æрмæст бындурон зонындзинæдтæ. Зонгæ сæ кæны А.С.Пушкины, А.С.Грибоедовы, М.Ю.Лермонтовы æмæ Л.Н.Толстойы Кавказыл фыст уацмыстимæ, декабристтæ æмæ революцион демократты раныхæстимæ, уымæн æмæ уыдон сты Кавказы тыххæй хуыздæр уацмыстæ чи ныффыста, уыдон. Сæ цæстæнгас Кавказ æмæ йæ проблемæтæм нымад у ахадгæйыл. Хетæгкаты Къоста дæр, Кавказы темæ æвдисгæйæ, ацы фысджыты уацмыстæ æмæ мысинæгтыл æнцой кодта.
3. Информацийы анализ: ахуырдзаутæ зæгъынц сæ хъуыдытæ проблемæйы алыхуызон аспекты тыххæй. Сæ дзуæппытæ фыст цæуынц фæйнæгыл тезисты хуызы.
Æрмæст систематизаци кæнынц, баиу æй кæнынц уæлæмхæст информациимæ, бæрæг кæнынц проект æххæст кæныны мадзæлттæ.
4. Æппæт тыхтæ дæр саразын, цæмæй хибарæй, активонæй агуырд цæуа хъæугæ информации. Уый тыххæй арæзт цæуынц кусæн къордтæ, алкæцы дæр дзы кусы хицæн чысыл проблемæйыл.
5. Кусæн проект аразын: алы къорд дæр дзуапп дæтты йæхи сконд куыстæн. Равзаринаг фарстатæ:
- Уæрæсе æмæ Кавказ баиу кæныны проблемæ;
- декабристты цæстæнгас ацы проблемæмæ;
- Кавказы проблемæ уырыссаг аив литературæйы;
- Кавказы проблемæ уырыссаг революцион демократты куыстыты;
- Кавказ Уæрæсеимæ кæй баиу ис, уыцы проблемæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады;
- Кавказы темæйыл фæстæдæр фыст уацмыстæ уырыссаг литературæйы;
- Кавказы проблемæйы политикон нысаниуæг XIX æнусы 80 - 90-æм азты æмæ Къостайы позици ацы фарстамæ. Куыд лыг цæуы Кавказы проблемæ Хетæгкаты Къостайы поэмæтæ «Кæуæг айнæг», «Фатимæ», «Тæрхоны раз» æмæ йæ уац «Неурядицы Северного Кавказа»-йы.
6.Æхсæнадон рефлекси- куыст куыд цæуы, афтæ ахуырдзаутæ рагацау цæттæ кæнынц хатдзæгтæ, зæгъынц сæ хъуыдытæ, бæрæг кæнынц куысты æнтыстытæ æмæ хъæндзинæдтæ.
7. Проекты реализаци: проекты архайджытæ презентацийы хуызы æмбæлон уагмæ æркæнынц сæ куысты фæстиуджытæ.
8. Рефлекси - ахуырдзаутæ коллективон æгъдауæй анализ кæнынц сæ куыстæн, йæ фæстиуджытæн; проект куыд æххæст æрцыдис, уый бæрæг кæнынц.
Практикæ куыд æвдисы, афтæмæй ахæм куысты хуызтæ ахуырдзаутæм æвзæрын кæнынц стыр цымыдисдзинад. Проекты архайынмæ, хибарæй проектон куыст баххæст кæнынмæ фæтырнынц, лæмæгъ чи ахуыр кæны, уыцы скъоладзаутæ дæр.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Доклад "Скъоладзауты эстетикон рæзтыл куыст ирон литературæйы урокты».
Доклад о пословицах....
Бафæрсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы урокты.
Мæ куыстыты темæ у « Бафарсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты»...
Хетæгкаты Къостайы. Ирон æвзаг æмæ литературæйы бындурæвæрæг
Не верь, что я забыл родные наши горы,Густой, безоблачный, глубокий небосвод, Твои задумчиво-мечтательные взорыИ бедный наш аул, и бедный наш народ.Нет, друг мой, никогда! Чем тягостней изгнанье,Чем д...
«Ирон æвзаг æмæ литературæйы уроктæм цымыдисдзинад гуырын кæныны фæрæзтæ»
Кæд искæй ахуыр кæныс, уæд бирæ дзурыныл ма архай, цæмæй коммæгæс зонд бамбара дæ ныхæстæ æмæ сæ ма ферох кæна. Уæлдай цыдæриддæр вæййы, уый зондæй рох кæны. (Гораций)....
Скъоладзауты проектон куыст ирон литературæй урокты
quot;Проект" – бæлвырд куыстытæ, документтæ æмæ текстты иудзинад; предмет, объект кæнæ теоретикон продукт саразыны фæнд. Кæддæриддæр баст у сфæлдыстадон куыстимæ....
Ирон театры стъалыта Таутиаты Соламан, Хъариаты Тамара,Икъаты Маирбек, Сланты Къоста ама Саламты Къолайы ахадындзинад ирон аивады разты
В работе говорится о жизни и творчестве звезд осетинского театра, о их роли в развитии осетинского искусства...