Технологическая карта урока осетинского языка в 5 классе
план-конспект урока (5 класс)

Ольга Андреевна Валиева

Тема урока "Дополнение". К уроку приложена презентация

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл техкарта29.95 КБ
Файл презентация1.65 МБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы  урокмæ 5-æм къласы

Темæ: «Æххæстгæнæн»

Урочы  нысантæ

Хъуыдыйады уæнгтæ сфæлхат кæнын;  æххæстгæнæн зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ йыл бæстон бакусын.

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: фæарфдæр кæнын хъуыдыйады фæрссаг уæнгты тыххæй зонындзинæдтæ; фæцалх кæын скъоладзауты хъуыдыйады æххæстгæнæн арыныл, ма йæ хæццæ кæной сæйратимæ.

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын.

Удгоймагон: мадæлон æвзагмæ цымыдис æвзæрын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.

                                                                           

                                                                                 Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

--- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ?

Cалам дæттынц

Сигналон карточкатæй æвдисынц сæ цæттæдзинад

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

Фæйнæгыл фыст хъуыдыйæдтæ: (2 слайд)

Лæппу кæфы. Чызг зары. Гæды уасы. Куыдз рæйы гæдыйыл.

 ---Иухуызон сты ацы хъуыдыйæдтæ?

---Уæдæ-ма мын зæгъут, абон цæуыл дзурдзыстæм?

-Фæстаг хъуыдыйады сæйраг уæнгтæй уæлдай ис фæрссаг уæнг.

- Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтыл.

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

---Байгом уæ тетрæдтæ, афыссут абоны нымæц æмæ ныффыссæм  Нымæцон диктант. (3 слайд)

(Ахуыргæнæг дзуры фарст, скъоладзаутæ дзуæппытæ фыссынц сæ тетрæдты нымæцонты хуызы: 1 – раст хъуыды, 0 – рæдыд.)

1.Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады грамматикон бындур.

2.Сæйрат æвдисы архайд.

3.Зæгъинаг у дзырды хай.

4.Æрмæст сæйраг уæнгтæй конд хъуыдыйад хонæм хуымæтæг цыбыр.

5.Иу сæйраг уæнгимæ хъуыдыйад хонæм иувæрсыг.

6.Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.

7.Синтаксис ахуыр кæны хъуыдыйад æмæ дзырдбаст.

(Ахуыргæнæг байгом кодта фæйнæгыл æмбæхст фыст:

1001101 – раст дзуæппытæ)

Скъоладзаутæ кусынц сæ тетрæдты хибарæй.

Скъоладзаутæ кусынц къæйттæй:

Кæрæдзийы куыстытæ раст кæнынц æмæ æвæрынц нысæнттæ

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон:

(искæй архайдæн аргъ кæнын)

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

---Фæйнæгыл фыст æмбисонд: (4 слайд)

Мадæлон æвзаг мадау адджын у.

---Куыд æй æмбарут?

--- Ссарут гамматикон бындур.

---Сæйрат цавæр фарстæн дзуаппи дæтты?

---Цавæр хауæнтæ-ма зонут?

---Ссарут-ма ацы хъуыдыйады хауæнты фарстатæн дзуапп чи дæтты, ахæм дзырд?

---Цавæр хауæны ис æвæрд?

---Уæдæ, хауæнты фарстатæн цавæр фæрссаг уæнг дзуапп дæтты?

---Нæ урочы темæ дæр у «Æххæстгæнæн». Абон мах бакусдзыстæм хъуыдыйады æххæстгæнæн хицæн кæныныл, стæй йæ сæйратимæ цæмæй ма хæццæ кæнат, ууыл.

---Æххæстгæнæнимæ базонгæ стут райдиан кълæсты. Цы ма дзы хъуыды кæнут.

Скъоладзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

- æвзаг адджын у

- Номон хауæны фарстатæн: чи? цы?

Дзурынц хауæнтæ сæ фарстатимæ.

-Мадау

-Цæдисон: кæйау? Цæйау?

-Æххæстгæнæн

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(æнкъарын ирон æвзаджы ахадындзинад нæ адæмы царды)

Чиныгимæ куыст

---Абарæм нæ дзуæппытæ чиныджы æрмæгимæ.

(5 слайд)

Скъоладзаутæ сæ чингуыты кæсынц æххæстгæнæны тыххæй зæрдылдаринаг.

Регулятивон :

(чиныджы хъæугæ информаци ссарын)

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Физкультинутка

---Гыццыл баулæфæм мæм нæ куыст адарддæр кæнæм.

Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

Ног зонындзинæдтæ  фидар кæнын.

---Ныр та бакусæм къордты.

(Æртæ къордыл дих кæны ахуыргæнæг скъоладзауты. Дæтты сæм карточкатæ хæслæвæрдимæ: баххæст кæнын хъуыдыйæдтæ æххæстгæнæнтæй.) (6 слайд)

Карточка

1.(Кæмæн?)……. сæ хæхты фæзынд хъулонзачье  уæйыг?

2.Хонджытæ æппæт (кæй?)……. дæр æрхуыдтой.

3.Батрадз (кæимæ?)……… хъазыныл фæци.

4.Батрадз (цы?)…….. амардта , йæ (цæмæй?)…….. мусонг акодта.

---Хорз бакуыстат, фæлæ-ма зæгъут, кæцæй ист сты ацы хъуыдыйæдтæ?

---Ныр та фæйнæгыл  акусæм.

Ссарут хъуыдыйæдты æххæстгæнæн,  йæ бын ын бахахх кæнут æмæ зæгъут, цæмæн. (7 слайд)

Марат фыссы фыстæг.

Мæ мад цæттæ кæны сихор.

Нæ сыхаг ныссагъта бæлас.

Къордтæ кусынц цалдæр минуты, стæй сæ карточкатæ дæттынц ахуыргæнæгмæ.

Нарты кадджытæй. «Батрадз æмæ хъулонзачъе уæйыг»

Скъоладзаутæ иугай цæуынц фæйнæгмæ, хъуыдыйæдтæ фыссынц æмæ дзурынц сæ хъуыдытæ.

Зонадон: 

(зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, къордты архайын арæхсын ,иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ)

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

---Адарддæр кæнут хъуыдыйæдтæ. (8слайд)

Хъуыдыйады вæййы сæйраг æмæ ….

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ сты:….

Æххæстгæн у хъуыдыйады…

Дзуапп дæтты фарстатæн…

Нысан кæны….

Скъоладзаутæ дарддæр кæнынц хъуыдыйæдтæ, сæ зонындзинæдтыл æнцойгæнгæйæ.

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.

--Цы базыдтат ногæй?

---Цы уæм фæкаст зындæр? Æнцондæр?

Сæ хъуыдытæ дзурынц

Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ бæлвырд кæнын )

Хæдзармæ куыст

14 –æм урок, 6 –æм фæлтæрæн

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

Презентаци ирон æвзаджы урокмæ 5- æ м къласы Темæ : « Æххæстгæнæн » Бацæттæ кодта ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг Уалыты О. А.

Слайд 2

Лæппу кафы. Чызг зары . Гæды уасы . Куыдз рæйы гæдыйыл .

Слайд 3

1 . Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады грамматикон бындур . 2 . Сæйрат æвдисы архайд . 3 . Зæгъинаг у дзырды хай. 4 . Æрмæст сæйраг уæнгтæй конд хъуыдыйад хонæм хуымæтæг цыбыр . 5 . Иу сæйраг уæнгимæ хъуыдыйад хонæм иувæрсыг . 6 . Сæйрат æмæ зæгъинаг сты хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ . 7 . Синтаксис ахуыр кæны хъуыдыйад æмæ дзырдбаст .

Слайд 4

Мадæлон æвзаг адæймагæн мадау адджын у . ( ирон æмбисонд )

Слайд 5

Æххæстгæнæн у ахæм фæрссаг уæнг , кæцы бæрæг кæны предмет æмæ домы фæрстытæ : Кæй ? Цы ? Кæмæн ? Цæмæн ? Кæмæй ? Цæмæй ? Кæуыл ? Цæуыл ? Цæм ? Кæимæ ? Цæимæ ? Æххæстгæнæн загъд вæййы номдарæй , номивæгæй .

Слайд 6

Карточка 1.( Кæмæн ?)……. сæ хæхты фæзынд хъулонзачье уæйыг ? 2.Хонджытæ æппæт ( кæй ?)……. дæр æрхуыдтой . 3.Батрадз ( кæимæ ?)……… хъазыныл фæци . 4.Батрадз ( цы ?)…….. амардта , йæ ( цæмæй ?)…….. мусонг акодта .

Слайд 7

Марат фыссы фыстæг . Мæ мад цæттæ кæны сихор . Нæ сыхаг ныссагъта бæлас .

Слайд 8

Хъуыдыйады вæййы сæйраг æмæ …. Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ сты :…. Æххæстгæн у хъуыдыйады … Дзуапп дæтты фарстатæн … Нысан кæны ….

Слайд 9

Стыр бузныг !


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Технологическая карта урока русского языка 5 класс. Тема: "Роль языка в жизни общества. Язык и человек"

Тип урока: Урок объяснения нового материалаЦель: Формировать представление об изучаемом предмете; сообщить учащимся, что язык – это средство человеческого общения; познакомить с учебником, опред...

Технологическая карта урока английского языкав 5 классе по теме "Путешествие по России" по учебнику "Rainbow English" 5 класс

Технологическая карта открытого урока по английскому языку в 5 классе по теме "Путешествие по России" учебник "Rainbow English"...

Технологическая карта урока английского языка 6 класс «Free time»/ Модуль 3 урок 1

Цель урока: Активизация лексики по теме «Свободное время»...

Технологическая карта урока английского языка 6 класс «Free time». Модуль 3 урок 2

Технологическая карта урока английского языка 6 класс «Free time». Модуль 3 урок 2...

Технологическая карта урока английского языка 6 класс «Present Simple – in interrogative sentences». Модуль 3 урок 3

Технологическая карта урока английского языка 6 класс «Present Simple – in interrogative sentences». Модуль 3 урок 3...

Технологическая карта урока осетинского языка в 5 классе

Тема урока "Прилагательное". Прилагается презентация...