Темæ: «Рæдыдтыл куыст».
статья (4 класс) на тему
Выступление на методическом объединении учителей осетинского языка и литературы МБОУ СОШ № 42 г. Владикавказа
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
rad_kuyst.docx | 18.76 КБ |
Предварительный просмотр:
Выступление на методическом объединении учителей осетинского языка и литературы МБОУ СОШ № 42 г. Владикавказа
Темæ: «Рæдыдтыл куыст».
Ахуыргæнæг: Батырты З. А.
Рæдыдтыл куыст
Рæдыдтыл куыст цæуы æртæ этапы:
- Ахуыргæнæджы куыст скъоладзауты рæдыдтыл;
- Рæдыдтыл куыст урочы;
- Скъоладзауты хибарæй куыст сæ рæдыдтыл.
Ахуыргæнæг, фысгæ куыстытæн бæрæггæнæнтæ сæвæрæны размæ, сраст кæны скъоладзауты рæдыдтæ, сæ хуызтæм гæсгæ сæ къордыл адих кæны, сæ хыгъ син фæбæрæг кæны.
Скъолайы практикæ куыд æвдисы, афтæмæй ахуыргæнджыта алыхуызонæй раст кæнынц скъоладзауты фысгæ куыстыты рæдыдтæ. Пайдагонд цæуы ахæм мадзæлттæй:
- Рæдыд фыст хахгонд æрцæуы, йæ сæрмæ йын фæнысан кæнынц фысты раст хуыз (лæктæ / 1). Ацы мадзал хорзыл банымайæн ис, скъоладзауæн йæ рæдыдтæ тагъд ссарынæн æххуыс кæй у æмæ дзырдтæ ногæй нывыл кæй рафысдзæн, уымæн. Фæлæ ахуыргæнæджы ахæм «æххуыс» активон нæ кæны скъоладзауты, йæ рæдыды аххосæгтæ бамбарынæн уавæртæ нæ аразы, растфыссынады æгъдæуттыл йæ ахъуыды кæнын нæ домы. Æмæ та, уыцы дзырдтыл фысгæ куыстыты сæмбæлгæйæ, чи зоны, ногæй фæрæдийа. Уымæ гæсгæ ацы мадзалæй пайдагæнæн ис, æрмæст лæмæгъ скъоладзауты рæдыдтæ раст кæнгæйæ, кæнæ, сæ растфыссынад зын кæмæн у, ахæм дзырдтыл кусгæйæ.
- Рæдыды (дамгъæ кæнæ морфемæйы) бын хахгонд куы æрцæуа, йæ бакомкоммæ сырх хаххы æдде та æвæрд цæуы рæдыды хуыз бæрæггæнæн нысан: лæктæ / 1. Ацы мадзалы фæрцы ахуыргæнæг æххуыс кæны скъоладзауæн йæ рæдыд бафиппайынæн, йæ сраст кæнынмæ йын амоны. Арæхдæр дзы пайдагæнæн ис рцыд орфографион æгъдæуттыл бакусынæн.
- Рæдыд цы дзырды уагъд æрцыд, уый бын кæрæй-кæронмæ бахахх кæнынц, йæ бакомкоммæ сырх хаххы æдде йын йæ хуыз фæнысан кæнынц. Ахуырдзау хъуамæ йæхæдæг ссара, дзырды кæм фæрæдыд, уыцы бынат. Фæлæ ам тæссаг у, скъоладзау та ног рæдыд куы скæна, уымæй. Ацы уавæр хынцгæйæ, кустыты хуызæй пайдагæнæн ис, æрмæст тыхджын скъоладзауты куыстытæ раст кæнгæйæ, кæнæ æнæрхъуыды рæдыдтыл кусгæйæ.
- Рæдыды бын хахгонд нæ цæуы, афтæмæй рæнхъы кæрон сырх хаххы æдде нысангонд цæуы йæ хуыз. Ахуырдзау, рæнхъ бакæсгæйæ, хъуамæ йæхæдæг ссара æмæ сраст кæнæ йæ рæдыд. Пайдагæнæн дзы ис, рацыд орфографион æрмæгыл кусгæйæ, кæнæ та, æрмæст тыхджын скъоладзауты фысгæ куыстытæ æвзаргæйæ.
- Гуымиры зыгъуммæ фыст дзырд хахгонд цæуы, йæ сæрмæ та фыст цæуы дзырды раст хуыз. Зæгъæм: цъицъи-цъити.
Ахуыргæнæг рæдыдты хуызтæ бæрæггæнынæн цы нысæнттæй пайда кæны, уыдон хъуамæ зындгонд уой ахуырдзаутæн дæр. Рæдыдты хуызтæсырх хаххы æдде нысангонд цæуынц:
1 – орфографион рæдыд,
V – пунктуацион рæдыд,
н – ныхасы рæдыд,
л – логикон рæдыд,
ф – фактон рæдыд,
z – абзац (ног абзац рахицæн кæнын хъуыд),
[ ] – уæлдай дзырд,
V – дзырд уагъд æрцыд,
1, 2,3 – дзырдты рæнхъæвæрд раст нæу,
? – хъуыдыйады мидисæн бамбарæн нæй.
Орфографион æмæ пунктуацион рæдыдты бын хахгонд цæуы иу раст хаххæй, ныхасы æмæ иннæ хуызты рæдыдтыты бын та – уылæнтæ хаххæй.
Рæдыдтæ сæ хуызтæм гæсгæ къордтыл дих кæнын.
Рæдыдтæ сраст кæныны фæстæ сæ хуызтæм гæсгæ хицæн къордтыл адих кæнынц. Ацы куыст хорз æххуыс у, скъоладзаутæ фылдæр цы рæдыдтæ кæнынц, лæмæгъдæр цы растфыссынады æгъдæуттæ зонынц, уый раиртасынæн.
Ахуыргæнæг йæ фиппаинæгтæ фæнысан кæны ахæм схемайы хуызы: рæдыдты хуызтæ, оæдыдты нымæц.
Схемæйæ уæлдай ма пайдагæнæн ис æндæр куысты хуызæй дæр. Фылдæр скъоладзаутæ цы дзырдтæ фæрæдыдысты, уыдон хицæн къордтæй фыст цæуынц сæ орфографион æгъдаумæ гæсгæ.
Рæдыдты хуызтæ сбæлвырд кæнгæйæ, ахуыргæнæг раиртасы, скъоладзауты расфыссынадыл бакусынæн тынгдæр хъус цæмæ æрдарын хъæуы, уый.
Цæмæй растфыссынадыл куыст ахадгæдæр æмæ пайдадæр уа, уый тыххæй хорз мадзалыл нымад у скъоладзаутæн алкæмæн дæр йæ рæдыдты хыгъд бæрæг кæнын. Йæ фæрцы ахуыргæнæгæн бантысдзæн:
- программæйы хæйттæй, раиртæстытæй фылдæр хъус дард цæмæ хъуамæ цæуа, уый базонын;
- рæдыдтытыл куыст бæлвырд системайыл саразын;
- скъоладзаутæй алкæимæ дæр йæ расфыссынады уавæртæм гæсгæ кусын;
- хибарæй куыст фæрæвдздæр кæнын.
Рæдыдты хыгъд бæрæггонд цæуы канд сæ нымæц æмæ хуызтæ сбæлвырд кæнынæн нæ, фæлæ амоны сс аххосæгтæ раргом кæныны мадзæлттæ.
Ацы куысты хуызæн (хорз æххуыс) ахуыргæнæджы саразын хъæуы хицæн тетрад, кæнæ та аллы скъоладзауæн дæр хицæн сыф.
Кæй зæгъынæй хъæуы, ацы куыстыл ахуыргæнæг бирæ рæстæг хардз кæны. Уымæ гæсгæ йæ, æвæццæгæн æмæ, кæнын хъæуы уавæртæм гæсгæ хайгай. Фæлæ йæ фæстиуджытæм гæсгæ та у ахадгæ, пайдайаг.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Фасурокты куыст. Тема:"Ног бон".
Фасурокты куыст. Тема: "Ног бон"....
Фасурокты куыст ирон авзаджы барагбонма.
Фасурокты куыст ирон авзаджы барагбонма....
Доклад на тему: «Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»
Доклад на тему:«Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»...
Контролон куыст.
Контрольная работа...
Контролон куыст.
полугодовая контрольная для 2 класса по осетинскому языку...
Контролон куыст.
контрольная по осетинскому языку во 2 классе...
Контролон куыст.
контрольная работа 4 четврть...