рабочая программа для 8 класса
рабочая программа (8 класс) на тему

Программа составлена для основных групп с пояснительной запиской, структурой и календарно-тематическим планированием

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon rabochaya_programma_.doc129.5 КБ

Предварительный просмотр:

  МАОУБ СОШ №7  г. Владикавказа

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА

по учебному курсу «Осетинский язык»

     8  класс

( основная  группа)

(50 часов)

подготовила

Плиева Л.Т.

г. Владикавказ

2015

ÆМБАРЫНГÆНÆН ФЫСТÆГ

8-æм къласы ирон æвзаджы Кусæн программæ цæттæгонд æрцыд  Федералон паддзахадон ахуырадон стандарты домæнтæм гæсгæ. Программæ арæзт у ирон æвзаджы программæйы бындурыл. Автор: Дзасохты Ф.К. (сфидар æй кодта Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы паддзахадон университеты ЮНЕСКО – йы кафедрæ).

 

Программæйы нысан:

  • Ирон æвзаг ахуыр кæныны нысантæ æмæ фæстиуджытæ фæхуыздæр кæнын;  
  • ног ахуырадон стандартмæ гæсгæ астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны технологитæ   ивд кæй цæуынц, уый хынцгæйæ  ирон æвзаджы уроктæм  ивддзинæдтæ бахæссын;
  • астæуккаг скъолайы ирон æвзаг ахуыр кæныны ахадындзинад фæбæрзонддæр кæнын.

 

Программæйы мидис:

Астæуккаг скъолайы ахуырдзауты зонгæ кæнынц ирон æвзаджы нормæтимæ, ахуыр сæ кæнынц хи ныхас литературон æвзагмæ гæсгæ аразыныл. Ацы уавæрмæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæ дæр арæзт сты ирон литературон æвзаджы тыххæй скъоладзаутæн зонындзинæдтæ раттынæн.

Фæлæ уыимæ, ахуырдзауты зонгæ кæнынц ирон æвзаджы равзæрдимæ, йæ структурон арæзтимæ, æвзаджы иуæгтимæ.

Программæ ахуырдзауты зонгæ кæны æвзаджы ахæм æмбарынæдтимæ:

  • фонетикæ, фонетикæйы æмбарынæдтæ; лексикæ, лексикæйы æмбарынæдтæ; орфографии.
  •  морфемикæ æмæ дзырдарæзт;
  • синтаксис æмæ пунктуаци;
  • морфологи,  ныхасы хæйттæ: номдар, фæрсдзырд  æмæ нымæцон;
  • иумæйагæй æвзаджы тыххæй зонындзинæдтимæ: æвзаджы равзæрды фарстатæ,  æвзаджы ахадындзинад æхсæнады  царды;
  •  программæмæ хаст æрцыдысты, ныхасы рæзтыл куыст цы æмбарынæдты бындурыл арæзт цæуы, уыдон: текст, тексты арæзт, хъуыдыйæдты бастдзинад тексты.
  • ирон æвзаджы орфографи æмæ пунктуаци, æрхæцæн нысæнттæ æвæрыны æгъдæуттæ.

Ранымад зонындзинæдтæй уæлдай ма программæйы бæрæггонд цæуынц, 8-æм къласы ахуырдзаутæ цы орфографион, пунктуацион æмæ ныхас аразыны арæхстдзинæдтæ хъуамæ райсой, уыдон дæр.

8-æм  къласы  Ирон  æвзаджы  Кусæн программæйы  структурæ:

8-æм къласы ирон æвзаджы кусæн программæ арæзт у системондзинад æмæ наукондзинады принциптыл. Программæйы хъусдард цыд, цæмæй йæ домæнтæ  ахуыргæнджытæн уой æнцон баххæстгæнæн, цы æмбарынæдтæ дзы амынд цæуы, уыдон та скъоладзаутæн  –  æнцон  бамбарæн.

Ныхасы рæзтыл куыст фæпарахатдæр кæныны тыххæй æвзаджы æмбарынæдтæ лæвæрд цæуынц ныхасы рæзтыл куыстытимæ æнгом бастæй, æвзаджы иуæгтæн ныхасы мидæг цы ахадындзинад ис, уый амонгæйæ. Ныхасы рæзтыл куыстытæн сæ ахадгæдæртæ сты тексты бындурыл æххæстгæнæн фæлтæрæнтæ, кæцытæ бæрцæй лæвæрд цæуынц грамматикæ амоныны куысты хуызтимæ.

Программæйы стыр бынат ахсы рацыд æрмæг фæлхат кæныныл куыст. Уымæй уæлдай ма алы ног темæ дæр амынд цæуы рацыд æрмæджы бындурыл, кæронæй та æнæмæнг хъуамæ цæуа рацыд æрмæг фæлхат кæныныл куыст.

Программæйы бæррæггонд æрцыд ахуыры азы сахæтты нымæц, алы темæйæн дæр дзы цас лæвæрд цæуы, уый.  

Кусæн программæйы нысан æмæ хæстæ.

Программæйы сæйраг нысан: ахуырадон предмет «Ирон æвзаг» 8-æм къласы ахуырдзаутæн дæтты зонындзинæдтæ ирон æвзаджы тыххæй, рæзын сын кæны сæ æвзаджы æмæ ныхасы арæхстдзинæдтæ. 8-æм къласы Кусæн программæйы нысан у: ахуырдзауты æвзаджы æмбарынæдтимæ уᴂрᴂхдᴂрᴂй базонгæ кæнын, практикон æгъдауæй сæ пайда кæныныл фæцалх кæнын.

Программæйы сæйрагдæрыл нымад цæуы коммуникативон компетенци (арæхстдзинæдтæ), культурæамонынады (культуроведческая) компетенци  рæзын кæнын.

        Коммуникативон компетенци (арæхстдзинад) амоны, цæмæй скъоладзаутæ арæхсой ныхасы хуызтæй (дзургæ, фысгæ, хъусгæ) пайда кæнынмæ, ныхасы уавæртæм гæсгæ арæхсой сæ ныхас аразынмæ.  

      Культурæамонынады (культуроведческая) компетенци – ирон æвзаг ирон адæмы культурæимæ зонгæ кæныны фæрæз кæй у, уый æнкъарын;  æвзаджы бастдзинæдтæ истори æмæ  адæмы культурæимæ, ирон ныхасы этикетон нормæтæ зонын, пайда кæнынмæ сæ арæхсын.  

Иумæйагæй ахуырадон предмет «Ирон æвзаджы» сæйраг хæстæ сты:

  • ахуырты  скъоладзаутимæ хъомыладон куыст кæнын;
  • логикон хъуыдыкæнынады рæзтыл кусын;
  • скъоладзауты фæцалх кæнын хиуыл кусыныл, ирон æвзаг  хибарæй ахуыр кæныныл;  
  • иумæйаг ахуырадон арæхстдзинæдтæ рæзыныл куыст (удгоймагон, регулятивон,  зонындзинæдтæ исыны (познавательный), коммуникативон).

 

Предметы хицæндзинад:

Ирон æвзаг у ирон адæмы уд æмæ зонд, ирон адæмы культурæйы хæзнадон; ирон æвзаг у  ныхас кæныны, хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз, нæ адæмы царды тыххæй зонындзинæдтæ кæрæдзийæн дæттыны фæрæз.

Æвзаг канд хъуыдытæ æргом кæныны фæрæз нæу, æвзаг у хъомылады хотых, æмæ уымæ гæсгæ ирон æвзаджы ахуыртæн скъолайы  ис стыр ахадындзинад.  

Ахуырты рæстæг пайдагонд цæуы ахæм  ахуырадон технологитæй:

  • скъоладзаутæм индивидуалон цæстæй  кæсыны технологи (дифференциаци);
  • проблемон ахуыртæ;
  • информацион-коммуникативон технологи;
  • æнæниздзинад хъахъхъæныны  технологи;
  • бæрæггæнæнты инновацион  системæ,  «портфолио»;
  • коллективон  куысты  хуызтæ  (къæйттæй куыст, къордты куыст);
  • проектон-иртасæн  технологи.

Кусæн программæмæ  хаст  ивддзинæдтæ.

      Ирон æвзаджы ахуырадон программæйы (Дзæуджыхъæу, СЕМ, 2013 аз) 8-æм къласы ирон æвзаг ахуыр кæнынæн лæвæрд цæуы 70 сахаты. Нæ  Кусæн программæйы  дæр лæвæрд  цæуы ацы сахæтты нымæц.

8-æм къласы ирон æвзаджы  Кусæн программæйы    æрмæг темæтæм гæсгæ лæвæрд цæуы афтæ:

 

Программæйы мидис

Сахæтты нымæц 2005 азы фидаргонд Ирон æвзаджы ахуырадон программæйы

Сахæтты нымæц Кусæн  программæйы

5-7 кълæсты рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

2 сах.

2 сах.

Дзырдбаст

2 сах.

2 сах.

Хуымæтæг хъуыдыйад (3сах.)

(3 сах.)

(3 сах.)

Бæлвырд изложени 

2 сах.

Изложенийы рæдыдтытыл куыст.

1 сах.

1 сах.

Хуымæтæг дывæрсыг хъуыдыйад.

Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ

5 сах.

3 сах.

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ

5 сах.

3 сах.

Æмхасæн.

1 сах.

2 сах.

Фадатон дзырдтæ.

4

2

Сфæлдыстадон изложени.

1+1сах.

1+1сах.

Хуымæтæг иувæрсыг хъуыдыйæдтæ.

5

5

Æххæст æмæ æнæххæст хъуыдыйæдты хицæндзинад.

2 с.

1 с.

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ

5 сах

3 сах.

Контролон диктант.

2 с.

2 с.

Сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъыдыйæдтæ, æвастхъæртæ

5

3 сах.

Сочинени хæрзæгъдаудзинады тыххæй (текст-тæрхæттæ).

2 сах.

2 сах.

Хъуыдыйæдтæ иртæстгонд фæрссаг уæнгтимæ

5

3

Контролон диктант.

2

2

Комкоммæ æмæ фæрссаг ныхас

3

2

Цитатæ. Диалог.

3

2

Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ ныффидар кæнын.

2

1

Контролон диктант.

2 сах.

2 сах.

8-æм къласы  Кусæн программæйы нысантæ æмæ хæстæ баххæст кæнынæн ахуырты рæстæг пайдагонд цæудзæн ахæм ахуырадон фæрæзтæй

Ахуыргæнæн чиныг: «Ирон æвзаджы чиныг 8-æм къласæн».   Автор: Дзасохты Ф.К., Дзæуджыхъæу,  СЕМ, 2013.

Ахуыргæнæн уæлæмхасæн æрмæг скъоладзаутæн: «Текстыл куыст ирон æвзаджы урокты». Автор: Майрæмыхъуаты Ф.А., Дзæуджыхъæу, ИПО  СОИГСИ, 2011.

Ахуырты (урокты) хуызтæ:

Ног æрмæг амоныны урок, рацыд æрмæг (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ) бафидар кæныны урок,   комбинарон урок, урок-беседæ, фæлхат кæныны урок, урок-лекци, урок-хъазт, урок-иртасæн, урок-практикум, ныхасы рæзтыл кусыны урок.

Ахуырты пайда кæнæн ис ахæм методтæй æмæ мадзæлттæй:

- рацыд æрмæджы фæдыл беседæ;

- индивидуалон бафарст;

- фронталон бафарст;  

- индивидуалон куысты хуызтæ;

 - кæрæдзийы куыстыты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын;

 - хи куысты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын (дзырдуатæй, бæрæгуатæй пайда кæнгæйæ);

- грамматикон хъæзтытæ;

- презентаци (компьютерон дæр)  цæттæ кæныныл куыст;

- текстимæ куыст

Ахуырдзауты архæйдтытæ урочы:

- хи æмæ искæй ныхасы анализ, ныхасы рæдыдтытæ раст кæныныл куыст;

- текстæн пълан аразыныл куыст;

- пъланмæ гæсгæ текст хи ныхæстæй радзурын;

- текст  кæронмæ ахæццæ кæнын;

- тексты рæдыдтытæ сраст кæнын;

- ног текст аразыныл куыст;

- диалогон ныхасы архайын;

- аудировани (текстмæ хъусын, алыхуызон текстты информаци иртасын, тексты хъуыды раст æмбарын,   хъуыдытæ кæрæдзиуыл логикон æгъдауæй бæттын зонын;

- фысгæ ныхас (текст) аразын зонын, хи хъуыдытæ фысгæ ныхасы хуызы  раргом кæнынмæ арæхсын;

- темæмæ гæсгæ æнцойгæнæн схемæтæ æмæ таблицæтæ цæттæ кæнын;

- хибарæй (кæнæ къорды кусгæйæ) орфографион æмæ пунктуацион хæслæвæрдтæ бацæттæ кæнын;

- дзырдуæттимæ кусын, хи дзырдуат саразыныл куыст;

-  компьютерон презентацитæ цæттæ кæныныл куыст;

8-æм къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ бæрæггæнæн куыстытæ:

  • тестытæ;
  • тексты иумæйаг æвзæрст;
  • проблемон фарстæн фысгæ дзуапп рдæттын;
  • нывмæ гæсгæ сочинени;
  • цардæй ист цауы тыххæй  дзурын,
  • предметы æрфыст  цæттæ кæнын;
  • лингвистикон темæйыл дзургæ/фысгæ дзуапп  цæттæ кæнын.

Рацыд æрмæгæй зонындзинæдтæ сбæрæг кæныны куысты хуыз:

  • изложени
  • сочинени
  • контролон диктант

ДОМÆНТÆ

8-æм къласы ахуырдзауты зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæм ирон æвзагæй

Ахуырдзаутæ хъуамæ зоной:

  • 8-æм къласы цы æмбарынæдтимæ базонгæ сты, уыдоны раиртæстытæ;   ныхасы æмбарынæдтæ, орфографион æмæ пунктуацион æгъдæуттæ; лæвæрд фарстæн дзуапп дæттын, дзуапп дæнцæгтæй фидар кæнын.

Ӕстæмкъласонтæ ахуыры азы кæронмæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

 

  • цы  хуымæтæг æмæ вазыгджын хъуыдыйæдты хуызтимæ базонгæ сты, ахæмтæ аразын;
  • дзырды нысаниуæг бацамонын, ныхасы мидæг дзы раст пайда кæнын; ирон æвзаджы орфографион æмæ æмбарынгæнæн дзырдуæттæй пайда кæнын;
  • литературон æвзаджы нормæтæм хъус дарын.

Орфографийæ.Орфографион рæдыд ссарын, сраст æй кæнын;

Пунктуацийæ.  Æрхæцæн нысæнттæй фæхицæн кæнын кæй хъæуы, ахæм хъуыдыйады хæйттæ ссарын,   æрхæцæн нысаны æвæрд бацамонын.

Ныхасы рæзтыл куыстытæй. Тексты темæ, сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын. Таурæгъон тексты мидис текстмæ хæстæг кæнæ æлвæстæй радзурын. Лæвæрд текстæн кæнæ хи арæзт текстæн пълан бацæттæ кæнын,нывы æрфыст.

Хи тексты хъæндзинæдтæ ссарын, сраст ын кæнын йæ ныхасы рæдыдтытæ (цы æрмæг рацыдысты, уымæ гæсгæ).

Æвзаджы мадзæлттæй дзургæ æмæ фысгæ ныхасы раст пайда кæнын.

Дзырдуæттæй пайда кæнын.

Хи зонындзинæдтæй пайда кæнын

- диалог æмæ монолог аразгæйæ;

- контролон куыстытæ æххæст кæнгæйæ.

Скъоладзаутæ хъуамæ зоной æмæ арæхсой:

Ныхас кæнынимæ баст архæйдтытæ:

Хъусын:

тексты хъуыды раст æмбарын,

сæ жанртæм гæсгæ алыхуызон текстты информаци иртасын,

тексты сæйраг хъуыды, йæ аразæг хæйттæ иртасын.

Кæсын:

- раст æмæ аив кæсын;

- тексты ссарын сæйраг æмæ уæлæмхасæн информаци;

- текст хæйттыл адих кæнын, хæйттæм гæсгæ текстæн  пълан бацæттæ кæнын;

- бакаст текстмæ гæсгæ лæвæрд фæрстытæн дзуапп дæттын;

- текст кæсгæйæ дзы хъæугæ информаци ссарын;

- тексты æмæ парагрæфы сæргондмæ базонын, ныхас дзы цæуыл цæудзæн, уый;

- дзырдуаты хъæугæ æрмæг ссарын;

- логикон цавд раст æвæрын, паузæтæ раст кæнын;

- текст раст хъæлæсы уагæй кæсын.

Дзурын:

- ахуыргæнæджы фарстæн дзуапп дæттын;

- дзургæ ныхас раст аразын, хъуыды раст æргом кæнын;

- æвзаджы мадзæлттæй  æмæ интонацийæ раст пайда кæнгæйæ хи хъуыдытæ раст æргом кæнын.  

Фыссын:

- тексты темæ æмæ сæйраг хъуыды иртасын;

- текст абзацтыл дих кæнын;

- чысыл тексттæ фыссын (сочинени-миниатюрæ фыссын);  

- текст аразгæйæ, алыхуызон дзырдуæттæй пайда кæнын;

- хи хъуыды æргом кæнын;

- текстæн æрхъуыды кæнын, йæ  сæйраг хъуыды æмæ темæ æргом чи кæны, ахæм сæргонд;

- хи кæнæ искæй ныхасы рæдыдтытæ раст кæнын.

 

Лексикологи:

- дзырды лексикон нысаниуæг бацамонын алыхуызон мадзæлттæй пайда кæнгæйæ (дзырдуатæй пайда кæнгæйæ, уырыссаг æвзагмæ йæ тæлмац кæнгæйæ,  синонимтæ æмæ йæм антонимтæ ссаргæйæ,  æмуидагон дзырдтæм гæсгæ);

- дзырдтæ тематикон къордтæм гæсгæ дих кæнын;

- дзырдтæй сæ лексикон нысаниуæгмæ гæсгæ раст пайда кæнын;

- дзырды комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæ иртасын;

- ирон ныхасы хуымæтæгдæр этикетон нормæтæй пайда кæнын;

Морфологи:

- ныхасы хæйттæ кæрæдзийæ иртасын;

- дзырдтæ тасындзæг æмæ ифтындзæг кæнын, дзырды формæ аивын зонын;

- рацыд ныхасы хæйттæй ныхас кæнгæйæ раст пайда кæнын.

Орфографи:

- дзургæйæ бацамонын дзырды растфыссынад;

- раиртæстмæ гæсгæ дæнцæгтæ ссарын.

Синтаксис æмæ  пунктуаци:

- хъуыдыйады дзырдбæстытæ рахицæн кæнын;

- дзырдбæстытæ аразын;

- хъуыдыйæдтæ аразын;

- хъуыдыйады интонаци иртасын;

- æрхæцæн нысæнтты æвæрд амонын;

- рацыд пунктуацион æгъдаумæ дæнцæг ссарын зонын.

                      Къæлиндарон – тематикон пълан.

Темæ

Сах

Куысты хуыз

Цæстуынгæ æрмæг

Æмгъуыд

2.

5-7 кълæсты рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын

2

Урок – беседæ

Чиныг, ИКТ

3.

Дзырдбаст (2 сах.)

Дзырдбасты хуызтᴂ

Бастдзинады хуызтᴂ дзырдбасты.

1

1

индивидуалон бафарст

Чиныг, ИКТ

4.

Хуымæтæг хъуыдыйад (3 сах.)

Хуымᴂтᴂг хъуыдыйады интонаци.

Дзырдты рᴂнхъᴂвᴂрд хуымᴂтᴂг хъуыдыйады.

1

2

Комбинирон урок,

урок- беседᴂ

Нывтæ,дидактикон æрмæг

5.

Бæлвырд изложени

2

ИКТ

6.

Изложенийы рæдыдтытыл куыст.

1

хи куысты хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын

 фæйнæг

7.

Хуымæтæг дывæрсыг хъуыдыйад.

Хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ ( 3 сах.)

 Хъуыдыйады грамматикон бындур.Сᴂйраты арᴂзт.

Зᴂгъинаджы хуызтᴂ.

Тире сᴂйрат ᴂмᴂ зᴂгъинаджы ᴂхсᴂн.

1

1

1

Комбинирон урок,

урок- беседᴂ

Карточкæтæ, фæйнæг

8.

Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ (3 сах.)

Ӕххᴂстгᴂнᴂн.

Комкоммᴂ ᴂмᴂ фᴂрссаг ᴂххᴂстгᴂнᴂтᴂ.

Бᴂрᴂггᴂнᴂн.

1

1

1

Урок-лекци

Комбинирон урок

Урок – беседæ

ИКТ, чиныг

9.

Æмхасæн. ( 2 сах.)

2

Ныхасы рæзтыл куыст

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Нывтæ, чиныг,ИКТ

10.

Фадатон дзырдтæ. ( 2 сах.)

Афоны фадат.Бынаты фадат.

Архайды хуызы фадат.Ӕфсоны фадат.Нысаны фадат.

1

1

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Тæлмацы техникӕйыл куыст.

Нывтæ, чиныг,ИКТ

11.

Сфæлдыстадон изложени.

 (2 сах.)

Ныхасы рæзтыл куыст

нывтæ,ИКТ

12.

Хуымæтæг иувæрсыг хъуыдыйæдтæ. (5 сах.)

Иувᴂрсыг хъуыдыйᴂдты дыууᴂ хуызы.

Бᴂлвырдцᴂсгомон хъуыдыйᴂдтᴂ.

Ӕбᴂлвырдцᴂгомон хъуыдыйᴂдтᴂ

Иумᴂйагцᴂсгомон хъуыдыйᴂдтᴂ.

Ӕнᴂцᴂсгомон хъуыдыйᴂдтᴂ.

Номхуындон хъуыдыйᴂдтᴂ.

1

1

1

1

1

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Комбинирон урок

Чиныг, нывтæ,ИКТ

13.

Æххæст æмæ æнæххæст хъуыдыйæдты хицæндзинад. ( 1 сах.)

2

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

ИКТ

14.

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ ( 3 сах.)

Ӕрмᴂг зᴂрдыл ᴂрлᴂууын кᴂнын.

Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ.

Бᴂттᴂгтᴂ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимᴂ.

Ӕмхуызон ᴂмᴂ алыхуызон бᴂрᴂггᴂнᴂнтᴂ.

Ӕмхуызон уᴂнгты иугᴂнᴂг дзырдтᴂ.

1

1

1

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

чиныг,ИКТ

15.

Контролон диктант.

Рᴂдыдтытыл куыст.

1

1

текст

16.

Сидæнтæ, бавæргæ дзырдтæ æмæ хъыдыйæдтæ, æвастхъæртæ ( 3 сах.)

Хъыдыйæдтæ сидæнтимᴂ.

Ӕрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ сидᴂнтимᴂ.

Бавᴂргᴂ  дзырдтᴂ. Ӕрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ.

Бавᴂргᴂ ᴂмᴂ бахᴂсгᴂ арᴂзтытᴂ.

Ӕрмᴂг бафидар кᴂнын.

1

1

1

Комбинирон урок

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

нывтæ, чиныг,ИКТ

17.

Сочинени хæрзæгъдаудзинады тыххæй (текст-тæрхæттæ).

2

Ныхасы рæзтыл куыст

Урок – беседæ

 нывтæ,ИКТ

18.

Хъуыдыйæдтæ иртæстгонд фæрссаг уæнгтимæ (3 сах.)

Иртᴂстгонд уᴂнгты тыххᴂй ᴂмбарынад.

Иртᴂстгонд бᴂрᴂггᴂнᴂнтᴂ ᴂмᴂ ᴂмхасᴂнтᴂ.

Иртᴂстгонд фадатон дзырдтᴂ.

1

1

1

Комбинирон урок

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Чиныг, нывтæ,ИКТ

19.

Контролон диктант.

Рᴂдыдтытыл куыст.

1

1

хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын

20.

Комкоммæ æмæ фæрссаг ныхас. Ӕрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ (2 сах.)

1

1

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Чиныг,ИКТ

21.

Цитатæ. Диалог. Ӕрхᴂцᴂн нысᴂнттᴂ (2 сах.)

1

1

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Грамматикон ӕрмӕгыл куыст.

Чиныг, ИКТ

22.

Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ ныффидар кæнын.

1

фᴂлхат кᴂныны урок

Практикон фӕлтӕрӕнтӕ.

Карточкæтæ, Чиныг, фᴂйнᴂг

23.

Контролон диктант.

Рᴂдыдтытыл куыст.

1

1

хæрзхъæддзинад бæрæг кæнын

фᴂйнᴂг


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Рабочая программа (7 классы, по программе Р.Р.Нигъматуллиной)

Рабочая программа для учителей, работающих в 7 классах русских школ...

Рабочая программа 5 класс природоведение по программе А.А.Плешакова

тематическое и поурочное планирование 5 класс природоведение по программе А.А.Плешакова...

Рабочая программа 6 класс биология по программе Д.И.Трайтака

Тематическое и поурочное планирование 6 класс биология по программе Д.И.Трайтака...

Рабочая программа 9 класс биология по программе Д.И.Трайтака

Тематическое и поурочное планирование 9 класс биология по программе Д.И.Трайтака...

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА 6 КЛАСС, География. Природа и люди, Программа разработана на основе авторской программы: А.И. Алексеева, Е.К. Липкиной, В.В. Николиной. Москва «Просвещение», 2008г.,

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА 6 КЛАСС, География. Природа и люди, Программа разработана на основе авторской программы: А.И. Алексеева, Е.К. Липкиной, В.В. Николиной. Москва «Просвещение», 2008г.,...

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА 7 КЛАСС, География. Страны и континенты, Программа разработана на основе авторской программы: «География. Страны и континенты» Авторы: А.И. Алексеев, Е.К. Липкина, В.В. Николина. Москва «Просвещение», 2008г.

РАБОЧАЯ ПРОГРАММА 7 КЛАСС, География. Страны и континенты, Программа разработана на основе авторской программы: «География. Страны и континенты» Авторы: А.И. Алексеев, Е.К. Липкина, В.В. Николина. Мос...

Рабочая программа 1 класс музыка по программе Критской, Шмагиной, Сергеевой ФГОС

Рабочая программа 1 класс по программе Критской, Шмагиной, Сергеевой ФГОС...