Уроки..
план-конспект урока (6 класс) на тему

Цориева Фатима Габачеевна

Гом урок.

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл Бира нын царат, на буц хистарта.25.13 КБ

Предварительный просмотр:

Тематикон урок: Хетæгкаты Къостайы хъæздыг æвзаг.

Архаизмтæ Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады.

Нысан: ахуырдзаутæ лексикæйæ рацыд æрмæг куыд бамбæрстой,уый сбæрæг  кæнын.

Бакусын ныхасы рæзтыл.

Спайдагонд  ахуырадон технологитæ:

интерактивон фæйнæг

слайдтæ

Хъомыладон хæс: сывæллæтты ахуыр кæнын хистæртæн æгъдау дæттын,аргъ сын кæнын.

      Абон ,сывæллæттæ,махмæ ис уазджытæ,æмæ сыл нæ арфæйы салам æмбæлæд.Нæ абоны урочы темæ раргом  кæнгæйæ  ,сæйрагдæр цы фехъусой,уыцы хъуыддæгтæй сæ алчидæр уæд  хайджын.

       Алы бон æгас нæм цæуæнт!

                                          1. Ахуыргæнæджы раныхас.

        Нæ абоны урок хуымæтæг нæ уыдзæн, у нын тематикон урок-Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстадимæ баст.

Нæ урочы нысан у лексикæйæ рацыд æрмæг куыд бамбæрстат , уый сбæрæг кæнын.

                                                  Урочы эпигрæф:

«Цæйут,æфсымæртау,

Раттæм нæ къухтæ

Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ»!..                    

                                               Хетæгкаты Къоста.

                                                    Раныхас.

    2.     Архаизмтæ æмæ Неологизмтæ бирæ азты дæргъы  хæларæй цардысты. Фæлæ иу ахæмы Неологизм Архаизмыл нал æрвæссыд, йæхи дзы уæлдæр кæнын райдыдта.

         Фембæлыдысты. Архаизм ын йæ къух исынмæ хъавы ,фæлæ йыл уый йæхи атигъ кодта æмæ йæм иуварсæй дзуры:

      - Гъей ,зæронд , кæцæй фæдæ,æгас ма  дæ?

      -Мæ хорз хæлар,цæмæн афтæ карз дæ дæ рагон æмбалимæ?,_фæрсы йæ Архаизм.

     - Ха-ха-ха!Ды зæронд  дæ , кæй ма хъæуыс,цы пайда ма дæ ис,дæ бынат музейы,- кæл – кæл  кæны Неологизм.!

     -Ау ,уый та куыд, зæронд царды нал цæуы?

     -Нал,нал! Дæ рæстæг фæци,мæ рагон зæронд æмбал.Ныр мах дуне у. Прогресс цæуы. Цивилизци!Гу-к- к! Æз дæуæй ногдæр æмæ зонддджындæр дæн.

      Разы дæ мемæ дæ зонындзинæдтæ бавзарын?

      Ницыуал сдзырдта иу рæстæг стæй афтæ зæгъы:»Мæ хæлар ,хатыр дын кæнын ацы æфхæрæн ныхæстæ,ахъуыды сыл кæн : раст дæ æви нæ»!Æз  та цæуын  лексикæйы бæстæмæ  ,мæ адæмæн радзурон дæ ныхæстæ,

зындзынæн дæм.

       Ацыд.Æрбамбырд кодта йæ адæмы.Æрбадтысты  Ныхасы  æмæ сын радзырдта йæ фембæлд  Архаизмимæ. Кæстæр Архаизмтæ  рагæппытæ ластой æмæ хъæр кæнынц:»Чи куыдз ,чи хæрæг бауæндыд дæуæн уайдзæфтæ кæнын, ды махæн нæ зондамонæг,нæ куырыхон хистæр

 куы  дæ?!

       Æрсабыр сæ кодта Архаизм. Бауынаффæ кодтой: сæ зонындзинæдтæ бавзарæнт Неологизмтимæ  æмæ Архаизмта куыд зонынц лексикæ,уый.

       Уыдзæн нæм экспертон къамис,кæцытæ бæрæг кæндзысты   сæ дыууæтæ дæр лексикæ куыд зонынц, уый.

       Фыццаг фарста Архаизмтæм.

Интерактивон фæйнæг.

 (æппæт  дзырдтæ иумæ райсгæйæ… тестытæ)

       Фарста  Неологизмтæм.

 Слайд .(бацамон синонимтæ … тестытæ)

3.Чиныгимæ куыст.

Ф.81.Æркæсут нывтæм æмæ  сæ  дыууæ  къордыл адих кæнут.Архаизмтæ фыссынц ног дзырдтæ,неологизмтæ та зæронд дзырдтæ.

(куыртæт ,дзабыртæ,цухъхъа,пъальто,къогъодзитæ,зæнгæйттæ).

Иннæ  хæслæвæрд.

Слайд (Фæкъордтæ кæнут сæ  нысаниуæгмæ гæсгæ ацы дзырдтæ).

Фарст неологизмтæм.

Зæгъут-ма,цы хуыйнынц ацы дзаумæттæ?

Дзуапп: сивыр,сыхырна ,арынг,мæхъи,сасир…

       Базонут-ма  ацы  уыци -уыци  та цы у?

Уазæгæн йæ фæллад сафы,

Зианджынæн  -йæ хъыг.

Раст.Фынг.

 (Æвдыст цæуы ирон фынг)

Хæдзармæ уын уыд хæслæвæрд: дзырд» фынг»цы нысан кодта,стæй ныффыссын  «фынг»-имæ  баст  æмбисæндтæ.

Скъоладзау  дзуры дзырд «фынг»-ы нысаниуæг ,æнцой кæны Абайты Васойы историон-этимологион дзырдуатыл.

Кæсынц  иннæ скъоладзаутæ ,нысаниуæг æмбарын кæнынц:

Фынг æртæ къахыл лæууы.

Дзаг фынг æдзæххæй æгад у.

Фынджы  фарн бирæ уæд,фынг бахатыр кæнæд.

Ирон фынгæй æфсарм цæуы.

Ирон фынг зонд амоны.

Хæдзары-фынджы бæркад уæд.

Ацы хæслæвæрд  Архаизмты.

ссарут  антонимтæ)

Хæслæвæрд  Неологизмты:

ссарын омонимтæ

    Ныр та рахизæм нæ урочы темæмæ ,кæцы баст у Къостайы сфæлдыстадимæ.

Слайд (ахуыргæнæг кæсы  æмдзæвгæйæ скъуыдддзаг).

Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн

Иу мæгуыр лæг цард.

Нал уыд мæгуыр лæг йæ сæрæн,

Удхарæй йæм мард…

Фарст:кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?

Дзуапп:Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ »Лæскъдзæрæн»-æй.

-Цавæр зынæмбарæн дзырд дзы ис?

-Лæскъдзæрæн.

Рацыдыстæм  æй 5 къласы ,зæгъут-ма, цы нысан кæны.

Дзуапп: фыййауæй æххуырсты цæуын.

Абоны цардимæ ма йæ абарæм.Ис ма лæскъдзæрæнтæ?

Дзуапп: нал, ис нæм фыййау.

Слайд

Адæммæ кæм нæу фыд-зæрдæ

Иуцæстон сæтой.

Хоры къутуйау йæ тæнтæ,

Бинаг был-кæфой.

Адон дæр  сты ХетæгкатыКъ.æмдзæвгæ «Лæскъдзæрæн»-æй.

Кæм ис ам зынæмбарæн дзырд?

Кæфой.Цы нысан кæны?

-Кæфой-лыстæг уисæй быд кæхцгонд,сыгъдæг дзы кодтой хор.

-Къуту-хордарæн  дзаума.

-Куыд хонæм ацы дзырдтæ ирон æвзаджы?

Архаизмтæ.

Нывмæ гæсгæ куыст.(Мад  авдæны  уæлхъус)

Слайд

Æркæсут-ма ацы нывмæ. Цы дзы уынут?

Цымæ ирон литературæйæ уын цавæр уацмыс æрлæууын кодта уæ зæрдыл?

Раст. Хетæгкаты Къостайы  æмдзæвгæ «А-ЛОЛ-ЛАЙ».

-Цы кусы мад?

-Мад узы йæ сывæллоны авдæны,кæны йын авдæны зарæг.

Фарст:исчи уæ ,сывæллæттæ, гыццылæй авдæны  хуыссыд?

-Авдæны бæсты нæм цы фæзынд?

-Кольяска.

Бæрæггонд цæуы ,кæм ис архаизм,неологизм.

-Базонут-ма ,кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?

Слайд

Скæнис хъугдзармæй æрчъитæ,

Къахис митбынæй мæхъитæ,

Стонг æмæ сыдæй…

Ахуысс ,цæй!

-А-лол-лай.

Кæм ис ам архаизмтæ? Цы нысан кæнынц?

-Æрчъитæ-

-Мæхъитæ-

 -Раст.

Дарддæр кæсæм.

Слайд

Сугтæ мын хæссис æргъомæй…

Бадзурин дæм уæд æргомæй:

Мады зæрдæ зон,

О,мæ бон!..

      Кæд авдæны кой скодтам,уæд -ма  байхъусæм ацы æмдзæвгæйы рæнхъытæм:

Слайд

Раст йæ тæккæ раз ис мадæн авдæн,

Уым хуыссы –Цæра!-йæ фырт;

Се´ ппæты кæстæр у авдæн.

Арæх дзы цавæр дзырд æмбæлы?

-Авдæн.

-Раст.

Дарддæр кæсæм.

Дзырд кæддæриддæр дзырд сайы,-

Авдæн исты зæгъ!

Авд сæры уæйыгыл зайы,

Зондæй та – къæдзæх!

Куыд хуыйны ацы фæзынд лексикæйы?

-Омонимтæ.Цы сты омонимта?

Архаизмтæй хъазт.(3 мин)

         Нæ урок кæронмæ æрхæццæ кæны æмæ мæ фæнды сымахæн таурæгъ «Кæстæрты рæдыд»радзурын .

Фарст:кæмæ ис ахæссæн ацы таурæгъ,чи ма равдыста йæхи афтæ æнæгъдауæй нæ урочы райдайæн?

Дзуапп: Неологизм.

-Цымæ фæсмон  не ´ркодта йæ дзырдтыл ,ницæуыл ахъуыды кодта?

Ацы фæрстытæн нын дзуæппытæ  ратдзысты  урочы архайджытæ.Табуафси.!

Ахуырдзаутæ дзурынц сæ  хъуыдытæ.

Хатдзæгтæ скæнын.

              Æрхæццæ кæны  Иры номдзыд фыссæг Хетæгкаты Къостайы  бæрæгбон. Цал азы йыл сæххæст уыдзæн?Куыд цæттæ кæнут йæ бонмæ?

             Уæдæ кæд нæ урок райдыдтам Хетæгкаты Къ . сфæлдыстадæй,уæд æй фæуд дæр кæндзыстæм нæ уарзон фыссæджы уацмысæй.

Заргæ  та нын æй ракæндзысты  Неологизм æмæ Архаизм.Урочы эпиграфæн дæр æй хуымæтæджы нæ райстам:

Неологизм æмæ архаизм кæрæдзимæ сæ къухтæ радтой.

       Цæйут ,æфсымæртау,

       Раттæм нæ къухтæ

       Абон кæрæдзимæ,

       Иры лæппутæ!..

       Скæнæм нæ тырыса

       Дзыллæйы номæй.

       Рухсмæ æнæзивæг

      Цомут æнгомæй!..

      Рæстдзинад уарзынæй

     Скæнæм нæ фæндаг…

     Гъе ,мардзæ,магуса!

     Фесæф ,нæуæндаг!..

     Бæрæггæнæнтæ  коментаритимæ.

    Хæдзармæ куыст.Ирон литературæйы чиныгæй  рафыссын  Хетæгкаты       Къостайы уацмыстæм гæсгæ архаизмтæ,сæ нысаниуæг сын зонын.

   

     

 


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Методическая разработка: предполагаемый план проведения урока - При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке.

При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока.  Презентация отражает  создание условий для учебных действий на уроке....

Конспект открытого урока по технологии в 6 классе. Тема урока: Игровые технологии на уроках обслуживающего труда. Одежда и требование к ней. Снятие мерок для построения чертежа юбки. (Презентация к уроку)

Разработка урока с презентацией помогает учителю более доступно и понятно познакомить учащихся с историей юбки. На уроке используются игровые технологии, что помогают учащимся лучше усвоить материал у...

Урок изобразительного искусства в 5-ом классе.Тема урока: « Деревья как люди». Вид работы: рисование по представлению Тип урока: комбинированный, урок – сказка

Тема урока: « Деревья как люди».Вид работы:  рисование по представлениюТип урока:  комбинированный, урок – сказка Цель урока:ü Средствами   изобразительного языка   ...

Класс 9 Урок №24. Тема урока: Системы счисления. Перевод чисел Тип урока; Урок «построения » системы знания.

Урок для учащихся 9 класса по теме "Системы счисления. Перевод чисел". Урок в разделе программы по счету третий. Цель:Образовательная: систематизация и расширение знаний обучающихся о операциях п...

Урок обобщающего повторения по теме Южная Америка.Урок-игра.Особый колорит уроку придаёт просмотр ролика"Танго и футбол", вопрос от шеф повара с угощением мамалыгой и синквейн. Легенда рассказанная в начале урока настраивает ребят на работу.

Урок географии в 7-м классе по теме "Южная Америка". Подготовила и провела: учитель географии 1квалификационной категории Васильева Елена Тихоновна  в МБОУ СОШ №21 г. Коврова, в рамках подго...