Урок
план-конспект занятия (5 класс)
Темæ: «Рæсугъд у цард,фæлæ цардæй рæсугъддæр æмæ тыхджындæр та у Райгуырæн бæстæ» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-мæ гæсгæ)
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
18.11.2018zhanna.docx | 21.74 КБ |
Предварительный просмотр:
Филиал МБОУ СОШ с. Суадаг в с. Хаталдон
Темæ: «Рæсугъд у цард,фæлæ цардæй рæсугъддæр æмæ тыхджындæр та у Райгуырæн бæстæ» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-мæ гæсгæ)
Хæтæлдоны скъолайы ирон æвзаг
æмæ литературæйы ахуыргæнæг.
. Æгкацаты Жаннæ
28.11.2018 аз.
Ирон литературæйы урок 5-æм къласы
Темæ: «Рæсугъд у цард,фæлæ цардæй рæсугъддæр æмæ тыхджындæр та у
Райгуырæн бæстæ» (Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ»-мæ гæсгæ)
Эпигрæф: «Бæстæтæ бирæ сты, дуне уæрæх,
Цард сæ æнхъæвзы фæрнæй,
Фæлæ дæ хуызæн, мæ Райгуырæн зæхх,
Ацы стыр дунейы нæй…» (Чеджемты Æ.)
Нысантæ:
1.Базонгæ кæнын цыбырæй Кочысаты Мухарбеджы цардæрфыстимæ.
2.Равзарын æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ».
3.Сабиты зæрдæты гуырын кæнын уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, ирон аив дзырдмæ.
4.Ахуыр сæ кæнын литературон нормæтæм гæсгæ раст дзурын æмæ кæсыныл, хи хъуыдытæ уæндондæрæй æргом кæныныл.
Урочы фæлгонц: Презентаци фыссæджы тыххæй, видео-æрмæг, Ирыстоны тыххæй æмбисæндтæ, проектон куыст «Мæ уарзон
хъæу-Хæтæлдон».
Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотиваци.
-Уазджытæ уарзут?
-Нæ урокмæ ʼрбахуыдтон Джабиты Аланы æмæ Мæргъиты Романы (10-æм къл. ахуырдзаутæ).
-Равдисдзысты нын цыбыр сатирикон ныв, Коцойты Арсены карикатурæмæ гæсгæ.
-Уæ хорзæхæй, байхъусут ма сæм лæмбынæг æмæ зæгъдзыстут.цæуыл уыди сæ ныхас, уый.
-Уæ зæрдæмæ фæцыдысты , æви нæ?
-Саукуыдзæн æмæ Темболæн (сценкæйы персонажтæ) сæ ныхасы сæр уыди Фыдыбæстæ.
- Раст хъуыды кæнут!
- Уарзут нæ Райгуырæн бæстæ?
-Абон мах дæр нæ урочы базонгæ уыдзыстæм диссаджы зæрдæмæхъаргæ
æмдзæвгæимæ «Фыдыбæстæ». Фысгæ та йæ ныккодта, Ирыстоны йæ удæй фылдæр чи уарзта , уыцы курдиатджын,зынгхуыст поэт Кочысаты Мухарбег.
-Нæ эпигрæф ма бакæсæм(Чеджемты Æ.æмдзæвгæ «Райгуырæн зæхх»-æй ист ныхæстæ,интерактивон фæйнæгыл)
-Афтæ хъуыды кодта Мухарбег дæр.
Дарддæр бакæсын видео-æрмæгмæ поэты цардæрфысты тыххæй.
II.
Æмдзæвгæйыл куыст.
1.-Зынгхуыст поэт æй дзæгъæлы не схуыдтон, уымæн æмæ 1941-æм азы Фыдыбæстйы Стыр хæст куы райдыдта,уæд барвæндæй ацыд тохы быдырмæ.Йемæ ахаста стыр хæзнайау ,Къостайы чиныг «Ирон фæндыр».
Поэт Дзаболаты Хазби фыста йе ʼмдзæвгæйы Мухарбеджы тыххæй:
«Куы хæссай зæрдæйы æмбуар
Къостайы сагъæстæй конд чиныг,
Уæд нæй тæппуд уæвынæн бар,
Уæд нæй мæлæтдзаг тохы чиуын»
-Мухарбег тынг хъæбатырæй фæхæцыд,уыд снайпер,саккаг ын кодтой лейтенанты цин.
-Бæргæ йæм рæсугъд фæндтæ уыд, фæлæ хæст,хæст у…(равдисын слайд поэты ныхæстимæ :»Ацы хæст фесæфта бæстæ…») Йæ фыстæджы Нигермæ та афтæ фыста…(слайд равдисын)
-Нæ фæчъизи кодта ирон дзыллæйы намыс нæдæр тохы быдыры,нæдæр литературæйы
-Ирон поэзийæн цы диссаджы æмдзæвгæтæ балæвар кодта, уыдон сты адæмæн уарзон.
-Æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ» та йæ хæстон лирикæйы хуыздæр уацмыстæй иу, фыст æрцыд 1942-æм азы.Мæнмæ гæсгæ, канд ацы ʼмдзæвгæ куы ныффыстаид Мухарбег, уæддæр йæ ном баззадаид ирон литературæйы.
2. Дзырдуатон куыст( слайд равдисын)
3. Æмдзæвгæ радзурын зæрдывæрдæй (ахуыргæнæг уал йæхæдæг презентацийымæ)
4 Кæсынц сабитæ радыгай.
Фарст.
-Фæцыдис уæ зæрдæмæ?
-Дзырд, Фыдыбæстæ мæ ма синонимтæ ʼрхæссут
,канд иронау нæ, фæлæ уырыссагау дæр .
-Поэт та йæ куыд схуыдта йе ʼмдзæвгæйы?(тексты йæ агурынц)
-Куыд уæм фæкаст,ацы поэтикон уацмысы фылдæр цавæр æнкъарæнтæ ис?
-Кæй уарзта Мухарбег? Ссарут ма сæ тексты.
-Æппæты фылдæр та кæй?(текстимæ кусынц)
-Ирыстоны æрдзы рæсугъддзинæдтæ кæм равдыста, уыцы бынæттæ ма бакæсут.
-Литературон уацмысы фыссæг æрдзы нывтæ куы равдисы, уæд уый цы фæхонæм?
-Ахъуыды ма кæнут, цы нын зæгъынмæ хъавыд поэт, йæ сæйраг хъуыды йын куыд бамбæрстат?
-Нæ чысыл Райгуырæн бæстæйы та цы хонæм? (Хæтæлдон)
5.Проектон куыст «Хæтæлдон-мæ уарзон хъæу».(Бацæттæ йæ кодта Айларты Арнелæ)
6.Чысыл аулæфт.
-Ребустæ уарзут? Уæдæ ма сæ базонут,цавæр хъæуты нæмттæ дзы æмбæхст ис?
7.Интерактивон фæйнæгыл куыст.
Райгуырæн бæстæйы тыххæй æмбисæдтæ баххæст кæнын.(радыгай кусынц фæйнæгыл)
8.Къордтæй куыст.
Алы къордæн дæр лæвæрд цæуы фæйнæ цыппар фарсты Ирыстоны тыххæй.(дзуæппытæм байхъусын)
-Тынг хорз бацархайдтат!
-
9. Кæронбæттæн(рефлекси)
-Цавæрæй уæ уынын фæнды нæ Райгуырæн бæстæйы?(сабитæй алчидæр йæ хъуыдытæ дзуры)
-Тынг раст хъуыды кæнут, Кочысаты Мухарбег дæр уемæ сразы уыдаид!
-Джыккайты Шамил афтæ загъта:»Адæймаг амондджын вæййы йæхи Фыдыбæстæйы»
-Æмæ кæм райгуырдыстæм, уыцы зæххæн хъуамæмæ лæггад кæнæм, нæ бон куыд у, афтæ.
-Кочысаты Мухарбег æххæстæй йæ хæс бафыста.Мах та, смахимæ нæ сабыр цард хъуамæ хъахъхъæнæм, архайæм , цæмæй нын кæна рæсугъдæй-рæсугъддæр, фидарæй-фидардæр.
-Æмæ нæм уæд нæ уыдзæн Тембол æмæ Саукуыдзы хуызæттæ!
-Разы стут мемæ? Цавæр æнкъарæнтимæ ацæудзыстут нæ урокæй?(сабитæ дзурынц сæ хъуыдытæ)
-Уæдæ цæмæй бынтондæр уæ зæрдæтæ барухс уой,байхъусæм æмæ бакæсæм. Райгурæн зæххы тыххæй зарæгмæ.(Хадыхъаты Аллæйы клип)
10.Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.
11. Хæдзармæ куыст.Зæрдывæрдæй сахуыр кæнын æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ».
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическая разработка: предполагаемый план проведения урока - При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке.
При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке....
Методическая разработка урока литературы по теме «Творчество Сергея Есенина»(11 класс). Тема урока - «Голубая Русь» Сергея Есенина. Тип урока –урок-исследование.
Знакомство со стихотворениями С.Есенина, посвящёнными теме родины, с творческим методом поэта....
Конспект открытого урока по технологии в 6 классе. Тема урока: Игровые технологии на уроках обслуживающего труда. Одежда и требование к ней. Снятие мерок для построения чертежа юбки. (Презентация к уроку)
Разработка урока с презентацией помогает учителю более доступно и понятно познакомить учащихся с историей юбки. На уроке используются игровые технологии, что помогают учащимся лучше усвоить материал у...
Урок изобразительного искусства в 5-ом классе.Тема урока: « Деревья как люди». Вид работы: рисование по представлению Тип урока: комбинированный, урок – сказка
Тема урока: « Деревья как люди».Вид работы: рисование по представлениюТип урока: комбинированный, урок – сказка Цель урока:ü Средствами изобразительного языка ...
Класс 9 Урок №24. Тема урока: Системы счисления. Перевод чисел Тип урока; Урок «построения » системы знания.
Урок для учащихся 9 класса по теме "Системы счисления. Перевод чисел". Урок в разделе программы по счету третий. Цель:Образовательная: систематизация и расширение знаний обучающихся о операциях п...
Урок обобщающего повторения по теме Южная Америка.Урок-игра.Особый колорит уроку придаёт просмотр ролика"Танго и футбол", вопрос от шеф повара с угощением мамалыгой и синквейн. Легенда рассказанная в начале урока настраивает ребят на работу.
Урок географии в 7-м классе по теме "Южная Америка". Подготовила и провела: учитель географии 1квалификационной категории Васильева Елена Тихоновна в МБОУ СОШ №21 г. Коврова, в рамках подго...
Сходства и различия уроков с метапредметным подходом с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе) Метапредметный подход на уроке русского языка в 8 классе
Сходства и различия уроков с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе)...