план открытого урока "Чиныг-зонды суадон" по рассказу Б.Туганова "Фыййау Баде"
план-конспект урока (5 класс)
Предварительный просмотр:
Технологон картæ ирон литературæйы урокмæ 5-æм къласы
Ахуыргӕнӕг: Хуриты Н.С.
Нымӕц: 06 .12. 2022 г.
Темæ: Чиныг-зонды суадон, рухсгӕнӕн цырагъ....
Тугъанты Батырбеджы радзырд «Фыййау Баде»-мæ гæсгæ.
Ахуыргæнæджы куысты нысантæ | 1. Ахуырдзауты фӕцалх кӕнын текст ӕвзарыныл 2. Иронау аив дзурынмӕ тырнындзинад гуырын кӕнын, хи хъуыдытӕ раст ӕмӕ аивӕй ӕргом кӕныныл бакусын. |
Урочы тип | Урок- дискусси |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: Тексты мидис райхалын темæйыл æнцойгæнгæйæ Метапредметон: Арæхсын геройты архайдæн, ныхасæн аргъ кæнынмæ. Удгоймагон: Æцæг хæлардзинады æууæлтæ бæрæг кæнынмæ арæхсын, удыхъæды хорз миниуджытæ рæзын кæныныл архайын. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ : | Мольберттæ, ахорæнтæ |
Техникон фæрæзтæ | компьютерон презентаци |
Цæстуынгæ æрмæг | Ахуыргӕнӕн чиныг, нывтӕ |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд |
Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци Зонындзинæдты актуализаци |
Уӕ бон хорз! (Бацӕттӕ кӕнын чингуыты равдыст) Ӕвӕццӕгӕн, зӕххыл алкӕмӕй зондджындӕр у …? Куыд уӕм кӕсы, цы? Раст у, чиныг… Фӕлӕ цы ис иудзинадӕй чиныг ӕмӕ ацы радзырды ӕхсӕн? -Сывӕллӕттӕ, цӕмӕн нӕ хъӕуы чиныг? Цы хорздзинад нын дӕтты? Чиныг куы нӕ уыдаид, уӕд Бадейы царды хабӕрттӕ дӕр нӕ базыдтаиккам… Чиныджы тыххӕй бирӕ ис ӕмбисӕндтӕ,уыци-уыцитӕ… (дзурын нӕ зоны, афтӕмӕй зонд амоны…) Равдисын хӕхты нывтӕ- СЛАЙД 1 Чиныг ӕмӕ хӕхты ’хсӕн цы бастдзинад ис? Цы сӕ иу кӕны ацы радзырды? СЛАЙД 2. Хъазыбеджы хохы рӕсугъддзинад ӕрфыстой уырыссаг поэттӕ А. С. Пушкин ӕмӕ М. Ю. Лермонтов дӕр. Скъуыддзӕгтӕ кӕсы се ‘мдзӕвгӕтӕй: Кавказ подо мною один в вышине Стою над снегами у края стремнины Орел, с отдаленной поднявшись вершины, Парит неподвижно со мною наравне. Отселе я вижу потоков рожден И первое грозных обвалов движенье… А. С. Пушкин. Кавказ И над вершинами Кавказа Изгнанник рая пролетел: Под ним Казбек, как грань алмаза, Снегами вечными сиял, М. Ю. Лермонтов. Демон Сывӕллӕттӕ, баххӕст ма кӕнут хъуыдыйӕдтӕ. Зындгонд ирон фыссӕг Тугъанты Батырбег райгуырд…. Йӕ фыд Аслӕнбег службӕ кодта паддзахы ӕфсӕдты рӕнхъыты, … уыдис тынг … . Батырбег бирӕ уарзта йӕ хъӕу. Сӕ … лӕууыд бӕрзонд рагъыл, хъӕды ӕрдузмӕ хӕстӕг. Ардыгӕй хорз зындысты бӕрзонд урс хӕхтӕ, рӕгътӕ ӕмӕ къуылдымтӕ. Лӕппу арӕх фӕлгӕсыд ацы ранӕй… , уыдта хурыскаст ӕмӕ хурныгуылд. Гъеуӕд базмӕлыдысты йӕ зӕрдӕйы аивады бӕрзонд тӕгтӕ ӕмӕ фӕстӕдӕр ацы пейзажон нывтӕй спайда кодта йӕ … . Хъазыбеджы хохӕн йе ‘рдӕг ис Ирыстоны зӕххыл, ӕмӕ нымад у Иры бӕрзонддӕр хохыл. Хонынц ма йӕ Сӕнайы хох. Цӕмӕн ӕй афтӕ хонынц? Тугъанты Батырбег дӕр ссардта диссаджы ныхӕстӕ Хъазыбеджы хохы рӕсугъддзинад равдисынӕн.( Кӕсы радзырды райдианы: «Бӕрзонд хохы урс сӕр алыхуызон рӕсугъд ӕрттывта ныгуылгӕ хуры арвы ӕрдынхуыз тынтӕй. Хур рааууон кодта Хъазыбеджы алыварс хӕхтыл фӕстаг тынтӕй, цыма сын тынг зын уыди кӕрӕдзийӕ фӕхицӕн кӕнын». 1) Цӕмӕн бары йӕхи Баде Хъазыбеджы хохимӕ? Цы у мӕгуыр адӕймаг ацы стыр хохы раз? 2) Куыд ӕмбары Баде адӕймаджы царды нысан? Чи йӕм кӕсы ӕцӕг адӕймаг ӕмӕ цӕмӕ гӕсгӕ? 3) Цӕмӕ бӕллыд Баде? Цӕмӕн ӕй фӕндыд ахуыргонд суӕвын? Ссарут уыцы бынӕттӕ тексты ӕмӕ сӕ бакӕсут. 4) Зӕгъут, сымах ты цӕмӕн ахуыр кӕнут? Цӕмӕ бӕллут? 5) Цы ӕрхъуыды кодта Баде, цӕмӕй йе стыр бӕллиц йӕ къухы бафта? 6)Цӕуыл худти Екка, йе ‘мбал Бадемӕ хъусгӕйӕ? 7) Цӕмӕн ӕруадысты Бадейы рустыл цӕссыгтӕ? 8) Цы ӕххуыс сты ӕрдзы ӕрфыстытӕ радзырды? 9) Цал хатты скасти Баде Хъазыбеджы хохы цъупмӕ ӕмӕ цӕмӕн? Бакӕсут радзырды уыцы бынӕттӕ. 10) Цы у монолог? Диалог? Ссарут ма тексты бынӕттӕ ӕмӕ сӕ бакӕсут. | Чиныг… Ахуырдзауты дзуаппытӕм байхъусын Байхъусын ахуырдзауты дзуаппытӕм. …1866 азы Дур-Дуры хъӕуы … ссис инӕлар-майор … хъӕздыг лӕг … дыууӕуӕладзыгон хӕдзар …ӕрдзы рӕсугъддзинӕдтыл …уацмысты Ахуырдзау бацӕттӕ кодта презентаци Сӕнайы хохы тыххӕй.(байхъусын дзуаппмӕ) Ахуырдзаутӕ дзуапп дӕттынц ахуыргӕнӕджы фӕрстытӕн.
Хохмӕ скасти ӕртӕ хатты. Фыццаг хатт: « ныгуылгӕ хуры» тынтӕ ма Хъазыбеджы хохы цъуппыл куы хъазыдысты, ахуыргонд суӕвын ӕй куы бафӕндыд, уӕд. Дыккаг хатт: «хур хӕхты фӕстӕмӕ ныттылдис, ӕрмӕст ма Хъазыбеджы хохы цъуппыл хъазыдысты йӕ тынтӕ», уӕд Ӕртыккаг хатт: мӕгуыр фыййау Хъазыбеджы хохмӕ скаст, ахӕстонӕй куы рацыд, уӕд. «Хур хӕхтыл ныттылди»… | Зонадон: æрмæгæй хъæугæ информаци исын зонын Коммуникативон: арæхсын æрмæгæй пайда кæнынмæ урочы темæ æргомгæнгæйæ Удгоймагон: ахуырӕндзинадмӕ тырнындзинадӕн аргъ кæныныл ахуыр кæнын |
Зонындзинæдтæй пайда кæныны этап Рефлекси: |
Цы хъуыдытӕ уӕм сӕвзӕрд, радзырд бакӕсгӕйӕ? -Сымахмӕ гӕсгӕ, Бадейы бӕллицтӕн кӕд сӕххӕст уӕвӕн уыд? Сымахӕн та цавӕр уавӕртӕ ис ахуыр кӕнынӕн?
Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ … Радзырд нӕ ахуыр кӕны… Царды мидӕг тырнын хъӕуы… | Ахуырдзауты дзуаппытӕм байхъусын. Ахуыр кӕнын цардыл, цӕмӕй зонӕм, цы сты хорз ӕмӕ ӕвзӕр Ахуыр кӕнын цардыл, цӕмӕй зонӕм, цы сты хорз ӕмӕ ӕвзӕр) хорздзинадмӕ | Зонадон: зонын, цы æрмæгыл бакуыстой, уымæй зонындзинæдтæ равдисын Коммуникативон: арæхсын тексты бындурыл фарстытæ сбæрæг кæнынмæ, хъæугæ информаци тексты сбæрæг кæнынмæ Удгоймагон: хæлардзинады миниуджытæн аргъ кæнын, фæзминаг æмæ фауинаг миниуджытæ иртасын . |
Хӕдзармӕ куыст |
Хӕдзары ныффыссын литературон тетрӕдты чысыл нывӕцӕн «Бадейы бӕллицтӕ». | Ахуырдзаутӕ нысан кӕнынц хӕдзармӕ хӕслӕвӕрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Открытый урок на тему"Рассказ И.С. Тургенева "Муму"
Обобщающий урок по рассказу И.С. Тургенева "Муму"Цель:1.Дать полную характеристику образу главного героя рассказа – Герасиму;показать нравственную силу Герасима, его превосходство над другими ге...
Открытый урок литературы по рассказу К.Г. Паустовского "Теплый хлеб" в 5-м классе. Тема "В дела ты добрые вложи все лучшее своей души"
Урок направлен не только на восприятие содержания рассказа, но прежде всего на воспитание таких качеств как доброта, отзывчивость, ответственность за близких и окружающих тебя людей, бережное от...
план-конспект урока литературы по рассказу Ф.А.Абрамова "О чем плачут лошади. Нравственные и этические проблемы рассказа."
план-конспект урока литературы по рассказу Ф.Абрамова "О чем плачут лошади" и применением КОЗ....
Открытый урок по теме: "Рассказ Л.С. Петрушевской "Шопен и Мендельсон" как произведение постмодернизма"
Форма урока: урок-практикумЦели урока:Познакомить учащихся с творчеством Л.С. Петрушевской.Выработать навыки анализа художественного текста (на примере рассказа "Шопен и Мендельсон".Развивать умение и...
Открытый урок. А. Твардовский "Рассказ танкиста"
Урок разработан в соответствии со стандартами ФГОС...
Конспект открытого урока по литературе "Рассказ И.С. Тургенева "Бирюк"
Открытый урокРассказ И.С. Тургенева "Бирюк" Цель: выявить связь изображения природы с внутренним состоянием человекаПланируемые результаты:Регулятивные: развитие познавательного интерес...
План открытого урока "Ахуырма тырнындзинад" по рассказу К.Дзесты "Ардхараны лавар"
План открытого урока "Ахуырма тырнындзинад" по рассказу К.Дзесты "Ардхараны лавар"...