Доклад по теме "Песни Темирболата Мамсурова в осетинской литературе"(на осетинском и английском языках)
статья по английскому языку

Хуриева Нелли Суреновна

Доклад по теме "Песни Темирболата Мамсурова в Осетинской литературе".Доклад на осетинском и английском языках.

Скачать:


Предварительный просмотр:

              Доклад.    Темӕ  «Мамсыраты Темырболаты зарджытӕ ирон литературӕйы».

  1. Разныхас.1 «Маст галы дӕр булӕмӕргъау сзарын кӕндзӕн»,- дзырдта М. Горький.

Кӕд галы сзарын кӕндзӕн, уӕд адӕймаджы та?..

    2  Зарджытӕ алыхуызӕттӕ сты, фӕлӕ историон-хъайтарон зарджытӕ трагикон цаутӕй равзӕргӕ кӕй сты, уый дызӕрдыккаг нӕу. 3Нӕ адӕмы хъайтарон зарджытӕм хъусгӕйӕ нӕ цӕстытыл ауайынц туджы ӕрхӕмтӕ, адӕмы тыхст цӕсгӕмттӕ,топпыхосы фӕздӕг… 4Цыбыр дзырдӕй, хъайтарон зарӕг хъарӕг у: сӕ ратӕдзӕн иу у -  трагикон цау.

   5Ахӕм цау, ома ӕппӕт дзыллӕйы трагеди, уыд нӕ адӕмы историйы Туркмӕ фӕлидзыны хабар 1860 азты. 6 Стыр паддзахадон провокацийы амӕттаг фесты Кавказы цӕрӕг адӕмӕй пысылмон диныл хӕст чи уыд,уыдонӕй бирӕтӕ.

  7  ХIХ ӕнусы райдиан Кавказы рапарахат Уӕрӕсейы паддзахадон колониалон политикӕ.

8Райтынг Кавказаг пысылмон адӕмты хӕст Уӕрӕсейы ныхмӕ. 9Ирон адӕмы иу хай дӕр 17-ӕм ӕнусты райстой пысылмон дин ӕмӕ тарстысты, паддзахы администраци сын сӕ дин чырыстон динимӕ куы схӕццӕ кӕна, уымӕй…10Хӕсгонд уыд, цӕмӕй Иры инӕлар

 Къуындыхаты Муссӕ сразӕнгард кӕна Туркмӕ ацӕуыныл 5 мин  пысылмон диныл хӕст бинонты, уӕд ын Уӕрӕсейы хицауад баныфс ӕвӕрдта 45 мин сомы сыгъзӕринӕй. 11Афтӕ фыста уӕды Владикавказы окруджы  хицау Лорис Меликов.  12 Адӕмы ӕхсӕн ма, ӕгӕрыстӕмӕй, фӕзынд алыхуызон цины зарджытӕ Турчы дзӕнӕтон бӕстӕмӕ цӕуыны тыххӕй.

   13 Ныууагътой сӕ фыды уӕзӕг, сӕ бӕстӕ, сӕ адӕм, сӕ цардыл сӕ къух систой ӕмӕ хуыздӕр ӕнхъӕл фыд ссардтой. 14 Уый уыд стыр трагеди ӕппӕт Кавказы хӕххон адӕмтӕн, стыр зарӕг раивта стыр хъарӕгӕй.15 Уыцы зарӕг ӕппӕт Кавказы адӕмы  номӕй ракодта ӕрыгон ирон лӕппу Мамсыраты Темырболат.

  16 Фыццаг ирон профессионалон зарӕг райгуырд адӕмы национ трагедийӕ. 17 Бамбӕрста ӕвзонг лӕппу,Туркмӕ фӕлыгъд рӕдыд кӕй уыд, уый…

 18 Бирӕ ницы зонӕм абон дӕр Темырболаты тыххӕй. 19 Ӕрмӕст уый ӕмӕ дыууадӕсаздзыдӕй  аздзыдӕй,1855 азы лӕвӕрд ӕрцыд Бетъырбухы кадӕтты корпусмӕ, ӕфсӕддон ахуыргӕнӕндонмӕ.20 Уырдыгӕй рацыд кӕстӕр афицерӕй. 21 Фондзазы бӕрц фӕкуыста ӕфсады.

    21(а)/ 1865 азы алыгъд Туркмӕ, йӕ мады фӕндонӕн «нӕ» зӕгъын йӕ бон нӕ бацис.

22 Туркмӕ цӕугӕйӕ цы стыр зындзинӕдтӕ бавзӕрста,уыдӕттӕ фенгӕйӕ, Темырболат йӕ къух систа ӕфсӕддон службӕйыл, кӕд ын хорз фадат уыд ӕфсӕддон карьерӕрӕ скӕнынӕн, уӕддӕр.

   23 Цӕмӕн афтӕ бакодта, уый бӕрӕг у йе мдзӕвгӕтӕй : йӕ зӕрдӕ уыд Ирыстоны, «туркаг зӕрдӕ ма райс», уыд йӕ зӕрдиагдӕр фӕдзӕхст, йӕ адӕмӕй ӕцӕгӕлон бӕстӕм чи ахауд, уыдонӕн. 24 Ахӕм зӕрдӕимӕ, кӕд цыфӕнды хъӕбатыр уыд, уӕддӕр ын нӕ уыд бацӕуӕн ӕцӕгӕлон бӕстӕйы ӕфсадмӕ.

  25Темырболаты фыццаг ӕмдзӕвгӕ ссис Турчы Ирӕн зарӕг.26 Уыцы зарӕг уыди «Сагъӕстӕ».

27 Адӕм ӕй айстой дзыхӕй – дзыхмӕ ӕмӕ йӕ зарыдысты…28 Зарыдысты йӕ канд Турчы нӕ, фӕлӕ ма Ирыстоны чи царди, уыдон дӕр…

29 Темырболатӕй нӕм цы иуӕндӕс ӕмдзӕвгӕйы ӕрхӕццӕ,уыдонӕй бӕрӕг у, поэтӕн йӕ зӕрдиаг ныхас кӕй у – Райгуырӕн бӕстӕ! 30 «Цард нӕ агурӕм дӕ фӕстӕ!»,31 «Цардӕн адджын ды куы дӕ!», 32 «Зӕрдӕйы рухс дӕр ды куы дӕ!»,33  «Зӕрдӕйы уӕлӕ хуыд куы дӕ!», 34 «Дӕ иу рыг дӕр нӕхи у!»…35 Ахӕм стыр трагикон ӕнкъарӕн уыд Темырболаты зӕрдӕйы.

            36 Мӕ уд ӕмӕ мӕ фӕллой

            Нӕ адджын бӕстӕн нывонд у.

37 Ӕцӕгӕйдӕр, йӕ уд, йӕ фӕллой, йӕ зарӕг, йӕ намыс – иуылдӕр сӕ ӕрхаста нывондӕн  йӕ « адджын бӕстӕн». 38 Поэт хъыгзӕрдӕйӕ худы, Туркмӕ фӕлидзӕг ирӕттӕй чинтӕ ӕмӕ мулк чи скодта, ӕфхӕрд ӕмӕ мӕгуыр мухаджиртыл йӕхи чи атигъ кодта, чызджытӕй дзугтӕ чи скодта. 39 Хӕрам у, Иры хӕрзӕгъдау Туркаг фыдӕгъдауыл чи ивы, уыдонмӕ.

  40Темырболаты чи зыдта, уыдон дзырдтой, кӕй уыд «ӕцӕг патриот, йӕ Райгуырӕн бӕстӕйыл йӕ зӕрдӕ чи нӕ сивта,ӕдзух ӕнкъард чи кодта, йӕ литературон  сфӕлдыстад дӕр бабаста ацы хабӕрттимӕ…»

   41Темырболатӕй нӕм цы иуӕндӕс ӕмдзӕвгӕ ӕрбафтыд, уыдонӕн сӕ жанр у фольклорон жанры ӕнгӕс.

                    42Уӕ! Нӕ хӕхтӕ,нӕ бӕстӕ,

                    Куыд ма цӕрӕм уӕ фӕстӕ!

  43Ацы зарӕг хуынд «Сагъӕстӕ» ӕмӕ йӕ адӕм зарыдысты , хъусгӕ та йӕ фӕкодтой Туркмӕ алидзӕг адӕмӕй. 44./1881 азы йӕ Всеволод Миллер куы ныммыхуыр кодта йӕ «Ирон этюдты», уӕд ныффыста, зӕгъгӕ у тынг арфмидисджын адӕмон зарӕг. 45 Фӕлӕ, фӕстӕдӕр, Къуындыхаты Муссӕйы фырт Бечырбег ӕрӕфтыд Ирыстонмӕ ӕмӕ ӕхсӕнадон уӕнгтӕн радзырдта Темырболаты царды хабӕрттӕ ӕмӕ сын балӕвар кодта йӕ иуӕндӕс ӕмдзӕвгӕйы къопитӕ, хуындысты «Ирон зарджытӕ». 46 Афтӕмӕй сбӕрӕг, «Сагъӕстӕ» адӕмон зарӕг кӕй нӕу, фӕлӕ йын кӕй ис автор – уый у Мамсыраты Османы фырт Темырболат.

 47 Темырболаты дин кӕй уырныдта, уый бӕлвырдӕй зыны йе мдзӕвгӕтӕ «О, мӕ хуыцау» ӕмӕ «Сабыр»-ӕй. 48 Дин ӕмӕ Хуыцау Темырболатӕн «ӕнӕдзырддаг» сты. 49 Туркмӕ кӕй ацыд ӕмӕ фӕстӕмӕ кӕй нал сыздӕхт, уымӕн дӕр, ӕнӕмӕнг, йӕ аххосӕгты сӕйраг дин уыдаид. 50 Динылхӕст лӕгӕн «дӕ дин дын исынц» фаг уыд провокацийӕн. 51 Фӕлӕ йӕ уырныдта, «хуыцауы дуне» раст фӕлдыст кӕй у, «хуыцау рӕстаг у, кӕд ӕппынфӕстаг бакӕнид тӕригъӕд».52 Фӕлӕ ӕцӕгӕлон бӕсты стыр ӕнхъӕлы бӕсты фӕфыдӕнхъӕл сты. 53 Ӕгӕрыстӕмӕй, авдӕны сабийӕн дӕр ӕвӕры ныфсытӕ:

54  Ахуысс, ахуысс ӕнцад хуыстӕй,

Цалынмӕ маст дӕ зӕрдӕйы нӕй…

55 Фӕлӕ цӕмӕй макуы ферох кӕна, Кавказаг туг йе уӕнгты кӕй тӕдзы,  уый… 56«Авдӕны зарӕг»-ы дӕр  адӕм истой дзыхӕй-дзыхмӕ, зарыдысты йӕ, куыд «Сагъӕстӕ», афтӕ…

 57 Мамсыраты Темырболат ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕты сӕйраг мотив у – хъарӕг.

 58 Сæ дыууæйы дæр сдзурын кодта адæмы трагикон уавæр, сæ дыууæ дæр риссынц æмæ кæрзынц адæмы уæззау рис æмæ æвидигæ хъизæмарæй.

                                  Report.   “Songs of Temirbolat Mamsurov  in Ossetian literature”

  1. Introduction. “Grief will make even a bull sing like a nightingale”,- wrote M.Gorky.

 But if the bull is forced to sing, then what about the man?..

   2There exist different songs, but undoubtedly, historical and geographical songs are the result from tragic events. 3 While  listening to the heroic songs of our people, our hearts bleeds, tortured faces, rise before our eyes and we can even feel the smell of gunpowder...

4 To be brie, a heroic song is like a lament, that can be caused by tragic events.

   5One of such event, was, the real tragedy of the whole nation, happened  during the resettlement to Turkey in 1860. 6. Many of those who converted to Islam in the Caucasus became victims of state provocation.

   7At the beginning of the 19th century the Russion state’s colonial policy spread to the Caucasus. 8The war between Caucasian Muslims against Russia has spread. 9Some Ossetians who adopted the Muslim faith at the beginning of the 17 th century were afraid to mix the Muslim faith with the Christian one.10 Ossetian General Mussa Kundukhov was instructed to persuade about 5 thousand Muslim families to leave for Turkey, but the Russian government promised him 45 thousand gold coins. 11 That’s what the head of the Vladikavkaz district of that time - Loris Melikov wrote. 12 The people rejoiced at their move, and even among them there were people who sang various songs about going to a paradise to Turkey.  

    13 They left their Motherland  in search of a better life but the reality turned out to be  quite opposite.14 It was a great tragedy for all the Caucasian peoples, which was reflected in the full of grief and sorrow. 15. This song was sung on behalf of all the Caucasian peoples by a young Ossetian guy Temirbolat Mamsurov.

    16 The first Ossetian professional song was born from a national tragedy. 17 The young man realized that the relocation to Turkey turned out to be a mistake.

    18 Even today we don't know much about Temirbolat's life. 19 We only know that at the age of twelve he was accepted into the St. Petersburg Cadet Corps, into the military department. 20. There he became an officer. 2 1. He had served in the army for about five years.

         21(А) In 1865, he could not refuse his mother's wish and left for Turkey. 22 Despite the fact that Temirbolat had a great opportunity to make a military career, he refused to serve, after the difficulties they had experienced on the way to Turkey.

    23 And the reason of his refusal is evident from his poems: his heart and soul were still in Ossetia. He bequeathed to all those who changed their homeland for a foreign land "not to change their Homeland with their hearts.” 24 Although he was very brave, he could not serve in a foreign land with such a crippled soul.

    25 Temirbolat's first poem became a song for Turkish Ossetians. 26 This song was called "Reflections".

   27People passed this song from mouth to mouth and sang . 28 And they sang not only in Turkey, but also in Ossetia.

    29 From the 11 poems that have come down to us from Temirbolat, it is clear that the poet has a soul only with the Motherland! 30 "We are not looking for life after you!" 31 "In life, only you are sweet!" 32 "And only you let the light into the heart..!" 33. "You're sewn to my heart!" 34. "Even one of your dust is ours!" 35 Such great tragic emotions were in Temirbolat's heart!                         36. I give my heart and works

                                                          only to my Homeland!

    37 Indeed, he dedicated his soul, his works, his song and honor only to the "sweet Motherland!"

38. The poet mocks with sorrow those оssetians who got rich in Turkey and raised their ranks at the expense of other people, ridicules those who distanced themselves from the poor and exhausted muhajirs, and from those who made themselves harems!  39. Ridicules those who have exchanged the honor of an Ossetian for the dishonor of Turkey.

   40 Those people who knew Temirbolat said that he was a true patriot of his Homeland, who did not change his beliefs, longed for his homeland and also associated his literary work with these events.

  41. Genre 11 poems that have come down to us are similar to the folklore genre.

                                42 Oh, our mountains and countries,

                                      How will we live without you!

    43. This song was called "Duma" and was sung by its people, who heard it from people who left for Turkey. 44 When Vsevolod Miller in 1881 published this song in his book "Ossetian studies!" he wrote that this folk song has deep content. 45 But later, the son of Kundukhov Moussa Bechirbeg came to Ossetia and told Public figures about the life of Temirbolat and presented 11 copies of poems called "Ossetian Songs" 46 So, it turned out that "Duma" is not a folk song and that the author of this song is Temirbolat Osmanovich Mamsurov!

   47. The fact that faith was the main thing for Temirbolat, we see from his poems "Oh, my God" and "Silence".

    48. Faith and God: these are “inviolable” in Temirbolat’s work. 49. And the fact that he went to Turkey and could not return, probably, the reason for this was also faith. 50. But he believed that "God is just" and finally justice will prevail. 52 But in a foreign country, instead of great hope, they received disappointment.

 53   Even to an infant, he gives hope:

                                                       54 Lie still until the heart knows no sadness..

                   55 But, so that he never forgets that Caucasian blood flows in his veins. 56. The "lullaby

                 song" was passed from mouth to mouth by the people and sung like a folk song. 57 And in  

                  Kosta Khetagurov, as in Temirbolat Mamsurov, the main motive of his poems is

                lamentation

                          58 They were both forced to wail by the tragedy of the people, both are

                suffering, suffering from the severe pain of their people…


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Доклад на тему:"Интегрирование современных образовательных интернет-ресурсов в практику преподавания английского языка ". (к вопросу организации самостоятельной работы студентов)

В настоящее время основной задачей вуза является формирование личности студента как активного субъекта учебной деятельности, его всесторонней подготовки к непрерывному процессу образования...

доклад:Формирование универсальных учебных действий через технологию метода проектов на уроках английского языка в начальной школе.

Китайская мудрость гласит «Я слышу – я забываю, я вижу – я     запоминаю, я делаю – я усваиваю»....

доклад на тему "Лимерики как средство выражения творческой активности на уроке английского языка"

Доклад на тему "Лимерики как средство выражения творческой активности на уроке английского языка"...

Доклад по теме: "Способы повышения мотивации учебной деятельности учащихся на уроках английского языка" .

Работа учителя по повышению мотивации учебной деятельности учащихся на уроках английского языка....

Методическая разработка "Знакомство с английской литературой через призму грамматики английского языка".

Как правило, преподаватель-учитель иностранных языков обеспокоен тем, насколько хорошо ученик усвоил грамматику языка. Ведь именно она лежит в основе красивой и грамотной  речи. И зачастую в силу...

Доклад «Современные педагогические технологии как фактор повышения качества образования на уроках английского языка: обучение в сотрудничестве»

Доклад «Современные педагогические технологии как фактор повышения качества образования на уроках английского языка: обучение в сотрудничестве» предназначен для учителей английского я...

Внеклассное мероприятие по английскому языку на тему: "Классическая литература, как средство изучения английского языка. Произведения У.Шекспира"

Данное мероприятие направлено на развитие творческих способностей обучающихся в контексте изучения английского языка....