Фæсурокты куыст Литературон-музыкалон композицийы сценари «Уый не рыздæхт тохы быдырæй»
методическая разработка (10 класс)

В данных интернет-публикациях ставятся следующие цели:

  • развитие иноязычной коммуникативной компетенции с учетом речевой, языковой, социокультурной, учебно-познавательной компетенций;
  • развитие и воспитание у школьников понимания важности изучения языка в современном мире и потребности пользоваться им как средством общения, образования, самообразования, социального взаимодействия;
  • развитие и воспитание способности и готовности к изучению осетинского языка; социальной адаптации; формирование умения выступать в качестве носителя лучших черт национальной и мировой культуры
  • формирование умения выступать в качестве носителя лучших черт национальной и мировой культуры.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл stsenari_uyy_ne_ryzdaht_tohy_bydyray.docx28.73 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

                                           

             Фæсурокты куыст

Литературон-музыкалон       композицийы сценари

«Уый не рыздæхт тохы быдырæй»

Ахуыргæнæг Цæллагкаты С.Ю.


Cценарий «Уый не ‘рыздæхт тохы быдырæй…»

1-аг сценæ.

(Хъуысынц «На сопках Маньчжури»-йы зæлтæ. Хæстонтæ тохы фæстæ æмбырд кæнынц блиндажы цурмæ. Чи йæ уарзон чызгæн дидинджытæ æмбырд кæны, чи йе рдхордимæ ныхæстæ кæны, чи йæхи ахуыр кæны гитарæйыл цæгъдын. Æртымбыл сты иу ран).

Богдан: Яшкæ,уæллæй хæсты кæронмæ хъуамæ маэстро суай.

Яков: Æнхъæл дæн, æмæ бирæ раздæр.

Вартан: Вай! Дæ цагъд ма фæцырддæр кæн!

 (Райдыдта лезгинкæ кафын. Яков ын хойы гитарæйыл доулийы хуызæн. Иууылдæр бахъæлдзæг сты, æмдзæгъд кæнынц).

Аня: Ех-х-х! Яковы цагъдмæ хъусгæйæ мæ цæстыл ауайынц нæ раздæры æнæмæт царды нывтæ.

Лёха: Хæдæгай нывты тыххæй. Знон дын нæ политрук Богданмæ куы фæдзурид, ома, фрицты ныхмæ плакат сныв кæн, зæгъгæ.Вартан дæр йемæ фæраст.

Шамил: Уæдæ æнæ Вартанæй куыд?!

Лёхæ: Богдан æй уайтагъд аныв кодта, раст цыма Гитлер нæ тæккæ раз лæууы, афтæ: емынæйы хуызæн, стджыты голлаг, йæ цæстытæ æддæмæ рабырыдысты ( рахауой йын!), бынæй та дзы «Нет смерти»-йы бæсты Вартаны къухæй фыст «Нэ смэть!». (Иууылдæр ныххудтысты).

Вартан: (йæ къух ауыгъта) А-а-а… Лёха, ныууадз-ма, цæй! Цытæ та рхъуыды кодтай, цымæ?!

Лёха: Райсомæй та хæстæг уасджытæ уасыдысты.

Вартан: Цымæ немыцæй куыд аирвæзтысты?!

Лёхæ: Хъуыстат сæ?  

Богдан: Уыдон  уасджытæ сты?… Мæнæ махмæ Украинæйы … уыдон дын уасджытæ…Куыд зарынц, уый зоныс? Мæскуыйы Стыр театр сæ разы ницы у. Лæг сæм хъусынæй не ‘фсæды.

Шамил: Мæнæн та бонырдæм мæ хъустыл мæ мады хъæлæс ауадис, цыма мæм сабыргай дзуры: «Лæппу… лæппу…».

Лёха: Уый та куыд æмбаргæ у: «лæппу»?

Шамил: Ирон сылгоймагæн не мбæлы йæ фыртмæ йæ номæй дзурын хистæрты цур .

Лёха: Уый дын диссаг!

Шамил: (сыстад йæ бынатæй) Цымæ куыд у гыцци? Иунæгæй, æнæ фæкæсæг? Хохы та ныр хосгæрдæнтæ… Эх-х, цæвæг дæ къухмæ райс…Хъаймæты тæвд, дæ хид цыхцырæгæй кæлы, дæ риуы дæ зæрдæ йæхи къултыл хойы, раст цыма атонынмæ хъавы…Æвиппайды кæсыс, æмæ уырдыджы  нарæгастæу чызджытæ фæцæуынц…

(Хъуысы лирикон музыкæ. Иуварсæй рацыд чызг дурынимæ, иннæрдыгæй йæм æрбахæстæг хосдзау,чызг фефсæрмы ис, лæппу йын йæ дурыныл  схæцыд æмæ дыууæйæ дæр сабыргай сценæйæ ахызтызты).

Вартан: Шамил, дæ цæстытыл исты ауади? Хъус-ма, дæ уарзоны ном та куыд  у?

Шамил: Заретæ.

Вартан: (йæ дзыппæй хуызист систа, æвдисы йæ) Мæнæн та Ануш…. Цæсты хуынчъытæ къахы, ахæм сæрæн у. Худын куы райдайа, уæд æй нал бауыромдзынæ.

Леся: Раст дæхи хуызæн хъæлдзæг у.

Аня: Ох, ныууадзут-ма! Мæ зæрдæ мын скъахтат уæ ныхæстæй… Леся, исты ма нын бакæс.

Леся:

О уарзын æз, фæлæ йыл дзурын къаддæр,

Фæлмæндæр уарзын – судзы мæ йæ рис.

Æцæг уарзтæн æрмынæг вæййы йæ арт дæр,-

Куы йыл хъæр кæнай алырдæм фæдис.

Нæ уарзт æрттывта уалдзæджы кæлæнæй,

Æз дæр дын хастон уалдзæгау мæ цин,

Рæвдыдтон дæ мæ зарæджы фæлмæнæй

Уæд булæмаргъау уыцы дуг фæци.

Вартан: Дæхæдæг æй ныффыстай?

Леся: Шекспир…

Вартан: Вай, Леся! Кæд, зæгъын, дæхæдæг уыдтæ…

Лёхæ: Аня, цæй æнкъард дæ?

Аня: Фыстæг райстон нæхицæй… Нæ горæтæй дур дурыл нал баззадис… Мæ бинонтæ аирвæзтысты, нæ сыхæгтæ та гыццылæй-стырæй цагъды фесты.

Яков: (фæгæпп кодта) Лæгмартæ! Тугдзых бирæгътæ! Æрмæст сабитæ æмæ зæрæдтимæ зонынц хæцын.

(Исдуг иууылдæр æмырæй аззадысты).

Лёхæ:Студент, афтæ фехъуыстон, æмæ, дам, цавæрдæр ног хæцæнгарз æрхъуыды кодтай.

Яков: (æфсæрмы гæнгæ) Хæцæнгарз нæу.  Куыд уын æй бамбарын кæнон: планетон хæдтæхæг… Ном ын нæма ис…

Вартан: «Æртыккаг ротæ» ма йæ схон … Уымæй хуыздæр ном ын не ‘рхъуыды кæндзынæ.

Аня: Æз та дысон æнахуыр фын федтон…

Шамил: Уагæр цавæр уыд?

Аня: Куы уын æй радзурон, уæд уæ нæ бауырндзæн.

(Хъуысы сармадзанты хъæр. Чидæр рахъæр кодта):

 - Третья рота к бою!

2-аг сценæ.

 (Хæстонтæ фæгæппытæ кодтой, алæууыдысты  тохмæ цæттæйæ.Сармадзантæ æмæ нæмгуыты хситт хъæрдæрæй-хъæрдæр кæны. Æвиппайды бæстæ ныссабыр ис).

Хъæлæс: Рядовой Алексей Кожевников!

Лёха: Ам ис!

Хъæлæс: Рядовой Богдан Червоненко!

Богдан: Мæнæ махмæ Украинæйы …уыдон дын уасджытæ… Лæг сæм хъусынæй не ‘фсæды…

Хъæлæс: Сержант Шамиль Газданов!

Шамил: «Лæппу»… Афтæ ирон сылгоймаг фæдзуры йæ фыртмæ…

Хъæлæс: Рядовая Леся Тышкевич!

Олеся: Ам ис!

Хъæлæс: Рядовой Яков Зильберман!

Яков: Уый хæцæнгарз нæу… Планетон хæдтæхæг… Ном ын нæма æрхъуыды кодтон…

Хъæлæс: Рядовой Вартан Акопян!

Вартан: Йæ ном – Ануш… Худын куы райдайа, уæд æй нал бауыромдзынæ…

Хъæлæс: Рядовая Аня Мамедова!

Аня: Æз та æнахуыр фын федтон… Нал уын æй радзурдзынæн… Никуы…

3-аг сценæ.

(Хъуысы Владимир Высоцкийы  зарæджы мелоди «Он не вернулся из боя» (Хадыхъаты Фатимæйы тæлмац). Иууылдæр рацыдысты размæ, зарынц).

Зарæг:

Æз цæуылдæр тыхсын…Цыма ницы рцыд ивд:

Арв дæр раздæрау дары цъæх-цъæхид,

Хъæдæй, уæлдæфæй, донæй сты ногæй та ирд,

Ды та не ‘рцыдтæ тохы быдырæй.

Чи у раст, чи –зылын,- цы уæлдай у ныр,

Дуне аззадис абон æмырæй.

Ныр куы нал дæ мæ цуры, уæд бамбæрстон æз:

Ды куы не рцыдтæ тохы быдырæй.

Куы хъырныдтай хъæрæй, куы нæ дзырдтай æппын,

Куы дæ ныхас нæ бадти мæ дзырдыл,

Ды мæ хуыссæг сырдтай,

Ныр мæ удæн йæ хай

Цыма нал раздæхт тохы быдырæй.

Дуне афтид у ныр, æмæ бæстæ æмыр,

Ацы ныккæнд уæрæх уыд дыууæйæн,

Цыма ахуыссыд мæ арт, цыма басыгъд мæ зынг,

Ды куы не рцыдтæ тохы быдырæй. (2 хатты).


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

сценарий последнего звонка "Сценарий многосерийного фильма"

интересный тематический сценарий последнего звонка....

Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!» Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!»

Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!»    Сценарий: Мастер-класс «Победи конфликт!»  Цель: познакомить педагогов с опытом эффективного взаимодействия классного руковод...

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»

Методическая разработка открытого урока по дисциплине "Осетинская литература". Тема: «Мыййаг хœсты быдыры искуы куы фœуон мард…»...

Фæсурокты куысты хуызы темæ: «Дуне нывгæнæджы цæстæй».

Нысан: нывкæнынады тыххæй зонындзинæдтæ фæбæлвырддæр кæнын.Хæстæ: гуырын кæнын цымыдисдзинад ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг нывгæнджыты нывтæм;-хъомыл кæнын эстетикон ахастдзинад дунемæ æмæ аивадмæ уар...

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ».

Доклад на РМО учителей родного языка и литературы. Тема:«Фæсурокты куыст ирон литературæйæ»....