Внеклассное мероприятие
план-конспект занятия по теме

Джериева Мадина Батразовна

Равдыст Уæлахизы кадæн

«О, цас разынд хъæбатыртæ нæ Иры»!

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon ravdyst_uaelakhizy_kadaen.doc35.5 КБ

Предварительный просмотр:

Равдыст Уæлахизы кадæн.

«О, цас разынд хъæбатыртæ нæ Иры»!

Сценарийы автор: Джериаты Мæдинæ.

Залы фæлыст:

Нывтæ хæстон темæйыл, дидинджытæ, музыкалон аппаратурæ, ирон фæндыр, хи арæзт декорацитæ.

Райхъуыст фæндыры æнкъард цагъд.

Зæлынц æмдзæвгæйы рæнхъытæ:

 

О, цас разынд хъæбатыртæ нæ Иры,

Фæйнæгфарс нæ, болатбазыг ысты,

Тæхгæ нæмыг – иу ахызти йæ риуы,

Уæддæр нæ хауд лæгæвзарæн хæсты.

Рахизынц дыууæ амонæджы.

1-аг амонæг:

       -Цыдис хæст, Фыдыбæстæйы Стыр хæст. Йæ æгъатыр арты цæхæртæ схæццæ сты Ирыстонмæ дæр.

        Иры дзыхъхъы ахæм адæймаг нæ разындзæн, сау хæсты азарæй йæ хæстæг, йæ хион кæмæн нæ басыгъд… Йе та, уæззау цæфтæй бинонты дарæджы бæсты, бинонты даринагæй чи сыздæхт…

        Æрымысæм сæ абон! Нæ сæртæ æркъул кæнæм уыдоны кадджын номы цур. (Иу минут æдзæмæй алæууын).

2-аг амонæг:

        -Æртиссæдз азы рацыд, Фыдыбæстæйы Стыр хæст куы ахицæн, уæдæй нырмæ. Фæлæ ма хæсты судзгæ хъæдгæмттæ дудынц абон дæр. Нæма басур сты саударæг мадæлтæ æмæ хоты цæссыгтæ сæ хъæбулты афтид ингæнты уæлхъус.

1-аг амонæг: Плиты Грис «Авд цухъхъайы».

Сценæйыл хъазтизæр (7 лæппуйы нымæтты мидæг æмæ авд чызджы).

Ханты цагъдмæ гæсгæ ирон уæздан хонгæ кафт. Фæцыд фæдис – Левитаны хъæлæс фехъусын кодта хæст райдайыны æвирхъау хабар.

     Авд æфсымæры кæрæдзи фæдыл сæ нымæттæ аппарынц æмæ апырх вæййынц фæндарасты репликæтимæ:

- Райгуырæн бæстæ хъахъхъæнынмæ!

- Нæ бæстæйы сæрвæлтау!

- Нана!

- Æнхъæлмæ кæс!

- Хæрзбон!

- Уæлахизæй зындзыстæм!

 

        Хъуысы æнкъард мелоди, чызджытæ æрхæндæгæй сисынц нымæттæ æмæ сæ ахæссынц.

       Сценæйыл æвдыст цæуы «Авд цухъхъайы».

1-аг амонæг:

       -Цал æмæ цал ныййарæджы баззад цæргæбонты цæссыгкалгæ, цал хæдзары фæци æнæдарæг, цал æрыгон чызджы æркъул кодтой сæ сæртæ куырдуаты бадгæйæ, цал сидзæрæн райхъуыст  сæ зæрдæхалæн кæуын, цал къонайæн ахуыссыд йæ артдзæт!!!

2-аг амонæг:

      -Ирыстоны фæсивæд сæ цард нывондæн хастой сæ дзыллæйы фидæны сæрыл, сæ Райгуырæн бæстæйы цыт æмæ сæрибардзинад хъахъхъæнгæйæ. Кæд сæм адзал æххормаг сырдау ниудта, уæддæр нæ басаст сæ нæртон тых лæгæвзарæн хæсты. Сæ хъарм тугæй бафыстой Уæлахизы аргъ. Сæ кадджын ном цæрдзæн æнустæм!!!

   

         Хъуысынц æмдзæвгæйы рæнхъытæ:

Ирыстоны хæстрыстзæрдæ ныййарæг

Йæ сæфт хъæбултæй бæлццæтты фæфæрсы,

Нæма банцад йæ судзгæ дудгæ хъарæг,

Æмæ йæ цæссыг бæрзытæй лæдæрсы.

Зæлы фæндыры цагъд.(Æнкъард мелоди).

2-аг амонæг:

-Хъайтыхъты Г. «Саударæг ус».

Ахуырдзау кæсы æмдзæвгæ. Фæстаг дыууæ строфамæ сценæйы фæстаг пъланмæ  рахизынц иугай æнкъард цæстæнгасимæ уæззау къахдзæфтæй авд æфсымæры нымæтты мидæг. Æмдзæвгæйы фæстаг рæнхъытæм гæсгæ азилынц æмæ хæхтæ саразынц.

1-аг амонæг:

   

 -Фыдыбæстæйы зæххыл сыгъд зынг, æмæ стырæй, чысылæй, зæрондæй, ногæй æрбалæууыдысты кæрæдзи фарсмæ,  хæсты цæхæр бамынæг кæнынмæ.

Темыраты Д. пьесæ «Тæрхон»-æй скъуыддзаг.

(Хиконд декорацитæй фæлыст æрцыд сценæ уаты хуызы: нывгонд рудзынг, пец, тъахтин, цырагъ).

2-аг амонæг:

   

  -Иры раззагдæртæ сæ риутæй хъахъхъæнгæйæ цыдысты мæлæты фæндагыл сæрбæрзондæй, заргæ. Нæ бамынæг сæ фæндыры нæргæ хъæлæс…

     

 Баситы Дзамболат «Ныннæр, мæ хур, мæ фæндыр».

     -Цард лæвар кæмæн уыд рагæй, уыцы фыдгæнæг стыр ныфс, хъару æмæ иудзинады ныхмæ тох кæнын нæ бафæрæзта – саст æрцыд йæ тых. Бамынæг, зæххыл цы пиллонкалгæ арт бандзæста, уый.

1-аг амонæг:

     

 - Ногæй та скаст хуры цæст, ахъардтой арвы цъæхы йæ худгæ тынтæ. Уæлахиз барæвдыдта хъарм хуры тынтæй Райгуырæн зæхх. Уыцы хъарм æмæ рæвдыд кæй фæрцы стæм, уыдоны ном цæрдзæн æнустæм нæ дзыллæйы æхсæн.

Хъуысынц ныхæстæ:

Кæд нал ысты, хæстæй хъæмæ нæ цæуынц,

Уæддæр æрвон ыстъалытау цæрынц.

Ирыстоны хъæбатыртыл нæ кæуынц

Хъæбатыртыл нæм зарджытæ кæнынц.

Зарæг «Хърихъуппытæ»

2-аг амонæг:

   

 - Нæ фæдзæгъæл сæ бирæ фыдæбон фæсивæдæн. Сæ хъарм тугæй бафыстой Уæлахизы аргъ. Æмæ сæ æнæмæлгæ кад ис нæ зæрдæты, нæ хъуыдыты, нæ зарджыты… Нæ алы уæнджы фезмæлдæй дæр арæм уыдоны æнусон ном!

Зæлынц ныхæстæ:

О тохы хъайтартæ, бæгъатыр цæргæстæ,

Уæ кады бæрæгбон нæ бæстыл цæры!

Ханты цагъдмæ гæсгæ уæздан ирон кафт.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в страну иностранных слов"

Цель данного мероприятия в занимательной форме  показать разные уровни функционирования русского языка: как одного из мировых языков, как языка народов, населяющих Россию, как государственн...

Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в стран иностранных слов" Внеклассное мероприятие по русскому языку "Путешествие в страну иностранных слов"

Цель данного мероприятия в занимательной форме  показать разные уровни функционирования русского языка: как одного из мировых языков, как языка народов, населяющих Россию, как государственн...

Методическая разработка уроков и внеклассного мероприятия «Проектная деятельность учащихся на уроках развития речи и внеклассном мероприятии по теме «Русские народные промыслы»

Проектная деятельность – один из лучших способов для совмещения современных информационных технологий, личностно-ориентированного обучения и самостоятельной работы учащихся. Главное – продумать ...

Методические разработки внеклассных мероприятий по физической культуре и спорту. Методические разработки внеклассных мероприятий по физической культуре и спорту.

Аннотацияк учебно-методическим  разработкам внеклассных мероприятий  по физической культуре с использованием нестандартного оборудования. 1....

Методическая разработка внеклассного мероприятия по математике «Что такое коррупция». (8-9 классы) Внеклассное мероприятие по математике «Что такое коррупция»

Данная методическая разработка внеклассного мероприятия   «Что такое коррупция?»  составлена и применялась как внеклассное мероприятие по дисциплине “Математика»   для обучающ...

Внеклассное мероприятие, посвященное 23 февраля (военно-спортивный праздник). Внеклассное мероприятие, посвященное 23 февраля (военно-спортивный праздник). Внеклассное мероприятие, посвященное 23 февраля (военно-спортивный праздник).

-соединить спортивно-оздоровительную работу с патриотическим воспитанием   школьников   -развивать у детей мотивацию к занятию спортом   - формирование спортивных к...