ДЕНЬ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА Примерный конспект занятия
план-конспект
Гимн
Зӕрин хур йӕ тынтӕ нывӕнды фӕлмӕн
Нӕ фыдӕлты рагон уӕзӕгыл рӕдауӕй…
Арвы бын калы, фӕрдыгау, тӕмӕн
Ирыстон йӕ адӕмты фарнӕй.
Заманты тарӕй ӕрттивы, зынгау,
Дӕ уидаг – нӕ ивгъуыд, нӕ абон, нӕ фидӕн…
Барвӕс нӕ куывдыл, Хуыцӕутты Хуыцау!
Уастырджи, ракӕс нӕм, табу – Дӕхицӕн.
Кад ӕмӕ радимӕ фидӕнмӕ кӕс
Амондӕй абузӕд, ронгау, дӕ цард!
Амонд, мысайнагау, фидӕнмӕ хӕсс!
Дӕ кӕстӕр дын басгуыха кард ӕмӕ уарзт!
Фӕлтӕрӕй – фӕлтӕрмӕ фӕцӕуӕд дӕ фарн!
Рын ӕмӕ сонӕй дӕ хизӕд хъысмӕт!
Хистӕры намыс, кӕстӕры хсар –
Хурау дын царды цырагъдарӕг уӕнт!
Кад ӕмӕ радимӕ фидӕнмӕ кӕс!
Фарнимӕ абузӕд, ронгау, дӕ цард!
Амонд мысаинагӕн адӕмтӕн хӕсс!
Уастырджи, ракӕс нӕм! Табу – Дӕхицӕн
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
den_osetinskogo_yazyka.docx | 453.89 КБ |
Предварительный просмотр:
Муниципальное бюджетное дошкольное образовательное учреждение «Детский сад № 11 города Беслана»
Правобережного района Республики Северная Осетия-Алания
ДЕНЬ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА
Примерный конспект занятия
ЦАРИКАЕВА А.С.
Гимн
Зӕрин хур йӕ тынтӕ нывӕнды фӕлмӕн
Нӕ фыдӕлты рагон уӕзӕгыл рӕдауӕй…
Арвы бын калы, фӕрдыгау, тӕмӕн
Ирыстон йӕ адӕмты фарнӕй.
Заманты тарӕй ӕрттивы, зынгау,
Дӕ уидаг – нӕ ивгъуыд, нӕ абон, нӕ фидӕн…
Барвӕс нӕ куывдыл, Хуыцӕутты Хуыцау!
Уастырджи, ракӕс нӕм, табу – Дӕхицӕн.
Кад ӕмӕ радимӕ фидӕнмӕ кӕс
Амондӕй абузӕд, ронгау, дӕ цард!
Амонд, мысайнагау, фидӕнмӕ хӕсс!
Дӕ кӕстӕр дын басгуыха кард ӕмӕ уарзт!
Фӕлтӕрӕй – фӕлтӕрмӕ фӕцӕуӕд дӕ фарн!
Рын ӕмӕ сонӕй дӕ хизӕд хъысмӕт!
Хистӕры намыс, кӕстӕры хсар –
Хурау дын царды цырагъдарӕг уӕнт!
Кад ӕмӕ радимӕ фидӕнмӕ кӕс!
Фарнимӕ абузӕд, ронгау, дӕ цард!
Амонд мысаинагӕн адӕмтӕн хӕсс!
Уастырджи, ракӕс нӕм! Табу – Дӕхицӕн!
Фарн уӕм бадзурӕд нӕ зынаргъ уазджытӕ ӕмӕ нӕ зынаргъ ныййарджытӕ!
Ӕгас нӕм цӕут нӕ гыццыл хуртӕ, амонджын бӕрӕгбонтӕ уыл цӕуӕд.
Абон Ирыстон бӕрӕг кӕны ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы бон. Ацы бон у иумӕйаг бӕрӕгбон.
Алы адӕймагӕн дӕр ӕрдзӕй лӕвӕрд вӕййы иу ӕвзаг, кӕцы хуыйны мадӕлон.
Нӕ мадӕлон ӕвзаг цӕмӕй бахъахъхъӕнӕм, уый бирӕ аразгӕ у бинонтӕй. Нӕ рагфыдӕлтӕ нӕм мингай азты сӕрты рӕсугъдӕй цы мадӕлон ӕвзаг ӕрхӕццӕ кодтой, уый хъуамӕ кӕстӕртӕ дӕр дард дӕр царды рӕсугъдӕй хӕссой, сӕрыстыр дзы уой ӕмӕ цӕстыгагуыйау хъахъхъӕной нӕ удварны хӕзнатӕ, нӕ рӕсугъд ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ традицитӕ.
Ирон ӕвзаджы бон, ацы бон цыма Ирыстоны йӕ ирон цӕсгом тынг дӕр разыны, йӕ ирон зӕрдӕ парахатдӕрӕй раргом вӕййы, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ сӕвзӕры адӕймагмӕ. Ирон адӕммӕ бирӕ кадджын бӕрӕгбӕттӕ ис. Алы бӕрӕгбонмӕ дӕр нӕхи фӕцӕттӕ кӕнӕм зӕрдиагӕй, фӕлӕ нын Ирон ӕвзаджы бон хъуамӕ суа нӕ кадджын дӕр бӕрӕгбӕттӕй иу.
Ирон ӕвзаг ӕрмӕст дзурыны фӕрӕз нӕу, фӕлӕ у фыдӕлтӕй фӕдзӕхст хӕзна, нацийы царды хос.
Абон нӕ рӕвдауӕндон «Тымбылӕг» - дӕр йӕхи бацӕттӕ кодта нӕ ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонмӕ. Алы аз дӕр ӕй бӕрӕг кӕнӕм.
( Нӕ чысыл хуртӕ радзурдзысты нӕ мадӕлон ӕвзагыл ӕмдзӕвгӕтӕ.)
1аг сывӕллон:
Ирон ӕвзаг! Мӕ зынджы хай, мӕ арт!
Ӕрттив, ӕхсид ӕнусбонтӕм ӕдасӕй.
Дӕ цӕрайӕ, дӕ рухс ӕмӕ дӕ тавсӕй
Цӕрдзынӕн ӕз ӕмӕ хӕрдзынанард,
Дӕ норст цӕхӕрӕй равзӕрдысты нарт,
Дӕ фарны хъӕр, дӕ маст ӕмӕ дӕ уарзтӕй
Нӕхи Къостайӕн сӕнусон йӕ цард.
2аг сывӕллон:
Ирон ӕвзагӕн иунӕг бон куыд дӕттут?
Куы нӕ йын ысты мин азтӕ дӕр фаг!
Цӕры ма уым нӕ фыдӕлты нӕргӕ дуг,
Нӕ фидӕнмӕ дӕр уый кӕны фӕндаг.
Ӕз та йӕ уӕдӕ афтӕ зӕгъин абон:
Уӕд алы бон дӕр не ,взагӕн йӕ бон!
Уыдзанис уӕд ӕвидигӕ нӕ амонд,
Йӕ рухсӕй ифтонг зӕрдӕ ӕмӕ зонд.
Уадз абуха нӕ горӕтты, нӕ хъӕуты
Ӕхсӕв уа, бон ӕхсӕрдзӕнау хъӕрӕй!
Ныхаса самау сомбоны фӕлтӕрты,
Ӕнӕ уымӕй ирон адӕм дӕр нӕй.
3аг сывӕллон
Ирон ӕвзаг, мӕ рухс бӕллиц, мӕ цин дӕ,
Ирон ӕвзаг – мӕ судзгӕ уарзт, мӕ мӕт!
Мӕнӕн ды амонд цардхӕссӕг ӕхсин дӕ,
Цъӕх арвы бын дын макуы уӕд мӕлӕт!
4ӕм сывӕллон:
Ирон ӕвзаг – нӕ лирӕ ӕмӕ зард,
Нӕ хох быдыр ӕмӕ нӕ уазӕг.
Ирон адӕмӕн се стыр фарн, сӕ ард.
Нӕ къонайӕн йӕ зынг, йӕ фӕздӕг…
Ирон хӕдзар – хӕдзарон дзулы тӕф,
Къуыбыры цин, хуымоны – зарӕг:
Нӕ хъӕбултӕн сӕ тугдадзины цӕф,
Фӕдис заманы уартриу барӕг.
Мӕ зӕрдӕ къултыл бахойы йӕхи –
Ирон лӕг нал дзуры иронау.
Ӕндӕр ӕвзӕгтӕй буц кӕнӕм нӕхи,
Ирон та – абухгӕ у, донау…
5ӕм сывӕллон:
Не 'взаг – ирон лӕджы царды бындур.
Не 'взагимӕ ныл скӕсы нӕ хур.
Не 'взаг нӕ цардӕн у фидар гӕнах!
Не 'взаг нӕ къонайы судзгӕ цырагъ.
Не 'взаг хӕзнадон, бӕркадджын къӕбиц.
Не 'взаг – нӕртон лӕджы рагон бӕллиц.
Не 'взаг – Васойы хъуыдыты цӕхӕр.
Не 'взаг у не 'гъдау, нӕ амонды сӕр.
Не 'взаг – нӕ фыдӕлты фарн ӕмӕ кад.
Не 'взаг – нӕ намыс нӕ уыдзӕн ӕгад.
6ӕм сывӕллон:
Ирон ӕвзаг – нӕ хӕзнаты хӕзна дӕр,
Ӕвидигӕ, ӕлутонау йӕ тых.
Нӕй махӕн уымӕй а зӕххыл зынаргъ дӕр,
Ӕнустӕм у ӕнӕмӕлгӕ хъӕддых.
7ӕм сывӕллон:
Ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ сӕ фӕстӕ
Ирон ӕвзаг – нӕ ныфс, нӕ кад, нӕ намыс.
Цӕуы ӕнустӕй мингай азтӕй рӕстӕг,
Уӕд дӕр зӕронд нӕ дӕ ӕмӕ нӕ хъавыс!
Уыддӕ ды се 'взаг скифтӕ 'мӕ сӕрмӕттӕн,
Алантӕ кой дӕр дардмӕ хъуыст дӕ руаджы.
Дӕ кад дын дардыл хъуысын кодтой нартӕ
Лӕгдзинадӕй, уӕздандзинадӕй раджы!
Мах стӕм ирӕттӕ ӕмӕ хъуамӕ уарзӕм нӕ райгуырӕн зӕхх. Ирыстоны урс сӕр Хӕхты ӕмӕ цъӕх Быдырты, дидинӕгкалӕг Уыгӕрдӕнты ӕмӕ ӕлутоны ад чи кӕны, уыцы хӕххон суадӕтты. Ирыстоны цытджын ӕмӕ кадджын Хистӕрты.
Ныртӕккӕ уын уӕ зӕрдӕтӕ барухс кӕндзыстӕм «Ирыстон»-ы зарӕгӕй
«Мӕ Ирыстон»
Цӕй диссаг дӕссаг, мӕ Ирыстон,
Куыд адджын у дӕ уынд.
Цӕй зынаргъ дӕ, мӕ зӕрдӕйӕн,
Куыд дын ӕй зӕгъон, куыд?..
Куыд дын уарзын, дӕ хуры скаст,
Сӕууон ӕртӕхты худт.
Дӕ аллы хох, дӕ аллы дзыхъ,
Мӕ цин ӕмӕ мӕ уд.
Сабырдзинад дӕ зӕххыл уӕд,
Дидин ӕфтау фӕрнӕй.
Мӕ Ирыстон, зӕххы цъарыл,
Дӕуӕй зынаргъ дӕр нӕй!
Абон нӕ рӕвдауӕндоны хурты 'хсӕн ис ӕртӕ командӕйы
1аг командӕ «Иры дидинджытӕ»
2аг командӕ «Хуры тынтӕ»
3аг командӕ «Нанайы хъӕбултӕ»
( Хъуысы ирон музыкӕ)
1аг командӕ иууылдӕр иумӕ: Мах стӕм «Иры дидинджытӕ».
Капитан: Мах «Иры дидинджытӕ стӕм
Зарӕм, кафӕм, цинтӕ уарӕм.
Нӕ зӕрдыл нытуантӕ зарӕм.
Нӕ цардмӕ амонд мах хӕссӕм.
2аг командӕ иууылдӕр иумӕ : Мах стӕм «Хуры тынтӕ».
Капитан: Мах стӕм уӕ хуртӕ,
Уарзон дӕр хъӕбултӕ.
Нӕ дӕсныйаг 'вдисӕм мах,
Ӕмдзӕгъд та кӕнут сымах.
3аг коммандӕ иууылдӕр иумӕ: Мах стӕм «Нанайы хуртӕ».
Капитан: Чи сты «Нанайы хуртӕ» - мах, мах.
Чи сты уарзон дӕр хъӕбултӕ – мах, мах.
Мах ныййарджытӕн сӕ удтӕ,
Се 'стыр дӕр хӕзна - 'мӕ цинтӕ.
Хъомылгӕнӕг: Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййынц
Йӕ бинонтӕ, йӕ мад.
Лӕгӕн зынаргъ куыннӕ вӕййы
Йӕ рӕзгӕ бонты цард!
Фӕлӕ уӕддӕр зӕхх,
Дӕуӕн ӕмбал кӕм и.
Дӕуӕн зӕрдӕйӕн адджын дӕр,
Зӕгъ-ма мын, чи у, чи?!
Фыдыбӕстӕ, ныййарӕг зӕхх, райгуырӕн уӕзӕг, мад, фыд, мадӕлон ӕвзаг… Цы у ӕнӕ уыдонӕй адӕймаджы цард?
Абон мах ӕмбырд стӕм, цӕмӕй равдисӕм нӕ тыхтӕ, нӕ хъарутӕ, нӕ зонындзинӕдтӕ.
Иумӕ ерыс кӕнынц «Иры дидинджытӕ», «Хуры тынтӕ», ӕмӕ «Нанайы хуртӕ».
Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы:
Сабитӕ иумӕ ӕрлӕуут,
Иудзинад – ныфс ӕмӕ фарн.
Иу хъуыды, иу фӕнд куы нӕ уат,
Къаддӕр уӕд хъуысдзӕн уӕ зард.
Хъуамӕ уат айнӕгау фидар,
Хӕхтау кӕрӕдзимӕ баст,
Алчидӕр кадимӕ фида,
Йе 'стыр хӕс бӕстӕйы раз!
Хъомылгӕнӕг: Цӕй уӕдӕ нӕ зонындзинӕдтӕ сбӕрӕг кӕнӕм.
- Нӕ райгуырӕн бӕстӕ цы хуыйны?
(Уӕрӕсе).
- Нӕ чысыл райгуырӕн бӕстӕ та куыд хуыйны?
(РЦИ-Алани, нӕ чысыл Ирыстон).
- Нӕ сӕйраг горӕт куыд хуыйны?
(Дзӕуджыхъӕу).
- Нӕ горӕты ном куыд хуыйны?
- Цавӕр уынгтӕ ис Ӕрыдоны?
(Ленины, Кировы, Къостайы, Толстойы, Лермонтовы ӕ.а.д.)
(Ӕрыдон)
- Чи цӕры Цӕгат Ирыстоны?
(Цӕгат Ирыстоны цӕры ирон адӕм).
- Кӕм цӕрынц ирон адӕм?
(Ирыстоны горӕтты ӕмӕ хъӕуты)
- Нӕ ирыстоны ирон адӕм цавӕр ӕвзагыл дзурынц?
(Ирон ӕвзагыл).
- Цал хуызӕй арӕзт у Ирыстоны тырыса?
(Ирыстоны тырыса арӕзт у 3 хуызӕй).
- Цы амонынц йӕ ӕртӕ хуызы?
(Урс хуыз у – удварны сыгъдӕгдзинад,
Сырх хуыз у – лӕгдзинад ӕвдисаг, тыхджын,
Бур хуыз у – бӕркад).
- Цал къахыл лӕууы ирон фынг?
(Ирон фынг лӕууы ӕртӕ къахыл)
- Цал чъирийы кувӕм ирон фынгыл?
(ӕртӕ).
- Цы амонынц?
(1аг – хурӕн, 2аг – хурӕн, 3аг – зӕххӕн).
- Ирон фынгыл цытӕ вӕййы?
(Ӕртӕ чъирийы, ӕртӕ ӕртӕдзыгъон чъирийы, уыдоны сӕрыл физонӕг ӕмӕ бӕгӕныйы къус).
Чи радзурдзӕн ӕртӕ командӕйӕ фылдӕр ӕмбисӕндтӕ?
Бирӕ дзурынӕй бирӕ кусын – хуыздӕр у.
Ӕнӕ адӕм цӕрӕн нӕй.
Мады рӕвдыдӕй адджын дӕр ницы ис.
Чи нӕ кусы, уый нӕ хӕры.
Мӕгуыры зӕрдӕ фынтӕй хъал.
Райгуырӕн бӕстӕ ныййарӕг мадау адджын.
Куыст зӕрдӕрухс у.
Бирӕдзурӕджы кад нӕй.
Адӕмимӕ цӕрын хъӕуы.
Ӕнӕ кусгӕйӕ цард нӕй.
Мады рӕвдыд ничи бафыста.
Бинонтӕ ӕнгомӕй фидауынц.
Иунӕг мӕгуыр у.
Фӕллой кӕм уа, фарн дӕр уым ис.
Лӕг лӕджы кӕддӕриддӕр бахъӕудзӕн.
Ӕнӕ куыстӕй ницы ис.
Хуры разӕй дӕр лӕг йӕ сыхаджы фены.
Байхъусӕм ма уӕдӕ, цымӕ сабиты ныййарджытӕ куыд арӕхсынц тагъддзуринӕгтӕ дзурынмӕ:
Чъиллон – биллон абана.
Хъыбыл хъӕмп къахы.
Арв ныр ныннӕрыди.
Дзӕкъул – мӕкъултӕй ӕрбацӕуы.
Стыр бузныг.
Тынг рӕсугъд сӕххӕст кодтат уӕ хӕс.
Рӕсугъд у тынг рӕсугъд нӕ бӕстӕ,
Нӕ Иры адӕмӕн ӕрдзӕй.
Йӕ уылӕн, кадӕгау йӕ хӕрзты,
Ӕркафут хонгӕ кафт – фӕрнӕй.
Хонгӕ
Дард дӕр нӕ зонындзинӕдтӕ бӕрӕг кӕнӕм командӕты 'хсӕн.
Зонд у сабийӕн йӕ ныфс.
Базонӕм ма сын хынцинӕгтӕй сӕ дзуӕппытӕ: Чи раздӕр сдара тырыса, уый дӕтты дзуапп.
- Къалиуыл бады ӕртӕ цъиуы, иу ма сӕм бафтыд. Цал цъиуы бады къалиуыл?
- Стъолыл уыдис дыууӕ фӕткъуыйы, Алан дзы иу бахордта. Цал фӕткъуыйы ма баззад стъолыл?
- Тӕрхӕгыл ис ӕхсӕз чиныджы. Чиныгкӕсӕг дзы иу райста. Цал ма дзы баззад?
- Чыргъӕды ис цыппар портийы. Хъомылгӕнӕг ма сӕм иу ныппӕрста. Цал баисты портытӕ?
- Нӕ кӕрты зайы авд дидинӕджы. Иу дзы ӕртыдта нӕ сыхаг. Цал дидинӕджы ма зайы нӕ кӕрты?
- Рӕвдауӕндоны хъазыдис цыппар сабийы. Иуы дзы йӕ мад акодта, Цалӕй ма хъазынц сабитӕ?
1
Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр
Ирон ӕвзаг равзӕрдис дисӕн
Цӕмӕ кӕнӕм не 'взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр
Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн.
Хуыгаты Мырзабег.
2
Йӕ уарзтӕн ивӕн нӕй лӕгӕн
Мӕ уарзт дӕр ивгӕ нӕу мӕнӕн
Кӕм фӕнды дӕр цӕрон
Уӕддӕр уыдзынӕн ӕз ирон!
Балаты Тембол.
3
Ирон ӕвзаг нын баззади Алантӕй
Кӕнӕм йӕ кадыл хъуамӕ тох
Цӕмӕй нӕ сомбоны кӕстӕртӕй
Ирон дзырд макуы 'рцӕуа рох.
4
Дунейы тӕккӕ стырдӕр хӕрзтӕн
У сӕ хуыздӕр мадӕлон ӕвзаг.
Чи йӕм кӕсы иунӕг боны цӕстӕй
У гъе уый нӕ адӕмы ызнаг.
Цӕгӕраты Гиго.
5
Сты зонды уацхӕссӕг ӕппӕт дунейы 'взӕгтӕ
Нӕ дзы 'взары хӕстӕг ӕмӕ дарддаг
Фӕлӕ ныххойы зӕрдӕйы къӕсӕртӕ
Ӕрмӕстдӕр ды, мӕ мадӕлон ӕвзаг!
Астемыраты Изетӕ.
6
Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау
Ис хъӕбулӕй не 'взаг у ӕвӕд
Стыр уырысӕн нал хизӕм йӕ ронӕй
Удӕй ма куыд уӕм ирӕттӕ уӕд?
Къадзаты Станислав.
7
Сӕрыстырӕй нӕхи ирон куы хонӕм
Уӕд не 'взагыл куыд ауыгътам нӕ къух?
Ӕви, мыййаг ӕй нал хӕссӕм нӕ сӕрмӕ
Уырыссагау цӕмӕ дзурӕм ӕдзух?
8
Мӕлӕн дын нӕй нӕ фыдӕлты ӕвзаг
Дӕ зӕронд мад у ацы зӕххы къори.
Ӕмӕ куы сӕфа ма зӕгъӕд ызнаг
Дӕуимӕ сӕфы дунейы истории.
9
Худинаг уӕм нӕ кӕсы
Ӕнцад бадын фыддӕрагӕн
Иу уӕ куы нӕ тӕрсы
Фесӕфынӕй Иры ӕвзагӕн
Гӕдиаты Секъа.
10
Дӕ мады ӕвзагыл
Кӕд дзурыс, кӕд зарыс,
Дӕ фыдгул ызнагӕн
Йӕ сау зӕрдӕ марыс.
Кӕд рохӕй ыскуыдта
Дӕ мады ӕвзаг, -
Йӕ къах дыл ӕркъуырдта
Дӕ фыдгул ызнаг!
Ӕмдзӕвгӕ «Ирон фӕндыр»
Ирон фӕндыр нын баззади фыдӕлтӕй,
У махӕн та нӕ хӕзнаты хуыздӕр.
Ирон фӕндыр… Рӕсугъд зӕрдӕйы фӕндтӕй
Уый равзӕрди, уый райгуырди кӕддӕр.
Ӕнӕ фӕндыр нӕ фидауы Ирыстон,
Ӕнӕ фӕндыр мӕгуырдӕр кӕны зӕхх.
Фӕндырдзӕгъдӕг, дӕ цагъдмӕ дын ныхъхъуыстон,
О, исты мын йӕ цины зӕлтӕй зӕгъ!
Зарӕг «Цины бӕрӕгбон» (Илурты Р.)
Цины бӕрӕгбон ӕрцыди йӕ рады,
Фӕндыры буц зӕлтӕ айзӕлынц дардыл.
Дзыллӕты кадӕй, адӕмы фарнӕй,
Дуне рӕсугъд дӕр кӕны.
Царды ӕгъдауӕй, цины рӕдауӕй,
Базыдтам абон цӕрын.
Зарӕм мах абон зӕрдӕбуцӕй зарӕм,
Цинтӕ кӕрӕдзийӕн рухс ронгау дарӕм.
Курӕм хуыцӕуттӕй ӕмӕ йӕ зӕдтӕй,
Амонды цардмӕ фӕндаг.
Хурау ӕргом у, хурау бӕрзонд у
Махӕн нӕ зӕрдӕйы уаг.
Абон бӕрӕгбон у цины бӕрӕгбон,
Курӕм Хуыцӕуттӕй мах Ирӕн цӕрӕнбон.
Иры хъӕбултӕ амонды хуртӕ
Хистӕрты фӕндӕй цӕрӕнт.
Хуры дӕлбазыр базонӕд уарзын
Амонджын алкӕд дӕр уӕд.
Хъӕлдзӕг бӕрӕгбон у цины бӕрӕгбон,
Фехъуысӕд хистӕртӕм абон нӕ фӕндон.
Иры хистӕртӕ тынг бирӕ азты,
Фарны хъуыддӕгтӕ кӕнут.
Кӕстӕрты хурӕй уыдон рӕвдыдӕй,
Арфӕйаг алкӕд дӕр ут.
Цины бӕрӕгбон ныззылди йӕ рады,
Фӕндыры буц зӕлтӕ айзӕлынц дардыл.
Курӕм Хуыцӕуттӕй Иры дзыллӕтӕн
Арфӕйаг царды бӕркад.
Царды хӕрзӕгӕн Иры уӕзӕгӕн
Стыр Хуыцау цардамонд ратт.
Курӕм Хуыцӕуттӕй Иры дзыллӕтӕн
Арфӕйаг царды бӕркад.
Царды хӕрзӕгӕн Иры уӕзӕгӕн
Стыр Хуыцау цардамонд ратт.
Нӕ зынаргъ ныййарджытӕ, ныр та нӕ сывӕллӕтты уыци – уыцитӕн дзуӕппытӕ раттут:
- Доны райгуырд, афтӕмӕй донӕй тӕрсы. (Цӕхх).
- Сау дӕн, фӕлӕ халон нӕ дӕн.
Урс дӕн, фӕлӕ цыхт нӕ дӕн. (Булкъ).
- Нӕ уӕлхӕдзар – уӕливых . (Мӕй).
- Адӕймаджы ӕмцыд чи кӕны. ( Иӕ аууӕн).
Байхъусут нӕм буц уазджытӕ
Кӕнӕм уын хъӕлдзӕг зарджытӕ
Нӕ Иры хуртӕй бирӕтӕ
Сӕхи нӕ хонынц ирӕттӕ.
Уарди рӕсугъд у – Уалдзӕджы
Не 'взаг та аззад сатӕджы
Зӕрдӕты рухс ӕм бауадзӕм
Фарнимӕ йын кад саразӕм.
Абон нӕ равдыст кӕронмӕ ӕрхӕццӕ. Нӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕппӕты фыццаг ӕнӕниздзинад. Стыр Хуыцаумӕ ис бирӕ хорздзинӕдтӕ ӕмӕ уыцы хорздзинӕдтӕй хайджын ут. Рӕсугъд фӕндӕгтыл цӕут. Иннӕ аз та ахӕм рӕсугъд уалдзыгон боны куыд фембӕлӕм.
Стыр бузныгӕй уӕ баззадыстӕм кӕй сӕмбӕлдыстут нӕ равдысты.
Ирон ӕвзаг цӕрӕд ӕнустӕм, тыхджынӕй – тыхджын дӕр кӕнӕд ӕмӕ йын фесӕфӕн макуы уӕд.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Конспект занятия-развлечения «День рождения Элис»
Занятие по английскому языку для старшей группы детского сада.В ходе заняти повторяется лексика по теме "Цвета","Животные","День рождения"...
конспект занятия "День матери"
материал включает в себя сценарий праздника "День матери"...
День космонавтики. Конспект занятия
День космонавтики. Конспект обобщающего занятия для дошкольников в учреждении дополнительного образования....
День осетинского языка.
ДЕНЬ ОСЕТИНСКОГО ЯЗЫКА 15 МАЯ.Язык- это тот родник ,который зачахнет ,иссохнет, если к нему не будут приходить, чтобы напиться...
Презентация на день осетинского языка
Презентация на день осетинского языка...
День осетинского языка и литературы
Сценарий мероприятия...
Беседа о языке.День осетинского языка и литературы
Разговор о важности изучения родного языка....