ГОМ УРОЧЫ ПЛАН ИРОН ÆВЗАГÆЙ
план-конспект урока (1 класс) на тему
План-конспект открытого урока по осетинскому языку в 1-ом классе
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
gom_urochy_plan_iron_aevzagay.docx | 19.66 КБ |
Предварительный просмотр:
ГОМ УРОЧЫ ПЛАН
ИРОН ÆВЗАГÆЙ
Темæ: Мыр æмæ дамгъæ «къ»
Урочы нысан: бацамонын сывæллæттæн мыр æмæ дамгъæ къ ; сахуыр кæнын сывæллæтты «къ»-имæ уæнгтæ æмæ дзырдтæ кæсын ; дзырдуатон куыст бакæнын ; хъомыладон куыст .
Цæрмæг : абеты чиныг , нывтæ, къори , лыггонд дамгъæтæ æмæ уæнетæ , кассæтæ .
Урочы цыд
I Орг. Хай.
- Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.
–Ирон кæсыны урочы фæстаг хатт цавæр мыр æмæ дамгъæ базыдтам? (ахуыр кодтам мыр æмæ дамгъæ дз )
-Чи йæ ссардзæн лыггонд дамгъæты æхсæн?
Дз цавæр мыр у хъæлæсон æви æмхъæлæсон?
Дз – у æмхъæлæсон мыр .
-Чи æрхъунды кæндзæн дз кæм уа ахæм дзырдтæ?
-Саразæм ма лыггонд дамгъæтæй дзырд дзабыр ( адих кæнын уæнгтыл , иумæ йæ зæгъын хъæрæй ).
-Бакæсæм ма йæ иумæ .
-Бакæсæм уæнгтæ : дза, дзо , дзы , дзу.
-Байгом ма кæнут уæ чингуытæ 1-аг цаджындзы 1-аг дзырды бын сæвæрут уе’нг уылдзтæ .( кæсынц сывæллæттæ уæгæй ).
Физминутка .
II. Ног æрмæг .
- Беседæ нывтæм гæсгæ .
– Цы уынут нывы?
–Кæмæ уæ ис къамбиц?
–Цы пайда у къабиц?
Къамбиц хæдзарон фос у. ис ын къæдз сыкъатæ. Фидар къæхтæ. Хæры кæрдæг. Йе’хсыр у хæрзад æмæ сойджын. Йæ дзидза дæр у хæрзад.
–Чи сараздзæн хъуыдыйад дзыр къамбец кæм уа ахæм?
–Къамбец хæры кæрдæг.
–Цал дзырды ис ацы хъуыдыйады? (3 дз.)
–Зæгъæм ма дзырд къамбец уæнггай: къам – бец.
– Цал уæнджы дзы ис? (2 уæнджы)
–Цавæртæ? (къам, бец).
–Зæгъæм ма фыццаг уæнг иумæ, (дыккаг).
–1 – уæнджы 1 – мыр цавæр у? (къ).
–Кæцы уæнджы ис къ?
–Цы уынут нывы? (къаба).
–Зæгъут ма йæ иумæ уæнггай.
–Ног мыр кæцы уæнджы ис?
–Кæцы мыр у?
– Цы уынут нывы? (фæткъуы).
–Зæгъут ма йæ уæнггай
– Мыр къ кæцы рæнхъы ис?
– Мыр къ у æмхъæлæсон, бахъуыды йæ кæнут.
– Мыр къ нысан кæнæм мæнæ ахæм дамгъæйæ.
–Саразæм ма уæнг къа лыггонд дамгъæйæ.
–Бакæсæм ма йæ иумæ.
– Цы уынут нывы? (къæлæу).
–Зæгъут ма йæ иумæ уæнггай. Ног мыр кæцы уæнджы ис? (зокъо).
–Зæгъут ма дзырд уæнггай.
–Кæцы уæнджы ис мыр къ?
2. Дзырдуатон куыст.
Къæлæт.
–Исчи зоны Къæлæт цы у, уый? (Къæлæт у галы ифтындзæн дзаума).
Къори – (хъæдæй къори.)
Къалати – цъиуы ахстон (къалатийы ныв равдисын).
3. Нывмæ гæсгæ куыст. «Уалдзæг».
– Цы уынут нывы?
– Ранымайут ма æрдзы ивддзинæдтæ уалдзæджы. Цъиутæ тæхынц хъарм бæстæй. Се’рбацыдмæ сын саразын хъæуы къалатитæ.
–Сымах та уæхи куыд цæттæ кæнут мæргъты æрбаздæхынмæ?
4. Ахуыгæнæджы каст. (сыв – ты чингуытæ сты æхгæд).
–Байгом кæнут уæ чингуытæ. Кæсынц уæнгтæ: къа, къæ, къу, къы.
–Сымах та куыд фæзилут чысыл дзыкъытæм
–Æхсыр сын фæдæттын.
Кæсынц иугай дарддæр.
– ныртæккæ сахуыр кæндзыстæм æмдзæвгæ æнæ чиныгимæ кæсгæйæ.
5. Нывмæ гæсгæ аразынц къалати.
– Цавæр афæдзы афон у ныртæккæ?
– Нывы та цавæр афæдзы афон æвдыст цæуы?
III. Урочы кæронбæттæн.
– Ацы урочы цавæр мыр æмæ дамгъæ базыдтам?
– Цавæу у, хъæлæсон æви æмхъæлæсон?
– Æрхъуыды кæнут дзырдтæ дамгъæ къ – имæ.
Х/К. Бакæсын чиныджы æрмæг.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема :"Дыргъта"
Гом урочы пълан ирон авзагай 4 къласы. Тема: "Дыргъта"....
урочы пълан ирон авзагай
Аргъау "Чи кам уыдис сарды"....
Уроч чтения Сказка о царе Салтане 3 класс
Урок 3 класса по чтению. Сказка о царе Салтане...
Урочы темᴂ: "Цᴂрᴂгойтᴂ нᴂ фарсмᴂ. Номдар.
Цᴂрᴂгойтᴂ....
Доклад на тему: «Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»
Доклад на тему:«Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»...
3 раздел. План методической работы. План участия в методических и профессиональных мероприятиях федерального, регионального, муниципального уровней. План участия в работе РМО учителей начальных классов.
3 раздел. План методической работы.План участия в методических и профессиональных мероприятиях федерального, регионального, муниципального уровней.План участия в работе РМО учителей начальных классов....
Урочы технологон картæ
хауанта...