Промежуточная аттестация
тест (9 класс)
Данный материал содержит билеты для промежуточной аттестации
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
Промежуточная аттестация | 52.78 КБ |
Предварительный просмотр:
Билет №1
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Нæ республикæ.
Республикæ Цæгат Ирыстон-Алани у Уæрæсейы хуссайраг хайы рæсугъддæртæй иу. Йæ фæзуат у аст мин квадратон километры. Ам цæрынц алыхуызон адæмыхæттытæ: ирæттæ, уырыссæгтæ, сомихæгтæ, дзуттæгтæ æмæ æндæртæ. Республикæйы бынæттон цæрджытæ сты ирæттæ-рагон скифты, сæрмæтты æмæ аланты байзæддæгтæ. Æппæт адæм дæр цæрынц хæларæй. Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы ис бирæ заводтæ æмæ фабрикæтæ.Уæлдай стырдæр ахадынц хъæдыкуыстгæнæг, химион, рог æмæ хуызджын промышленносты хуызтæ. Ирыстоны хæхтæ хъæздыг сты гранитæй, чъырдурæй, здыйæ, цинкæй æмæ минералон дæттæй. Хъæуты адæм кæнынц стурвос æмæ маргъ дарыны куыст. Уымæй уæлдай ма быдырты тауынц нартхор, мæнæу, кæнынц халсартæ æмæ дыргъты куыст.
2. Радзур РЦИ- Аланийы гимны тыххæй.
3. Ссар уæлдай дзырд алы рæнхъы дæр:
а) нас, уырыдзы, дидинæг, нуры, хъæдындз, цæхæра.
æ) бал, алтъами, кæрдо, нартхор, æхсынцъы, чылауи.
б) тæрс, тулдз, заз, сой, акъаци, хæрис.
Билет №2
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Къоста нывгæнæг.
Хетæгкаты Къоста у фыццаг ирон нывгæнæг.Йæ нывты равдыста стыр уарзондзинад йæ райгуырæн бæстæмæ, йæ адæммæ. Къостайы хуыздæр нывтæй иу у « Дурсæттæг сывæллæттæ.
Нывы уынæм диссаджы æрдз. Дардæй зынынц хæхты урс цъуппытæ. Цъæх арвыл мигътæ сабыргай лæсынц.Рæсугъд æрдзы хъæбысы Къоста равдыста дыууæ хохаг лæппуйы. Сывæллæттæ сты мæгуыр. Архайынц фæндаджы арæзтады. Сæ уæлæ бызгъуыртæ, сæ буар гом, фæлæ сты цардбæллон.
2. Радзур РЦИ- Аланийы тырысайы тыххæй.
3. Ныффысс номдартæ бирæон нымæцы.
а) ныййарæг, æфсымæр, хо, сывæллон.
æ) хох, быдыр, сæрвæт, уыгæрдæн.
б) денджыз, цæугæдон, æхсæрдзæн, фурд.
Билет №3
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
« Хъазыбеджы хох».
Хъаныхъуаты Бола у зындгонд ирон богал. Уый уыд диссаджы тыхджын æмæ фæразон адæймаг. Йæ дæргъ уыд дыууæ метры æмæ дыууын авд сантиметры, йæ уæз та – дыууæсæдæ цыппæрдæс килæйы.
Бола райгуырд Хъобаны Хъаныхъуаты Дударыхъойы хæдзары. Азы онг сывæллон уыд тынг лæмæгъ,фæлæ уый фæстæ райдыдта тагъд рæзын. Лæппуйыл цыппар азы куы цыд, уæд йæ мадимæ ацыд дон хæссынмæ. Къæртатæ уыдысты уæззау, мад сæ уынджы фæуагъта, йæхæдæг сыхæгтæм бацыд. Гыццыл Бола къæртатæ систа æмæ сæ хæдзармæ бахаста. Мад æмæ сыхæгтæ фæдис кодтой.
Мин фарастсæдæ цыппæрæм (1904) азы Бола райдыдта хъæбысæй хæцын. Хъæбысæй хæцыд цирчы. Йæ рæстæджы Болайы ничи æмæ никуы амбылдта. Уый фæуæлахиз дунейы тыхджындæр богæлттыл.
2. Радзур æмдзæвгæ.
3. Номдартæ сæвæр иууон нымæцы:
Аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ,
кадджытæ.
Билет №4
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Аркадий Шёгрен.
Ирон æвзаг наукон æвзагæй цæмæй иртæстгонд цыдаид, уымæн бындур æрæвæрдта академик А. Шёгрен (1794- 1855). Шёгрен дыууæ азы фæцард Ирыстоны (1836- 1837) æмæ сахуыр кодта ирон æвзаджы диалекттæ. Дзырдта сыгъдæг ирон æвзагыл. Æмæ, куыд диссаг у, уæды æвадат, æвæндаг Ирыстоныл фистæгæй зылд сæрдæй – зымæгæй. Иу æмæ дыууæ хаты нæ баззад сæрдыгон уæтæрты фыййæуттимæ, иу æмæ дыууæ хсæвы нæ абадтаид ирон хæдзары астæу арты цур. Фæстаг зымæг ыл æвæджиауы хъызт скодта, æмæ йæ къæхты æнгуылдзтæ басыдысты, сахъат цæстæй бынтондæр нал уыдта, уæддæр æй стыр циныл æфтыдта, ирон адæмы истори æмæ æвзаджы тыххæй цы егъау æрмæг æрæмбырд кодта ,уый. Ныффыста « Ирон грамматикæ цыбыр ирон- уырыссаг æмæ уырыссаг- ирон дзырдуæттимæ», мыхуыры рацыд 1844 (мин астсæдæ цыппор цыппæрæм)азы.
2. Радзур æмдзæвгæ.
3. Дзырдтæй сараз вазыгджын дзырдтæ.
уат, уазæг; хох, урс; дыргъ, гага; бæлас, бал; фæндаг, къах; фыд, бæстæ; кæсаг, лас; дон, урс; бæх, уæрдон.
Билет №5
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Рагон Дзæуджыхъæу.
Дзæуджыхъæу у рагон горæт. Уый арæзт æрцыд 1784 (мин авдсæдæ æстай цыппæрæм) азы. Раздæр нæ горæт уыд æндæрхуызон, æндæр уыдысты йæ уынгты нæмттæ дæр. Зæгъæм, Ленины фæз раздæр хуындис Театралон фæз. Ам уыдис уырыссаг театр. Уым фыццаг хатт сæвæрдтой Лермонтовы «Маскарад». Ацы театры куыстой зындгонд уырыссаг актёртæ æмæ режиссёртæ. Сæ иу уыд Вахтангов.
Цæнгæт хид раздæр уыд Ольгæйы хид. Ам къуыри дыууæ хатты уыдис базар. Базары уыд бирæ адæм. Уым уæй кодтой хъуымæцтæ, хор, мыд, сапон, сæрак æмæ бирæ цыдæртæ. Дыргътæ æмæ сæн ластой Тифлисæй.
Сабырдзинады проспект хуындис Алыксандры проспект. Уым уыдысты уазæгхæдзæрттæ, типографитæ,чиныгуæйгæнæг дуканитæ, банктæ. Уый уыд тынг рæсугъд уынг. Ам уыд бирæ бæлæстæ æмæ дидинджытæ.
2. Радзур РЦИ- Аланийы гербы тыххæй.
3. Лæвæрд дзырдтимæ æрхъуыды кæн хъуыдыйæдтæ:
Уазал, тыхджын, зæронд, рæсугъд.
Билет №6
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Абайты Васо.
Абайты Васо у стыр ирон ахуыргонд. Уый райгуырдис 1900 азы, хæххон хъæу Къобы.
1925(мин фарастсæдæ дыууын фæндзæм) азы каст фæци Ленинграды университет. Бирæ азты фæкуыста æвзагзонынады алы къабæзты. Васо ныффыста бирæ зонадон – иртасæн куыстытæ. Уыцы куыстытæй ахсджиагдæр сты «Ирон æвзаг æмæ фольклор», «Нарты эпос», «Уырыссаг – ирон дзырдуат» æмæ æндæртæ.
Ирон адæмæн уæлдай зынаргъдæр у цыппар томæй арæзт «Ирон æвзаджы историон – этимологон дзырдуат». Ацы куысты автор иртасы ирон дзырдты равзæрд æмæ сæ нысаниуджытæ.
Абайты Васо иртæста канд ирон æвзаг нæ, фæлæ ма æндæр æвзæгтæ дæр, уæлдайдæр та ирайнаг æвзæгтæ.
Васойы зонынц алы бæстæты æмæ йын стыр аргъ кæнынц йæ зонадон куыстыты тыххæй.
Абайты Васо уыд нæ дуджы зындгонддæр иртасæг.
2. Радзур РЦИ- Аланийы гербы тыххæй.
3. Дзырдтæн ныффысс сæ иумæйаг нæмттæ.
а) бабыз, гогыз, карк, цицыр, уасæг…………
æ) уæрыкк, сæныкк, хъуг, род, фыс………….
б) уырыдзы, нас, нуры, цæхæра, цывзы……
в) фæткъуы, кæрдо, чылауи, къомси, бал….
Билет №7
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Фыццаг ирон чиныг.
Фыццаг ирон чиныг мыхуыры рацыд 1798( мин авдсæдæ нæуæдз æстæм) азы майы, Мæскуыйы, Синоды типографийы. Уæды хицауады хъуыди адæмты астæу дин хæлиу кæнын, æмæ скъолатæ дæр уый фæрцы зынын райдыдтой (Куырттаты, Мæздæджы æмæ æндæр рæтты).
Уымæ гæсгæ Мæздæджы эпископ Такъæты Гай æмæ сауджын Хъесаты Павел славяйнаг аргъуаны фысты бындурыл сарæзтой ирон дамгъæтæ, æмæ фæстæдæр уыдон фæрцы гуырдзиаг æвзагæй ратæлмац кодтой текст ирон æмæ славяйнаг æвзæгтæм, рахуыдтой йæ «Начальное учение человеком, хотящим учитися книг божественного писания». Ирон фыссынады историйы ацы чиныг у фыццаг дур.
Ис дзы фæрстытæ æмæ уыдонæн дзуаппытæ.
Чиныджы фæзынд стыр ахсджиаг уыд ирон адæмы ахуырады рухс фæндагыл саразынæн.
2. Радзур РЦИ- Аланийы тырысайы тыххæй.
3. Къæлæтты æвæрд дзырдтæ ратæлмац кæн æмæ хъуыдыйæдтæ баххæст кæн: 1. Зæронд адæмыл хъæуы…(заботиться).
2. Хистæрмæ хъус, уымæн æмæ уый у…(мудрый).
3. Зæронд адæмæй бирæтæ сты…(трудоспособный).
4. Мæ нана æмæ дада сты…(пенсионеры).
Билет № 8
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Колыты Аксо.
« Рухсаг у, рухсаг! Æгас Ир дæ Бузныг сты». Ацы ныхæстæ фыст сты Колыты Аксойы цыртыл. Чи уыд уыцы амондджын лæг, йæ адæмæн цавæр хорздзинад сарæзта? Цæмæн ын мысынц абон нæ фыдæлтæ йæ рухс ном?
Колыты Аксо- сауджын, ирон аргъуаны бындурæвæрæг, сауджын- ахуыргæнæг, Цæгат Ирыстоны æппæт скъолаты управленийы сæргълæууæг. Фыццаджыдæр ирон чызджытæн уый байгом кодта скъола, ахуыргææг дæр дзы йæхæдæг уыд, ахуыр та сæ кодта лæвæр.
Аксо æрмæст ахуыргæнæг нæ уыд. Уый бирæ чингуытæ ратæлмац кодта уырыссаг æвзагæй иронмæ.
Колыты Аксойæ баззад æртæ уацмысы: « Мах фыд», «Мады Майрæмы кады зарæг», «Чырыстийы рухс райгасдзинад».
Ацы фарны хъуыддæгты тыххæй 21 ( дыууын фыццæгæм)октябры 2001
( дыууæ мин фыццæгæм) азы Дзæуджыхъæуы Къостайы æмæ Ватутины уынгты тигъмæ байгом цыртдзæвæн фыццаг рухстауæг Колыты Аксойæн.
2. . Радзур æмдзæвгæ.
3. Хуымæтæг хъуыдыйæдтæй лæвæрд бæттæгты руаджы сараз вазыгджын хъуыдыйæдтæ:
- Арв ныннæрыд.
Къæвда райдыдта. æмæ
- Бæлæсты сыфтæртæ цъæх нал сты.
Æрдз у тынг рæсугъд алыхуызон ахорæнтæй . фæлæ
Билет № 9
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Мадæлон æвзаг.
Саби фыццаг дзырдтæ цы æвзагыл фехъусы, уыдон загъд вæййынц мадæлон æвзагыл.
Мадæлон æвзаг кæстæртæн баззайы сæ фыдæлтæй. Уый у адæмы культурæйы сæйраг фæрæз.
Æвзаг цас фылдæр цæра, цас ыл фылдæр дзурой æмæ фыссой, уыйас фидардæр кæны. Æмæ мадæлон æвзаг фидар куы уа, уæд адæм дæр æнгомдæр сты, кæрæдзийы хуыздæр æмбарынц.
«Алы адæмыхаттæн дæр йæ мадæлон æвзаг у стыр хæзна. Алы адæймаг дæр у стыр хæсджын йæ дзыллæйы раз, уымæн æмæ нын уый балæвар кодта уыцы стыр хæзна – мадæлон æвзаг. Уымæ гæсгæ алчидæр хъуамæ хъахъхъæна йе`взаджы сыгъдæгдзинад, фылдæрæй- фылдæр ын куса йæ хъæздыгдзинадыл»,-фæдзæхста йæ кæстæр фæлтæртæн зындгонд ирон ахуыргонд Абайты Васо.
2. Радзур æмдзæвгæ.
3. Хъуыдыйæдтæ равзар хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
1. Ахуыргæнæг амоны урок.
2. Зæринæ фыссы тетрады йæ хæдзармæ куыст.
3. Æз ахуыр кæнын скъолайы, фарæстæм къласы.
Билет №10
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Тугъанты Махарбег.
Тугъанты Махарбег нымад у ирон нывкæнынады бындурæвæрæгыл. Фæлæ йæ ном канд нывкæнынадимæ баст нæу - уый уыд ахуыргонд, этнограф, археолог, аивадиртасæг.
Тугъанты Махарбег райгуырд 1881 (мин астсæдæ æстай фыццæгæм) азы. 1901(мин фарастсæдæ фыццæгæм) азы бацыдис Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Ахуыр кодта номдзыд уырыссаг нывгæнæг Репинмæ æмæ йæ руаджы райста бæрзонд дæсныйад. Махарбег тынг хорз зыдта ирон адæмы æгъдæуттæ æмæ традицитæ, йæ рагон истори, уарзта нарты кадджытæ, таурæгътæ, æмбырд сæ кодта.
Ирон нывгæнæгæн ном скодтой нарты кадджытæм нывтæ - иллюстрацитæ: «Ацæмæз», «Куырдалæгон», «Фæндыр куыд фæзынд», «Тотрадзы мæлæт» æмæ бирæ æндæртæ. Уыдоны 'хсæн сæйраг бынат ахсы йæ эпикон ныв -«Нарты куывд». Махарбег ацы ныв куы ныффыста , уæд ыл сæвæрдтой адæмон нывгæнæджы ном - ахæм арф бастдзинад ын уыд ирон фольклоримæ.
2. Радзур РЦИ- Аланийы гербы тыххæй.
3. Нымæцонтæ ныффысс дзырдтæй хуызæгмæ гæсгæ:
1784 – мин авдсæдæ æстай цыппар
1979-
2010 –
Билет №11
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Гæдиаты Секъа.
Ирон адæмон фыссæг, поэт, публицист Гæдиаты Секъа райгуырди 1855(мин астсæдæ фæндзай фæндзæм) азы Гуырдзыстоны. Секъа йæ фыдæн уыд иунæг. Фæлæ йын уæддæр ахуырмæ бацæуыны фадат нæ фæци. Ганисы хъæуы сауджын æй сахуыр кодта кæсын æмæ фыссын гуырдзиагау. Уый йын стыр ахъаз фæци йæ фыссæджы куысты дæр, йæ бинонты царды дæр.
Секъайы сфæлдыстад у алыхуызон: æмдзæвгæтæ æмæ æмбисæндтæ, радзырдтæ æмæ таурæгътæ, драмон уацмыстæ æмæ публицистикæ, фыстæджытæ æмæ афоризмтæ.
Секъайы хонынц ирон прозæйы бындурæвæрæг. Йæ алы уацмысы дæр хъуысы хæххон адæймаджы хъæрзын æмæ сæрибарыл тохы зарæг. Мулк, исбон аивтой адæмы психологи, сæ зондахаст.
Йæ радзырдты, йе мдзæвгæты сюжеттæ фыссæг арæзта хуымæтæг адæмы цардæй, пайда кодта историон таурæгътæй, æцæг хабæрттæй, æмбисæндтæй.
Йæ уацмысты фылдæры кæд ирон хæххон хуымæтæг адæмы хъысмæтыл дзырдта,уæддæр æй уырныдта , рухсдæр фидæн сæм кæй æнхъæлмæ кæсы, уый.
2. Сараз радзырд «Ме`скъола».
3. Аифтындзæг кæн нырыккон афоны мивдисæг «дзурын».
Билет №12
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Брытъиаты Елбыздыхъо.
(1881- 1923)
Брытъиаты Елбыздыхъо райгуырд 1881(мин астсæдæ æстай фыццæгæм) азы Куырттаты комы рæсугъддæр хъæутæй иуы- Дæллагхъæуы.
Ахуырмæ тынг зæрдæргъæвд уыди æмæ 1903 (мин фарастсæдæ æртыккæгæм) азы каст фæци Дзæуджыхъæуы реалон училище æмæ йæ райгуырæн хъæуы куыста ахуыргæнæгæй.
Училищейы ма куы ахуыр кодта,уæд йе ргом аздæхта уырыссаг æмæ фæсарæйнаг фысджыты уацмыстæм. Йæ зæрдæмæ уæлдай тынгдæр цыдысты номдзыд англисаг фыссæг Вильям Шекспиры драмæтæ æмæ трагедитæ.Йе сфæлдыстадон хъарутæ йын базмæлын кодтой Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæтæ.Ам бавнæлдта йæхи уацмыстæ фыссынмæ.
Ныффыста пьесæтæ « Худинаджы бæсты- мæлæт», «Уæрæседзау». Уый фæстæ « Маймули рухсаг,æгас цæуæд ирон театр», «Хазби», « Дыууæ хойы» æмæ « Амыран».
Рæсугъд цардмæ сидти Елбыздыхъо йæ уацмысты. Уый тох кодта адæймаджы кад æмæ намысыл.,сидти рухсдæр фидæнмæ, бæрзонд æвæрд æм уыди сæрыстырдзинад æмæ æгъдау.
2. Радзур РЦИ- Аланийы тырысайы тыххæй.
3.Æрхъуыды кæн хъуыдыйæдтæ дзырдтимæ: кæсаг, денджыз, сæрд.
Билет №13
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Задалескы Нана.
Цыппæрдæсæм æнусы монголтæ æрбабырстой нæ рагфыдæлты зæхмæ. Монголты æфсады сæргълæууæг уыд Тимур. Алантæ райдыдтой тох кæнын æнæкæрон монголты æфсæдтимæ. Фæлæ сæ тыхтæ æмхуызон нæ уыдысты. Хъазуатон тохы фæстæ къаддæрæй-къаддæр кæнын райдыдтой аланты хæстонтæ. Сæ райгуырæн зæхх хъахъхъæнгæйæ алантæ куыд фæстагмæ иууылдæр цагъды фесты. Знаг басыгъта нæ рагфыдæлты цæрæнбынат. Æрмæст ма сыгъд зæххыл баззадысты сидзæр сывæллæттæ.
Уæд адæмы амондæн фæзынд иу сылгоймаг. Уый æрæмбырд кодта сидзæрты иумæ, акодта сабиты йæ фæдыл: быдырæй-хъæдмæ, хъæдæй-æрдузмæ, ахызти сывæллæттимæ Дыгуры Æфцæгыл, æрцарди Задалескы. Хъæуы адæм ын йæ сидзæр сабитæн хæдзар скодтой æмæ кадимæ адæмимæ фæцард…
Сидзæртæ бахъомыл сты, скодтой хъæутæ. Сæ иумæйаг мады стыр кад æмæ цытимæ баныгæдтой Задалескы. Ам абоны онг дæр ис йæ кувæндон.
2. . Радзур æмдзæвгæ.
3. Ратæлмац кæн ирон æвзагмæ хъуыдыйæдтæ:
Наступила ранняя весна. Снег растаял. Дни стали теплее. Появился первый
подснежник. Природа проснулась.
Билет №14
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Нарты кадджытæ.
Ирон адæммæ ис æмбисонды « Нарты кадджытæ». Уыдон фидар баст сты ирон адæмы цардимæ. Нæ адæммæ цы хорз миниуджытæ ис, уыдонæй хайджын сты кадджыты хъæбатыртæ.
Нарты эпосы бындурон хъуыды у адæмы иудзинад, адæмы фарн. Нарт уыдысты цардуарзаг, адæймагуарзаг. Кадджыты хъайтартæ тырнынц сæ адæмæн кад кæнынмæ.
Сæ сæйрагдæртæ сты Уырызмæг, Сатана, Сослан, Батраз, Хæмыц, Сырдон, Ацæмæз. Уыдонæй алкæмæн дæр ис хицæн миниуджытæ.
Уырызмæг- Нарты эпосы номдзыддæр æмæ уарзондæр хъайтартæй иу. Нымад уыд Нарты хистæрыл.
Сослан уыди хъæбатыр, хъаруджын. Знагæн нæ барста. Йæ тых, йæ хъару, йæ зонды руаджы- иу фæуæлахиз йæ фыдгулыл.
Нарты хсæн фыдбылызæй цыдæриддæр цыд, уыдон уыдысты Сырдоны аххосæй.
Сатана уыд зондджын,æгъдауджын, хиуылхæцгæ сылгоймаг. Уыди кæрдзындæттон.
2. Радзур æмдзæвгæ.
3. Дзырдтæн ныффысс сæ ныхмæвæрд дзырдтæ:
Саразын - … æввахс - …
Рæсугъд - … бацыдис - …
Кадджын - … райхъал - …
Билет №15
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Гæдиаты Цомахъ.
(1882- 1931)
Гæдиаты Цомахъ райгуырдис 1882 ( мин астсæдæ æстай дыккæгæм)азы Гуырдзыстоны, Уæллаг Ганисы хъæуы.Чысыл ма куы уыд, афтæ йæ фыд Секъа æд бинонтæ ралыгъди Цæгат Ирыстонмæ æмæ æрцардис Джызæлы.
1889 ( мин астсæдæ æстай фарæстæм) азы Цомахъ бацыд Джызæлы райдайæн скъоламæ. Уый фæстæ ахуыр кодта Дзæуджыхъæуы,стæй бацыд Стъараполы семинармæ æмæ йæ каст фæци 1905(мин фарастсæдæ фæндзæм) азы. Стъараполы куы ахуыр кодта уæд ныффыста йæ фыццаг æмдзæвгæтæ
« Тохы хъæр»(Клич борьбы), «Фæдис» ( Набат), « Адæм» ( Народ).
1908 (мин фарастсæдæ æстæм) азы Цомахъы æрцахстой йæ революцион куысты тыххæй.
1917(мин фарастсæдæ æвддæсæм) азы, паддзахы куы раппæрстой , уæд Цомахъ сыздæхт йæ райгуырæн бæстæмæ æмæ йæ амæлæты бонмæ фæкуыста Ирыстоны кусæндæтты бæрнон бынæтты.
Цомахъ æнгом баст уыдис йæ адæмимæ, сæ рухсдæр фидæныл тохимæйæ цард радта йæ адæмы рухс сомбоныл.
Цомахъ хорз зыдта ирон æмæ уырыссаг æвзæгтæ æмæ фыста сæ дыууæйыл дæр.
2. Радзур РЦИ- Аланийы гербы тыххæй.
3. Лæвæрд дзырдтæн бацамон сæ арæзт:
Æрмдæсны-арм+дæсны нывæфтыд -…
Дурдзæджындз -… пылыстæг -…
Зæххæнкъуыст -… фæлгонцгонд -…
Къæдзæхдур -… цæстæнгас -…
Билет №16
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ирыстон.
Æз цæрын Ирыстоны. Ирыстон у мæ фыдæлты æмæ мæ рагфыдæлты зæхх.
Ирыстоны сæйраг горæт у Дзæуджыхъæу. Ам цæры æртæсæдæ мин адæймагæй фылдæр. Ирæттæй дарддæр ма дзы цæры алыхуызон адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр. Уыдон иууылдæр цæрынц хæларæй.
Горæты астæу уайы цæугæдон Терк. Æз дæр цæрын Терчы цур. Æхсæв мæм арæх фæхъуысы доны хъæр. Горæтмæ æввахс лæууынц Кавказы хæхтæ. Уыдон сты тынг рæсугъд.
Дзæуджыхъæуы ис бирæ скъолатæ, алыхуызон институттæ æмæ университеттæ. Мæнæн ме`фсымæр ахуыр кæны паддзахадон университеты. Æз дæр куы фæуон скъола, уæд ахуыр кæндзынæн уыцы университеты.
Мæ баба æмæ мæ нана цæрынц Хъæдгæроны. Æз арæх вæййын уым. Уыдонæн сæ хæдзары цур ис цæхæрадон. Цæхæрадоны ныссадзынц картоф, хъæдур, джитъритæ, уырыдзытæ æмæ алыхуызон кæрдæджытæ. Ис сæм стыр дыргъдон дæр. Зайы дзы алыхуызон хæрзад дыргътæ…
2. Сараз радзырд «Нанайы цæхæрадоны».
3. Лæвæрд дзырдтæ ныффысс иронау фæсæфтуан «ад» – ы руаджы.
образование, письменность, государство, изобразительное искусство.
Билет №17
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ирыстоны сæйраг сахар.
Æдæппæтæй Ирыстоны ис æхсæз сахары – Дзæуджыхъæу, Алагир, Æрыдон, Беслæныхъæу, Дигора æмæ Мæздæг.
Уыдонæй уæлдай рагондæр æмæ егъаудæр у Дзæуджыхъæу. Уый сси нæ республикæйы сæйрагдæр культурон – экономикон артдзæст, къона.
Раджы кæддæр Терчы доны рахизфарс, тæккæ уæлвæзы æрцард ирон хæххон лæг йæ бинонтимæ, хуыдтой йæ Дзæуг. Дзæуг уыд зондджын æмæ хъаруджын адæймаг. Уый ныфсæй иннæ хæххон ирæттæ дæр æрцардысты йæ фарсмæ, æмæ сæ рауад хъæу – Дзæуджыхъæу. Дзæуджыхъæумæ хæстæг Терчы былыл Уæрæсейы паддзахы фæндонмæ гæсгæ сарæзтой хæстон фидар Владикавказ 1784(мин авдсæдæ æстай цыппæрæм) азы. Уæдæй фæстæмæ ардæм лидзын байдыдтой иннæ адæмыхæттыты минæвæрттæ дæр, фылдæр та – уырыссæгтæ, æмæ Дзæуджыхъæу – Владикавказ азæй-азмæ райрæзти, стæй йын радтой сахары ном.
Абон Дзæуджыхъæу у Уæрæсейæн йæ Хуссайраг-Федералон окруджы рæсугъддæр горæттæй иу.
2. Радзур РЦИ- Аланийы тырысайы тыххæй.
3. Ссар уæлдай дзырд алы рæнхъы дæр:
а) нас, уырыдзы, дидинæг, нуры, хъæдындз, цæхæра.
æ) бал, алтъами, кæрдо, нартхор, æхсынцъы, чылауи.
б) тæрс, тулдз, заз, сой, акъаци, хæрис.
Билет №18
- Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Хетæгкаты Къоста.
Ирон номдзыд адæмон поэт, ирон аив литературæйы æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг Хетæгкаты Къоста райгуырдис мин астсæдæ фæндзай фарæстæм азы фынддæсæм октябры Нары хъæуы.
Йæ фыд Леуанæн Къоста иунæг фырт æмæ йæ уарзта тынг бирæ. Къостайы мад Маро амард, Къоста ма хæрз чысыл сывæллон куы уыд, уæд.
Уымæ гæсгæ, Къостайы хъомыл кæнынмæ радтой сæ хæстæг ус Чендземæ.
Мин астсæдæ æстай фыццæгæм (1881) азы Къоста бацыд Бетъырбухы Аивæдты академимæ. Ам хорз базыдта уырыссаг æмæ фæсарæйнаг литературæ. Базонгæ стыр уырыссаг нывгæнджыты Репин, Маковский, Суриковы сфæлдыстадимæ.
Къоста йæ хъус тынг дардта æхсæнадон- политикон цардмæ.Æрлæууыдис фæллойгæнæг адæмы сæрыл тохмы фæндагыл.
Йæ нывты æвдыста стыр уарзондзинад райгуырæн бæстæмæ, йæ адæммæ.
2. . Радзур æмдзæвгæ.
3. Дзырдтæн ныффысс сæ бирæон нымæцы формæ:
Уасæг. -… зæхх -…
Дыргъдон-… зæй -…
Сыфтæр -… фыййау -…
Зарæг -… тын -…
Дидинæг -.. хох -…
Билет №19
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Дзусаты Ибрагим.
Дзусаты Ибрагим райгуырдис Заманхъулы. Ардыгæй райдыдтой йæ хæстон фæндæгтæ æфсадмæ.
Авиацийы инæлар-майор Дзусаты Ибрагим, хуымæтæг заманхъуйлаг лæппу уæвгæйæ, схызт æфсæддон бæрзæндтæм. Хъæбатырæй тох кодта йæ райгуырæн зæххы сæрвæлтау. Йæ сабибонтæй Дзусаты Ибрагимы сæйраг бæллиц уыдис уæларв. Æмæ йæ фæнд сæххæст кодта.
Не скъолайæн лæвæрд æрцыдис Ибрагимы ном. Мах, кæстæртæ, архайдзыстæм, Цæмæй Советон Цæдисы Хъæбатыр Дзусаты Ибрагимы ном рох ма уа.
2. Радзур æмдзæвгæ.
3. Дзырдтæн ссар сæ синонимтæ:
уавæр фадат
дуг адæм
цырты къæй цыртдзæвæн
дзыллæ рæстæг
Билет №20
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Иры зынгхуыст поэттæ.
Ирон поэттæй Фыдыбæстæйы стыр хæсты чи фæмард, уыдонæй иу уыд Калоты Хазби. Райгуырди Цæгат Ирыстоны, Захъайы, 1921( мин фарастсæдæ дыууын фыццæгæм ) азы. Ахуыр кодта Къостайыхъæуы скъолайы, стæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон педагогон институты. Уырдыгæй ацыд фронтмæ æмæ хъæбатырæй фæмард 1943 (мин фарастсæдæ цыппор æртыккæгæм) азы.
Хазбийæн йе сфæлдыстады сæйрагдæр темæ уыд Фыдыбæстæ. Йæ чиныг дæр схуыдта « Хорзæй баззай, Ир».
Нæ бæстæйы сæрвæлтау хæстмæ ацыдысты поэттæ Кочысаты Мухарбег, Абайты Бекызæ, Баситы Дзаххот æмæ Дзамболат дæр. Сæ иу дæр нал сыздæхт йæ хæдзармæ. Æнусмæ бафынæй сты Уæрæсе æмæ Европæйы быдырты.
Фæлæ зарæгæн мæлæн нæй.
Ирыстон абон дæр нæ рох кæны йæ зынгхуыст хъæбулты. Зарджыты баззадысты сæ нæмттæ.
2. Радзур РЦИ- Аланийы гербы тыххæй.
3. Цавæр номдартимæ ис бабæттæн лæвæрд миногонтæ?
Бæлас, дзабыр, чызг.
аслам …,
рæсугъд …,
бæрзонд …,
Билет №21
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Дунейы артист.
Нæ дуджы номдзыд дирижёр, культурæйы архайæг, дунейы артист Гергиты Валерий райгуырд мин фарастсæдæ фæндзай æртыккæгæм азы(1953). Дзæуджыхъæуы аивæдты училище каст куы фæци, уæд бацыд Ленинграды Римский- Корсаковы номыл консерваторимæ. Абон уый у Мариины театры директор æмæ аивадон разамонæг. Лæвæрд ын æрцыдысты кадджын нæмттæ: « Уæрæсейы адæмон артист» æмæ «Дунейы артист».
Валерий бирæ уарзы йæ фыдæлты зæхх. Йæ фæндзайæм азы бон дæр сбæрæг кодта Дзæуджыхъæуы. Уый Ирыстонæй фæстæмæ куы цыд, уæд загъта: «Фæнды мæ Дзæуджыхъæуы культурон- музыкалон центр саразын. Цæмæй ардæм алы бон дæр цæуой уазджытæ, нæ хæлæрттæ, музыкалон аивады ирддæр стъалытæ æмæ та баууæндон рагон таурæгъыл, Кавказ -Хуыцауы æвзæрст бæстæ кæй у».
2. Сараз радзырд «Мæ бинонтæ».
3. Ссар уæлдай дзырд алы рæнхъы дæр:
а) нас, уырыдзы, дидинæг, нуры, хъæдындз, цæхæра.
æ) бал, алтъами, кæрдо, нартхор, æхсынцъы, чылауи.
б) тæрс, тулдз, заз, сой, акъаци, хæрис.
Билет №22
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Коцойты Арсен.(1872- 1944)
Коцойты Арсен райгуырдис Джызæлы 1872(мин астсæдæ æвдай дыккæгæм) азы. Йæ сывæллоны бонтæ арвыста Джызæлы. Хъæууон скъола каст фæци 1885 (мин астсæдæ æстай фæндзæм) азы æмæ бацыдис Æрыдоны семинармæ.
1897- 1904 (мин астсæдæ нæуæдз æвдæм- мин фарастсæдæ цыппæрæм) азты Арсен куыста ахуыргæнæгæй Цæгат æмæ Хуссар Ирыстоны хъæуты. Уыцы азты ныффыста къорд радзырдтæ. «Фынддæс азы», « Фидис»
1905(мин фарастсæдæ фæндзæм) азы ацыди Бетъырбухмæ æмæ дзы 1908(мин фарастсæдæ æстæм) азы онг фæкуыста паддзахадон банчы архивты. Ам ныффыста йæ тыхджындæр радзырдтæй иу «Тохы хъæр».
1909- 1910 (мин фарастсæдæ фарæстæм- мин фарастсæдæ дæсæм) азты та Арсен ссыди фæстæмæ Хуссар Ирыстонмæ æмæ кодта æхсæнадон- политикон æмæ культурон куыст.
1910(мин фарастсæдæ дæсæм) азы уыд журнал «Æфсиры»- ы редактор.Уыцы журнал тох кодта адæмы талынггæнæг æгъдæутты ныхмæ.
2. Радзур РЦИ- Аланийы тырысайы тыххæй.
3. Ныффысс номдартæ бирæон нымæцы.
а) ныййарæг, æфсымæр, хо, сывæллон.
æ) хох, быдыр, сæрвæт, уыгæрдæн.
б) денджыз, цæугæдон, æхсæрдзæн, фурд
Билет №23
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ирон адæмы уарзон бæрæгбæттæ.
Ирон адæммæ ис бирæ бæрæгбæттæ. Сæ сæйрагдæртæ сты: Ног аз, Джеоргуыба, Хетæджы бон.
Ног аз фæбæрæг кæнынц фыццæгæм январы. Адæм заз бæласыл сауындзынц хъазæнтæ,фынгтыл æрæвæрынц хæрд æмæ нозт. Æхсæвы, дыууадæс сахатыл Хуыцаумæ скувынц Ног азæн, фæкурынц ног хæрзтæ. Адæм сæ кæрæдзийæн фæкæнынц бæрæгбоны арфæтæ.
Ирыстоны ноябры кæрон райдайы Джеоргуыбайы бæрæгбон. Адæм æрбахонынц сæ хæлæртты, хæстæджыты, сыхæгты. Фæкувынц лæгты æмæ бæлццæтты дзуар Уастырджимæ, бафæдзæхсынц ыл сæ бинонты, уæлдайдæр та фæсивæды.
Æппæт ирон адæмæн уарзон у Хетæджы бон дæр.Уый вæййы июлы. Алы хæдзар дæр скувы æртæ чъирийы. Ирыстоны алы рæттæй адæм æрæмбырд вæййынц Хетæджы къохы кувæндонмæ. Дзуарæй фæкурынц амонд, æнæниздзинад, бæркад.
2. . Радзур æмдзæвгæ.
3. Номдартæ сæвæр иууон нымæцы:
Аргъæуттæ, таурæгътæ, зарджытæ, æмбисæндтæ, уыци-уыцитæ,
кадджытæ.
Билет №24
1.Текст кæсын, тæлмац кæнын.
Ирон театр.
Мин фарастсæдæ æртын фæндзæм (1935) азы байгом ирон театр. Йæ бындурæвæрæг у Брытъиаты Елбыздыхъо.
Фыццаг ирон артисттæ уыдысты Таутиаты Солæман, Икъаты Серафин, Дзугкойты Афассæ, Хъæрдзынты Варя, Тæбæхсæуты Бало.
Фыццаг ирон адæмон артисты ном радтой Таутиаты Солæманæн.
Фыццаг ирон Советон Цæдисы адæмон артисты ном райста Тæбæхсæуты Бало. Балойы ном айхъуыст æппæт дунейыл.
Отеллæйы ролы хуыздæр чи ахъазыд,уыцы æхсæз актёртæй иу уыд Бало. Ирон адæмы уарзон хъæбул Чермæны фæлгонц Балойæ хуыздæр ничи сарæзта. Адæм бирæ уарзтой Балойы.
Абон ирон театр хæссы Балойы ном.
2. Радзур æмдзæвгæ.
3. Дзырдтæй сараз вазыгджын дзырдтæ.
уат, уазæг; хох, урс; дыргъ, гага; бæлас, бал; фæндаг, къах; фыд, бæстæ; кæсаг, лас; дон, урс; бæх, уæрдон.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Итоговая и промежуточная аттестация учащихся
В данной документе даны критерии оценки учащихся как итоговой так и промежуточной....
Материал промежуточной аттестации для 5 класса
Материал промежуточной аттестации для 5 класса является итоговым контролем коммуникативной компетенции в области говорения и чтения....
ЭКЗАМЕНАЦИОННЫЙ МАТЕРИАЛ для проведения промежуточной аттестации по предмету «Алгебра и начала анализа» в 10 классе
Контрольная работа содержит 4 задания по темам: «Тригонометрия» и «Производная».Приведены критерии оценок и решения всех вариантов....
аналитическая справка по промежуточной аттестации
Аналитическая справкапо итогам промежуточной (годовой)аттестации в 2010-2011 учебном году....
Подготовка и проведение итоговой и промежуточной аттестации учащихся по биологии. Формы проведения итоговой и промежуточной аттестации
Подготовка и проведение итоговой и промежуточной аттестации учащихся по биологии....
Комплект контрольно-оценочных средств для проведения промежуточной аттестации по ЕН.01 МАТЕМАТИКА основной профессиональной образовательной программы по специальности: 19.02.01 ТЕХНОЛОГИЯ ПРОДУКЦИИ ОБЩЕСТВЕННОГО ПИТАНИЯ форма проведения промежуточной
Комплект контрольно-оценочных средств учебной дисциплины математика разработана на основе требований ФГОС среднего общего образования, в соответствии с Рекомендациями по организации получения среднего...