Схемы словарной работы по осетинской литературе
учебно-методический материал (8, 9, 10, 11 класс)
Предварительный просмотр:
МЕТОДИКОН БАКУЫСТ: «ИРОН ЛИТЕРАТУРӔЙЫ УРОКТЫ ДЗЫРДУАТОН КУЫСТЫ СХЕМӔТӔ»
Автор: Гасситы Фатимӕ Графы чызг 22.03.2019 аз
Нӕ горӕты скъолаты ирон традицитӕ, культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕуттӕн фаг сахаттӕ лӕвӕрд кӕй нӕ цӕуы, уымӕ гӕсгӕ махӕн нӕ сӕйрагдӕр хӕс у, цӕмӕй литературӕ ӕмӕ ӕвзаджы урокты арӕхдӕр пайда кӕнӕм ирон традицитӕ, культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты мидисимӕ баст эпиграфтӕй, цитататӕй ӕмӕ ӕмбисӕндтӕй. Бӕлас дам талайӕ тасы фӕзӕгъынц. Архайын хъӕуы, цӕмӕй рӕзгӕ фӕлтӕры ахуыр кӕнӕм, фыдӕлтӕй нӕм цы цардамонды хӕзнатӕ баззад, уыдоныл.
Скъолайы ахуырадон программӕмӕ куы ‘ркӕсӕм, уӕд алы урочы темӕйы дӕр ӕрдзурӕн ис ирон традицитӕ, культурӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй Уый тынг ахъаз у скъоладзауты миддуне хъӕздыг кӕнынӕн . Нӕ рухсы бадинаг хистӕртӕ дзырдтой сӕрыстырӕй: “Ӕгъдау, ӕфсарм ӕмӕ мадӕлон ӕвзаджы бардуагтӕ сты бинонтӕ, ахуыргӕнӕг, скъола ӕмӕ чиныг”. Мадӕлон ӕвзаг сабитӕн амоны фыдӕлтыккон хӕрзӕгъдӕуттӕ, сӕ сусӕг ӕвӕрӕнтӕ, ӕмӕ уыдон та раргом кӕнӕн ис сабиты ныййарджытӕ, скъола ӕмӕ ахуыргӕнджыты ‘хсӕн иумӕйаг зондахастӕй.. Ӕмбисондӕн базззад: «Ӕгъдау бинонтӕй цӕуы»,-зӕгъгӕ. 1 СЛАЙД
Ирон мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнджыты куысты фæлтæрддзинад цымыдисаг у уымæй, æмæ дзы хъусдард кæй цæуы ног ахуырадон технологитæм. Уыдон та стыр ахъаз сты сывæллæтты интеллекты æмæ ныхасы рæзтмæ, сфæлдыстадон æмæ критикон хъуыдыкæнынады рæзтмæ. Уыдонимæ баст у фæлтæрддзинады ногдзинад дæр. Стыр ӕргом здӕхт цӕуы скъоладзауты удварны хъомыладмӕ куыд сӕйрагдӕр универсалон ахуырадон архайдмӕ.Удварны хъомылад та нымад у национ химбарынад хъомыл кӕнын, мадӕлон ӕвзаг, литературӕ, истори ӕмӕ адӕмон сфӕлдыстад ахуыр кӕныныл. Ацы уавӕр амоны мадӕлон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы урокты актуалондзинад, сӕ ахадындзинад скъолайы ахуырадон программӕйы.
1. СЛАЙД
Урочы скъоладзаутӕ хъуамӕ арӕхсой ӕмгуыстдзинадмӕ, цӕттӕдзинад уынаффӕ рахӕссынмӕ,уой хӕдбарджын, ӕнкъарой бӕрнондзинад, уа сӕм ахуырмӕ тырнындзинад.
Скъоладзаутӕй бирӕтӕ хӕдзары сӕ мадӕлон ӕвзагыл кӕй нӕ дзурынц, уымӕ гӕсгӕ урочы дзырдуатыл фылдӕр кусын хъӕуы, цӕмӕй сӕ ныхасы рӕзт фӕхъӕздыгдӕр уа.
2. СЛАЙД
Зӕгъӕм, 8-ӕм къласы ирон литературӕйы ахуыргӕнӕн чиныджы ӕмбӕлӕм Гаглойты Рутены аллегорион радзырд «Намыс»-ыл. Этикон ӕмбарынад «намыс» бацыд удгоймаджы хуызы ӕмӕ хурмӕ калы царды хъӕнтӕ. Намыс у царды фарн, йӕ уавӕр тыхми ӕмӕ хӕрамы дунейы.Йӕ нысан- рӕстдзинадмӕ тырнын. Царды фӕтк ӕмӕ уаг чи ӕххӕст кӕны, уый амонджын у. Царды фӕтк ӕмӕ уаг сты: кад ,цыт ӕмӕ намыс. Кад ӕмӕ цыт кӕнын цы адӕймаг фӕразы, уый фӕхонынц намысджын адӕймаг.
3 СЛАЙД
4. СЛАЙД
Ацы урочы эпиграфӕн райсӕн ис адӕмон ӕмбисонд: «Удӕй сыгъдӕг адӕймаг йӕ намыс нӕ сафы». Райхалын эпиграфы мидис, дзырдуатон куыст бакӕнын. Дзырдты ӕмбарынад ӕмӕ адӕймаджы удварны хӕзнатыл ӕрдзурын . Чысыл беседӕ скӕнын. 5. СЛАЙД
Спайда гӕнӕн ис ахӕм дзырдуатон схемӕйӕ, цӕмӕй скъоладзаутӕн дзырдуатимӕ ӕнцондӕр кусӕн уа, дзырдтӕ ӕнцондӕрӕй пайда кӕной сӕ хъуыдыйӕдты. Фыццаг ӕмбарын кӕнӕм дзырдты нысаниуӕг, уый фӕстӕ сӕ пайда кӕнӕм хъуыдыйӕдты. Зӕгъӕм: 1) Намысджын адӕймаг у рӕстдзинадыл дзурӕг. 2) Алкӕуыл дӕр у иузӕрдион. 3) Йӕ лӕгдзинад йӕ разӕй цӕуы. 4) У ӕфсармджын, ӕъдауджын адӕймаг. 5) Йӕхицӕй уӕздан дӕр нӕй. 6) Йӕ хӕларзӕрдӕйӕ алкӕмӕн дӕр ӕххуыс кӕны. 7) Алкӕмӕн дӕр сыггъдӕгзӕрдӕйӕ лӕггад кӕны ӕ.а.д. Хъуыдыйӕдты ног дзырдтӕ баст сты дзырд намысимӕ, бӕлвырддӕрӕй- намысджын адӕймагимӕ. Ацы дзырдтӕн кӕд синономтӕ ис, се ‘мбарынад иу у, уӕддӕр сӕ спайда гӕнӕн ис хицӕн аспектты. Зӕгъӕм:
6. СЛАЙД
1) Рӕстад рӕстдзинад агуры; 2) Ӕмуд адӕймӕгтӕ кӕрӕдзийыл ӕнувыд сты; 3) Саггуырд кӕддӕриддӕр ӕхсарджын вӕййы;
7. СЛАЙД
4) Ӕфсармджын адӕймаг ӕууӕнкджын у; 5) Ӕгъдауджын адӕймаг уӕзданхуыз вӕййы; 6) Сыгъдӕгзӕрдӕ – ӕргомзӕрдӕйы нысан; 7) Хӕларзӕрдӕйы хицау фӕлмӕнзӕрдӕ у. 8. СЛАЙД
Скъоладзаутӕн ӕнӕмӕнг бацамонын хъӕуы, адӕймаджы удварны амонӕг дзырдтӕн кӕй ис антонимтӕ - ӕппӕрццаг миниуджытӕ ӕвдисӕг дзырдтӕ (ӕрхӕссын дӕнцӕгтӕ).
Ӕгъдауджын – Ӕнӕгъдау Ӕфсармджын - Ӕнӕфсарм Иузӕрдион – Ӕнӕхъауджыдӕр Лӕгдзинад – Тӕппуддзинад Рӕстдзинад – Мӕнгдзинад Сыгъдӕгзӕрдӕ – Саузӕрдӕ Уӕздандзинад – Ӕгаддзинад Хӕларзӕрдӕ - Ӕдзӕстуарзон
Мӕнмӕ гӕсгӕ, урокты ахӕм дзырдуатон схемӕтӕй куы пайда кӕнӕм, уӕд ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнцондӕрӕй бадардзысты ног дзырдтӕ сӕ зӕрдыл. Дзырдуатон куыст раст арӕзт куы цӕуа алы урочы дӕр, уӕд уый уӕлдай ӕххуыс у ахуыргӕнинӕгтӕн аив литературн ӕвзагыл дзурынӕн, дзырдарӕхст уӕвынӕн, дзырдтӕн сӕ нысаниуджынӕ зонынӕн.
Дзырдуатон куысты руаджы ахуыргӕнинӕгты удыхъӕд кӕны хъӕздыгдӕр, рӕсугъддӕр, сӕ зонындзинӕтӕ – фылдӕр.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
СЛОВАРНАЯ РАБОТА НА УРОКАХ РУССКОГО ЯЗЫКА Сельницина Нина Викторовна учитель русского языка и литературы МБОУ СОШ № 75 г. Челябинска
Роль русского языка в школах Российской Федерации сегодня необычайно высока. Известно, что язык в школе выполняет двойную функцию: является не только предметом обучения, но и средством приобретения зн...
Словарная работа на уроках литературы в 5-7 классах
Словарный состав литературного произведения-важнейшее средство раскрытия идейно-образного содержания произведения Смысл этой работы заключается в раскрытии малопонятных и непонятных слов, встреч...
«Виды самостоятельной работы на уроках осетинской литературы в старших классах».
Доклад по теме «Виды самостоятельной работы на уроках осетинской литературы в старших классах»....
Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы.
Социализация ученика через изучение осетинского языка и осетинской литературы....
«СЛОВАРНАЯ РАБОТА НА УРОКАХ РУССКОГО ЯЗЫКА И ЛИТЕРАТУРЫ – ОДИН ИЗ ПУТЕЙ ПОВЫШЕНИЯ КУЛЬТУРЫ РЕЧИ УЧАЩИХСЯ» (из опыта работы)
laquo;Словарная работа на уроках русского языка и литературы – один из путей повышения культуры речи учащихся" (из опыта работы)...
Обобщение педагогического опыта работы преподавателя осетинского языка и литературы Елоевой Аллы Таймуразовны.
Тема опыта: "Использование инновационных технологий на уроках осетинской литературы"...
Доклад по теме "Песни Темирболата Мамсурова в осетинской литературе"(на осетинском и английском языках)
Доклад по теме "Песни Темирболата Мамсурова в Осетинской литературе".Доклад на осетинском и английском языках....