Гом урок ирон авзагай
учебно-методический материал (2 класс)
Открытый урок по осетинскому языку во 2 классе на тему "Ударение"
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
гом урок | 18.86 КБ |
Предварительный просмотр:
Ирон æвзаджы урок 2-æм къласы.
/Ахуыргæнæг:Гусаты Эльмира/
Урочы темæ: Цавд. (Фæлхатын.)
Урочы хæстæ:
Ахуырадон: 1. Бафидар кæнын скъоладзауты зонындзинæдтæ:
а) цавды бынат ирон дзырдты.
æ) сыгъдæг æмæ растфыссынады æгъдæуттæ зонын.
Зонадон : Ног дзырдты нысаниуæгæй зонын пайда кæнын.
Хъомыладон хæс: Ныййарæг мадæн æмæ Райгуырæн бæстæйæн иу аргъ
кæнын.
Регулятивон: Скъоладзаутæн æмбæрстгод у сæ размæ æвæрд хæстæ.
Коммуникативон: 1. Скъоладзаутæ ахуыргæнæгимæ архайынц диалоджы
2. Скъоладзауты къордты куыст.
Удгоймагон: Алы скъоладзау дæр цымыдис кæны ног зонындзинæдтæ
исынмæ.
Цæстуынгæ æрмæг:
- Чиныг.
- Тетрад.
- Фæйнæг.
- Компьютер.(презентаци.)
- Карточкæтæ.
- Нывтæ.
- Музыкæ.
Урочы цыд:
I Организацион хай.
Уæ бон хорз сывæллæттæ.
Ах –г. Сывæллæттæ, ирон адæммæ уазæг у Хуыцауы уазæг, æмæ нæ буц уазджытæн
дæр æгас цæуай зæгъут.
1слайд.
С- тæ. Мах рæсугъд сбаддзыстæм,
Тынг лæмбынæг хъусдзыстæм.
Партæтыл нæ чингуытæ
Мах цæттæ стæм, хъусдзыстæм!
Ах-г. – Бузныг. Уырны мæ хорз кусдзыстут, уый.
Музыкæ
2 слайд
- Куыд хъарм сты зымæгдæр,
Мæхи гыцци дæ къухтæ!
Куы мæм дзурыс тызмæгæй .
Уæддæр кæныс ды худгæ.
Дæ цæф дæр мын нæ риссы,
Фæнды мæ сис мæ хъусæй.
Дæ фæлмæн хъарм хъæбысы
Нынныгъуылын тæрхъусау.
Ах-г -Сымахмæ гæсгæ, мæ къонатæ,цæуыл дзурдзыстæм нæ урочы? Кæй кой
кæндзыстæм?
С-тæ Гыццийы кой.
Ах-г -Ныртæккæ та гыцийы куыд хонæм?
С-тæ -Мамæ.
Ах-г Тынг раст сывæллæттæ нæ урочы дзурдзыстæм мады тыххæй, уыимæ та
ныффидар кæндзыстæм рацыд æрмæг «Цавд» æмæ цавды гъдæуттæ
3 слайд ирон æвзаджы.
4 слайд - Нæ урок райдайдзыстæм фонетикон зарядкæйæ. (Дзурынц кавказаг
дамгъæтæ).
Ах-г -Сывæллæттæ фыссæм абоны нымæц.
Дзырдуатон куыст. Сывæллæттæ, нæ абоны урочы сымах сæмбæлдзыстут
мæнæ ацы дзырдыл.
Хъазардæр (иумæ йæ кæсынц)
Ах-г -Цæй уæдæ акусæм сыгъдæгфыссынадыл.
5слайд М – йæ райдайы дзырд «Мад»
Ах-г М – йæ райдайы дзырд «Мыд».
Мадау уын уæд сомбон кад.
Мыдау адджын уæд уæ цард!
Ах-г - Сывæллæттæ абон та цавæр дамгъæ фысдзыстæм?
С-тæ - Дамгъæ М.
Ах-г -Зæгъут ма мын, æппæтæй зынаргъдæр сымахæн чи у? Кæй уарзут æппæтæй
фылдæр?
С-тæ -Мады.
Ах-г - Мадæй зынаргъдæр, мадæй хæстæгдæр, мадæй уарзондæр адæймаг ничи у.
- Сывæллæттæ, уæ цæстытæ ма сæхгæнут… Уæ цæстытыл ауайын кæнут уæ
мады. Æмæ уæ алчидæр иу дзырдæй зæгъæд, йæ мад уæ кæмæн цавæр у?
С-тæ Рæсугъд, хорз, фæлмæн, дзæбæх, уарзон.
Ах-г Диссаджы дзæбæх дзырдтæ. Цæй уæдæ сæ ныффыссæм тетрæдты. ( Алчи йæ
дзырд уæнгай дзуры.)
Ама уæдæ æххæст ма сыл цавд дæр сæвæрæм. Фæлæ уал мын зæгъут:
- Цавд цы у?
Сæвæрут ныр цавд. Бакæсут ма сæ.
Ах-г - Цавд кæуыл хауы уыдон сты цавдон уæнгтæ.
- Цавд кæуыл нæ хауы уыдон та цавæр уæнгтæ сты?
Ах-г - Нæ урок мады номимæ баст кæй у, уый тыххæй уын æз дæтдзынæн
фæрстытæ. Сымах та сын ратдзыстут дзуапп. Уæ бон у иумæ дæр дзуапп
дæттат.
6 слайд - Мах нæ зæххон стъалы кæй хонæм?
Ах-г С-тæ - Мады.
- Мах нæ хуыздæр зарæг кæуыл зарæм?
- Мадыл.
- Мах сырх дидинджытæ кæмæн тонæм?
- Мадæн.
- Мах хуримæ кæй барæм?
- Мады.
Ах-г Ама уæдæ райсæм дзырд мадæн æмæ йын уæнгон – мырон анализ
скæнæм.
Мадæн – 2у; 5 м; 5 д; 2 хъ; 3 æмхъ.
Иу хатт ма зæгъæм цы хонæм мыртæ, дамгъæтæ.?
Дзырды цал уæнджы вæййы?
Ах-г -Сывæллæттæ, сымах зонут Мад æмæ Райгуырæн бæстæйæн иу аргъ кæй
ис, уый.
7 слайд Æмæ сын хъуамæ Райгуырæн бæстæйæн дæр, æмæ Мадæн дæр стыр аргъ
кæнæм.
- Æркæсæм ма чингуытæм 115-æм фæлтæрæнмæ. Бакæсæм ацы
рæнхъытæ. (кæсынц.)
- Ацы рæнхъыты хъуыды бамбарæн ис афтæ: æмæ Мады дæр, Райгуырæн
бæстæйы дæр уарзын хъæуы хи уды хуызæн. Фæлæ уæддæр Райгуырæн
бæстæ зынаргъдæр. Уый тыххæй æмæ уый у нæ иумæйаг мад.
- Дзырд Райгуырæн – ма авзарæм. Сæвæрæм цавд. Адих æй кæнæм
уæнгтыл.
Ах-г -Сывæллæттæ, сывмахæй уæ алкæйы дæр тынг бирæ уарзы йæ мад. Гъе,
фæлæ сæ сымахдæр афтæ тынг уарзут цыма?Уарзут сæ
С-тæ - О.
Цæмæй бæрæг у? (Сывæллæтты дзуæппытæ.)
Ай диссаджы хорз сывæллæттæ куы стут, диссаджы!
- Хорз акуыстат, цæй ныр та аулæфæм.
8 слайд Улæфты рæстæг.
Ах-г Ныр та ракæсут фæйнæгмæ. Фæйнæгыл ис дзырдтæ. Алы рæнхъмæ дæр
Иу сывæллон рауайдзæн.
Адих кæндзæн дзырд уæнгтыл, сæвæрдзæн цавд. Æмæ йæ бамбарын
кæндзæн цавд æвæрыны гъдау.
Саби ныййарæг зæрдæ
Ах-г - Уæ мадæлты тынг кæй уарзут, уый æз бамбæрстон. Æмæ уæдæ дзырд
Мадимæ æрхъуыды кæнут дзырдбаст.
9слайд - Ныр та уæдæ иу дзырдбастимæ æрхъуыды кæнæм хъуыдыйад. Æмæ йæ
фæйнæгыл ныффысæм.
-Хъуыдыйад цавæр дамгъæйæ райдайæм фыссын?
- Ноджыдæр ма стыр дамгъæйæ цы фæфыссæм?
Ах-г - Цæйма уæдæ ныр та бакусæм къордгай.
- Æз уын ратдзынæн дзырдтæ, сымах дзы саразут хъуыдыйæдтæ.
- Алы къордæй дæр иу адæймаг бакæсдзæн, цы хъуыдыйад сарæзтат,
уый.
- Хахх цы дзырдты бын ис, уыдоны цавд сæвæрут. Иумæ сæ уæнгтыл
адих кæнут.
Æз бирæ уарзын мæ фæлмæнзæрдæ мады.
Ацы дунейы ма мадæй хуыздæр нæй.
Мах хъуамæ аргъ кæнæм нæ зынаргъ мадæлтæн.
- Хорз сарæхстыстут ацы куыстмæ дæр.
Ах-г -Уæдæ ма ракæсут фæйнæгмæ. Фæйнæгыл уынут мады ныв. Йæ
бынмæ та бирæ алыхызон
нывтæ. Уæ мады цавæр нывимæ абариккат, уый райсут æмæ йæ
баныхасут мады нывыл.
(хуртæ, мæйтæ, стъалытæ.)
- Бæрæг у уæ мадæлты бирæ кæй уарзут, уый.
Кæронбæттæн.
Ах-г - Уæдæ абон нæ урок кæронмæ æрхæццæ.
- Зæгъут- ма , уæ зæрдыл цы бадардтат?
- Цы ахæсдзыстут урокæй.
Сæйрагдæр та базыдтам, мад æппæтæй зынаргъдæр кæй у, уый. Мад
æмæ Райгуырæн бæстæ.
бæстæ адæймагæн æмхуызон зынаргъ кæй сты.
Ах-г Уæдæ уарзут уæ мадæлты! Æххуыс сын кæнут.! Коммæ сæм кæсут.
Æмæ уæ рауайдзæн хорз сывæллæттæ.
Хæдзармæ куыст.
Ах-г Хæдзармæ уын дæттын 122- -м ф-лт-р-н.
Рефлексия.
Ах-г Æрмæг уæ хорз чи бамбæрста, уыдон сисдзысты сырх сигналон
карточкæтæ.
Лæмæгъдæр чи бамбæрста, уыдон та кæрдæгхуыз сигналон
карточкæтæ.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстад.
Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстад. Урочы нысантæ:Скъоладзауты зонындзинæдтæ ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады тыххæй фæхъæздыгдæр кæнын;Раст, æмбаргæ æмæ аив кастыл бакусын; бакусын скъоладзауты дзургæ ныхас...
ГОМ УРОЧЫ ПЛАН ИРОН ÆВЗАГÆЙ
План-конспект открытого урока по осетинскому языку в 1-ом классе...
Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема :"Дыргъта"
Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема: "Дыргъта"....
урочы пълан ирон авзагай
Аргъау "Чи кам уыдис сарды"....
Конспект урока "Рагон ирон хаедзар"
Урок составлен по программе полилингвального образования...
Ирон кæсыны урок
Презентация и план урока Ирон кæсыны урок...
Технологическая карта урока литературного чтения "Ирония. М.М.Зощенко «Великие путешественники»" (УМК "Школа России", 3 класс)
ТИП УРОКА: «открытие» нового знания.ЦЕЛЬ УРОКА: закрепление у обучающихся читательской компетентности в процессе изучения рассказа М.М.Зощенко.ЗАДАЧИ:Дидактические:1. Закрепить у обучающих...