Хъомыладон сахат. "Ирон адамы удварны хазната"
материал (9, 10, 11 класс) на тему
Воспитательный час. " Духовные ценности осетинского народа".Обучающиеся высказывают свою точку зрения по данному вопросу. Звучат стихи, показывают сценки....
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
homyladon_sahat._iron_adamy_udvarny_haznata.docx | 22.66 КБ |
Предварительный просмотр:
Хъомыладон сахат
Ирон адæмы удварны хæзнатæ
Ахуыргæнæг:
Нæ хъомыладон сахаты, науæд та йæ «æгъдауы бæрæгбон» дæр схонæм, темæ у «Ирон адæмы удварны хæзнатæ». Эпиграфæн ын райстам нæ Иры хъæбул, нæ Иры стъалы Хетæгкаты Къостайы ныхæстæ:
…Алкæмæн йе ’гъдау йœ гакк у кæмдæриддœр Музыкæ
Ахуыргæнæг:
Ирон æгъдау, фыдæй фыртмæ цыдтæ,
Цæсты гагуыйау хъахъхъæдтой дæу адæм,
Рæбинаг цæджындз басгуыхтæ сæ цардæн,-
Фыдохы бон уа, цины уа – хъуыдтæ.
Ирон адæм куы равзæрдысты, уæдæй абонмæ цæрынц æмæ ирвæзынц сæ хæрзæгъдауы, æфсармы æмæ лæгдзинады руаджы, Хуыцауы фæрцы. Нæ фыдæлтæй махæн бирæ хорздзинæдтæ баззад:
- хистæрæн аргъ кæнын;
- бинонты æмæ адæмы фарн бæрзонд хæссын;
- кæрæдзийæн аргъ кæнын;
- амондджын, рæстзæрдæ æмæ сæрибар цардмæ тырнын;
- фæллой уарзын æмæ бирæ æндæр хорздзинæдтæ.
Ацы удварны хæзнатæ æнусты дæргъы хъахъхъæдтой нæ фыдæлтæ. Сæ сæйрагдæр æмæ вазыгджындæр цæджындзтæ уыдысты æмæ сты æгъдау æмæ æфсарм.
Музыкæ
Скъоладзау: Нæ Иры иронæй
Кæмæ ис æгъдау,
Уый хизæд фыдбонтæ,
Фыдмастæй Хуыцау.
Скъоладзау: Ирыстон йæ цæсты
Кæмæн нæу æгад,
Ирыстон нæ бæсты
Кæмæн у йæ мад.
Скъоладзау: Нæ бæстæ йæ Мадау
Кæмæн у зынаргъ,
Кæмæ кæсы кадау,
Ирыстон, дæ уаргъ.
Скъоладзау: Æгъдауœй, œвзагœй
Нœм чи у ирон,-
Ирыстоны рагœй
Нœ халы йœ рон,
Скъоладзау: Нœ Иры иронœй
Кœмœ ис œгъдау,
Уый хизœд фыдбонœй,
Фыдмастœй Хуыцау.
Ахуыргœнœг: «Æгъдау»-œн уырыссаг œвзагœй кокоммœ иу дзырдœй тœлмац нœй. Абайты Васойы арœзт дзырдуаты йын ис 5 нысаниуœджы:
- закон, обычай;
- порядок, правила;
- дисциплина, поведение;
- приличие;
- нрав.
Куыд уынœм, афтœмœй «œгъдау» у цытджын, намысджын, бœркадджын, бирœахадгœ дзырд.
Скъоладзау: Дунейы хœрзтœн сœ хуыздœр
Ды куы дœ, не ’стыр œгъдау.
Дœ сœрвœлтау мœ сœр дœр
Нœ бакœнин œвгъау.
Скъоладзау: Æцœгœйдœр, бирœ хорз œгъдœуттœ баззад ирон адœмœн, махœн, нœ фыдœлтœй. Мœнмœ гœсгœ, ирон œгъдœутты ахсджиагдœр œмœ рœсугъддœр у хистœрœн кад кœнын, хистœры буц дарын. Чеджемты Æхсар куыд зœгъы, афтœмœй-иу лœг базœронд, цœстœй-иу нал уыдта, хъусœй-иу нал хъуыста, уœддœр-иу кœстœртœ уыцы хœрзконд œмœ хœрзœлвœстœй йœ уœлхъус œрбалœууыдысты, œмœ-иу уœд иу кадджын хистœр уыд, дыууœ-æртœ кадджыны – кœстœртœ сœхœдœг. Уымœн баззад, œвœццœгœн, фыдœлтœй ныхас: «Цард – œгъдауœй рœсугъд».
Скъоладзау: Кадджын œмœ-иу цытджын хистœрыл нымадтой раздœр дœр œмœ ныр дœр ахœм адœймаджы, кœцы-иу уыд йœ хъуыддœгтœй хорз œмœ раст, йе ’гъдау уыд бœрзонд œвœрд, йœ адœмœн-иу лœггад чи кодта œмœ кœны. Ахœм хистœрœн œвзœр кœстœр, мœнмœ гœсгœ, никуы уыдаид.
Скъоладзау: Мœнмœ афтœ кœсы, œмœ цœмœй кœстœртœ хистæртœм хъусой, œфсœрмы сœ кœной, уый тыххœй сœхœдœг дœр хъуамœ уой фœзминаг, œгъдауджын, кадджын. Йœ царды бонты хистœр хъуамœ йœ сœрмœ худинаг макуы œрхœсса, сайгœ œмœ давгœ ма кœна, мœнг œмœ гœды ныхас ма дзура.
Скъоладзау: Уырыссаг œмбисонд афтœ амоны: «Береги честь смолоду», ома, дœ кад хъахъхъœн œрыгонœй.
Йœ амœлœты размœ ам, Æрыдоны, уыдис не ’мзœххон, Социалистон Фœллойы Хъœбатыр Кучиты Сергейы фырт Юрий. Уый стыр кадджынœй фœхаста ирон лœджы сыгъдœг ном канд нœ бœстœйы нœ, фœлœ ма фœсарœнты дœр œмœ Цœгат полюсы дœр. Уый уыд œцœг кадджын хистœр, хорз зондамонœг. Æмœ йœ цот дœр рацыдысты йœхи хуызœн œгъдауджын, фœрнджын.
Скъоладзау: Мœнœн дœр мœ зœрдœмœ тынг фœцыдысты йœ ныхœстœ. Уый афтœ загъта, œз дам, мœ царды бонты никуы никœйы фœсайдтон, гœды ныхас никуы кодтон, кœддœриддœр дзырдтон рœстдзинад. Нœ фыдœлты намыс, кад, œфсарм кœддœриддœр œмœ кœмдœриддœр мœ зœрдыл дардтон.
Скъоладзау: Ирыстоны Кучиты Юрийы хуызœн кадджын хистœртœ бирœ уыд œмœ ис. Уыдон махœн, кœстœртœн, сты фœзминаг. Мах дœр уыдоны хуызœн хъуамœ тырнœм раст цœрынмœ. Цы у абон махœн нœ бон? Цавœр хорз хъуыддœгтœ хъуамœ кœнœм? Фыццаджыдœр, хъуамœ хорз ахуыр кœнœм, кœрœдзийœн аргъ кœнœм, фœллой уарзœм. Цыбыр ныхасœй, рœсугъд œмœ раст цардмœ тырнœм.
Ахуыргœнœг: Хорз загътат, сывœллœттœ. Хистœртœ зондамонджытœ сты. Уыдон фылдœр фœцардысты, фылдœр федтой, фылдœр зонынц. Никœцы хистœры фœнды йœ кœстœры œвзœрдзинад. Сымах та сын зондмœхъусджытœ ут!
Æппœт хистœртœн дœр нœ уазджыты номœй арфœ кœнœм. Бирœ азты нын зœрдœрухсœй, œнœнизœй цœрœнт. Сœ кœстœрты хорздзинадœй œфсœст уœнт.
Музыкœ «Ханты цагъд»
Скъоладзау: Ирон œгъдау, куыд стыр у дœ кад,
Нœ буц хистœртœн – кœстœртœ сœ цума,
Ирон œгъдау, œнусмœ уœд дœ рад,
Куыд нœ кœна дœ ныфсœй иу дœр цудгœ.
Скъоладзау: Нœ хистœрты фарн! Цœр œмœ нын цœр!
Уœ кœстœртœ хœдзондœй сты уœлахиз.
Уœддœр, куы нал œвзарœм хистœрœй кœстœр,
Нœ œгъдœуттœ нын ахœм бонœй бахиз!
Скъоладзау: Æрттивынц хœхты митсœртœ
Сœууон хуры тынтœй.
Нœ буц даринаг хистœртœ,
Фœрнœй цœрат, фœрнœй.
Ирон кафт.
Музыкœ «Ханты цагъд» - дарддœр
Ахуыргœнœг: Куыд зонœм, афтœмœй мадœлтœй œмœ фыдœлтœй у хœдзары œгъдау. Мад œмœ фыд – бинонты равзæрœн, райдайœн. Мад – цоты ныййарœг, бинонты œфсин.
Фыд – цоты схœссœг, хœдзары бинонты хистœр œмœ дарœг. Хœдзары фœтк бинонты уагœй хъœубœсты œгъдаумœ тырны, хъœубœсты œгъдау фœзминагœй бафты комбœсты иумœйаг фарныл.
Райдайœнœй фœстœмœ чызг дœр œмœ лœппу дœр фœзмынц сœ мад œмœ фыды. Цœуынц рœзгœ сœ зонд, сœ хъуыддœгтœ. Ис ахœм œмбисонд: «Куырд куырдыл ахуыр кœны».
Мад œмœ фыдœй райсынц сывœллœттœ хорз œмœ œвзœр миниуджытœ дœр. Куы ма йœ загътам раздœр: никœцы хистœры, ныййарœджы фœнды йœ кœстœры œвзœрдзинад.
Уыдон дœттынц œппœт хъарутœ дœр, цœмœй сымах, сывœллœттœ, царды бирœ фœндœгтœй равзарат иу фœндаг – раст фœндаг.
Зарœг «Мады зарœг» (Сывœллœттœ кафынц)
Ахуыргœнœг: Аргъ кœнут уœ мадœлтœн œмœ фыдœлтœн. Сымах абон цы цœстœй кœсат уœ ныййарджытœм, куыд сын аргъ кœнат, афтœ сомбон аргъ кœндзысты сымахœн дœр уœ цот.
Зарœг «Мœ фыд» (Лœппуты къорд зарынц)
Музыкœ (театрœй) хъуысы
Ахуыргœнœг: Адœмы фарн… Адœмы фарнœй къœдзœх дœр ныннœры… Адœймаг адœмы фарнœй фœрнджын у… Адœмы фарн бирœ у… Арф хъуыды, œгœрон тых ис «фарны». Адœм кœрœдзийы фарнœй куы нœ цœриккой, кœрœдзийœн аргъ куы нœ кœниккой, кœрœдзийы œфсармœй раст хъуыддœгтœ куы нœ кœниккой, уœд, œвœццœгœн, нœ цард уаид œмтъеры. Кœй куыд фœнды, афтœ цœрид, œфсарм нœ уаид.
Мœ зœрдыл œрлœууыд иу хабар. Уый уыд тынг раджы. Куыртатты ком… Иу хœдзары бинонтœ: фыд, мад, фырт œмœ чызг. Хъуамœ сœм уыдаид чызгœрвыст. Райсом чызгœрвыст уыдзœн, зœгъгœ, афтœ сœм œхсœвы фœхабар чындœуыд: уœ лœппу фœмард ис. Бинонтœ цавддурау фесты… Иу уысмы фœстœ мад œмœ фыд нырдиаг кодтой… Фœлœ сœ хœдзары хицау фœурœдта. Ацы хабар хъуамœ мачи базона, хœдзарœй хъœр хъуамœ ма айхъуыса. Райсом афœндараст кœндзыстœм нœ чызджы. Уый кœйдœр мыггаг у, адœмœй худинаг у, фœцœттœ кодтой, хиуœттœм арвыстой. Кœронмœ ахœццœ кœнын хъœуы хъуыддаг. Лœппуйы мард œрбаластой, хицœн уаты йœ œрœвœрдтой, œнœхъœн œхсœв сусœгœй фœкуыдтой, стœй йыл уœд дуар сœхгœдтой. «Чызг, - дзуры йœм фыд, - райсом адœммœ хъуамœ ракœсай райдзаст цœсгомœй. Хъуамœ мачи фœгуырысхо уа дœ цœстœнгасыл». Дыккаг бон адœм œрœмбырд сты хъœлдзœгœй, фœлœ иунœг Хуыцау уыд œвдисœн сœ зœрдœйы уагœн. Уалынмœ топпы гœрœхтимœ фœзындысты чындзхœсджытœ дœр. Бœрœгбон йœ тœмœны бацыди. Æгъдау кœрœй-кœронмœ куыд œмбœлди, афтœ цыд. Уазджытœ сœ чындзы аластой. Куыддœр комœй ахызтысты, афтœ бинонты хистœр кулдуар байгом кœнын кодта. Гъе, ахœм куырыхон зœронд лœг уыд хœдзары хистœр. Уымœн œмœ аргъ кодта адœмœн, адœмы фарн œм бœрзонд œвœрд уыд.
Скъоладзау: Æфсарм кœм ис, уым œгъдау дœр ис. Ацы хœдзары хистœр œфсœрмы кодта адœмœй, аргъ сын кодта. Ахœм адœймаг вœййы кадджын, адœмœн уарзон.
Скъоладзау: Раст зœгъыс. Адœм œгъдауы фœрцы уыдысты кœрœдзиуыл œнувыд, œнгом баст, тыхджын, ныфсджын. Æфсарм дыууœрдœм у: искœмœй чи ’фсœрмы кœны, искœмœн чи лœггад кœны, уый йœхицœй œфсœрмы кœны, йœхицœн лœггад кœны.
Скъоладзау: Мœнмœ гœсгœ, йœхи чи нœ уарзы, ахœм та уœвгœ нœй. Æмœ дын адœм цœмœй лœггад кœной, адœм дœ цœмœй œфсœрмы кœной, уый тыххœй сын дœхœдœг лœггад кœн, дœхœдœг сœ œфсœрмы кœн.
Скъоладзау: Фыдœлты намысœн йœ дзырддаг:
Ирон фœдœ, уœд у фœрнœй:
Æфсарм – дœ ном, лœгуарз – дœ мыггаг,
Æндœртыл баивын сœ нœй.
Кафт «Хонгœ»
Музыкœ «Лунная соната»
Ахуыргœнœг: Ирон œфсарм… Цы у цымœ ирон œфсарм? Ирон œфсарм у ирон œгъдœуттœ, ирондзинады домœнтœ уœзданœй, аив, зœрдœмœдзœугœ, рœсугъдœй œххœст кœнын. Ирон œфсарм кœмœ ис, уый у œцœг ирон, намысджын адœймаг. Æмœ цымœ нœ фœсивœд иууылдœр œфсармджын сты? Хъыгагœн, нœ. Æгъдау хъœдрœбыны дœр хъœуы, фœзœгъынц ирон адœм. Хъœдрœбын нœ, фœлœ ма акœсœм нœ алыварс, йœхи чи куыд дары, уымœ.
Мœнмœ гœсгœ, Ирыстоны хорз фœсивœд рœзы, зонд œмœ œгъдауыл хœст, хистœрœн, сылгоймагœн кадгœнœг. Фœлœ дзы фœзыны, œмбыд картофау, иннœтœн дœр тœссаг кœмœй у, ахœм чызджытœ œмœ лœппутœ.
Скъоладзау: Æцœгœйдœр, афтœ у. Ис нœм ахœм лœппутœ œмœ чызджытœ дœр, кœцытœ нозт œмœ хъылмайыл фœхœст сты. Уыдонœй алчидœр хъомыл кодта бинонты, сыхы ’хсœн. Фœлœ сын, œвœццœгœн, фаг хъœддыхœй нœ дзырдтой, ма кœн, уый дœ хорзмœ не ’ркœндзœн, зœгъгœ.
Скъоладзау: Цыфœнды стыр хъуыддаг дœр, хорз уа, œвзœр, райдайы гыццылгай. Уœлдайдœр та œнœгъдаудзинад. Уый низау бахизы адœймаджы удыхъœдмœ œмœ йыл тых кœны зыгъуымырдœм. Адœймаг нал фембары хорз œмœ œвзœры ’хсœн цы хъауджыдзинад ис, уый.
Скъоладзау: Æгъдау, œфсарм… Куыд схонœн ис «œгъдауджын» ахœм лœппуты, кœцытœ тамако пъœртт кœнынц œнœфсœрмœй сылгоймœгты раз, хистœрты раз, œнœуаг дзыхœй дзурынц.
Науœд куыд схонœн ис «œгъдауджын» ахœм чызджыты, кœцытœ уынгты цœуынц, куыд не ’мбœлы, ахœм œнœаив уœлœдарœсы, œмœ ма уый ницы у, фœлœ сœ гуыбынтœ байгом кодтой, уый та худинаг у. Кœнœ иннœ «œгъдау» - чъиу œууилын…
Сценкœ «Хъœуккаг ус œмœ горœтаг чызг»
Автор. Ныллœуыд хур ныр афœдзы сœмœны.
Сœрд бацыди йœ œрттивгœ тœмœны.
«Гœлœбу» чызг стыр уынджы лœууы.
Хъœуккаг ус œм бынтон хœстœг лœууы.
Ус. Дæ мад, дæ фыдæн худинаг фæуæд!
Кæд цыдис уынгмæ мадардбæгънæг, кæд?
Чызг. Нæ йæ фехъуыстай? Сæрд æрцыди, сæрд!
Мæ зымæгон кæрц арф ран ис æвæрд!
Цы ныккастæ? Дæ фæндаг дарддæр дар!
Æви æппындæр никуы федтай буар?
Ус. Хуыцау лæгæн кæсынæн радта цæст, -
Бынтон бæгънæг скæн дæхи æххæст!
Дæ гуыбын гом, дæ бикъыбаст зыны,
Дæ æгъдтæ дын æгас сахар уыны!
Чызг: Мœнмœ, зœронд, œмбœхсинœгтœ нœй!
Цы фау мœм хœссыс конд œмœ уындœй?
Ус. Æдзœсгом дœ! Ныххус дыл уæд дœ царм!
Мœн рœстœджы нœ œвдыстой дœларм!
Чызг. Дœ рœстœг дœр дœхи хуызон зœронд,
Уыдтœ уœддœр, œвœццœгœн, фыдконд.
Уыныс! Мœнмœ куыд хœлœг кœныс, куыд?!
Кœсœг дœр дœм, œвœццœгœн, нœ уыд?!
Ӕфхœрынœн дœр зонын хъœуы бœрц,
Тœккœ райсом ыскœндзынœн мœ кœрц!
Ус. Ӕз œрыгœттœм никуы хастон фау,
Ӕмбœхсинаг œмбœхсын у œгъдау.
Ирон хорз лœппу гомгуыбын нœ куры,
Йœ бœллиц ын уœ бœгънœгбуар фœсуры.
Дœ синтœ уарзыс – айдœнмœ сœм кœс!
Ӕгъдауыл хœцын – хистœрœн йœ хœс!
Автор. Ныппœрœст кодта «гœлœбу» œваст,
Ӕфсœрмыгœнгœ ус йœ фœстœ каст.
Ахуыргœнœг: Рœсугъд œмœ фœзминаг у нœртон уœздандзинад. Йœ сœйраг нысœнттœй иу уыд гуыбыныл хœцын.
Скъоладзау: Ирон фынгœн ис уаг œмœ œгъдау,
Цынœ вœййы лœгœн йœ разы,
Фœлœ йœм ма лœбур сырдау…
Скъоладзау: Кœддœр, дам, нарты адœм уыдысты цуаны, сдойны сты. Батрадз йе ’мбœлттимœ ацыдысты донагур. Чидœр сœ йœ къахœй скъуырдта цыдœр хызынгонд. Айстой йœ семœ. Кœсынц, œмœ къœдзœхœй тœдзы дон. Нарты адœм бадардтой уыцы хызынгонд донмœ. Уый ивœзти œмœ ивœзт.
Скъоладзау: Кœрœдзи фарстой, уœдœ цы у, афтœ чи ивœзы, уый. Бирœ фœтœрхон кодтой œмœ œрцыдысты иу хатдзœгмœ: «Уый у лœджы уœцъœф. Уымœн нœй байдзаг кœнœн, ничима йын базыдта œгас дунейыл дœр никуы йе’фсис».
Скъоладзау: Ӕцœгœйдœр, ис ахœм адœм, кœцытœ фынгыл нœ зонынц бœрц. Сœхи œнœгъдауœй равдисынц, сœхи иваздзысты фынджы иннœ фарсмœ, хуыздœр хœйттœ сœхи раз œвœрдзысты.
Скъоладзау: Мœнмœ гœсгœ, искуыдœм адœймаг куы цœуа, чындзœхсœвмœ уа, куывдмœ, уœд бынтон œххормагœй хъуамœ ма цœуа. Науœд та ацыдтœ, уœд бœрц хъуамœ зонай. Афтœ ма куыд зœгъай: «Хъуыди ма мœ, бахордтаин ма».
Ахуыргœнœг: Тынг раст, сывœллœттœ. Сымах стут œрыгœттœ. Фœлœ хъуамœ зонат œмœ œмбарат, хи куыд дарын хъœуы фынджы уœлхъус, уый. Уœхи хъуамœ уœхœдœг ахуыр кœнат, уœхиуыл хœцын фœразат. Науœд, кœд ма хъуыды кœнут, телевиденийы «Худœндзœсты» ахœм сценкœ œвдыстой. Иу куывды бадтысты лœгтœ. Иу дзы тынг бирœ бахордта. Роны бœсты йœ астœуыл баст уыди синаг. Уыцы синаг œй афтœ нылхъывта, œмœ йœ бон улœфын нал уыд, йœ цœстытœ ныддзагъыр сты, ахаудта уœлгоммœ. Фœдзырдтой тагъд œххуысмœ…
Скъоладзау: Гуыбынœй ничи ма сси кадджын.
Ахуыргœнœг: Нœ фыдœлтœй ма нын баззад иу диссаджы хорздзинад – куыст уарзын. Куыст адœймаджы уд сыгъдœг кœны, йœ уœнгтœ та рог. Ӕнœ сыгъдœгзœрдœ фœллойœ, œнœ намысœй фœцœрœн нœй. Стыр худинаг у œгуыстœй бадын, искœйы мулкмœ ныхилын.
Скъоладзау: Нœ иуœй-иу кœстœрты куысты мœт нœй. Аккаг куыст, дам, мœ бон ссарын нœу. Ӕниу, кусын кœй фœнда, уый йœ алы ран дœр ссардзœн.
Скъоладзау: Бирœтœ нœ кусынц, уынгты œмœ паркты лекка кœнынц. Сœхи œнœгъдауœй дарынц, œхсынœнтœ къœпп кœнынц œмœ сœ зœхмœ калынц. Дон баназынц œмœ йын йœ авг кœдœмфœнды дœр аппарынц.
Дœ сœр-иу хœсс лœгау сœрмœ.
Дœхи œнœуаг митœй бахиз,
Ӕфсарм куы нœ уал уа лœгмœ,
Уœд ын лœг ысхонœн дœр нал ис.
Скъоладзау: Ӕз афтœ хъуыды кœнын, œмœ алы адœймаг дœр хъуамœ йœ хœс зона, кœй у œхсœнады уœнг œмœ йœ кœй хъœуы фœллой кœнын.
Скъоладзау: Нœ цард цы ’гъдœуттыл лœууы, уыдоныл чи нœ цœуа, ома, чи нœ куса, чи нœ ахуыр кœна, уымœн махмœ бынат нœй, чи фœнды уœд.
Музыкœ
Скъоладзау: Ирон œгъдау, куыд тыхджын дœ,
Уœвгœ! Дыууœ знаджы ’хсœн фидиуœг œрлœууыс,
Ирон œгъдау, ды сомыйœн – бœзгœ
Нœ царды мидœг ды œдзух фœхъœуыс.
Ахуыргœнœг: Лœг фидауы йœ œгъдауœй, йœ уагœй,
Нœртон œгъдау уœ фœдзœхст уœд, мœ хуртœ!
Сœ фœтк, сœ ныхас – адœмтœн сœ ис, -
Цœсты гагуыйау хъахъхъœнут нœртон дзырд –
Нœй афтидармœй фидœнмœ цœуын…
Кафт
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау
Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау...
"Хорз лаг адамай хас дары" Дзесты Куыдзаджы радзырд "Тегайы балас" - ма гасга
Тахуды мы йы адамы ыхсананусма хорз ном чи сканы цахицан!Заххыл йа цардай чи аразы цард,Анусондзинад уыман ис армастдар...
Урок осетинского языка в 11 классе "Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Куыдзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи»- йы"
Урок осетинской литературы в 11 классе "Духовные ценности человека в пьесе Дзесова Кудзага "Фаендагсаеры Уастырджи"....
Открытый урок по осетинскому языку. Проекты темæ "Патриотон хъомыладон урок Бæcты сæрвæлтау"
Открытый урок по осетинскому языку...
Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы
Технологон картæ ирон литературӕйы урокмæ "Адӕймаджы удварны хӕзнатӕ Дзесты Кудзӕджы уацау «Фӕндагсар Уастырджи» - йы"...