Доклад на тему: «Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»
учебно-методический материал по чтению на тему

Биганова Тина Камболатовна

Доклад на тему:

«Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл mkou_so1.docx19.1 КБ

Предварительный просмотр:

МКОУ СОШ №1 ст.Змейская

Доклад на тему:

«Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»

Учитель: Биганова Т.К.

        2016г.

        Фыццаг къласмæ цы сывæллæттæ æрбацæуынц, уыдон дихгонд æрцæуынц дыууæ къордыл. Фыццагмæ фæцæуынц ахæм скъоладзаутæ, кæмæн сæ мадæлон æвзаг у ирон. Иннæ сывæллæттæ фæцæуынц дыккаг къордмæ.

        Махæн нæ хæс у, цæмæй ахæм сывæллæттæ бауарзой ирон æвзаг. Уый тыххæй кусын хъæуы тынг бирæ, алыхуызон мадзæлттæй. Иу дзы у дзырдуатон куыст.

        Райдайæн скъолайы дзырдуатон куыстæн ирон æвзаджы урокты ис стыр нысаниуæг, уымæн æмæ скъоламæ фыццаг хатт чи бацæуы, уыцы сывæллæтты дзырдуатон сконд ваййы къуындæг. Дзырдуатон куысты сæйраг нысан та у ахуырдзауты дзырдуатон хъæздыг æмæ парахат канын, практикон æгъдауæй ног дзырдтæй пайда кæнын ныхасы мидæг. Ног дзырдтæ хъæуы сахуыр кæнын, саразын дзырдбæстытæ, хъуыдыйæдтæ, ссарын сæ тексты, зонын пайда цæ кæнын.

     Зындгонд куыд у, афтæмæй, цас хъæздыгдæр у сывæллонæн йæ дзырдуатон сконд, уыййас мидисджындæр, æмбаргæдæр, растдæр æмæ рæсугъддæр у йæ дзургæ æмæ фысгæ ныхас.

      «Словарная работа – это не эпизод в работе учителя, систематическая, хорошо организованная, педагогически целесобразно построенная работа», - фыста зындгонд ахуыргонд – методист А.В.Текучев.

       Райдайæн скъолайы ахуыргæнæджы хæс у, цæмæй чысыл скъоладзауты ныхас райтынг кæна æмæ уæд сæ дзырдуат дæр хъæздыгдæр кæндзæнис.

        Фылдæр хатт афтæ дæр  вæййы æмæ сывæллон зоны хицæн дзыртæ кæсын, фæлæ сын сæ нысаниуæг нæ фæзоны. Уый тыххæй ахуыргæнæг хъуамæ æппындзухдæр куса сывæллæттæ цы дзырдтæ фæзонынц, уыдон нысаниуæг æмбарын кæныныл. Сывæллæттæ цы дзырдтæ фæзонынц, уыцы дзырдты нысан æнæмæнг хъуамæ æмбарой. Афтæ куы нæ вæййы, уæд сабитæ фæцайдагъ вæййынц æнæмбаргæйæ кæсын, дзурын æмæ уымæй тæссаг у райдиан скъолайы. Ахуыргæнинаг цыдæриддæр ахуыр кæны, уый хъуамæ арф æмбара. Райдайæн скъолайы кæстæр къласы ахуыргæнинæгтæ арæх фæхæццæ кæнынц хицæн цæрæгойты, хæдзарон мæргъты.      

      Сывæллон хатт куы фæкæсы чиныг кæнæ дзурæгмæ куы фæхъусы, уæд æм афтæ фæкæсы, цыма йын дзырдтæ зонгæ сты. Фæлæ сæ дзургæ-дзурын нæ фæпайда кæны, кæннод та сæ раст дзурын нæ базоны.

        Райдайæн скъолайы 1-2 кълæсты ахуыргæнинæгтæ арæх нæ фæпайда кæнынц, фыссыны рæстæджы сæ дзырдуаты цы дзырдтæ вæййы, уыдонæй, уымæн æмæ сын нæ фæзонынц сæ растфыссынад. Орфографион дзырдуатæй нæ фæзонынц пайда кæнын. Цы дзырдтæ фæдзурынц, уыдон куы фыссынц, уæд фылдæр хатт æруадзынц рæдыдтæ.

       Æппæт методикон амæлттæй хъуамæ баххуыс кæна ахуыргæнæг, цæмæй ахуыргæнинæгтæ дзургæ - дзурын цы дзырдтæй фæпайда кæнынц, уыдонæй уой сæ дзырдуатон сконды фысгæ – фыссындæр.

     Ахуыргæнæг æрвылбондæр алы урокыл хъуамæ куса сывæллæтты ныхасы цухдзинæдтæ сраст кæныныл. Азæй – азмæ сывæллæтты дзургæ ныхас æмæ фыст ныхасмæ хъуамæ афтæ бæлвырд нымæц дзырдтæ.

      Цæмæй сывæллæттæн сæ ныхас хъæздыг кæна, уый тыххæй хъуамæ пайда кæной ахæм фæрæзтæй:

  1. Сывæллæттæ хъуамæ сахуыр уой æрдзы рæсугъддзинад æнкъарын, æрдзы пейзажтæм цымыдис кæнын.
  2. Систематикон æгъдауæй ахуыргæнинæгтæ хъуамæ зонгæ кæной æхсæнадон царды, куысты хицæн хуызтимæ, хицæн адæймæгты архайдтытимæ.
  3. Сывæллæттæ хъуамæ сахуыр уой сæхи дарын, хистæр адæймæгтимæ ныхас кæнын.

Дзырдуатыл кусын хуызтæй сæйрагдæр сты ахæмтæ: экскурситæ, хицæн предметтыл дзурын, ног дзырдтæ æмæ æнæмбаргæ дзырдтæ амонын.

  1. Бонæй – бон фылдæр кæнын сабиты дзырдты æвæрæн.
  2. Раздæр цы дзырдтæ базыдтой, уыдоны æмбарынад бæрæг æмæ парахат кæнын.
  3. Ног дзырдтæй пайда кæнын ныхасы мидæг.

Дзырдты ахуырдзауты дзырдуаты ныффидаргæнæн ис алыхуызон фæлтæрæнты æмæ хæслæвæртты руаджы.

   Зæгъæм:

    1. Ног дзырд ныффыссын индивидуалон дзырдуаты. Сывæллон цы дзырдтæ базоны, уыдон цæмæй ма рох кæна, уый тыххæй скæнын хъæуы индивидуалон дзырдуаттæ.

    2. Ног дзырдтимæ саразын дзырдбæстытæ кæнæ хъуыдыйæдтæ.

    3. Æмбисонды цухгонд дзырдтæ бавæрын. Дзырдтæ вæййынц, сабитæ кæй зонынц, фæлæ арæх кæмæй нæ пайда кæнынц сæ ныхасы.

     4. Уыци –уыцитæм гæсгæ дзырдуатон куыст саразын. Сывæллæттæ фыссынц æрмæст уыци-уыцитæн сæ базындтæ, уыдон та хъуамæ уой ахæм дзырдтæ, кæцытæн нысаниуæг æмæ растфыссынад базыдтой æрæджы.

    Ахуыргæнæг хъуамæ æппындзух йæ цæст дара ног дзырдтæм, цавæр фæнды хæслæвæрд куы æххæст кæной ахуырдзаутæ, уæддæр. Ног дзырды базынд нæ ахицæн вæййы иу урочы. Цы дзырд базыдтой сывæллæттæ, уыимæ куыст хъуамæ дарддæр цæуа иннæ урокты дæр систематикон æгъдауæй, цалынмæ дзы равдисой иттæгцæттæдзинад сæ ныхасы пайда кæныны хъуддаджы, уæдмæ.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

конспекты уроков, доклады на темы самообразования

Открытые уроки по русскому языку и математике, доклады на темы самообразования ...

Доклад на тему:"Организация внеурочной деятельности. Преемственность начальной школы и дополнительного образования."

Выступление на круглом столе в МОУ школа № 8 г.о. Жуковский. Тема круглого стола:  "Функционирование воспитательной системы в ОУ в процессе реализации основных направлений образовательной програм...

Доклад доклад на тему: «Формирование культуры семейных отношений».

                                           Семья - один из шедевров природы                                                                           (Дж. Сантаяна,  философ)Семья - основанная на брак...

Педагогический совет по теме: "Современный урок - как основа эффективного и качественного образования". Доклад по теме: "Современный учитель"

В своей педагогической практике учителя начальной школы используют разнообразные формы, средства и методы обучения, направленные на формирование активности учащихся и способствующие повышению качества...

Доклад на тему: «Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныны мадзæлттæ»

Доклад на тему:«Цæстуынгæ æрмæгæй пайда кæныны мадзæлттæ»...

Презентация (доклад) на тему: "Развитие логического мышления учащихся при решении текстовых задач (математическое моделирование) на уроках математики в рамках реализации ФГОС НОО" (выступление с докладом на круглом столе)

Основной задачей школьного курса математики всегда являлось обучение решению текстовых задач. Решение задач занимает в математическом образовании огромное место. Умение решать задачи является одним из...