Открытый урок в 4 классе "В мире животных"
план-конспект урока на тему

Газзаева Татьяна Сергеевна

Данная методическая  разработка урока осетинского языка предназначена для учащихся 4 класса в не владеющих языком группах. Прилагается также презентация. Грамматическая тема: "Склонение существительных в единственном числе"

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл otkrytyy_urok_4_kl._v_mire_zhiv.docx26.44 КБ

Предварительный просмотр:

Æрхонкæйы  1 – æм астæуккаг скъола

гом урок 4 къласы

(лæмæгъ къорд)

Ныхасы темæ:

Грамматикон темæ:

                                        ирон æвзаг æмæ литературæйы

                                ахуыргæнæг: Гæззаты Т. С.

Февраль, 2013 аз

Темæ: « Хъæддаг цæрæгойты дунейы» (ныхасы темæ)

          «Номдарты тасындзæг. Хауæнтæ» (грамматикон темæ)

Урочы хæстæ:

1. Ахуырдзауты зонындзинæдтæ лæвæрд темæтæй фæарфдæр кæнын. Сфæлхат кæын раздæры зонындзинæдтæ.

2. Ныхасы рæзтыл бакусын. Диалогон ныхасыл бакуыст.

3. Цæрæгойтæм уарзон цæстæй кæсын, æрдзы рæсугъддзинад æнкъарын æмæ хъахъхъæнын.

Урочы æрмæг: компьютер (презетаци), интерактивон фæйнæг, карточкæтæ (сырдты нывтæ) хæслæвæрдтимæ, кроссворд, музыкæ, равдыст «Сывæллæтты сфæлдыстад» (нывтæ, проектон куыстытæ).

 

Урочы  цыд.

1.  Бацæттæгæнæн рæстæг:

             1. (Салам раттын, кæрæдзимæ бахудын).

             2. Ахуыргæнæг фæрсы:

               - Абон цы бон у?

               - Ныртæккæ цавæр афæдзы афон у? Цавæр афонтæ ма  

                 зонут?

               - Абон цавæр бон у? (Хур кæсы, мит уары, уазал у æмæ а.д.)

2. Фонетикон разминкæ. (СЛАЙД 1)

ХЪА, ХЪО, КЪУ, КЪӔ, ТЪО, ТЪУ, ПЪӔ, ПЪО

КЪАХ, КЪУХ, ХЪУС, ХЪУГ, ЦЪИУ, ХЪӔД

ХЪУЫР, ЧЪИРИ, ХЪРИХЪУПП, КЪӔБЫЛА

3. Темæмæ  бахызт (мотиваци). (СЛАЙД  2 «КРОССВОРД»)

(Ахуыргæнæг  уырыссаг æвзагыл кæсы уыци-уыцитæ, сывæллæттæ сын сæ дзуæппытæ дзурынц иронау).

Хозяин лесной

Просыпается весной,

А зимой, под южный вой,

Спит в избушке снеговой. (Медведь)

У него большие уши,

Как гора, огромен он.

Равных нет ему на суше:

Он по весу – чемпион.  (Слон)

Хоть на вид – краса девица,

На проделки –мастерица,

Кто дружить захочет с ней?-

Зверя нет в лесу хитрей! (Лиса)

Полюбуйтесь поскорей!

Перед вами – царь зверей!

Всколыхнулась чудо-грива,

Шелковиста и красива. (Лев)

В пустыне живет,

Подолгу не пьет,

С жарой легко справляется,

Колючками питается.  (Верблюд)

Кто зимой холодной

Ходит злой, голодный?  (Волк)

Кроссворды фæзынынц раст дзуæппытæ, афтæмæй темæ сбæрæг вæййы).    

               

   

  Урочы темæ: «Хъæддаг цæрæгойты дунейы»

4. Грамматикон  темæ:   (СЛАЙД 3  -  ХА,  ТÆ,  УÆН

                                                                       СЫН,  ТА, ДЗÆГ)

(Ахуырдзаутæ хъуамæ базоной сæхæдæг дзырдтæ: «хауæнтæ», «тасындзæг»)

«Номдарты  тасындзæг. Хауæнтæ» (СЛАЙД 4)

 5.     Куысты  хуызтæ:

1. Ахуыргæнæг  сывæллæтты фæрсы хауæнтæй (дзургæ бафарст).

2. Дзырдуатон диктант (СЛАЙД 5 - 10)

            а) Слайдтæм гæсгæ сывæллæттæ фыссынц сæ тетрæдты дзырдтæ,

                   иугæйттæй та цæуынц фæйнæгмæ);

               б) Ахуыргæнæг дзуры уырыссагау дзырдтæ, сывæллæттæ сæ иронау фыссынц  сæ тетрæдты:

               тур, орел, косуля, ворона, барсук, птицы.

3. Саразын дзырдтæй хъуыдыйад (СЛАЙД 11 )

    (Сывæллæттæ аразынц хъуыдыйад æмæ йæ зæгъынц.

     Цæттæ хъуыдыйад слайдæй раст фыссынц сæ

     тетрæдтæм, уырыссагау æй тæлмац кæнынц дзургæйæ) (СЛАЙД  12)

4. Раст рафыссын хъуыдыйад (СЛАЙД 13, 14)

(Хауæнты кæрæттæ æмæ мивдисæг раст формæйы сæвæрын, афтæмæй рафыссын хъуыдыйад, хауæнтæ фæбæрæг кæнын).

6. УЛÆФТЫ  РÆСТÆГ (релаксаци)  (СЛАЙД  15)

7. Къæйттæй  куыст (работа в парах)

(Райуарын хæслæвæрдтæ 3 къордæн:

- «Тæрхъустæ» (карточкæтæ сты тæрхъусы нывы хуызæн)

Хæслæвæрд:  

                    Кæм ис уæлдай дзырд?

1)  куыдз, уæрыкк, арс, бæх;

2)  зымæг, сæрд, фæззæг, уалдзæг;

3)  зæрватыкк, халон,  цæргæс, булæмæргъ;

4)  байраг, бирæгъ, домбай, дзæбидыр.

- «Æрсытæ»

Хæслæвæрд:

               Кæм  ис  рæдыд?
1)  Д. х. – кæмæн? цæмæн?
2)  Г. х. – кæмæ? цæмæ? кæдæм?
3)  И. х. – кæмæй? цæмæй? кæцæй?
4)  Ц. х. – кæимæ? цæимæ?

- «Уызынтæ»

Хæслæвæрд:
               Дамгъæтæй сараз дзырдтæ:

1)  с, в, а, у, р –    …

2)  н, ы, у, з, ы –   …

3)  æ, б, р, гъ, и –  …

4)  с, у, р, хъ, æ, т –  …

æрæг рæстæгмæ сывæллæттæ къæйттæй æххæст кæнынц сæ хæслæвæрдтæ. Фыццаг  чи  фæуа, уыдонæн сæ бæрæг  кæны ахуыргæнæг, иннæтæ, рæстæг куы фæуа, уæд сæ  дæттынц кæрæдзимæ æмæ сæ раст кæнынц слайдмæ гæсгæ æмæ æвæрынц бæрæггæнæнтæ сæ кæрæдзийæн).

8. Раст  дзуæппытæ (СЛАЙД 16, 17, 18)

9. ДЗЫРДУАТ:    (СЛАЙД 19)

- æфсæст

- æххормаг

- никуы

(Ахуыргæнæг дзуры ног дзырдтæ, сывæллæттæ сæ йæ фæстæ дзурынц, стæй сæ фыссынц сæ дзырдуæтты. Сфæлхат кæнын дзырдтæ: боныгон, изæрыгон, райсомæй, æхсæвыгон).

10. ДИАЛОГ – сценкæ. ( 100 фарс) (сценкæ англ. æвзаг æмæ             ирон æвзагыл)  

Дуар  æрбахостæуыд (Æрбахызтысты мидæмæ  Арс æмæ Æхсæрсæттæг, дзурынц анлисагау. Куы ацыдысты «уазджытæ», уæд сæ ахуыргæнæг фæрсы, цы дзы бамбæрстой? … Уалынмæ та дуар чидæр æрбахоста. Арс æрбахызт иунæгæй, сывæллæттæн салам загъта, сбадтис бандоныл æмæ хæры. Йæ фæдыл æрбахызт Æхсæрсæттæг æмæ райдыдтой дзурын.(100 фарс). Куы ацыдысты, уæд ахуыргæнæг сывæллæтты фæрсы, цы бамбæрстой диалогæй, цæуыл дзырдтой  Арс æмæ Æхсæрсæттæг? Сывæллæттæ дзуапп дæттынц.)

11. Чиныджы  бакусын. (100 фарс, № 12-дзургæйæ)

(Сывæллæттæ кæсынц радыгай, архайынц тæлмац кæныныл, номдарты кæрæттæ æмæ хауæнтæ бæрæг кæнынц).

12.  Фæйнæгыл  куыст. («Чи тагъддæр». Алы къордæй дæр 1 ахуырдзау рацæуы фæйнæгмæ. Карточкæйыл цы хæслæвæрд ис, уый æххæст кæны фæйнæгыл. Иннæ сывæллæттæ фыссынц сæ тетрæдты, кæсынц, раст фыссынц фæйнæгыл æви нæ.Алчи йæхи къорды хæс фыссы.)

1 – аг карточкæ: (лæвæрд хауæнты сæвæрын дзырд  бирæгъ    

хъæугæ фæрстытимæ:

Æ. - б. х. – …

Х. х. – …

2 – аг карточкæ: (дзырд  лæппу)

Г. х. – …

А. х. – …

3 – аг карточкæ: (дзырд рувас)

И. х. – …

Д. х. – …

æд фæйнæгыл ис рæдыдтытæ, уæд сæ раст кæнынц иннæтæ. Ахуыргæнæг æвæры 3 ахуырдзауæн бæрæггæнæнтæ).

       

13. Хъомыладон  куыст:   (СЛАЙД  20)

(Абарын 2 нывы: «Сырддоны»  æмæ  «Адæймаг  амардта рувасы». Сывæллæттæ зæгъынц сæ хъуыдытæ. Хатдзæг: Мах хъуамæ уарзæм æмæ хъахъхъæнæм  æрдз, цæрæгойты.)

     

14. Урокæн  хатдзæгтæ скæнын.

 Ахуыргæнæг фарстытæ дæтты сывæллæттæм:

-  Цæуыл дзырдтам абон?

-  Цавæр ног дзырдтæ базыдтам?

-  Урочы тынгдæр уæ зæрдæмæ цы фæцыдис?

-  Чи хуыздæр куыста урочы?

15. Хæдзармæ куыст:    (СЛАЙД  21)

1. Диалог (100 фарс) кæсын, фарстытæн дзуапп дæттын (чит., отв. на вопросы).

2. Кусæн тетрады (36 фарс, №4, кæрæттæ, хауæнтæ фæнысан кæнын)

3. Ног дзырдтæ.

16. РЕФЛЕКСИ

Ахуыргæнæг:

- Сывæллæттæ уæ зæрдæмæ фæцыд урок?

                 

- Мæ зæрдæмæ тынг фæцыд урок. (Афтæ чи хъуыды кæны, уый йæ къух сдарæд).

- Тынг нæ фæцыд мæ зæрдæмæ урок. (Афтæ чи хъуыды кæны, уый йæ къух сдарæд).

- Нæ фæцыд мæ зæрдæмæ урок. (Афтæ чи хъуыды кæны, уый йæ къух сдарæд).

17. Бæрæггæнæнтæ сæвæрын комментаритимæ                 (сфæлдыстадон куыстытæн дæр)

                           Рæстæг куы баззайа, уæд:

1. Уыци-уыци (СЛАЙД  22, 23)

2. Тагъддзуринаг (СЛАЙД 24)

3. Видеофильм.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок – соревнование «В мире животных и птиц»

Данный урок поможет закрепить усвоить и закрепить лексико-грамматический материал, пройденный за первое полугодие. Также урок поможет воспитать интерес к изучению английского языка, развить у детей вн...

1 класс_Урок по окруж.миру "Животные весной: про больших и маленьких"

Урок проведён и разработан мной по УМК "Перспективная начальная школа"...

КОНСПЕКТ ОТКРЫТОГО УРОКА по теме «Домашние животные» для 5 класса

ЦЕЛИ УРОКА: 1. Образовательная: развитие навыков подготовленной монологической речи по теме (описание домашних и диких животных), развитие навыков аудирования по теме, совершенствование навыков ч...

Урок – соревнование «В мире животных и птиц»

Данный урок поможет закрепить усвоить и закрепить лексико-грамматический материал, пройденный за первое полугодие. Также урок поможет воспитать интерес к изучению английского языка, развить у детей вн...

открытый урок "Как люди и животные помогают друг другу" (4 класс)

Открытый урок по теме "Как люди и животные помогают друг другу" в 4 классе....