Фасурокты куыст ирон авзаджы барагбонма.
материал (3 класс) на тему
Фасурокты куыст ирон авзаджы барагбонма.
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
iron_avzadzhy_baragbonma.docx | 164.53 КБ |
Предварительный просмотр:
ФӔСУРОКТЫ КУЫСТ
Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбонмӕ.
«Мӕлӕн дын нӕй,
Нӕ фыдӕлты ӕвзаг».
Гаппуаты З.А
«Мӕлӕн дын нӕй, нӕ фыдӕлты ӕвзаг»
(Хаджеты Т.)
1-аг амонӕг.Ӕгас нӕм цӕут нӕ зынаргъ уазджытӕ. Абон Ирыстонӕн у стыр бӕрӕгбон. Нӕ бӕрӕгбон кӕнӕм нӕ уарзон мадӕлон ӕвзаджы кадӕн.
2-аг амонӕг.Ирыстон у махӕн нӕ райгуырӕн бӕстӕ. Адӕймаг цы бӕстӕйы, цы зӕххыл райгуыры уыцы фыдыбӕстӕ у йӕ ныййарӕг мад.
1-аг амонӕг.Нӕ гыццыл Ирыстоны ӕнгомӕй цӕрынц уырыссӕгтӕ сомихӕгтӕ,гуырдзийӕгтӕ, дагестайнӕгтӕ, ӕмӕ ӕндӕр адӕмыхӕттытӕ.
2-аг амонӕг.Нӕ рагфыдӕлтӕ иу афтӕ дзырдтой «Кӕй уӕрдоны бадыс,уый зарӕг кӕн»
Афтӕ нӕу?
1-аг амонӕг.Афтӕ у,афтӕ.
Хонгӕкафт.
2-аг амонӕг.Рагӕй-ӕрӕгмӕ ХетӕкатыКъоста у Ирыстоны ном ӕмӕ кад, йӕ зонд ӕмӕ йӕ уд. 15- ӕм майы 1899 азы мыхуыры рацыд йӕ чиныг «Ирон фӕндыр» кӕцы сси адӕмӕн фӕндагамонӕг стъалы. Уымӕ гӕсгӕ уыцы бон 2003 азӕй фӕстӕмӕ бӕрӕггонд цӕуы «Ирон ӕвзаджы бӕрӕгбон».
1-аг амонӕг.Нӕ рагфыдӕлтӕ нын ныууагътой хъӕздыг ӕмӕ рӕсугъд ӕвзаг. Мах дзы буц стӕм,уымӕн ӕмӕ уый у нӕ культурӕйы, нӕ лӕгдзинады,ӕмтгӕй райсгӕ нӕ адӕмы рӕзыны сӕйраг фӕрӕз. Иу ӕмӕ дыууӕ поэты нӕ загътой се мдзӕвгӕты нӕ ирон мадӕлон ӕвзаджы тыххӕй.
Рацыдысты сывӕллӕттӕ ӕмӕ дзурынц ӕмдзӕвгӕтӕ.
1-аг
Ирон ӕвзаг, ныууагътой нын нӕ фыдӕлтӕ сӕ фӕстӕ.
Ирон ӕвзаг-нӕ ныфс, нӕ кад, нӕ намыс.
Цӕуы ӕнустӕй мингай азтӕй рӕстӕг,
Уӕддӕр зӕронд нӕ дӕ ӕмӕ нӕ хъавыс.
2-аг
Ӕз ӕууӕндын рухсд унеты хуртыл
Равзӕрдис сӕ бӕллицтӕй сӕ ас.
Ӕз иронау хуримӕ фӕдзурын,
Хуримӕ фӕкӕнын ӕз ныхас.
3-аг
Ӕз тӕхын мӕ бӕллицты бӕлонау
Иры взаг-мӕ бӕллицты фысым
Ӕ зирон дӕн- дзурын ӕз иронау,
Базыдтон кӕсын ӕмӕ фыссын.
4-аг
Цард тӕхы мӕ бӕллицты уӕрдонау,
Лӕг нымайы рӕстӕгӕн йӕ цыд.
Ӕз сыгъдӕг куы фӕдзурын иронау,
Уӕд мӕнӕй ныббуц вӕййы мӕ фыд.
5-аг
Дунейы тӕккӕ стырдӕр хӕрзтӕн
У сӕ хуыздӕр мадӕлон ӕвзаг,
Чи йӕм кӕсы иунӕг боны цӕстӕй,
У гъе уый нӕ адӕмы знаг.
6-аг
Цӕмӕн ма ис сисӕн ӕвзагӕй уӕлдӕр,
Ирон ӕвзаг равзӕрдис дисӕн.
Цӕмӕн кӕнӕм не взаг нӕхӕдӕг дӕлдӕр,
Ӕвзаг куы у удты ӕвдисӕн.Худындзӕг «Лӕппу ӕмӕ нана»
Лӕппу: Ох хуыцау,рӕвдздӕр ма нӕ хӕдзармӕ куы бахӕццӕ уаин. Ацы скъолайӕ мӕ бон куынӕ уал у. Нана, о нана рӕвдздӕр. Рӕвдздӕр хӕринаг!
Нана: Рауай ма, рауай мӕ къона.
Лӕппу: Цы кӕныс нана? Де рфгуыты бынӕй мӕм цы кӕсыс?
Нана: Цал хаты дын загътон дӕхи хорз дар.
Лӕппу: Ӕмӕ та цыкодтоннана?
Нана: Абон та мӕм дӕ ахуыргӕнӕг дзырдта. Зӕг ъма, цы бӕллӕхтӕ сарӕзтай знон скъолайы?
Лӕппу: Знон?
Нана: О ,мӕ хур,знон.
Лӕппу: Ацы ахуыргӕнджытӕ хӕйрӕджытӕ куы сты нана гъе.Ӕз знон скъолайы дуарӕй кӕсгӕ дӕр куы нӕ бакодтон.
1-агамонӕг.Фӕстаг рӕстӕг мах тынг арӕх фӕдзурӕм: «Ирон ӕвзаг сӕфы»-фӕлӕ йӕ цӕмӕй сӕфтӕй, мӕлӕтӕй фервӕзын кӕнӕм ууыл ныр ахъуыды кӕнын хъӕуы.
Кӕсӕг. Автор Къадзаты с.
Ис ӕвзагӕй нал дзурӕм иронау,
Ис хъӕбулӕй не взаг у ӕвӕд.
Стыр Уырысӕн нал хизӕм йӕ ронӕй,
Удӕй мА куыд уӕм ирӕттӕ уӕд!
«Макӕй уарзт»-афтӕ ӕз нӕ дзурын.
Фӕлӕ уарзтӕй хъуамӕ мА уӕм куырм.
Зӕрдӕ дӕр цы риуӕн равзӕрд хурау.
Рухс кӕнӕд ӕппӕты фыцца уым!
Кӕсӕг.
Ирон ӕвзаг,ирон кӕрдзын
Уӕ сӕрмӕ дӕр куы нал хӕссут!
Дзӕбӕх мын ут, фӕлӕ тыхстӕй
Иронау дӕр куы нал хъӕрзут.
Йӕ хи дурӕй,Йӕбындурӕй
Ӕргъӕумӕ сыг цӕмӕн кӕлы?
Мӕ сау нымӕт, мӕ сау саргъыл
Мӕ цӕстысыг цӕмӕ згъӕлы?
Сценкӕ «Ладимхан»-3-аг кълас.
Кӕсӕг.»Мадӕлон ӕвзаг»Солтанты Руслан.
Ирон ӕвзаг ды дӕ сӕрибар,
Дӕ дзырдуат-стъалыты дзыгуыр,
Ӕмӕ дӕ хъысмӕт уӕд нӕхи бар,
Нӕхи цъӕхсна гхъӕлӕс фӕндыр.
Фӕндыримӕ у баст нӕ зарӕг,
Нӕ зарӕг мадӕлон ӕвзаг,
Бӕрзонд иу балцы систа барӕг
Ирон зарӕг хъӕлӕсы дзаг.
Скъоладзаутӕ зарынц «Песня высоких гор»
Цард нӕм–худгӕ хурау худы
Гъей тӕхуды,гъей тӕхуды
Ныр сыгъзӕрин дзырдтӕ ссар
Ирон ног зарӕ гныззар.
Пр.
Ирыстон, Ирыстон!
Мӕ уарзон Ирыстон!
Мӕ цӕстырухс,мӕ хурыскаст
Зӕрдӕ у дӕуимӕ баст.
Нӕй нӕ ур хӕхтӕй бӕрзонддӕр.
Нӕй мӕ ӕхсӕрдзӕнтӕй сомдӕр
Нӕй мӕ лӕппутӕй лӕгдӕр
Нӕй мӕ чызджытӕй хуыздӕр.
2-аг амонӕг.Фидар нын уӕд нӕ Ирыстон. Нӕхи куыд нӕ уал дихтӕ кӕнӕм ирон, дыгурон, къуыдайраг, чысайнаг-ыл, уӕднӕ иумӕйаг ирон мадӕлон ӕвзаг уыдзӕн ӕцӕг мадӕлон.Мадӕлон ӕвзаг дзыллӕйы ахсджиагдӕр тугдадзин. Мадӕлон ӕвзаг-фыдӕлты хӕзна.
ЧеджемтыӔхсарыӕмдзӕвгӕ «Мады ном ӕнусон»
1-аг амонӕг.Абон не взаджы хъысмӕтыл фӕдзырдтам. Нӕ номдзыд поэты ныхӕстӕй. Цӕмӕй нӕ Ирон ӕвзагӕн мӕлӕтӕй тас мА уа, фӕлӕ нын ирд стъалыйау ӕрттива сӕдӕгай азты, уый тыххӕй не ппӕт дӕр, кӕмӕн йӕ бон цас у ӕмӕ куыд у, афтӕ архайа, цӕмӕй махмӕ фыдӕлтӕй цыстырхӕзна ӕрцыд ,уый дарддӕр, фидӕны фӕлтӕртӕм фӕхӕццӕ кӕнын бафӕразӕм.
2-аг амонӕг.Нӕ абоныб ӕрӕгбон кӕронмӕ ӕрбахӕццӕ ӕмӕ нӕ фӕнды зӕгъын
Къостайы тугӕй фыст ныхӕсты
Ӕз федтон ивгъуыд дуджы уаг
Куыд хорз,куыд кадджын дӕ мӕ цӕсты
Нӕ ирон мадӕлон ӕвзаг!
Музыкалон номыр.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Темæ: «Рæдыдтыл куыст».
Выступление на методическом объединении учителей осетинского языка и литературы МБОУ СОШ № 42 г. Владикавказа...
Фасурокты куыст. Тема:"Ног бон".
Фасурокты куыст. Тема: "Ног бон"....
Ирон авзаджы барагбонма
Воспитательное мероприатие посвященное ко дню К.Л.Хетагурова...
Доклад на тему: «Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»
Доклад на тему:«Дзырдуатон куысты мадзæлттæ»...
Контролон куыст.
Контрольная работа...
Контролон куыст.
полугодовая контрольная для 2 класса по осетинскому языку...
Контролон куыст.
контрольная по осетинскому языку во 2 классе...