Ирон кæсыны урок
презентация урока для интерактивной доски (4 класс)
Презентация и план урока Ирон кæсыны урок
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
iron_kaesyny_urok_4.docx | 23.56 КБ |
urok1.pptx | 2.71 МБ |
Предварительный просмотр:
Ирон кæсыны урок 4 –æм къласы.
Урочы темæ. Таурæгъ «Мады зæрдæ».
Урочы хуыз: Урок –тæрхæттæ,иртасæн куысты элементтимæ.
Урочы хæстæ: ног æрмæг бацамонын,бамбарын æмæ дзы пайда кæнын:
-эмоциалон аив ныхасы рæзтыл бакусын,
-хъуыды кæныныл фæцалх кæнын,
-хатдзæгтæ аразын,
- -алы куысты хуызтæй арæхсын пайда кæнын, хи хъуыды бафи
-дар кæныны тыххæй,
-скъоладзаутæм хи цæстæнгас гуырын кæнын,
-зонын кусын индивидуалон ,фронталон æмæ къордты,
куысты хуызты.
Хъомыладон хæс: Разæнгард кæнын скъоладзауты хъæбулы хæстæзонын
æмæ æххæст кæнын ныййарджыты раз.Таурæгъон æмæ
историон хъайтарты фæлгонцтыл æнцойгæнгæйæ,зонгæ
канын разга фалтары на адамы удварны хазнатима: на ра
гуыран бастам,фыдалты хорз агъдауттам ама на мадалон
авзагма.
Урок ифтонг у: 1. 4 –ам къласы чиныг.
2. Компьютер.
3. Презентаци.
4. Фонограммата.
5.Текст «Задалескы Нана».
Урочы цыд:
1..Бацаттаганан растаг.
Ахуыргӕг: Абон нам саккаг кодтой на республикайы ахуыргӕнджыта ӕмӕ сын салам раттам.
(Хъуысы сабыр музыка. Ахуыргӕнаг дзуры ӕмдзавгӕ « Мады ном» -ай иу строфа.
Тахудиаг йӕ цин ӕмӕ йӕ равдыдай
Кӕмӕн бантыст дӕу самондджын кӕнын
Фӕлӕ нын хай куы нал вӕййы дӕ уындӕй
Уад ехх мӕ бон куыд тынг зын у цӕрын.
Ахуыргӕнӕг.Куыд уӕм касы ӕна кӕмӕй свӕййы зын цӕрӕн ацы заххыл?
Скъоладзаутӕ: -ӕнӕ мад,
- мад куы нал вӕййы,уӕд,
- сывӕллон сидзӕрай куы баззайы ,уӕд.
Ахуыргӕнӕг: На абоны урокӕн эпигрӕфан ӕз равзӕрстон Чеджемты Ӕ ӕмдзӕвгӕйа иу строфа.Бакасам ма йӕ.
О мад,сыгъзӕрин мад, дӕ хӕрзтай
Ды каныс кӕстӕрты ӕнгом
Тӕхуды зарӕджы ныхӕстай,
Ӕнусон чи скӕны да ном.
Ахуыргӕнӕг: Цаима абары поэт йа мады ӕмӕ цӕмӕн?
Иумӕ: Сыгъзӕринима.
Скъоладзау: Уымӕн ӕмӕ сыгъзӕрин у зынаргъ,у хъӕздыгдзинады нысан,хурау цӕхар калы.
Ахуыргӕнӕг: Хъӕздыгдзинад алчи йӕхирдыгонау ӕмбары.На зардыл мА ӕрлаууын кӕнам нӕ хӕдзарма куыст.
Слайд «Паддзах ӕмӕ уызын».
Ахуыргӕнӕг: Цавар фарстата нӕ даттынц ӕнцой паддзахӕн?
Скъоладзау: Паддзахы тынг фӕндыд базонын чи у ӕппӕты хуыздӕр,рӕсугъдар ӕмӕ хъӕздыгдар.
Скъоладзау: Иутӕ паддзахы зардӕ балхӕныны тыххай дзырдтой: «Ӕппӕтай хуыздӕр ӕмӕ расугъддӕр,хъӕздыгдар ды дӕ».
Скъоладзау: Цамай сӕм паддзах хорз цӕстай ракӕса,уый тыххӕй кодтой ахӕм ныхӕста.
Скъоладзау; Йӕхима зондджын чи касти,уый дӕр хуыдта паддзахы ӕппӕты хуыздӕр,расугъдӕр ӕмӕ зондджындӕр,фала сегасай зондджындар разынд
уызын.
Ахуыргӕнӕг: Гыццыл уызын ссардта зондджын дзуапп.Ацы ран цавӕр ӕмбисонд хъуамӕ ӕрлӕууын кӕнам нӕ зӕрдыл?
Скъоладзау: «Зонд стырӕй ,гыццылӕй нӕу»
Скъоладзау: Зонд стырӕй гыццылай куы уаид,уад теуа йе назондай на фесӕфтаид.
Уызыны руаджы ныр мах дӕр зонам чи у ӕппаты хуыздӕр,рӕсугъдӕр,хъӕздыгдар.
Ахуыргӕнӕг:ӕппатай рӕсугъд ӕмӕ хъаздыгдӕр кӕй ис схонӕн?
Скъоладзау: Ныййарӕджы,мады ,схӕссӕджы.
Ахуыргӕнӕг: радзурут ма мын ирон ӕмбисӕндтӕ мады,ныййӕрӕджы тыххӕй.
Скъоладзаутӕ: Мадӕн йа ралгъыст дӕр арфӕ у.
Мады бӕллиц_цоты хур.
Мады рӕвдыд адджын у.
Мады рӕвдыд дурмӕ дӕр хъары.
Мады зӕрда хъӕбул зоны.
Мады зӕрда зонаг у.
Ахуыргӕнӕг: Мады зӕрда зонаг фӕхонынц.Цымӕ хъӕбулы зӕрда та?
Цы у ӕппӕтай фӕлмӕндар?(Мады хъӕбыс)
Цы у ӕппӕты ӕхсызгондӕр? (Мады рӕвдыд)
Цы у ӕппатай фӕлмӕндар?(Мады рӕвдыд)
Цы у ӕппатай хӕлардӕр? (Мады къухтӕ)
Ахуыргӕнӕг: Цымӕ мады уыцы бира хорздзинадтӕ алчидӕр ӕмбары?
Дзырдуатон куыст: Къулбӕрзӕйа,идӕдзай,фындзыбыл фӕмил,цалхыдзагӕй,ӕдзынӕгӕй.
Ахуыргӕнӕг: Бакӕсам ма чиныджы таурӕгъ.
Ахуыргӕнӕг: Цавӕр ӕнкъарӕнта уӕм равзӕрын кодта ацы таурӕгъ
Скъоладзауты дзуӕппыта.
Ах уыргӕнӕг :Цавӕр аргъ скӕниккат на таурӕгъы архайджытӕн?(слайд)
Ахуыргӕнӕг: Сымах та уа мадӕлтан цавӕр аргъ кӕнут,уый ма мын уӕ фыстӕджытай бакӕсут.
Слайд . Мадӕлты нывтӕ.
Ахуыргӕнӕг: мад ӕмӕ хъӕбулы ӕхсӕн ис ӕрдзай лӕвард ӕнгом бастдзинад ӕмӕ карӕдзийы ӕнкъарынад.уый афтӕ кӕй у,уый бӕраг у уымӕй дӕр ӕмӕ нӕ зындгонд поэт,на иры стъалы Хетӕгкаты Къ. Кад йӕ мады на зыдта ӕма йӕ кӕд уынгӕ дар никуы фӕкодта уӕддар ын иттӕг хорз равдыста йӕ сурат йӕхи конд нывы.
Ахуыргӕнаг:Уӕда куыннӕ ӕрлаууын канам нӕ зӕрдыл Гӕзданты авд ӕфсымӕры мады дӕр.
Абон дӕр ма сӕхи ӕхсынц сӕ цӕссыгӕй Бесланы скъолайы цы ӕнахъом сабитӕ фӕмард лӕгсырдты къухӕй,уыдоны ныййарджытӕ.
На зӕрдыл ма ӕрлаууын канӕм Ирыстоны иумӕйаг мад Задалескы Нанайы сгуыхтдзинад.Ахуыргӕнӕг кӕсы текст.
Ахуыргӕнӕг: Ӕрцыд на урокӕн хатдзӕгта скӕныны рӕстаг.Ахъуыды ма кӕнут ӕмӕ зӕгъут,куыд ис схонӕн нӕ урочы темӕ ӕмӕ цӕман?
Скъоладзаута:- Аз ӕй схонин ныййарӕг мад.
-Аз та йӕ схонин мады зӕрдӕ,уымӕн ӕмӕ абон цы таурагъ к
тыстӕм уый дӕр афтӕ хуыйны.
-Мад- ӕз та йӕ афта схонин,уымӕн ӕмӕ урочы дзурм ныййарӕ-
джы тыххай.
Равдисын слайд.
Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ кӕй схонӕн ис мад?
Скъоладзаута: Ныййарӕг схонӕн ис ӕрмӕст сывӕллон чи ныййардта уыдоны нӕ ,фӕла ма хъомыл дӕр чи скӕны,уыдоны.
Ахуыргӕнӕг: Ныхасы бар раттӕм на лингвисттӕн.
-Абон мах базыдтам ног дзырдтӕ.Бафӕндыд на базонын дзырд»мад» иннӕ ӕвзагтыл куыд хъуысы ,уый.
Иронау-мад.
Уырыссагау-мать.
Немыцагау-мутте.
Англисагау-мазе.
Фольклористтӕ:
Урочы базыдтам бира ӕмбисандтӕ.Бакастыстам таурӕгъ.Ӕрцыдыстам ахӕм хатдзӕгмӕ:нӕ адӕмы сфӕлдыстад у тынг хъӕздыг,хъӕуы дзы пайда кӕнын ӕмӕ хъахъхъӕнын.
Предварительный просмотр:
Подписи к слайдам:
О, мад,сызгъ æ рин мад, д æ х æ рзтǽй Ды к æ ныс к æ ст æ рты æ нгом, Т æ худы зар æ джы ных æ ст æ й, Æ нусон чи ск æ ны д æ ном!
Цы у æ пп æ т æ й ф æ лм æ нд æ р ?
Цы у æ пп æ т æ й æ хсызгонд æ р ?
Къулбæрзæйæ Идæдзæй Фындзыбын фæмил Тъæсчъы Цалхыдзагæй Æдзынæгæй
МАД Л Æ ППУТ Æ ЧЫНДЗЫТ Æ
Ныййар æ г мад Мады з æ рд æ Мад
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Чудеса Иисуса Христа Исцеление сына царедворца и воскрешение сына вдовы
Урок ОПК №20 во 2 классе по программе А.В.Бородиной...
Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстад.
Темæ: Ирон адæмон сфæлдыстад. Урочы нысантæ:Скъоладзауты зонындзинæдтæ ирон адæмон дзургæ сфæлдыстады тыххæй фæхъæздыгдæр кæнын;Раст, æмбаргæ æмæ аив кастыл бакусын; бакусын скъоладзауты дзургæ ныхас...
ГОМ УРОЧЫ ПЛАН ИРОН ÆВЗАГÆЙ
План-конспект открытого урока по осетинскому языку в 1-ом классе...
Доклад на тему: «Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»
Доклад на тему:«Бынæттон æрмæгæй пайда кæнын ирон æвзаг æмæ кæсыны урокты»...
Конспект урока "Рагон ирон хаедзар"
Урок составлен по программе полилингвального образования...
Гом урок ирон авзагай
Открытый урок по осетинскому языку во 2 классе на тему "Ударение"...
Технологическая карта урока литературного чтения "Ирония. М.М.Зощенко «Великие путешественники»" (УМК "Школа России", 3 класс)
ТИП УРОКА: «открытие» нового знания.ЦЕЛЬ УРОКА: закрепление у обучающихся читательской компетентности в процессе изучения рассказа М.М.Зощенко.ЗАДАЧИ:Дидактические:1. Закрепить у обучающих...