Открытое мероприятие
видеоурок (10 класс)
Республиканский семинар
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
adaemon_sfaeldystady_aevidigae_suadon_-_muzykae_-_kopiya.docx | 118.64 КБ |
Предварительный просмотр:
Музыкæ - адæмон сфæлдыстады æвидигæ суадон
(РЕСПУБЛИКОН СЕМИНАР)
Цæгъды рагон музыкæ сындæггай. Стъолыл къуымы музыкалон инструменттæ, нана сæ сæрфы æмæ дзуры:
ФАТИМÆ Б:Æнусты сæрты нæм цы куырыхон хъуыдытæ æрхызт, уыдонæй иу зæгъы, ома, цæмæй адæмыхаттæн йæ миддуне банкъарай, уый тыххæй йын хъæуы æркæсын йе сфæлдыстады æрфытæм. Уым, æнæмæнг, зынгæ бынат ахсы музыкæ, уымæн æмæ уый у абоны æмæ ивгъуыдимæ цы дадзинтæй баст сты æнусты, уыцы рæхысы тæгтæй иу . Стæй уæд ивгъуыды бонты сусæгдзинæдтæм алæмæты дæгъæл.
Музыкæ у адæймаджы монцтæ æвдисæг, кæцы райхæлы, фыццаджыдæр, хъæлæсы фæрцы. Æмæ дунейыл та æппæт удгоймæгтæн сæ сæйраг музыкалон авналæн у се взаг, бæлвырддæр та- сæ мадæлон æвзаг.
Саби æрбæуад æмæ уымæ дзургæйæ…
ФАТИМÆ Б.Мæ хъæбул, йæ мадæлон æвзаг чи нæ зоны, уый нæ зоны йæ истори æмæ йæ культурæ дæр. Уæлдайдæр ацы аз нымад æрцыд культурæйыазыл…
Скъоладзау хистæрмæ дзургæйæ…
1-аг скъоладзау: Æз зонын ме взаг æмæ дæн сæрыстыр, кæй дæн ирон
Дзурынц æмдзæвгæ хъисын фæндыры цагъдмæ Гасиева æмæ Бердиев
Дидинæг кал, Ирыстон! (Аслæмырзаты Дзерассæ)
ГАСИЕВА:Мæ уд, мæ зæрдæйы цы нкъарын
Æрмæст гъеуыдоныл фыссын.
Æз иу хъуыддаг мæ зæрдыл дарын-
Мæ уарзт Ирыстонæн дæттын.
БЕРДИЕВ:Мæ дзырд, мæ зард мæ уды мидæг,
Æрмæст, мæ Иры зæхх, дæуæн.
Æнæ дæу сау æрхуым у фидæн
Куынæг æрвгæроны фæтæн.
КОТАЕВ:Мæ Иры зæхх, мæ уды стъалы,
Æз дын кæддæриддæр куывтон.
Æрмæст мын дидинæг ды калай,
Цæрай æнусмæ, Ирыстон!
2-аг скъоладзау:
Ирон дæн æз (Галуанты Людмилæ).
МИЛАНА: У махæн арвау стъалыджын нæ дзырдуат
Нæ намыс – не взаг зæрдæтæн сæ таг.
Ирæттæй нæ æрмæстдæр уымæй зонынц,
Кæй нын ис «Нартæ», «Симд» æмæ «Къоста.
ГАЛИНА Я.: Рæстæг цæуы, фæлтæр-фæлтæрты ивы, ногдзинæдтæ царды бирæ цæуылдæрты уæлахиз кæнынц æмæ сыл мæрдырох æфтауынц. Бæргæ-иу рæстæг йемæ æрмæст æвзæрдзинæдтæ куы ахæссид. Фæлæ цъæмæлты æхсæн тауынæн бæзгæ гагатæ куыд бахауой, афтæ цардæй дæр бирæ цыдæртæ фæхъæуы рæстæджы цыды, фæлтæрты æгуыдзæгдзинады фыдæй. Æмæ æрыгон фæлтæр бирæ цыдæртæ нал зонынц фыдæлты цардыуагæй, алыхуызон æмбарындзинæдтæ, дзауматæ, æгъдæуттæ…
ФАТИМА Б.: Æмæ царды ныхасæй цы арф зæрдæйы æнкъарæн нæй зæгъæн, уый равдисæм аивадæй, музыкæйæ, йæ инструментты – цæгъдæн гæрзты руаджы, мæ хъæбултæ…
Фольклор – адæмы куырыхондзинад у, уый æвзæры фыдæй – фыртмæ нæ адæмон дзургæ æмæ музыкалон сфæлдыстады, æмæ йын рохгæнæн никуыдæй ис…
Алы хæдзары дæр СТЫР ФЫД, СТЫР МАД, стæй КУВÆНДÆТТÆН, сæ БАРДУАГТÆН куыд ТАБУтæ кодтой, гъе уыцы бынаты уыдысты ацы адæмон хæзнатæ дæр. Æмæ сæ разы хъæр æнæуаг ныхас не мбæлди… Музыкалон инструменттæ хастой æппæт бæстæйæн дæр фæрныгад:
- бирæ таурæгътæн, кадджытæн, историон æмæ царды цаутæн æмбалиуæг уыдысты æмæ сæ абон фæхæццæ кодтой махмæ, нæ нын бауагътой ферох кæнын нæ цыт æмæ кады ном;
Фæйнæгыл кадæг æмдзæвгæ «Нарты фыдæл», кæсын æй райдайдзæн æфсин хъисын фæндыры цагъдмæ, стæй рахиздæн йæ кæроны зарæгмæ
КАДÆГ « НАРТЫ ФЫДÆЛ».
МАРИНА Ю.:Нарты размæ зæххыл бирæ уыд цæрджытæ, ей!
Уыдон уыдысты Уадмерытæ, Камбадатæ,Гомерытæ æмæ Уæйгуытæ,ей!
Хуыцауы зæрдæ нæ барухс кодтой æмæ сæ фесæфтæ…
Нарты Хуыцау рафæлдыста зæххыл цæрынмæ,ей!
Нарт уыдысты æртæ мыггаджы, æртæ мыггаджы, ей!
Алæгатæ, Борæтæ, Æхсæртæггатæ, ей!
Нартæн сæ фыдæл Сæууæй уыди , Хуыцауы лæвар, ей!
Борæ, Дзылæу,Болатбæрзæй – Сæууæйы фырттæ, ей!
Уæрхæг, Уæрхтæнæг Дзылæуы фырттæ, уыдон дæр фаззæттæ!
Уыдонæн сæ мад рæсугъд Дзерассæ -Донбеттырон,ей!
Нарты сæрæн Сослан уыди, дурæйгуырд, ей!
Нартæн сæ домбай Батрадз уыди Хæмыцы фырт,ей!
Уымæн йæ мад Быценон уыди, алæмæты хæзна æфсин!
Нартæн се фсин бæркадкъух СатанаУастырджийы чызг.
Уымæн дæр йæ мад Дзерассæ уыди Донбеттырон, ей!
Нартæн сæ кæстæр Ацæмæз уыд булæмæргъхъæлæс.
Нартæн сæ цыргъзонд Сырдон уыди Гæтæджы фырт, ей!
Уый йæ хъыгæй фæндыраразæг, фæндыраразæг, ей!
Нартæн сæ фæдон, нæ ирон адæм, бирæ нын цæрут!
ГАЛИНÆ Я:Музыкæ иронау УАДЫН хуыйны. Уый у алы æнкъарæнтыл дзурæг: цин æмæ хъыгыл, адæмы удыхъæдыл, сагъæсыл , фæллойыл, уарзондзинадыл, хъæбатырдзинадыл æмæ бирæ æнкъарæнтыл…
. Уадын- музыкæ инструментты руаджы бахъары алкæйы зæрдæмæ дæр, асуры йын йæ фæллад, радты йын цин, амонд, кад æмæ уарзондзинад. Æркæсæм ма сæм Интерактивон фæйнæгыл сæ амонæг радæй æвдисы æмæ сын цыбырæй сæ равзæрд дзуры АМОНÆГ: сывæллæттыл разæй куатæйы хуыз музыкалон инструменты ныв (радæй размæ цæуынц), афтæмæй хъуысы алы инструменты зæл.
ГАЛЯ:Адæмон уадын инструменттæ дих кодтой:
- Улæфонтæ – уасæн, уадындз,удæвдз(стъили), лалым-уадындз, фидиуæг(сыкъайæ уасæн);
Хъусы уадындзы цагъд æмæ дзуры видеофильмы хуызы
ФАТИМÆ Б.:Уадындз у Ирыстоны, нæ фыдæлты æппæты рагондæр музыкалон инструмент.Уæлдай æнувыддæр ыл уыдысты хъомгæстæ æмæ фыййæуттæ.Арæзтой йæ фæдæгъдæй (бузина): йæ хъапп иу ын скъахтой æмæ –иу дзы цалдæр хуынчъы фæкодтой. Незаманты уадындзтæ арæзтой топпы хæтæлæй дæр.
БОЛА: Сфæлдыста дæ Иры зæхх йæ удæй,
Йæ хъыгтæй æмæ цинтæй уыдтæ гуырд.
Цæрæнбонты нын зарыс ды рæсугъдæй,
Мæ адæмы хæзна дæ æмæ цырт! ( Галуанты
ГАЛИНÆ Я: Хъисонтæ – дыууадæстæнон фæндыр, хъисын фæндыр, дала фæндыр, хъырнæг фæндыр;
ХЪуысы хъисын фæндыры зæл
ФАТИМÆ Б.:Сты рагон музыкалон инструменттæ, кæцытæ абонмæ дæр æрхæццæ сты. Дыууадæстæнон нæм æрхæццæ Нарты кадджытæй… Куыд зонæм, афтæмæй Сырдон Хæмыцы хъуг адавта, аргæвста йæ,дзидза фæуæларт кодта. Йæхæдæг Ныхасмæ рацыди æмæ Хæмыцæй хынджылæг кодта. Хæмыц хъуыддаг бамбæрста, Сырдоны сусæг хæдзар ссардта. Цæдджинаджы фыдис фæтъыста æмæ мæнæ хъуг фыцы! Уæд рамæсты ис, Сырдоны сывæллæтты акъуыхтæ кодта, агы сæ ныккалдта æмæ йæхæдæг дæр Ныхасмæ рацыд.
Сырдон сæхимæ бацыд æмæ йæ бæллæх федта. Афтæ фæрыст æмæ йæ хъæбулы æрдæгфых цонг йæ хъæбысмæ систа. Цонгыл ма баззадис дыууадæс нуары, уæхскæй армытъæпæнмæ. Сырдон сæ расæрфтæ æмæ диссаджы зæлтæ айхъуысти. Афтæ равзæрд дыууадæстæнон фæндыр.
Дыууадæстæноны райгуырд у трагеди æмæ йæ музыкæ дæр у хъарæг. Сырдоны йæ хъыгдзинад бæрзонд систа, куырыхондзинад ыл бафтыдта æмæ йæ сырæзын кодта ирд æмæ хъынцымгæнгæ Нарты адæмы хсæн намадæй. Фыццаг цагъд дæр дзы æрцыд йæхи къухтæй.
1.Хъисын фæндырæн уыд уæларвон тых:уыд йæ бон дзурын се ппæт бардуагтимæ
2.Фæндыры цагъдмæ –иу кодтой рынчыны раз «дзуары зарджытæ», афтæмæй йын сырдтой йæ рын, низ.
3.Хъисын фæндыры фæрцы –иу нæ фыдæлтæ базыдтой боны хъæды ивддзинæдтæ: уарыны размæ –иу хъисын фæндыр райдыдта хъым-хъым кæнын. «Дæ хъисын фæндыр цы зæгъы, къæвда уыдзæн æви нæ?» афарстой-иу фæндырдзæгъдæджы.
4.Хъисын фæндыры фæрцы-иу сбæрæг кодтой, зæй миты бын фæуæг мард кæм агургæ у: фæндыры зæлтæ-иу уыцы ран æрмынæг сты.
5. Хъисын фæндыр нæ цагъта æгад, æнæнымад адæймаджы къухты. Уыди –иу афтæ дæр æмæ –иу фæндырæн йæ хъистæ атыдтой.
Кæй зæгъын æй хъæуы, абоны царды дзы ис фехъусæн лирикон æмæ хъайтарон мелодитæ дæр.
ГАЛИНÆ Я:Фæстæдæр нæм æрбафтыдысты
- Цæвгæтæ - гуымсæг, дала ( доули, барабан), къæрцгæнæнтæгæнæнтæ (трещетка, бубен);
ФАТИМÆ Б.:Гуымсæг æмæ дала нымад сты æппæткавказаг инструменттыл. Хъæд бакусынц æмæ йæ кæрæдиуыл ныффидар кæнынц тымбылхуыз дæргъæлвæст хуыз куыд уа, афтæ, æмæ йыл дыууæрдыгæй ивæзтæй сæгъдармæй цъар бакæнынц.
Къæрцгæнæн у æмдзæгъдгæнæн рагондæр æмæ примитивондæртæй иу. Цалдæр фæйнæджы гæбазы иу дыууæ хуынчъы фæкодтой æмæ сæ- иу кæрæдзиуыл фæхæцын кодтой сæрачы босы гæбаз аласгæйæ. Босыл –иу бакодтой хæцæн.
Цæгъды доулийыл Бола, стæй къæрцгæнæнтæ дæр ацæгъдын кæнын
ГАЛИНА Я.: Пневматиконтæ( æлхъывд уæлдæфæй архайæг)- ирон хъандзал фæндыр ( гармоника) .
ФАТИМÆ Б.: Ирон хъандзал фæндыр фазынд Ирыстоны 19 æнусы æма раивта æппæт фыдæлты инструменттæ дæр. Галаты Барис, зындгонд ирон зарджытæ æмбырдгæнæг, композитор æмæ дирижер мæнæ куыд зæгъы фæндыры тыххæй: «Ирон хъандзал фæндыр райгуырди Вяткæйы тальянкæйæ. Уый зындгонд уыд куыд «азиатаг фæндыр».
Ацы музыкалон инструментæй ахуыр кодтой чызджыты хæрз чысылæй (7-8 аздзыдтæй).
Нæ фыдæлтæм уыд ахæм дыууæ агъдауы: усгурæн йæ ирæды æхсæн, æнæмæнг, хъуамæ уыдаид лæварæн фæндыр. Сылгоймаг - иу куы амард, уад ын йæ чырыны йемæ æвæрдтой йæ фæндыр.
Йæ арæзт уыди иурæнхъон рахизырдыгæй, дыууæ гуывгуываджы та галиуырдыгæй. Фылдæр дзы цагътой хъæлдзæгдзинæдты.
Скъоладзау кæсы æмдзæвгæ ХАНТЫ ЦАГЪДМÆ
«Фæндыры зæлтæ» Хуырымты Аллæ
СЛОНОВА:Куы азæлынц зарæджы зæлтæ,
Куы райхъуысы фæндыры цагъд,
Ныррухс вæййы уымæй мæ зæрдæ
Æмæ та мæм бахуды цард.
Дæуыл æз зæрдæбынæй зарын,
Æвдисыс нæ зæрдæйы уаг,
Дæу дидиныл, хурыл куы барын,
Ды зæрдæтæм скæныс фæндаг.
Кæддæрау мæ уæнгтылыы ысхæцын,
Мæ цæстытыл ауайы хъазт.
Мæ рагбонты фæзмæ фæтæхын,
Мæ удæй æрбайсæфы маст.
Дæ кæлæнтæ дзыллæтыл бафтау,
Куыд нал хъуыса хотыхы хъæр.
Æнæ дæу нæ цин вæййы хастау-
Нæ куывдты, нæ цинты дæ зæл.
О,зар нын, дæумæ и цы тыхтæ,
Нæ фыдæлтæй райсгæ хæзна,
Уæнгрогæй дæм кафæд нæ дзыллæ,
Рæсугъддæр дæ зæлтæй цы уа!
ФАТИМÆ Б.:Алкæмæн дæр дзы ис йæхи бынат, йæхи райгуырд не сфæлдыстады царды. Кæд алы адæймагæн дæр ис райгуырд æмæ мæлæт, уæд нæ музыкалон инструменттæн та нæй адзал, уыдон сты æнæмæлгæ…
Музыкæ рæзти кадæггæнджыты фæрцы æмæ уыд адæмон. Абоны царды сырæзы композиторты руаджы æмæ фæхæссы сæрмагонд ном.
Кадæггæнджыты уыдысты Нарты Сырдон, Къостайы Хъуыбады, Сланты Гаха,Зыгъуытаты Бибо, Дзусаты Рæмон, Саулаты Дзæрæх, Кертыбты Кертыби, Хъалæгаты Инæлдыхъо, Беджызаты Леуан, Хъыргъаты Габо…
Композитортæ сты: Æлборты Феликс, Махъоты Ацæмæз, Хæбæлаты Зинаидæ, Кокайты Барис( не скъолайы гимны музыкæ ныффыссæг) , Плиты Христофор, Хаханты Дудар, …?
Уæдæ цæмæй музыкæ азæла, уый тыххæй та йыл чи бакусынц фæндырдзæгъдджытæ… Уыдон сты Къостайы Хъуыбады, Икъаты Серафин,Дзеранты Венера, Реуазты Симæ, Мерденты Хъайсын, Мыстулаты Иринæ, Гæздæнты Булат, Гергиты Валери, Ходы Олег, Дзуццаты Сослан, Хадыхъаты Аллæ æмæ бирæ æндæртæ...
Чи сæ фæуыдзæн нымад Иры курдиатджын адæмы… Уыдон фæлтæргай кæрæдзи ивгæ цæуынц, уымæн æмæ фольклор у фыдæй-фыртмæ æнæфехæлгæ… Нæ Фæндырдзæгъдджыты хсæн ис ахæм адæймаг æмæ йыл бæлвырд нæ цæстæнгас ахæссæм: Мерденты Хъайсын… Цард 20-æм æнусы Элхотты. Хъыгагæн, райгуырд куырмæй… Фæлæ йын уый хыгъд Хуыцау балæвар кодта диссаджы уæнгты кондæй, раст саджы фисæнтыл амад æмæ фæзминаг æнгуылдзты бавнæлд… Фæндыр иу йæ къухты æппæты дæр басаста, æмæ иу æм хъусынæй чи фсæст… Афтæмæй йæ кой айхъуыст бирæ бæстæтыл.
РАВДИСЫН ФÆЙНÆГЫЛ МОУРАУТЫ СОСЛАН ÆМÆ ХЪАНТЕМЫРАТЫ Э., АРАЗÆН ИНСТРУМЕНТТЫ КУЫРДАДЗТÆ, КЪОРД «КЪОНА», НЫВГÆНДЖЫТЫ НЫВТÆ
Уæдæ цæмæй абон нæ ирон музыкалон инструменттæ сæфт ма уой, уый тыххæй зæрдиагæй архайынц бæстæзонæн музейы кусджытæ дзæнæтыбадинаг Моурауты Сослан æмæ Хъантемыраты Эльбрус, аразæн инструментты куырдадзтæ, ирон зарæн къордтæ «Къона», нæ нывгæнджытæ :аивæй равдыстой нæ фыдæлты хæзнаты царды фæндаг …
ЛИРИКОН мелоди цæгъды æмæ скъоладзау кæсы æмдзæвгæ
Хостыхъоты Зинæ « Фæндыр»
ГОЦОЕВ:Дæуæн зæрдæ и, нæмæнг, фæндыр.
Æнæмæнг дæр дæуæн ис уд.
Æндæр куыд асайыс дæ фæдыл
Мæн арвы рухс быдыртæм, куыд?!
ФÆЙНÆГЫЛ ДИРИЖЕРТЫ СУРÆТТÆ
Амонæг: Уæдæ бирæ музыканттæ кæм баиу кæнынц сæ инструментты зæл æмæ фæцæгъдынц, уæд уыдон та иумæ хуыйнынц оркестр. Разамынд ын фæдæтты
дирижер. Уыдон -Дудараты Вероникæ, Гергиты Валери, Гæздæнты Булат, Ходы Олег, Къæбойты Мурат æмæ бирæ æндæртæ…
ФÆЙНÆГЫЛ ХИЦÆНÆЙ БУЛАТЫ СУРÆТ
ФАТИМÆ Б.: Бæлвырддæр нæ разы Гæздæнты Булаты курдиатджын фæзминаг сурæт…
Уый фæндырæй цæгъдын райдыдта 3- азыкконæй. 5-аздзыдæй та йæ хонын райдыдтой чындзхæссæг. Баххæст кодта хъандзал фæндыры хъæлæс. Æрхъуыды кодта хроматикон фæндыр-дыууæрæнхъон: æххæстдæр, аивдæр зæлæн. Разамынд дæтты 60-азы бæрц Цæгат Ирыстоны Музыкалон инструментты оркестрæн.
Амдзæвгæ Гæздæнты Булатæн.
МУЗЫКÆ ЦÆГЪДЫ , СКЪОЛАДЗАУ ДЗУРЫ ÆМДЗÆВГÆ
ЛОХОВ кæнæ МАРИНÆ Ю.:Кæны дын Иры бæстæ кад,
Нæртон фæндырдзæгъдæг Булат!
Дæ цардæн азтæй барæн нæй-
Фæцæр нын иу æнус фæрнæй!
Цы лæг нын басгуыхтæ, цы лæг!-
Дæ фæндыр мин хъæлæсæй дзуры
Нæ сæрæй кувæм дын ныллæг,
Зæдау ысвæййын æз дæ цуры!...
ФАТИМÆ Б.: Цавæр музыкалон инструменттæ уыд абон нæ балцы? ! Уадындз, Хъисын фæндыр, Дала фæндыр, 12- тæнон фæндыр, Гуымсæг, Къæрцгæнæнтæ, Хъандзал фæндыр…
Сындæггай хъуысы фæндыры зæл, афтæмæй амонæг дзуры, стæй стынг уыдзæн
Иууылдæр кæрæдзи фæстæ куыд дзурой афтæмæй сæ къухтæм исынц стъолæй музыкалон инструмент æмæ иу рæнъыл æрлæудзысты
ФАТИМÆ Б.: Æвæдза,цæй æгæрон тых ис фæндыры зæлты!!! Уый фæсуры адæймагæн йæ хъыг æмæ йæм æнæнхъæлæджы рæсугъд æнкъарæнтæ сæвзæрын кæны…
ГАЛИНÆ Я.: « Музыкæ æнусон. Адæм амæлынц, музыкæ та – нæ» ( ВалериГергиты ).
СКЪОЛАДЗАУ:«Музыкæйæн йæ бон у арф бахизын адæймаджы зæрдæмæ æмæ йын равдисын йæ уды сагъæстæ»(Стендаль).
БЕРДИЕВ: «Музыкæ у адæймаджы миддуне æвдисæг» (Белинский)
МАРИНА Ю.: «Зарæджы, музыкæйы æвдыст цæуыадæмы цард йæ цин æмæ хъыгтимæ. Ирон адæмæн рагæй æрæгмæдæр сæ цардимæ æмдзу кæны музыкæ. Уый фæрцы райхалы ирон лæг йæ æнусты фæндтæ æмæ бæллицтæ»( Абайты Васо).
Ацы цыппар рæнхъы дзурынц радæй скъоладзаутæ
Амонæг: Мæ Ирыстон, куы бафсæдин æз зарынæй дæуыл.
Æз райгуырдтæн дæ зæрдæйæ, дæ цæрайæ цæрын,
Ды хоныс мæн дæ дидинæг, мæ удæн уый æхцон,
Куы бахъæуон дæ хæрзæгæн, æртон –иу мæ, æртон…
ЗИТÆ Б. цæгъды фæндырæй … МÆ ЗÆРДÆ МЫН ФÆЦÆЙСУРЫНЦ…, дыууæ куплеты дзы куы ацæгъда , уæд фæсабыр уыдзæн æмæ кæроны ныхас ФАТИМÆ Б. зæгъдзæн
Нæ фембæлды кæрон уæ куы бафæрсон: « Кæй схонæн ис ирон, чи хæссы йæ фыдæлты фарн фыдæй-фыртмæ?! Иугыццыл фæкъуылымпы уæвгæйæ уæ дзуапп афтæ куы уа, зæгъгæ, ацы фæндыры зæлмæ хъусгæйæ, ме уæнгты ахизы рог æмæ рæвдаугæ уарзондзинады уылæн, кæддæр мæ мады хъарм хъæбысау, æмæ мæм иу уысм фæзынд æрхæндæгдзинад, мæ хъуырмæ та схæццæ къуыбар, уæд æнæмæнг дæ ирон. БУЗНЫГ!
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Татары на Волге(открытое мероприятие по толерантности)
Татары на Волге(открытое мероприятие по толерантности)...
Сценарий открытого мероприятия по английскому языку «Викторина по истории и культуре Санкт-Петербурга» среди учащихся 10-11-х классов. (на основе учебного пособия «Санкт-Петербург: тексты и упражнения. Книга II». Автор: Гацкевич М.А.)
Конспект открытого мероприятия по английскому языку«Викторина по истории и культуре Санкт-Петербурга»среди учащихся 10-11-х классов.(на основе учебного пособия «Санкт-Петербург: тексты и упражне...
Открытое мероприятие " Traditional English dishes"
В начале учебного года учащиеся 6 го класса повторяли названия блюд,изученных на уроках в 5 классе. Старшие школьники ораганизовали для малышей данное открытое мероприятие,чтобы в игровой форме ...
Открытое мероприятие "Приятного аппетита"
Данныое мероприятие поможет расширить знания детей о правилах питания....
Общешкольное открытое мероприятие, приуроченное к открытию Олимпийских игр: «В здоровом теле здоровый дух»
Знакомство с историей Олимпийских игр, зимними видами спорта включёнными в программу Олимпийских игр. Ознакомление учащихся с правилами здорового образа жизни....
Открытое мероприятие « Сказка и быль» ( день открытых дверей в кабинете физики для начальной школы)
Физика – одна из многочисленных наук о природе. С физическими явлениями человек сталкивается ежедневно. Физика вокруг нас, в каждом движении, во взгляде, в дыхании, на кухне, в быту, в природе. Все те...
Мастер-класс по подготовке открытого мероприятия. На примере мероприятия "Исторический бой"
Материал дает возможность просто и быстро понять схему подготовки любого школьного мероприятия....