Викторина по басням Коста Хетагурова
материал (7 класс)
Викторина состоит из конкурсов
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urok-viktorina_po_basnyam_kosta_hetagurova.docx | 27.15 КБ |
Предварительный просмотр:
Литературон викторинæ
«Хетæгкаты Къостайы баснятыл афæлгæст».
Нысан:
- -–скъоладзауты зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын хъазты хуызы технологиты фæрцы.
- -гуырын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ;
Куысты хуыз: викторина инсценировкæйы элементтимæ.
ᴁрмæг
- Къостайы портрет
- эпиграф
- презентаци
- чингуытæ
Фæрстытæ викторинæйæн:
1.Конкурс .»Къостайы биографи». Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл.
-Кæд æмæ кæм райгуырд Къоста?
-Чи уыдысты йæ мад æмæ йæ фыд?
-Цавæр уавæрты хъомыл кодта Къоста?
-Кæм ахуыр кодта?
-Цавæр зындгонд уырыссаг нывгæнджытæ ахуыр кодтой Къостаимæ Аивæдты академийы?
- Куыд баст у Къостайы ном ирон чызджыты фыццаг скъолаимæ? Ирон чызджыты скъола цы бæстыхайы уыд, уый кæм ис?
-Цæмæн у Къоста нымад ирон æвзаг æмæ ирон литературæйы бындурæвæрæгыл?
- Кæд рацыдис фыццаг хатт мыхуыры Къостайы «Ирон фæндыр»? Уырыссаг культурæйы царды цавæр цауимæ баст уыд йæ рацыд?
- Кæд æмæ кæм рацыд мыхуыры Къостайы фыццаг чиныг?
. - Кæд амард Къоста æмæ кæм ныгæд æрцыд?
- Ранымайут, Къоста цы литературон жанрты фыста, уыдон.
-Цавæр прозаикон уацмысы æвдисы Къоста хохаг адæмы мæгуыр царды нывтæ?
- Чи сарæзта Къостайыл фыццаг зарæг?
- Стъараполы гимназы ахуыр кæнгæйæ, уырыссаг æвзагыл цавæр уацмыс ныффыста?
- Ранымайут, Къоста сывæллæттæн цы уацмыстæ ныффыста, уыдон.
- Кæд амард Къоста æмæ кæм ныгæд æрцыд?
2 Конкурс. Къостайы афоризмтæ фылдæр чи ранымайдзæн.
Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл.
Дзуапп:
Дæ фыдæлтæ рухсаг, дæхæдæг мын бæзз,
Дунетæй хуыздæр куы фестай, йе уæддæр дæхи уд ма стау,
Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы,
Ма худ аууонмæ æвзæрыл, хорзы-иу йæ цуры бафау,
Магусайæн – цæф, цырд лæппуйæн – кæф,
Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты,
Коммæгæсы ма цæв, мастæн æй хæсдзæн»,
3.Конкурс.Литературон аулæфт .Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл.
1.Цал басняйы ныффыста Къоста?
2. Цавæр баснятæ ныффыста Къоста ирон æмбисæндты бындурыл?
3. Цавæр æмбисондмæ гæсгæ у фыст басня «Марходарæг»?
4. Цавæр ирон æмбисонды бындурыл арæзт у басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»?
5.Цавæр адæймæгты кой кæны автор хърихъупп æмæ бирæгъы хуызы?
6. Цы ис иумæйагæй æмæ цæмæй хицæн кæнынц Къостайы басня «Марходарæг» æмæ Крыловы басня «Рувас æмæ сæнæфсир»?
7. Цавæр бастдзинад ис се 'хсæн: грекъаг – Эзоп, французаг – Лафантен, уырыссаг – Крылов, ирон – Къоста.
8.Цы рцыд мæгуыр сагыл?
9.Цавæр дзуапп радта мыд булкъæн?
10.Цæуыл нæ ахуыр кæны ацы басня?
4 .Конкурс.Цитатæтæ. Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл. Рæстæг дыууæ 3 минуты.
Кæцæй ист сты ацы рæнхъытæ?
ᴁххæст ма зарын
Куы зонин,уæд дæ
Паддзахæн дарын
Фæразид зæрдæ!
(Халон æмæ рувас)
Физонæг ма ,йе хæбизджын
Дзурæд!-Уазæг дæр сæ буц у.
Фæлæ задын ,хомыс,бламыхъ,-
Гайтма дæ хæрынц ныхъхъус у!
(Булкъ æмæ мыд).
Барст дын уæд ацы хатт
Ацы тыхтона!
Искуы ма фембæлæм,-
Додой дæ къона!
(Бирæгъ æмæ хърихъупп)
Тар хъæды иу саг,пырхкалгæ йæ уæнтæй,
Унæргъгæ уади,-егар æй сырдта..
Доны былмæ ма ныирвæзт фыдбонтæй,
Ахауди дуртыл…йæ мæлæт зыдта.
(Саг æмæ уызын)
Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды
Гутоны фæстæ.
Рагæй нал фæци нæ гæды
Урсаджы хъæстæ.
(Марходарæг).
Афтæмæй искуы фæндагыл куы амбæлынц,
Амæлис дисæй!
Хотау,кæрæдзийыл узæлæг акæнынц
Уайтагъд сæхицæй!
(Рувас æмæ зыгъарæг)
Нæ фыдæлты руаджы
Нæ бабын ис Ром…
-Уый фехъуыстам раджы,-
Нæу сусæг сæ ном…
(Хъазтæ)
5. Конкурс.
Командæтæ æвдисынц баснятæм пантомимæтæ. Алы командæ дæр исы 2 баллы. Рæстæг дыууæ 3 минуты.
6. Конкурс.Райуарын æмхуызон карточкæтæ басняты архайджытимæ.Ссарын сын сæ къæйттæ. Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл. Рæстæг дыууæ 3 минуты.
1.Бирæгъ мыд
2.Халон зыгъарæг
3.Булкъ рувас
4.Рувас хърихъупп
5.Саг гæды
6.Куыдз уызын
7.Конкурс. Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл
Ахæццæ кæнут кæронма. Рæстæг дыууæ 3 минуты.
1.Бузныг цæуылнæ дæ,
Гайтма мæ дзыхæй …(де взæр лæгуын къоппа райстай дзæбæхæй).
2.Уæд дын æм рувас
Кæцæйдæр рауад…(уайтагъддæр минас йæ фындзыл ауад).
3.Ма худ аууонмæ æвзæрыл…(хорзы иу йæ цуры бафау!)
4.Лæг кæрдзынæй дæр æфсæды…(гутоны фæстæ).
8.Конкурс.Иллюстрацимæ гæсгæ базон басня. Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл
Рæстæг дыууæ 2 минуты.
(«Бирæгъ æмæ хърихъупп», «Хъазтæ», «Рувас æмæ зыгъарæг»).
9.Конкурс.Центон(юмористон уацмыс,кæцы конд ваййы уацмысы цалдæр хайæ)
Хæслæвæрд.Базонын цавæр баснятæй конд у центон. Рæстæг дыууæ 3 минуты. Алы дзуаппæн дæр командæ исы иу балл
1.Зæрдæ нал агуры хъазын,
Аргъæуттæй фæцух,
Удхæссæг ын фестад зарын,
Хъыг кæны æдзух.
2.ᴁфсæрмы ма кæ,
Мæ уды гага,-
Дæ зæрæг акæ!...
Нæ халон хъа,хъа!
3.Диссаг æвналынмæ,
Цас ын æнтысти!
Уалынмæ уæны стæг
Хурхы нынныхсти. .
(«Марходарæг», «Халон æмæ рувас», «Бирæгъ æмæ хърихъупп»)
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Викторина по биографии и произведениям Коста Хетагурова
Вопросы викторины составлены для учащихся среднего и старшего звена СОШ....
Сценарий на конкурс чтецов, посвященный 150-летию Коста Хетагурова.
Конкурс чтецов на осетинском и русском языках для 5-7 классов....
"Любовная лирика Коста Хетагурова"
Доклад подготовлен на конференцию, посвященную основоположнику осетинской литературы -Коста Левановичу Хетагурову....
Мероприятие ко дню рождения Коста Хетагурова
Учитель Дзуцева З.Б. 17.10.15. вместе с учащимися 9-10 классов провела в развлекательном центре РИО музыкально-литературное меропритие посвященное 156-летию со Дня рождения К.Л.Хетагурова "Къост...
Любовь-муза жизни (по произведению Коста Хетагурова "Хæрзбон")
В стихотворении Коста Хетагурова "Хæрзбон" ярко выражена красота, гумманизм души автора, отношение автора к любимой девушке...
Выступление на конференции по поэмам Коста Хетагурова. "Поэма "Хетаг"-ы истори ама йа равзарды аххосагта"
На этой конференции были рассмотрены известные исторические поэмы Коста Хетагурова"Фатима", "Плачущая скала", "Хетаг". Обучающаяся высказала свою точку зрения по данному произведению....
праздник, посвященный 156-летию Коста Хетагурова
сценарий внеклассного мероприятия, посвященного дню памяти Коста Хетагурова...