Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау
план-конспект урока (8 класс) на тему
Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау
Зæххыл цы стырдæр тох æрцыди
Гъе уым ирон туг дæр ныккалд….
Проекты хуыз : фæлхат кæныны урок, урок- театрализаци.
Проекты темæ: Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-йы анализ.
Проекты разамонæг: ирон æвзаджы ахуыргæнæг.
Проекты архайджытæ: ахуыргæнæг æмæ скъоладзаутæ.
Ахуыры кар: 8-æм кълас.
- Проекты хицæндзинæдтæ:
- проекты фæлгонц- рагон хъисын фæндыры музыкæ, таблицæтæ,рагон предметтæ компьютерыл;
- рæстæг – цыбыр;
- мидис- информацион;
- характеры координацимæ гæсгæ- ахуыргæнæджы æргомдзинад скъоладзаутæм
Проекты нысан:
1)Предметон æмæ предметты 'хсæн:
- сбæрæг кæнын "Авд цухъхъа"-йы темæ æмæ идейæ;
- сæвзæрын кæнын скъоладзауты зæрдæты уарзондзинад Райгуырæн бæстæмæ, æнæуынондзинад - знагмæ, фашистон лæгхортæм;
- æфтауын скъоладзауты ирон æвзагыл дзурыныл, сæхи хатдзæгтæ кæныныл.
2) Метапредметон:
- коммуникативон- зонын æрæмдзых кусын къорды, зонын равдисын æмæ иргъæф кæнын хи хъуыды;
- социалон- аразын адаптацион фадаты фæлтæрд царды ивддзинæдтæм цы зонындзинæдтæ ис, уыдоны фæрцы.
3) Удгоймаг:
- тынгад кæнын бæрн, хæдхъомад, алыфадыгон хъуыдыкæнынад;
- тынгад кæнын цымыдисдзинад;
- хъомылад кæнын фæткон ахаст цардмæ куыд иуылбæрзонд хæзна.
Проекты хæс:
- парахат кæнын коммуникативон æмæ социалон ахадындзинад;
- æрмæджы зонындзинæдтыл кусын;
- ахуыр кæнын скъоладзауты цардмæ æргомзæрдæйæ кæсын.
Проекты фæрæзтæ:
- информацион ( чингуытæ, интернет- фæрæзтæ);
- буарджын (компьютер, проектор);
- методикон ( методисты уынаффæ, ахуыргæнджыты æххуыс).
Урок-проекты цыд.
- Бацæттæгæнæн хай.
( Хъуысы рагон музыкæ).
Бамбарын кодтон, нæ размæ цы нысан ис, уый.
Плиты Грисы балладæ "Авд цухъхъа"- йы темæ æмæ идейæ равзæрстам.
Скьоладзаутæ дæттынц цыбыр æлвæст дзуæппытæ:
- Цавæр бынат бацахста Плиты Грисы сфæлдыстады хæсты темæ?
( Фыдыбæстæйы Стыр хæст Плиты Грисы сфæлдыстады бацахста стыр бынат . Уыцы темæйыл фыст у "Авд цухъхъа" дæр .)
- Кæд æрбабырстой гермайнаг фашисттæ æмæ цы бакуыстой?
( 1941 азы 22 июны гермайнаг фашисттæ сæ дзырд фæсайгæйæ, æнæнхъæлæджы ныббырстой нæ уарзон Райгуырæн бæстæм. Арæныл ронбæгьдæй цы хъæутæ æмæ горæттæ æрбаййæфтой, уыдон æнцонæй байстой. Бирæты дзы фынæйæ æрбаййæфтой.)
-Чи уыдысты фыццаг фæдисонтæ
(Калмдзæфау фестъæлфыд нæ уарзон Райгуырæн бæстæ. Фæдисы дзæнгæрджытæ цагътой, сидтысты знаджы ныхмæ, тохмæ. Базмæлыд æппæт Советон бæстæ. Уыимæ Цæгат Ирыстон дæр. Фыццаг фæдисонтæ уыдысты нæ фысджытæ. Уыдон сæ фыссæн систæ сæ дзыппыты бафснайдтой, сæ къухмæ уæндонæй райстой хæцæнгæрзтæ, сæрыстырæй айнæг хохау æрлæууыдысты знаджы ныхмæ. Уыдонимæ Плиты Грис дæр. Уый хæсты райдайæнæй суанг 1947 азмæ бирæ ныффыста уыцы æбуалгъ хæсты темæйыл йæхи цæстæй цы федта, йæхи буарыл цы бавзæрста, ахæм цаутæ.)
- Цавæр уыдысты Иры фæсивæд?
( Иры фæсивæд хæцынмæ тынг ныфсхаст æмæ арæхстджын сты, кæддæриддæр æмæ кæмдæриддæр æвдыстой хъæбатырдзинад. Дзæгъæлы не'взæрстой нæ куырыхон хистæртæ æгады царды бæсты мæлæт. Сæ фарн семæ нæ ахастой, ныууагътой йæ сæ фæдонтæн. Уæдæ Ирыстоны хæстхъом чидæриддæр уыд, уыдон ацыдысты хæсты быдырмæ. Бирæтæн дзы бахуыссыд сæ зынг. Уыдонимæ Хъалæгаты фондз æфсымæры, Къуыдзиаты æртæ æфсымæры, Бæройты фондз æфсымæры, Бæлоты æхсæз æфсымæры, Гæздæнты авд æфсымæры.)
- Цы равдыста Плиты Грис йæ балладæ «Авд цухъхъа»-йы?
( Плиты Грис йæ балладæ «Авд цухъхъа»-йы равдыста нæ фæсивæды хъæбатырдзинад, лæгдзинад, сæ цард куыд радтой Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау.
-Уæдæ мадмæ та цавæр цæстæй кæсут, ницы йæм арут хъæбатырдзинадæй ?
(Мад равдыста стыр хъæбатырдзинад. Уыд фæлмæнзæрдæ, фæлæ хъæддых.)
(Мæ зæрдмæ цæуы, мад йæ уарзон хъæбултæй алкæмæн дæр йæ миниуджытæ куыд зыдта, уый.)
- (Скъоладзаутæ æвдисынц цыбыр театрализаци).
Цыбыр равдыст райдыдта авторы аив зæрдæмæхъаргæ ныхæстæй.
Арф Куырттаты комы дуарыл Саргъæй хъæугæрон æрхиз- Къулыл иу ныллæг хæдзары Ауыгъд авд цухъхъайы ис.
Уыцы рæстæг къулыл цы авд цухъхъайы ауыгъд уыд, уыдоны размæ уæззау кьахдзæфтæй рацыд саударæг мад. Æрлæууыд дæрддзæфгомау, йе'ргом аздæхта авд цухъхъамæ æмæ зæрдæхалæн хъарæгй райдыдта:
Уæ мæ рогбазыр цæргæстæ, Æз уæ ныййарæг куы дæн. Иунæг уæ йæ хабар хæстæй Уæд куыд нæ зæгьы мæнæн?.. Кæд къуырийæн дæр йæ бонтæ Мах фыдæнæн фесты авд? Авд хъæбулы мын хæстонтæй Бонгай хæст куы фæци давд.
Дарддæр хъуысы авторы хъæлæс. Уыцы рæстæг мад бацыд фыццаг цухъхъамæ, адджын хъæбыс ын ныккодта, райдыдта цухъхъа ризгæ къухтæй дауын æмæ бадзуры фæлмæн хъæлæсæй:
Уæ мæ фыццаг хур, дæ мæлæт Никæд бауырндзæни мæн...
Мады ныхæстæ куы фесты, уæд уæртæ кæцæйдæр (ширмæйы фæстæ) райхъуыст скъоладзауы хъæлæс:
Уæ мæ хæстæфхæрд ныййарæг. Ма кал ма мæныл цæссыг Мауал кæн мæ фæдыл хъыг. Ды мæнæй фæдæ æдарæг: Æз лæг нал дæн, фæлæ-рыг.
Хатдзæгтæ.
(Раттын сæйраг фарста).
- Цы базыдтам мах абон Ирыстоны кадджын фæсивæды тыххæй?
Скъоладзаутæ:
1.- Зын уавæры бахаудысты Гæздæнты авд æфсымæры.
2.- Цардхъуагæй балцы ацыдысты дзæнæты фæндагыл.
3.- Сæ фæстæ баззад стыр фæд.
4.-Бирæ азты дæргъы уыдзысты ирон адæмæн ныфс æмæ фарн.
Бæрæггæнæнтæ.
Хæдзармæ куыст: ныффыссут цыбыр нывæцæн нæ кадджын фæсивæды хъæбатырдзинадыл.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
0004a829-aff10785.docx | 24.96 КБ |
Предварительный просмотр:

По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическая разработка: предполагаемый план проведения урока - При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке.
При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке....
Методическая разработка урока литературы по теме «Творчество Сергея Есенина»(11 класс). Тема урока - «Голубая Русь» Сергея Есенина. Тип урока –урок-исследование.
Знакомство со стихотворениями С.Есенина, посвящёнными теме родины, с творческим методом поэта....
Конспект открытого урока по технологии в 6 классе. Тема урока: Игровые технологии на уроках обслуживающего труда. Одежда и требование к ней. Снятие мерок для построения чертежа юбки. (Презентация к уроку)
Разработка урока с презентацией помогает учителю более доступно и понятно познакомить учащихся с историей юбки. На уроке используются игровые технологии, что помогают учащимся лучше усвоить материал у...
Урок изобразительного искусства в 5-ом классе.Тема урока: « Деревья как люди». Вид работы: рисование по представлению Тип урока: комбинированный, урок – сказка
Тема урока: « Деревья как люди».Вид работы: рисование по представлениюТип урока: комбинированный, урок – сказка Цель урока:ü Средствами изобразительного языка ...
Класс 9 Урок №24. Тема урока: Системы счисления. Перевод чисел Тип урока; Урок «построения » системы знания.
Урок для учащихся 9 класса по теме "Системы счисления. Перевод чисел". Урок в разделе программы по счету третий. Цель:Образовательная: систематизация и расширение знаний обучающихся о операциях п...
Хъомыладон сахат. "Ирон адамы удварны хазната"
Воспитательный час. " Духовные ценности осетинского народа".Обучающиеся высказывают свою точку зрения по данному вопросу. Звучат стихи, показывают сценки.......
Открытый урок по осетинскому языку. Проекты темæ "Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау"
Открытый урок по осетинскому языку...