Выступление на конференции по поэмам Коста Хетагурова. "Поэма "Хетаг"-ы истори ама йа равзарды аххосагта"
проект на тему

Кобесова Рита Сосланбековна

На этой конференции были рассмотрены известные исторические поэмы Коста Хетагурова"Фатима", "Плачущая скала", "Хетаг". Обучающаяся высказала  свою точку зрения по данному произведению. 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл 4_dzhichoeva_madina.docx26.17 КБ

Предварительный просмотр:

                Поэмæйы ныффысcыны истори æмæ аххосæгтæ.  

Джичойты Мæдинæ.                                        

       

           Уæ бон хорз, нæ конференцимæ æрбацæуæг адæм!    

  15 октябры Хетæгкаты Къостайы райгуырдыл сæххæст 157 (сæдæ фæндзай авд азы)

          Цæуынц азтæ , фæлæ Хетæгкаты Къостайы цард æмæ сфæлдыстад махæн у ноджы цымыдисаг дæр.

Уыман ис , æвæццæган, йæхи аххосæгтæ

           Къоста уыд гениалон поэт æмæ æхсæнадон архайæг. Къостайы зæрдæйы æмæ зонды сæмбырд сты ирон дзыллæйы рæсугъддæр æнкъарæнтæ . Ирон адæм æнусты дæргъы цы уды æмæ зонды хæзнатæ сфæлдыстой æмæ фембырд кодтой , уыдон иууылдæр ирдæй зынынц Къостайæн йе сфалдыстады, йæ царды.

Уымæн нын сты хæстæг нæ зæрдæйæн йæ цард æмæ йе сфæлдыстад.

        « Цы уыдзан нæ фидæн, нæ фæстаг?»- ууыл сагъæс кодта Къоста.

        Ацы стыр æмæ ахсджиаг фарст фыццаг хатт ирон дзыллæйы раз æрæвæрдта Къоста. Уыцы фарст лæвæрдта йæхимæ дар.

             Ивгъуыд, абон, æмæ фидæн кæрæдзийыл фидар баст сты, фæхицан кæнæн сын нæй. Ивгъуыдæй равзæрд абон, ивгъуыд æмæ абонæй райгуырдзæн фидæн. Ацы хъуыды нæ уыд дызæрдыггаг поэтæн,æмæ цæмæй йæ фарстæн дзуапп ссардтаид, уый тыххæй лæмбынæг каст ирон адæмы ивгъуыд историон цаутæм.

          Ивгъуыд цард иртасæг сты Къостайæн йæ кадджытæй бирæтæ:

«Кæуæг айнæг», « Тæрхоны раз», «Фатимæ», «Кæй цард  у хъæлдзæг».æмæ æндæртæ.

     Ивгъуыд дугты цард бирæвæрсыгæй æвдисы Хетæгкаты Къостайы историон поэмæ  «Хетаг». Хъыгагæн, поэмæ кæронмæ фыст не΄рцыд  (Къоста фæрынчын æмæ йæ цардæй ахицæн).

          Раджы ныхъхъуыды кодта Къоста ацы историон поэмæ ныффыссын. Цæмæй уый йæ къухы бафта, уый тыххæй йæ æнæмæнг хъуыдис историон æрмæг.

      Къостайы рæстæджы бæлвырд наукон-иртасæн куыстытæ Цæгат Кавказы адæмты тыххай, уыима ирон адæмыл дæр, историон æрфыст нæ уыд. Нæ йын уыд фадат спайда кæнын историон фыстæджытæй, уымæ гæсгæ поэмæ «Хетæг» -ыл кусгæйæ тынгдæр æнцой кодта  адæмон сфæлдыстадыл. Уымæ гæсгæ, поэмæйы нæй хронологон фæтк историон цаутæ кæд æмæ кæм цыдысты,уымæн. Къоста йæхæдæг дæр дзырдта, йæ поэмæ адæмон поэзиимæ баст кæй у æма цаутæ кæм æмæ цавæр рæстæг цæуынц, уый балвырд бæрæг нæу, зæгъгæ.

       Поэмæйы райдайæны автор йæхи æвдисы кадæггæнæджы хуызы. Куры Хетæджы бардуагæй (Лæгты дзуарæй), цæмæй йын ныфс радта ацы кадæг ныффыссынæн

       Де΄всургъы барцæй мын иу сыгъзæрин æрду

       Ме΄взæр фæндырæн куы ратонис хъисæн….

    Катай æмæ сагъæс кæны, зæронд таурæгъ куыд æмбæлы, афтæ фæхæццæ кæндзæн чи йæм хъусдзæн уыдонмæ, æви нæ.

     

                Худгæ мыл ма фæкæ, азым мам ма бадар ,-

                Ме ΄взар фæндырай та исты куы сцæгъдон…

     Уæдæ цаутæ кæд æрцыдысты поэмæйы, уый тыххæй дæр дзуры рагон каддæггæнæджы хъæлæсы уагæй:

       Раджы, зæгъон, æмæ раджы куыд уыдаид?

       Иууыл æрæджы зæгъон, æмæ сайддæр.

     

           Иу ныхасæй , кадæджы рæстæг нымад цæуы хохæгты нымадмæ гæсгæ (адæм афтæ нымадтой раджы), ома  Хетæгимæ баст рæстæг бастой Мамайы рæстæгимæ.

        Цæмæй поэмæйы мидис хуыздæр бамбарæм, уый тыххæй хъуамæ нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм нæ царды историйы æппæты ахсджиагдæр цаутæ.

 

 слайды    

 

           Монголты фыццаг ныббырст Аланты зæхмæ уыд 1222(мин дыууæсæдæ дыууын дыккæгæм аз). Сæ сæргъы лæууыд Темучин.

         Иннæ ныббырст Аланты зæхмæ йе΄фсадимæ скодта Батый.   Батыйы рæстæджы Алантæ æмæ æппæт Кавказы адæмтæ састы бынаты баззадысты.

       • Бынтон æфхæрд та алантæ баййæфтой къуылых Тимурæй 1370-1405(мин æртæсæдæ æвдайæм-мин цыппарсæдæ фæндзæм азты)

        •Аланты зæххыл æрцыд æппæты стырдæр тох Тимур æмæ Сыгъзæрин  Ордайы хан Тохтомышимæ 1395(мин æртæсæда нæуæдз фæндзайæм аз)

      •1400 ( мин цыппарсæдæйам азы) Тимур ногæй æрбабырста нæ фыдæлты зæхмæ æмæ туджы зæйтæ рауагъта. Уыцы æвирхъау цаутæ, æнæмæнгæй, æвдыст æрцыдысты адæмон дзургæ сфаæыстады. Зæгъæм:

   «Зæдæлески нана», - фыццаг ирон историон зарæг , таурæгъ «Тимур-Алсахъ» æмæ æндæртæ

          Фæлæ кæд цыфæнды зындзинæдтæ бавзæрстой алантæ, уæддæр сæхицæй фæсдзæуинтæ на сарæзтой, Сæ къухæй сæ хæцæнгарз нæ аппæрстой.

            Мæнæ уыцы цауты тыххæй куыд дзырдта европейаг бæлццон Плано Карпини.    Уый  1246 (мин дыууæсæдæ цыппор æхсæзæм азы уыд Сыгъзæрин Ордайы, алайнæгты зæххыл , æмæ федта уыцы цаутæ йæхи цæстытæй. Фенд цауты тыххæй фыста: «В нынешнее время осаждали они, кажется, двенадцать лет в аланской земле одну гору , которая, однако же , сопротивлялась храбро и многие татары и вельможи их, под нею погибли»

         Иннæ зындгонд бæлццон, Рубрук (1253-1255) мин дыууæсæдæ фæндзай æртыккæгæм азæй фæндзай -  фæндзæм азтæм фыста ,адыг æмæ алантæ ныр дæр ма тæтæры ныхмæ хæцынц».

      Æддагон знæгтимæ хъазуатон тохы алы хуызты æвдыст æрцыдысты, уæлдæр куыд загътон, афтæ ирон адæмон сфæлдыстады:

Таурæгъ - «Тимур-Алсахъ»

Адæмон историон зараг «Задалески нана»

Хетæгыл таурагъты æмæ æндæрты.

                 Хетæджы таурæгътимæ Къоста сывæллоны бонтæй фæстæмæ зонгæ уыд. Нары цæрджытæ, уыимæ Хетæгкатæ са рагфыдæлыл нымадтой Хетæджы .

    Мах дæр уын æй уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм, уымæн æмæ поэмæйæн йæ бацæуæн Къоста байдыдта зындгонд таурæгъæй

         

                          Хетаг

     Читатель! Собираюсь поведать тебе

     Старинную повесть о славном

    И доблестном предке, стяжавшим себе

    Бессмертье в потомстве забвенном.

   

   Я сам из потомков его, и как гусь,

  Лишь годный в жаркое ,не редко,

   Встречаясь с другими «гусями» кичусь

   Прославленным именем предка

   

  Преданье я черпал из тысячей уст,

  А памятник цел и поныне :

  Священная роща иль «Хетогов куст»

  Стоит в Куртатинской долине.

 

 Еще не касался ни разу топор

 Его долговечных питомцев;

 В нем странник чужой потупляет свой взор,

 Послушный обычаю горцев.

            Дарддæр уын цыбырæй уæ зæрдыл æрлæууын кæндзыстæм поэмæйы сюжет.   


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Особенности обучения взрослых - выступление на конференции

Сообщение  по теме «Особенности обучения взрослых» на Всероссийской научно-методической конференции преподавателей «Образование как основа устойчивого развития экономики» (2010 г.) при Сыкт...

Выступление на конференции

Воздействие искусства на личность ученика в современном образовательном пространстве. Воспитание средствами искусства.Проектная деятельность на уроках музыки. Вокально -хоровая деятельность и ее воспи...

Читательская конференция по поэме свт.Иоасафа Белгородского "Брань семи честных добродетелей с семью грехами смертными.."

Читательская конференция ориентирована на учащихся 8-10 классов. На конференции выступают учащиеся, которые делятся своими впечатлениями от прочитанного.Разговор ведется о проблеме добра и зла, доброд...

Выступление на конференции "Исследовательская деятельность учащихся в системе общего и дополнительного образования!

2012 годНаучно-практическая конференция «Исследовательская деятельность учащихся в системе общего и дополнительного образования детей»Учитель истории, обществознания, краеведения, МХК МБОУ Ульян...

Системно - деятельностный подход на уроках истории и обществознания в школе. Презентация публичного выступления на Всероссийской научно-практической конференции "Традиции и инновации в методике обучения истории и обществознанию ( к 120-й годовщине со дня

Презентация публичного выступления на Всероссийской научно-практической конференции "Традиции и инновации в методике обучения истории и обществознанию ( к 120-й годовщине со дня рождения Н.В. Андреевс...

Выступление на конференции Стратегии преподавания истории и обществознания г.Иркутск

Выступление на конференции Стратегии преподавания истории и обществознания...