Технологическая карта урока осетинской литературы в 9 классе
презентация к уроку (9 класс)

Ольга Андреевна Валиева

Тема "Психология осетинского народа в очерке Инала Канукова "В осетинском ауле". Прилагается презентация.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл презениация31.8 КБ
Файл prezentatsiya_iron_hauy.pptx759 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы

Темæ: «Ирон адæмы психологи  Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк «Ирон хъæуы».

Урочы  нысантæ

Бакусын тексты мидис æмбарыныл, текстæн анализ кæныныл; уацмысы бындурыл æрдзурын ирон адæмы царды ног социалон фæзындтыл; скъоладзауты ахуыр кæнын  аив дзурын æмæ кæсыныл.

Урочы хуыз

Ног æрмæг бафидар кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: анализ кæнын зонын, сæйраг хъайтартæн характеристикæ дæттын.

Метапредметон:  уацмысы персонажты архайдæн æмæ ныхасæн аргъ кæнын;  хи хъуыдытæ раст дзурын, хатдзæгтæ кæнын.

Удгоймагон: æрдзурын адæймаджы æппæрццаг æмæ æвæрццаг миниуджытыл; ирон æгъдæуттыл.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордгай куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ.

Урочы эпиграф:

«Фехалут æнахуырдзинады къæдзæх,

 цæмæй тагъддæр фесæфа фыдгæнджыты ахстон».

Виктор Гюго

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

---Чи сты ацы адæм? Цы сæм ис иудзинадæй?

(Фæйнæгыл Хъаныхъуаты Иналы, Мамсыраты Темырболаты æмæ Санаты Уарийы къамтæ)

---Кæм ис Брут?

(фæйнæгыл Цæгат Ирыстоны картæ)

---Куыд уæм кæсы, абон цæуыл дзурдзыстæм?

Салам дæттынц.

-Хъаныхъуаты Инал, Мамсыраты Темырболат æмæ Санаты Уари.

-Бруты райгуырдысты.

Цæгат Ирыстоны картæйы  æвдисынц хъæу Брут.

-Брутыл

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын),  

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

 

---Кæм равдыста Инал йæ райгуырæн хъæуы?

---Уацмысы æвзарыны размæ уал æркæсæм иуæй-иу дзырдты нысаниуæгмæ:

Этнос – историон æгъдауæй чи сæвзæрдис, адæймæгты ахæм фидар иугонд – адæмыхатт, наци.

Этнографи – историон зонады къабаз, ахуыр кæны дунейы адæмты равзæрд, се՚рцард алы рæтты, сæ культурæ, се՚хсæнадон цардуаджы хицæндзинæдтæ.

Очерк – литературон жанр, йæ сæйраг миниуæг у, царды кæнæ æхсæнады цвæрдæр фæзындты аивадон æрфыст.

  ---Цы хуызы фыст у «Ирон хъæуы»?

---Цы у боныг?

---Эпиграфæн райстон Виктор Гюгойы ныхæстæ, цæуыл дзурæг сты, уый мын уæхæдæг зæгъдзыстут урочы кæрон.

-Йæ этнографион очерк «Ирон хъæуы»

-Боныджы

-Æрвылбон цаутæ кæм фæфыссынц.

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Ног æрмæгыл куыст, текстыл æнцойгæнгæйæ.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

---Царды мидис фыссæг йæ уацмысы кæй фæлгæнцты руаджы равдыста?

---Цæмæй тыхсы Мосе æмæ цы у йæ рагондæр бæллиц? Чиныджы ссарут Мосейы ныхæстæ æмæ сæ бакæсут.

---Цавæр хатдзæг ис скæнæн ацы ныхæстæй?

 ---Цавæр цæстæнгас ис Хæтæхцыхъомæ раздæры цардмæ, ног цардмæ? Чиныджы ссарут Хæтæхцыхъойы ныхæстæ æмæ сæ бакæсут.

---Цавæр у фыссæджы хатдзæг?

---Инал цырддзæст фыссæг уыд. Ææ адæмы царды æмæ психологийы цы ивддзинæдтæ æрцыд, уыдонмæ лæмбынæг каст æмæ сæ æвзæрста. Уыдонæй иу уыд раздæры балцмондаг барæг, джигиты ног тип. Цымæ кæй кой кæнын?

---Фыссæг йæхæдæг амоны, зæгъгæ, Данел  у фæсреформæйы ирон фæсивæды характерон тип. ССарут ма чиныджы Данелы афыст.

---Цыма Данелы хуызæттæ абон не՚хсæн ис?

---Цавæр цард кæнын ахуыо сты ахæмтæ?

---Куыд сæ ис схонæн?

---Куыд ис семæ тохгæнæн?

---Цавæр ахаст уæм фæзынд Данелмæ?

- Мосе æмæ Хæтæхцыхъойыю

-Чыныдж кæсынц Мосейы ныхæстæ.

- Ацы ныхæстæй бæрæг у канд Мосейы хъуыды нæ, фæлæ авторы зонд æмæ бæллиц: адæмы рухсмæ рацæуын хъæуы, скъолайы хъуыддаг сифтонг хъæуы, науæд талынг, æанахуыргонд адæмæн рухс фидæн никуы уыдзæн.

-Чиныджы кæсынц.

- Куыстмæ æрæвналын хъæуы, фыдæлты балцытæ ныууадзын хъæуы, цард аразинаг у ног дуджы ног уавæртæм гæсгæ.

- Данелы

Чиныдж кæсынц Данелы афыст.

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Зонадон: 

(хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци текстты ссарын æмæ радзурын зонын, ног зонындзинæдæ райсын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(æмбарын ахуыр кæныны ахадындзинад; куыст царды фæрæз кæй у)

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

---Акусæм къордты. Раттæм характеристикæ хи ныхæстæй уацмысмы персонажтæн.

Фыццаг къорд – Мосейæн,

дыккаг – Хæтæхцыхъойæн,

æртыккаг – Данелæн.

Цалдæр минуты хъуыды кæнынц, стæй дзуапп дæттынц. Группæтæ кæрæдзийы дзуæппытæн аргъ кæнынц.

Зонадон: 

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ; искæй куыст аргъ кæнын зонын)

Удгоймагон:

(адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджæтæ зонын)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

--- Скæнæм диамант Хæтæхцыхъо æмæ Данелы фæлгæнцтæй

(Диамант – (дывæргонд синквейн) 7 рæнхъæй конд æмдзæвгæ. Алы рæнхъы дæр ис бæрæг ныхасы хайы бæрæг нымæй дзырды.)

Диамант Хæтæхцыхъо æмæ Данел

1.Хæтæхцыхъо

2.Куырыхон, зондджын

3.Фæсмон кæны, сагъæс кæны, амоны

4.Фыдæлты балцытæ ныууадзын хъæуы, цард аразинаг у ног царды ног уавæртæм гæсгæ.

5.Нæ кусы, нæ тыхсы, цæл кæны

6.Æввонгхор, «ног джигит»

7.Данел

Зонадон: (архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(адæймаджы æвæрццаг æмæ æппæрццаг миниуджытæ æвзарын)

Хатдзæгтæ скæнын.

---Цы райстат уæхицæн æмæ цы ахæсдзыстут уемæ ацы урокæй?

 ---Урочы райдайæны цы эпиграф бакастыстæм, уымæ раздæхæм, æмæ зæгъут, цы зæгъынмæ хъавыди В.Гюго?

---Кæронбæттæны мæ фæнды бакæсын ацы рæнхъытæ:

«Дæхиуыл ды æппыныдзухдæр кус,

Дæ удыл ма ауæрд, лæггад кæнын фæраз:

Цæстуарзонæй фæцæр, дæ мадмæ хъус,

Цæмæй фæсмонгонд ма фæуай дзыллæйы раз».

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын )

Регулятивон: (æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын)

Хæдзармæ куыст

Фысгæ куыст. Уацмысы сæйраг персонажты характеристикæтæ.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Презентаци ирон литературæйы урокмæ 9-æм къласы Темæ : « Ирон адæмы психологи Хъаныхъуаты Иналы этнографион очерк « Ирон хъæуы ». Бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уалыты О.А.

Слайд 3

Цæгат Ирыстоны картæ

Слайд 4

Этнос – историон æгъдауæй чи сæвзæрдис , адæймæгты ахæм фидар иугонд – адæмыхатт , наци . Этнографи – историон зонады къабаз , ахуыр кæны дунейы адæмты равзæрд , се՚рцард алы рæтты , сæ культурæ , се՚хсæнадон цардуаджы хицæндзинæдтæ . Очерк – литературон жанр, йæ сæйраг миниуæг у, царды кæнæ æхсæнады цвæрдæр фæзындты аивадон æрфыст . Боныг - æрвылбоны цаутæ кæм фæфыссынц .

Слайд 5

Урочы эпиграф : « Фехалут æнахуырдзинады къæдзæх , цæмæй тагъддæр фесæфа фыдгæнджыты ахстон ». Виктор Гюго

Слайд 6

Диамант Хæтæхцыхъо æмæ Данел 1 . Хæтæхцыхъо 2 . Куырыхон , зондджын 3 . Фæсмон кæны , сагъæс кæны , амоны 4 . Фыдæлты балцытæ ныууадзын хъæуы , цард аразинаг у ног царды ног уавæртæм гæсгæ . 5 . Нæ кусы, нæ тыхсы , цæл кæны 6 . Æввонгхор , «ног джигит» 7 . Данел

Слайд 7

Стыр бузныг


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Технологическая карта урока по литературе (9 класс)

Урок разработан в соответствии с требованиями ФГОС. Использованы метапредметные связи в контексте развития творческих и личностных спосбностей учащихся. "Слово о полку Игореве" изучается в контексте с...

Технологическая карта урока по литературе.5 класс.Особенности сказа как литературного жанра. Сказ «Каменный цветок» П.П.Бажов

Технологическая картаУчитель: Михайлова С.ППредмет: литератураКласс:  5Тип урока: урок «открытия» нового знания...

Технологическая карта урока осетинской литературы в 5 классе

Технологическая карта урока осетинской литературы в 5 классе. Урок по басне Коста Хетагурова "Волк и журавль"....

Технологическая карта урока осетинского языка в 5 классе

Тема урока "Дополнение". К уроку приложена презентация...

Технологическая карта урока осетинской литературы в 6 классе

Тех. карта урока осетинской литературы в 6 классе по рассказу Баракова Гино "Краса ненаглядная",Презентация прилагается...

Технологическая карта урока по литературе 6 класс

Планируемые результаты обученияЛичностные УУД:Формирование у детей мотивации к обучению, о помощи им в самоорганизации и саморазвитии.Развитие познавательных навыков учащихся, умений самостоятельно ко...

Технологическая карта урока по литературе. 10 класс. Н. А. Островский. Драма «Гроза» («Луч света в темном царстве»)

На уроке можно использовать следующие методы обучения: объяснительно-иллюстративный; частично-поисковый; проблемный.Разнообразить формы организации познавательной деятельности: индивидуальную, группов...