Конспект урока по родному (осетинскому языку) Тема: "Номдар"
план-конспект урока (3 класс)

Конспект урока по родному (осетинскому языку) Тема: "Номдар"

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon nomdar_2_klas.doc61.5 КБ

Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 3-æм къласы

Урочы темæ: «Куыст – царды цин»

Грамматикон темæ: «Номдар»

Урочы  нысантæ

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.

Урочы хуыз

Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: зонын номдар арын хъуыдиæды дзырдты хсæн, номдарты  ахадындзинад ныхасы æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын.

Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын.

Регулятивон: нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси.

Удгоймагон:  куыстмæ  уарзондзинад  гуырын кæнын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, чингуытæ, карточкатæ.

                                                           

   Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Организацион

хай

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

--- Мæ хæлæрттæ, цæттæ стут урокмæ?

Cалам дæттынц

Удгоймагон:

(æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

---Нæ урок райдайæм къæйтты куыстæй.

Уæ разы ис карточкатæ дыууæ хуызы нывимæ. Æркæсут сæм æмæ зæгъут, цæмæй хæцæн кæнынц.

 ---Бакастыстут? Зынæмбарæн дзырдтæ дзы ис?

Цæмæн хонынц хъæдхойы «хъæды гыццыл дохтыр»?

---Цæмæй хицæн кæнынц ацы нывтæ?

---Цавæр ныхасы хаймæ хауынц?

---Уæдæ, абон цавæр ныхасы хайыл дзурдзыстæм?

Скъоладзау кусынц карточкатимæ

- Дзурынц сæ хъуыдытæ.

- иу нывыл ис удгоймаг номдарта, иннæуыл

Регулятивон

(ахуырадон нысан æвæрын)

Коммуникативон:

(хи хъуыды æргом кæнын)

Удгоймагон:

(кæрæдзийæн æххуыс кæнын, хъæдхой æрдзæн æххуыс у, уый æмбарын)

Актуализаци

(зæрдыл æрлæууын кæнын рацыд æрмæгæй дарддæры куыстæн цы хъæуы, уыцы зонындзинæдтæ)

---Ныр та райхалæм дзырдбыд. (3 слайд)

--- Цавæр дзырд нын рауад?

---Мах абон дзурдзыстæмномдарыл, ахуыр кæндзыстæм тексты сæ агурын, стæй сæ ныхасы раст пайда кæнын.

Скъоладзаутæ халынц дзырдбыд.

Зонадон:

(рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын)

Коммуникативон:

(хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Физкультминуткæ

---Гыццыл аулæфæм æмæ нæ куыст адарддæр кæнæм.

 Кæнынц физминуткæ

Удгоймагон:

(баулæфын)

Ног æрмæгыл куыст.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

---Куыд уæм кæсы, цæмæн нæ хъæуынц номдартæ?

---Ныр та æндæр текстимæ бакусæм. Къордты куыст. (слайд)

3 къорды. Хæслæвæрд: стъæлфыты бæсты сæвæрын хъæугæ дзырдтæ

Ралæууыдис…. Уары …. Дымы тыхджын ....   … у  æнкъард.  …æмбæрзт у митæй. У тынг уазал.  … кæсы, фæлæ нæ тавы.

Дзырдтæ спайда кæнынæн:  зымæг, мит, дымгæ, æрдз, хур.

---Цавæр ныхасы хаймæ хауынц спайдагонд дзырдтæ?

---номдаримæ  базонгæ стут фыццæгæм æмæ дыккаг  кълæсты. Цы ма дзы  хъуыды кæнут?

- Цæмæй нæ  ныхас уа рæсугъддæр, ирддæр, хуызджындæр.

Кусынц къордты.

Зонадон:

(рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын)

Удгоймагон:

(сырддонцъиуы пайда бамбарын)

Чиныгимæ куыст

---Абарæм нæ дзуæппытæ чиныджы  æрмæгимæ.

Чиныджы кæсынц номдары тыххæй зæрдылдаринаг

Регулятивон : (чиныджы хъæугæ информаци ссарын) 

Зонадон:

(ног зонындзинæдтæ фидар кæнын)

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

Ныр та ахъазæм.

Хъазт «Дзырдтæй рæхыс». (Ахыргæнæг дзуры дзырдбаст –миногон +номдар, зæгъæм: рæсыгъд чызг. Фыццаг скъоладзауæн йæ хæс у баивын миногон æндæрæй, зæгъæм: бæрзонд чызг. Дыккаг ивы номдар: бæрзонд бæлас. Æртыккаг – ногæй миногон æмæ афтæ кæронмæ ахæццæ кæнын.

Хъазынц

Зонадон:

Номдар æмæ миногон фидар кæнын; миногонтæй раст пайда ахуыр кæнын)

Коммуникативон:

(дзырдуат хъæздыг кæнын)

Удгоймагон

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

---Чиныджы æрмæгыл æнцойгæнгæйæ скæнæм кластер номдарæй.

                         номдар

цы нысан  цавæр фæрстытæн   хъуыдыйады                                                                            

кæны?        дзуапп дæтты?        цавæр уæнг

                                                      вæййы?

предметы       цавæр?               бæрæггæнæн

миниуæг       цы хуызæн?            

Кæнынц кластер

Зонадон: 

(ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын)

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Хатдзæгтæ скæнын.

--Цы базыдтат ногæй?

---Цы уæм фæкаст зындæр? Æнцондæр?

---Стыр бузныг уын. Иууылдæр тынг хорз бакуыстат.

Дзурынц сæ хъуыдытæ

Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын)

Удгоймагон:

(Нæ «гыццыл хæлæрттæм» гуманон цæстæнгасæй кæсын)

 Регулятивон:

(æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын)

Хæдзармæ куыст

Ныффыссын цыбыр нывæцæн хæдзарон цæрæгойы тыххæй. Номдарты  бын бахахх кæнын.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Конспект урока по родному (ненецкому) языку в 1 классе.

Обозначать исконно-этнический звук ненецкого языка на письме ң,Ң, формирование знаний о согласных звуках [Ӊ]   и буквах, которыми они обозначаются на письме....

Конспект урока по родному(татарскому) языку по теме "Рэвеш" 4 кл по УМК "Перспетива"

Тема: Рәвеш. Рәвеш турында төшенчә. Максат: 1.Дидактик-укучыларны рәвеш сүз төркеме белән таныштыру.2.Үстерелешле-бәйләнешле сөйләм телен, грамоталы язу күнекмәләрен, киңәшләшеп эшләү,нәтиҗә ясый...

Конспект урока по родному (татарскому)языку на тему "Ялгызлык исемнэр"

ПредметТуган тел / Родной языкСыйныф / Класс3 Дәреснең темасы / Тема урокаТема:  Ялгызлык исемнәр Дәреснең максаты / Цель урокаялгызлык исемнәр турында аңлатма бирү; исемнәрнең үзенчәле...

Конспект урока по родному(русскому) языку, 1 класс

2020 -2021 учебный годДанный конспект участвовал в конкурсе ИРО РБ....

Конспект урока по Родному (русскому) языку "Учимся общаться"

Формировать интерес к предмету родной (русский) язык.  Формировать уважительное отношение к иному мнению и иной точке зрения;    Развивать навык сотрудничества с учителем и св...

Конспект урока по родному (русскому) языку «Кто друг прямой, тот брат родной»

Конспект урока по родному (русскому) языку 3 класс на тему «Кто друг прямой, тот брат родной»...

Конспект урока по родному русскому языку в 3 классе. Тема: "Какие особенности рода имен существительных есть в русском языке. Специфика грамматических категорий русского языка."

Конспект урока по родному русскому языку в 3 классе. Тема: "Какие особенности рода имен существительных есть в русском языке. Специфика грамматических категорий русского языка."...