Бафæрсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литерæтурæйы урокты.
статья на тему

Маргиева Циала Абрамовна

Мæ куыстыты темæ у « Бафарсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты»

Скачать:


Предварительный просмотр:

Бафæрсты хуызтæ  ирон  æвзаг  æмæ  литерæтурæйы  урокты.

15 – æмастæуккаг скъолайы ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг

Мæргъиты   Циалæйы
куысты фæлтæрдзинадæй.

                                                           Дзæуджыхъæу

2010 аз.

Мæ куыстыты темæ у « Бафарсты хуызтæ ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты»

Алы ахуыргæнæг дæр хъуамæ архайа йæ куысты, цæмæй йæ алы урок дæр уа арфхъуыдыгонд, куыд гæнæн ис, афтæ хуыздæр банкъарын кæна скъоладзаутæн, цы зæгъынма хъавыд йæ абоны урокæй.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы урок у сывæллоны зондахаст бындурæвæрæг, йæ цæстæнгас æрдзмæ, адæммæ æхсæнадон цардмæ парахатдæргæнæг.

Алы ахуыргæнæг дæр йæ куысты мидæг хъуамæ архайа бабæттын æвзаджы æрмæг ныхасы рæзт æмæ урочы хъомыладон хæсима куыд иу вазыгджын ахсджиаг цæг, афтæ.

Методикон æгъдауай, мæнмæ гæсгæ, урочы сæйраг хæйттæ хъæуы бахъахъхъæнын:

Хæдзармæ куыстæн æнæсбæрæггæнæнæй, уымæн æмæ ног æрмæг ахуырдзаутæ куыд бамбæрстой, фæлтæрæнты хæслæвæрдтæ куыд cæххæст кодтой, уый алы ахуыргæнæгæн дæр бар дæтты йæ дарддæры куыст методикон æгъдауæй раст рацаразын.

Скъоладзаутæ алы урочы дæр куы взарой æвзаджы æппæт хæйттæ, ома арæх куы хъусой синтаксис, пунктуации, лексикæ, фонетикæ, дзырдарæзт, морфологийы кой, уæд сæ зонындзинæдтæ кæндзысты хъæздыгæй хъæздыгдæр, арфæй арфдæр хиздзæн.

Алы урочы дæр, мæнмæ гæсгæ, хъуамæ ахсджиаг бынат  ахæсса дзырд, дзырдарæзт, дзырдбаст, ома æвзаджы лексикæ.

Нырыккон ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты сæйрагдæр домæнтæй иу у ныхасы рæзтыл куыст. Уый у æппæты зындæр, фæлæ ахсджиагдæ домæн, уымæн æмæ скъоладзаутæ лексикæйæ раст пайда кæной, уый тыххæй арæх фыссын хъæуы дзырдуатон диктанттæ, цæмæй алы дзырд, дзырдбаст, кæнæ дзырдты къордимæ дæр арæзт цæуа бирæ алыхуызон куыстыта.

Нæ абоны ирон æвзаджы урок æрмæст но æрмæг бацамонынæн нæу, фæлæ хъуымæ уыцы иу рæстæг уа æвзагзонынтæ сæмбæлой æмæ æрдзурой æвзаджы хæйттæй раздæр цы æрмæг рацыдысты, ууыл, ома фæлхат кæныныл.

Мадæлон æвзаг æцæгæй дæр тынг хъæздыг æмæ хъæугæ æхсæнадон хотых кæй у, асагъæс кæной æмæ æрцæуой ахæм хатдзæгъмæ: æмæ мадæлон æвзаг, æнæ мад, Фыдыбæстæ, фыдæлты намыс, райгуырæн къæс нæй цæрæн адæймагæн зæххыл.

Урочы мидæг алыхуызон куыстытæ иу иннæйы фæдыл куы цæуой, уæд тынгдæр æвзæры цымыдисдзинад скъоладзаутæм, зæрдиагдæрæй фæархайынц урочы, сæ хъус, се’ргом саразынц урокмæ.

Урок мидисджын куы вæййы, уæд ахуырдзаутæн фылдæр бантысы кусын, сæ зонындзинæдтæ фæвæйынц фылдæр, хæрзхъæддæр, арфдæр, æмæ афтæмæй, урокæй-урокмæ, азæй азмæ рæздзæн мадæлон æвзаджы хъомыс.

Зындгонд у ахуыргæнджыты куысты уый, æмæ хуыздæр æнтысынты вæййы уыцы ахуыргæнæг, кæцы йæ куысты арахстджынæй пайда кæны алыхуызон бафарсты хуызтæй: дзургæ æмæ фысгæ, индивидуалон æмæ коллективон, æрвылбойнаг æмæ контролон.

Æдзух ахуыргæнæг йæ хъус куы дара скъоладзауты зонындзинæдтæм, куы фæлхат кæной семæ рацыд æрмæг, уæд скъоладзаутæ дæр кæнынц æгъуджындæр, ахуыруарзондæр.

Скъоладзауты зонындзинæдтæ æрвылбон бæрæггæнгæйæ та ис спайда кæнæн бафарсты ахæм хуызтæй, куыд: индивидуалон æмæ коллективон, фронталон æмæ æвзаргæ æмæ а.д.

Бирæ ахуыргæнджытæ арæхдæр пайда кæнынц фронталон бафарстæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ис ын хорз миниуджытæ дæр ахъаз у сæры зондæн зарядкæ скæнынæн, æххуыс кæны, цæмæй скъоладзаутæ лæмбынæгдæр хъусой.

Индивидуалон бафарст ис кæнæн фысгæ æмæ дзургæ хуызты.

Дзургæ бафарст – искæцы раиртæсты куыд фидаргонд æрцыдысты, уый сбæрæг кæнын, хъæугæ хъæугæ дæнцæгтæ æрхæссын æмæ а.д.

Фысгæ бафарсты руаджы ахуыргæнæг сбæлвырд кæны, куыд пайда кæны скъоладзау сæрмагондæй цы зонындзинæдтæ райста, уыдонæй. Куыд зонæм, афтæмæй литературæйы уроктæ стыр ахъаз сты скъоладзауты эстетикон рæзтæн, уыдон сын хъæздыгдæр æмæ рæсугъддæр кæнынц сæ миддуне, сæ зæрдæйы сын гуырын кæнынц алыхуызон бæллиццаг æнкъарæнтæ. Ахуыр сæ кæнынц сæ адæмы æмæ сæ адæмы культурæ уарзыныл.

Литературæ ахуыр кæныны хæстæ сты бирæвæрсыг.

Фыццаджыдæр хъуамæ уыдон рæзгæфæлтæрты ахуыр кæной сæ адæмы сфæлдыстады бынтыл, се’взаджы хъæздыг фæзилæнтыл. Уыдон хъуамæ скъоладзауæн уарзын кæной литературæ, уый тыххæй хъуамæ æвæллайгæ æмæ иудадзыг куыст цæуа, цæмæй скъоладзаутæ бамбарой нывæфтыд дзырд æмæ йæ сæ зæрдыл бадарой, цæмæй дзы пайда кæной фидæны сæ ныхасы, цæмæй сæрыстыр уой сæ адæмы историйæ, культурæйæ.

Ахуыргæнæджы размæ ис ахсджиаг æмæ бæрнон хæс ахуырдзауты сæ мадæлон æвзагыл аив дзурын æмæ сæ хъуыдытæ раст фыссын сахуыр кæнын, æвзаджы аивдзинад æмæ цыргъ ныхæстæм сывæллæтты æргом здахыныл фæцалх кæнын мадæлон æвзаг æмæ литературæ, нæ ирон культурæмæ цымыдисдзинад æмæ сæрыстырдзинад гуырын кæнын.

“Адæмæн сæ егъдаудæр хъæздыгдзинад у се’взаг”, - загъта фыссæг М.Шолохов.

Цæмæй сывæллæттæ уыцы егъау хъæздыгдзинадæй бындурон зонындзинæдтæ истой, уый тыххæй мадæлон æвзаджы æмæ литературæйы ахуыргæнджыты хъæуы пайда кæнын сæ куысты алыхуызон методикон мадзæлттæй æмæ сфæлдыстадон фæрæзтæй.

Ахуыргæнæг хъуамæ рæсгъ уа алы’гъдауæй дæр, уæд ыл хуыздæр æууæнддзысты скъоладзаутæ, хуыздæр æм хъусдзысты, зæрдиагдæрæй ахуыр кæндзысты, сæ мадæлон æвзаг æмæ литературæ.