Мероприятие ко дню рождения Коста Хетагурова
классный час (10 класс) на тему
Учитель Дзуцева З.Б. 17.10.15. вместе с учащимися 9-10 классов провела в развлекательном центре РИО музыкально-литературное меропритие посвященное 156-летию со Дня рождения К.Л.Хетагурова "Къоста-Иры бæрзонд сталы".
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
mer-e_iry_barzond_staly_-_kopiya.doc | 221.5 КБ |
Предварительный просмотр:
Литературон-музыкалон композици
«Къоста - Иры бæрзонд стъалы».
Архайынц дзы хистæр æмæ астæуккаг къласы ахуырдзаутæ.
Амонджытæ хистæр кълæстæй 4 чызджы æмæ 4 лæппуйы. Лæууынц сценæйы кæрон: лæппу-чызг иннæ кæрон лæппу-чызг. Кæронбæттæны сты иумæ. Сценæ куы амона, уæд сæ бынæй дæр ис.
Сценæйы фæлгонцæн:
- Хетæгкаты Къостайы сурæт.
- Ныхас саразын. Кау, дуртæ бадæнтæ.
- Рагон стъол, фыссæн пъеро, сыфтæ.
- «Ирон фæндыр»-ы макет йæ фыццаг рауагъдады.
- «Сидзæргæсы» нывæн рæхыс, цуайнаг.
- Къостайы куырыхон ныхæстæ, Къостайыл куырыхон адæмы ныхæстæ.
Музыкæйы зæлтæ. Рацæуы цъухъаты Къоста. Сценæйы астæуæй æрлæууы.
Къоста: Мыггагæй мæ ма фæрс, -
Уæздан лæг нæ дæн;
Мæ уындмæ мын ма кæс, -
Нæ бæззын чызгæм
Мæ хæдон – четæнæй,
Мæ куырæт – кæттаг,
Мæ цухъхъа – цъæх тынæй,
Нæхи хохбæстаг
Нымæтхуд, æрчъитæ,
Мæ ронбаст – уардæх
Фæрсыс ма мæ: чи дæ?
Уæд байхъус дзæбæх!… («Чи дæ?..» Х.Къ.)
Къоста фæстæмæ фæцæуы. Музыкæ хъуысы æмæ рацæуынц амонджытæ -2 чызджы, 2 лæппуйы.
1-аг лæппу: 1859 азы 15 октябры нæ диссаг райгуырæн Хохбæсты астæу, зæронд Нары хъæуы номджын æхсæны лæгæн Хетæгкаты Леуанæн райгуырди лæппу.
2-аг чызг: Нары хистæртæ йыл сæвæрдтой ном-Къоста.
Музыкæ фæтыхджын. Рахызт «Ныййарæгæй амонд»-мæ.
2-аг лæппу: Саби нæ бафсæст мады адджын хъæбысæй.
2-аг чызг: Гуыбаты Маринæ йæ сабийæн рухс радта, фæлæ йæхæдæг…
Къостайы хъæлæс сценæйы фæстæ:
Тæхудиаг, буц хъæбулæй
Йæ уалдзæджы царды хурæй
Чи бафсæст йæ мады хъæбысы… («Тæхуды» Х.Къ.)
Цырæгътимæ рацæуынц чызджыты къорд. Зардзысты «Ныййарæгæй амонд». Сценæйы фæзыны мад. Дæрддзæф лæудзæн Къоста. Зарæджы æхсæн Дзасохты М. ныхæстæ дзурын чызджытæ.
Зарæг зæлы: Нæ базыдтон никуы, циу мады рæвдыд,
Мæ сабидуг сидзæр, æвæгæссæг уыд,
Сæууон хур цъæх арвæй
Мæн тавта йæ хъармæй,
Æмæ мæм уый касти мæ мады рæвдыд,
Фæзынди мæм фыны уæд иу хатт мæ мад,
Æнкъард уыд йæ хъуыды… (хъырнынц)
Мад: Хæрзбон мæ хъæбул! Ракæс-ма! Искуы
Мæн нал уындзынæ, сау мæлæт мæ исы,
Гъе уый фыдæнæн ахæм лæг ысу
Куыд бафтауай æгас дунейы дисы. (Ситохаты С.)
Ныййарæджы фæдыл æнкъардæй кæсын,
Мæ риуæн йæ арфы мæ сагъæс хæссын,
Нæ бафсæстæн хурæй,
Зæрдæрыст, сæркъулæй
Ныййарджыты фæдыл æнкъардæй кæсын. (хъырнынц).
1-аг чызг: Ды куы уайыс, куыд бирæ йæ уарзис
Æмбарис дæ фырты зæрдæ,
Тыхмитæ, фыдæй йæ, цæргæсау,
Ды хъахъхъæнис царды бæргæ.
Цыма дзы кæцы у мæ мады æнгæс,
Цымæ дзы кæмæн ис мæ мады хъæлæс?
Йæ цин æмæ уарзтæй
Цымæ дзы кæцы у мæ мады æнгæс?
1-аг лæппу: Нæ ахызт дæ иуварсты амæндтæ уарæг –
Дæуау фæрнджын Иры нæма уыди мад;
Ирыстоны намыс – Къостайы ныййарæг
Сыгъдæг удты фарсмæ дзæнæты фæбад.
2-аг чызг: Сыгъдæг удты астæу дзæнæты фæбад
Цы бæсты, цы ранæй нæ бафсæстæ, мад.
Ир бафсæст дæ хъæбулы хурæй, ныййарæг! (Дзасохты М.)
Ныййарæгæй амонд… Цæй диссаг у, цæ!
Уый æрдзы хæрзтимæ нæ кæны хæццæ.
Æмæ йæ буц дарут,
Ныййарæгæн барут.
Ныййарæгæй амонд… цæй диссаг у, цæ!
Хъысмæты цалх дыл разылди кæд хинæй,
Уæддæр дæ амонд разынди къæдзæх:
Нæ бафсæст хъæбулы амонд, цинæй.
Дæ фырты цинæй бафсæст Иры зæхх.
Музыкæ фæтыхджын. Зарæггæнджыты къорд фæцæуынц.
Рацыдысты кæстæр кълæстæй 2 скъоладзауы: чызг, лæппу.
чызг – Сидзæры рæвдыдтой хуры хъарм тонтæ,
лæппу – Зæдтæ йын æрвыстой арфæтæ, хуынтæ,
чызг – Авдхоны йын радтой урс цъухъхъа, нымæт.
лæппу – Бафтыдта йыл мæй та сагъæс æмæ мæт.
чызг – Булæмæргъ ын зæронд а-ло-лай фæндыл,
иумæ – Скодта йæ мæлгъæвзаг, радта йын фæндыр.
1-аг чызг – Кæд уæззау уыдысты Къостайы сабибонтæ, уæддæр тырныдта зонындзинæдтæм, ахуырмæ:
1-аг лæппу Нары райдиан скъола…
2-аг чызг Дзæуджыхъæуы прогимнази…
2-аг лæппу Стъараполы гимнази.
1-аг чызг – Стъараполы гимнази хъæбæр хорз арæзт уыди ахуырады хъуыддаг. Хохаг адæмты лæппутæ иттæг рæвдыд уыдысты.
1-аг лæппу: Нарон уæлыгæсæн йæ сыстъæлфыди ног царды зынгæй, зындады уидæгтæ рæмудзын байдыдтой бындзарæй…
2 – чызг: Уарзон рæузæрдæйæн бирæ æнтысы, уайтагъд чысыл æмбæлттæн балхон сси алы хорз хъуыддæгтæн; таурæгътæ, стихтæ æмæ зарджытæ фыссы уырыссагау.
2 – лæппу: Æмбисонд нывдæсныйады æвдисы.
1 – чызг. Къостайы дарддæры царды фæндагæн стыр æххуыс бакодта йæ ахуыргæнæг Смирнов.
1 – лæппу: 1881 аз..
2- чызг: Къоста иттæг хорз ахицæн кодта фæлварæнтæ æмæ сси Бетъырбухы Аивæдты академийы ахуыргæнинаг.
2 лæппу: 223 адæймагæй Академимæ ист æрцыд 35, уыдонæй иу Къоста.
1 чызг: Къоста ахуыр кодта «в классе гипсовых фигур», йæ ахуыргæнæг уыд Челтыков.
1 лæппу Къостайимæ ахуыр кодтой Академийы -Серов, Врубель, Гинцбург.
2 чызг: «Коста Л. вынес из стен Академии мировозрение художника – демократа и навыки художника - реалиста» Туганов.
2 лæппу: «Его картины и его стихи говорят об одном, поют одну и ту же песнь» Кацман.
Пейзажон мыртæ, музыкæ æмæ æмдзæвгæтæ кæсынц чтецтæ «Æфсатийы зарæг»… Кæнæ «Джук-тур», кæнæ Фатимæйæ скъуыддзаг кæнæ «В горах»-æй.
кæсæг – Проснулся царственный Казбек,
Восход приветствуя румяный,
Долины быстротечных рек
Покров свой сбросили туманный…
Лениво выползают горы
Из облаков. Проснулся лес,
И птиц восторженные хоры
Благословляют ширь небес. Коста «Фатима»
Къоста студенты уæлæдарæсы фæзынд сценæйы. киноныв «Возвращ. К.» музыка.
Къоста – Фæхæссон-ма загътон, уæддæр
Фæстæмæ мæ иунæджы сæр
Мæ Ирмæ, мæ райгуырæн бæстæм…
Мæ цæстысыг донау мызти..
Мæ зæрдæ фырцинæй рызти, -
Куы схастæн нæ цъитиджын хæхтæм.
Æрцыдтæн… Мæхицæй фыддæр
Мæгуырæй куы ссардтон дæу дæр
Мæ уарзон мæ иубæстон адæм… (Къоста)
Музыкæ тыхджындæр кæны. Ныхасы бадынц цалдæр зæронд лæджы, баздæхт сæм Къоста.
1 чызг: Фæлм бады уазæджы цæстыты
Кæдæй йæм кастысты æнхъæлмæ
Йæ фæсидт, йе 'сныхас, йæ хъæрмæ.
Ныр нал ис бабыхсæн мæстытæн,
Æмæ йын райдыдтой хъæстытæ…
1 – лæг: Паддзах, хъæуыхицау, жандармтæ,
Нæ туг нын дойныйæн нуазынц,
Нæ царм нын хъалонæй ыстъигъынц.
2 – лæг: Кæмдæрид исынц нын нæ бартæ
Ныккалд ныл се 'нæууæнк, сæ азар.
Нæ фæдыл балбирæгъау зилынц.
3 – лæг: Нæй зæхх – кæм азæлæм, кæм кусæм,
Зымæг зæйласт кæнæм мыггагмæ.
4 – лæг: Сæрд-та æрра дæтты лæсæнтæ
Фæззæг кæфойыдзаг нæ мусы.
Кæдæм ма фесафæм нæ сæртæ.
5 – лæг: Фæхауæм сæрсæфы фыддомдæй.
Сценæйы бынæй Сидзæргæс, артдзæсты фарсмæ хъуысы йæ мелоди. Къоста дардæй кæсы ацы нывмæ.
Сценкæ «Сидзæргæс»…
Къоста æрбадт дурыл æмæ цыдæртæ фыссы.
Сценæйы фæстæ амонæг дзуры:
2 лæппу: Къоста сæм фехъуыста æмырæй
Æмæ йæ риуы райгуырд «Додой»…
Сидзæргæс сыстад æмæ дзуры «Додой» мелоди зæлы. / куплет зарынц. – фæстаг дæр заргæ.
Къоста сыстад дзуры.
Рагон нæртон лæгау зарын куы зонин,
Арвмæ куы хъуысид мæ фæндыры хъазт,
Дунейы сеппæт махимæ æрхонин
Радзурин уыдонæн зæрдæйы маст
(Къоста)
2 – чызг: Рацыдтæ иунæгæй, «Додой» ныззарыдтæ,
Федтай зын цард.
2 – лæппу: Де знаг дæ ахаста дардмæ дæ адæмæй
Кодтай æнкъард.
«Æнæ хайы» мелоди, зарæг.
Къоста фæссценæйæ:
О бонты фарн! Мæ хъиутæ тонгæ цардтæн
Æз дард Херсонты. Зарæгау нæ Ирмæ
Нывæзтон æз мæ сагъæсты къуыбылой (Дудиаты Х.)
Зарæг фæтыхджындæр.
1 – чызг: Бæстæйы сабырдзинадæн тæссаг адæймагыл нымадтой паддзахы хицауад Къостайы æмæ йæ нæ уагътой йæ уарзон Ирыстоны Цæрын, фæлæ сын никуы бантыст поэты зæрдæ басæттын.
1 – лæппу: Къостайы саджы фисынтыл амад поэзи райгуырди Ирыстоны сагъæстæй. Уый поэты зæрдæйы арфæй рагуылф кодта Къасарайы нарæг комыл, анхъæвзт æгас бæстæйыл, дунейыл.
Къоста фæссценæ: Везде для всех я песнь свою слагая.
Везде разврат открыто я крою.
И грудью грудь насилия встречаю
И смело всем о правде говорю. (Коста).
2 – чызг: Къоста тынг аргъ кодта уырыссаг литературæйы классиктæн. Хуыдта сæ йæ ахуыргæнджытæ.
2 – лæппу: Номдзыд поэты Лермонтовы цырты байгомы 1889 азы Къоста иттæг рæсугъдæй бавдыста Иры, Уæрæсейæ чи æрцыд уыцы фысджыты, зонады дæсныты æмæ хицæутты раз.
1 – чызг: Бакаст дзы æмдзæвгæ «Лермонтовы цырты раз». стæй раныхас кодта.
Къостайы фæсценæйæ: «Великий торжествующий гении, подрастающее поколение моей Родины приветствует тебя как путеводную звезду в новом своем движении к храму искусства наук и просвещения». (Коста)
1 – лæппу: «Осетинская серая черкесска победила нас» -
2 – чызг: - говорили русские.
4 – чызг: Сылгоймаджы хъысмæт…
4 – лæппу: уымæн нæ царды уавæртæ…
3 – чызг: йæ тох сæрибармæ…
3 – лæппу: Татьяна Ларина
4 – чызг: Вера Павловна
4 – лæппу: Катерина…
3 – чызг: Анна Каренина…
3 – лæппу: Фатима…
Хонгæ кафт Фатимæ кафы Ибрагимимæ.
Фатимæ: Рæстдзинад, уарзоны æнцойы –
Нæ хид, нæ тугæйдзаг фæллойы,
Ыссардзынæн æз цин, рæвдыд… (Къоста).
Кафт фесты: Ибрагим ацыд. Фæзынд Дзамболат. Дзамболат 2 фæзындæй саразын 1 сценкæ. Равдисын мад, сылгоймаджы кад, кæй нæ сафы.
4 – чызг: Стыр фыссæгæн нæ цард дæр стыр æмæ бирæвæрсыг вæййы.
4 – лæппу: Къоста цардис Ирыстоны цардæй.
3 – чызг: Къоста цардис ирон адæмы цардæй.
Къоста фæсценкæ: «Найти охотницу делить со много такую участь не легко».
Сценкæ Къоста æмæ Аннæйы ныхас:
Аннæ: Цы дыл æрцыд-æппын дæ Куы не мбары?
Къоста: Ды зондджындæр уыдтæ.
Зыдтай: Нæ цард нæ рауайдзæнис иумæ.
Аннæ: Къоста!
Къоста: Æмæ мын фараст азы дзуапп
Нæ лæвæрдтай, Æз та æнхъæлмæ кастæн.
Ныфс мæ уыди, æрцæудзæни рæстæг,
Æмæ мæм хурау ракæсдзæни Аннæ.
Ныр иу къуыримæ басасти мæ ныфс.
Аннæ: Къоста! Зæгъ мын цы у!
Къоста: Æз дæ куырдтон, кæд искæй уарзыс, кæд
Дæуæн мæ удæй адджындæр у исчи,
Уæд мын æй зæгъ, мæ зæрдæ рисдзæн тынг
Фæлæ уæддæр æз алæудзынæн иуварс.
Ды мæм æргом нæ разындтæ – æмбæхст
Уыдтæ мæнæй…
Аннæ: Фæдзырдтой дын…
Къоста: Рæдийыс!
Æз дам – думтæм нæ фæхъусын Дæ цард,
Дæ бæллицттыл фæсагъæс кодтон бирæ,
Фæбарстон сæ нæ уавæрыл…
Мæ зæрдæйы дæр уарзондзинад амард.
Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры,
Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын.
Къоста дæтты Аннæмæ сыф. хъуысы музыкæ-фортепиан. Аннæ кæсы фыстæг хъæрæй.
Благодарю тебя за искреннее слово,
Прости, прости навек! Отвернутый тобой
Я посох и суму благословляю снова,
Благословляю жизнь, свободу и любовь,
Благодарю тебя! Ты снова возвратила
Скитальцу бедному потерянное «я»
Мучительным «прости» ему ты озарила
Забытую стезю разумного бытья.
Теперь настрою вновь заброшенную миру,
Забуду твой напев и незлобивый смех,
Начну по прежнему я странствовать по миру,
Молится и любить, любя, страдать за всех…
Аннæ æрбадт бандоныл. Музыкæ.
Кæсæг: Лишь горечь бед судьба ему сулила, -
Но так и не сломила до конца! –
Так почему же ты не разделила
Тяжёлой дали гневного певца?
Гора и та от слов дрожала,
Ему внимали жадно земляки.
А ты? Ты никогда не понимала
Ни слез его, ни боли, ни тоски!
Печаль Коста, тебе укором будет!
Но что со мной? К чему тебя винить,
Лишь ты, лишь ты была его мечтою,
Тебя он пел, страдая и скорбя,
Так много песен рождено тобою,
Что право стоит оправдать тебя. (Кайтуков Г.)
Аннæ ацыд. Фæзынд Къоста. Фæцæуы «Ирон фæндыры» макетмæ.
Къоста: Дунескæнæг, дзырды амонд мын радтой,
Уæд мын цæуылнæ бауарзта дæ цæст,
Адджын бинонтæ саразын мæ царды?
О уарзондзинад рафæлдисæг, ды
Кæйдæр хæдзармæ буц, рæвдаугæ мæн
Сиахсы хуынд куыд нæ фæкодтай иу хатт.
Цы зын, цы цин нæ бавзæрстон мæ царды,
Æз не рбавæстон ноггуырды мæ риумæ,
Æрцыдысты «Ирон фæндырæй» ивд.
Нæ дзыллæйы зæрдæ – мæ хуымгæнды хай,
Нæ бæсты сагъæстæ – мæ фæззыгон най.
4 – чызг: Бæркадджын уыд Хетæджы фырты най. «Ирон фæндыр» басгуыхт ирон адæмæн æнусон цырагъдарæй.
4 – лæппу: кад æмæ намысы мæсыгæй.
1 – кæсæг: «Ирон фæндыр» нæ Иры ныфс,
«Ирон фæндыр» Иры рыст,
Зæрин хурау Къостайы ном.
Къæдзæхы риуыл фыст. (Айларты М.)
2- кæсæг: «Ирон фæндыр» мне не забыть вовек
Поет-боец, ты смело шел на муки.
Чтоб счастлив был, свободен человек,
Незнали горя сыновья и внуки.
3 – кæсæг: Ты и природу мог на битву звать…
К родным горам ты обратился гневно:
- Гореть вам горы, нужно, не молчать:
Ты ожил вновь… И голос твой напевный
Звучит в сердцах… Стихам твоим звучать
Покуда сердце будет нам сиять.
1 – чызг: Къостайы рæнхъытæ тугдадзинтау тæлфынц, тугдадзинтау цардæгас сты.
1 – лæппу: «Признак любого гения его современность. И вспоминая Коста, не обязательно громогласно и назойливо говорить о его величии и гениальности. Надо только внимательно читать Коста и рассуждать и прочитанном на много что происходит в обществе, раскроет от нам глаза…» (Т. Кусов).
«Æхсины лæг» - кæсынц 2 кæсæгæй, кæнæ «Цæрын æнцон кæмæн у»-йæ сæвæрæн ис скъуыддзæгтæй; кæнæ Друзьям приятелям, кæнæ баснятæй.
Музыкæ кинонывæй.
2 – чызг: Мæгуыр æфхæрд лæгæн йæ хъæстæн, раст лæгæн йæ мастæн æрцыд сагъæссаг кæрон…
2 - лæппу: 1900 аз. Мартъи…
3 – чызг: Къоста сыздæхт Херсонæй…
3 – лæппу: Нал æй базыдтам. Саумылазон мигъ æрæхгæдта нæ рæсугъд цæстыты зынг…
4 – чызг: Æгомыг уыд сызгъæрин дзых.
4 – лæппу: Уæззау рохст зæрдæ хуылфы ныддур…
1 – чызг: Фыднизы нысæнттæ бæрæг уыдысты…
Къоста сценæйы фæстæйæ.
Я смерти не боюсь, - холодный мрак могилы
Давно манит меня безвестностью своей,
Но жизнью дорожу, пока хоть капля силы
Отощется во мне для Родины моей… (Коста)
1 – лæппу: 1903 азы Къостайы йæ хо Ольгæ аласта Лабæмæ
Йæ фыды хæдзармæ. Къоста сынтæгæй нал сыстад
2 – чызг: 1906 азы Ирыстонмæ ссыд тел «Къоста амард» Ольга.
Къоста сценæйы фæстæ: Зонын, æфсармæй кæудзыстут
Бавæрдзыстут мын мæ мард,
Рухсаг у, рухсаг, - зæгъдзыстут, -
Ницæмæнуал уыд дæ цард!» (Къоста)
3 – чызг: Дзæуджыхъæу, 1906 аз. Апрель.
2 – лæппу: Райсомæй тыхджын рауарыди, стæй сихорæй фæстæмæ скодта хорз бон, ныккасти уалдзыгон хур.
4 – чызг: Уыцы бон горæты уынгты уæлдай стыр змæлд уыдис: адæм тырныдтой вагзалмæ.
4 – лæппу: Уырдæм поезды схæццæ Ирыстоны номдзыд хъæбул Хетæгкаты Къостайы мард Кубанæй.
1 – чызг: Зианы фæдыл цыдысты канд æрмæст ирон адæм нæ, фæлæ уырыс, гуырдзы, сомих…
1 – лæппу: Мах хуызæн мардмæ нæ цæуынц æндæр рæтты… фезмæлæн нал уыди абон нæ уæлмæрдты,
Стырæй, чысылæй, -
Уый бæрц æрцæугæ нæма федтон иу ранмæ,
Уый бæрц æркæсгæ нæма федтон иу зианмæ,
Хохæй, быдырæй… (Къоста)
1 кæсæг: В тоскливый час он вышел в путь,
Давил туман… стояла мгла…
2 кæсæг: Но во тьме явшей перед ним
Казалось, будто свет мерцал…
1 кæсæг: И как у цели пилигрим
Он бодро в руки посох взял
И твердой поступью он шел
Туда, где этом свет горел –
Надежд земли святой символ
И наших дел… И наших душ…
2 кæсæг: Еще сильней сгустилась ночь…
Еще серее стал туман
И было жить уже невмочь…
И был нещаден вражий стан.
Къоста сценæйы фæстæ: Жизни не вкусив, Я жить уж перестал.
3 кæсæг: И он упал…
4 кæсæг: Не стало сил…
3 кæсæг: Идти он больше уж не мог
4 кæсæг: И разомкнулась сеть могил…
И тихо замер горький вздох.
3 кæсæг: Умолк – но стих его певучий
В сердцах людей еще звенит.
4 кæсæг: И миру темному сквозь тучи
О солнце вечном говорит. (Цæголты Г.)
Гъе, уый дын мæ миты, -
Куыд фæнды сæ дам!
Фæрсыс ма мæ ,чи дæ? –
Уæд иунæг ма ном. (Къоста)
2 хистæр къласы.
1 – Куыд фæрæзтай мæ Иры сагъас, мастæн!
Мæрдтæм дæр хъуысти о Къоста, дæ хъæр.
2 - Нæ фидæнмæ æнусты сæрты кастæ
Фæзын нæ сидтмæ, байхъуыстис дæ сæр
1 - Ныппырх ыстæм æвæгæсæгæй фосау
Нæ ныры дуджы мацæуыл кæн дис!
2 - Æфсымæр фестад не фсымæрæн марг
Тæрхоны лæг уа, æнæхъола паддзах уа
Кæнынц æрмæст сæхи гуылты бын арт.
1 - Æнæхца лæгмæ ничи здахы йе ргом
Бæсты бикъ æмæ комы дæгъæл-давæг.
2 - Нæй сау кусæгæн намыс æмæ цыт.
Ызноны сæркъуыр – бизнесмен о ралæг.
Æнæхсæст демократорты фæрцы.
Æварны сæфт кæнæм, Къоста, рæстæй,
Фæзын, фæзын, Ирыстоны цырагъдар.
Лæппуты кафт «Горский» астæуккаг кълæстæй кæсджытæ:
1 - Уый кувынмæ нæ, тохмæ
Размæ сидти
2 - Уый зарыди сæрибарыл уæндонæй
Цæмæй дзæнæтмæ рацæуæм зындонæй
3 - Ирон поэт!-Йæ заманты уыд иунæн
О цас дзæбæхтæ сарæзта, цас иу лæг.
4 - Куырыхон, разагъды ирон гуырд
Нæрамон Хетæджы фæдон.
5 - Дæ алы къахдзæфы дæр зонд уыд
Хæцыдтæ знагимæ æргом.
6 - Куыстæфхæрд, адæмы сæрылхаст
Къоста-ирон адæмы кад.
7 - Нæртон фæринкау уыд дæ ныхас.
Дæ цæстыл не стыр фидæн уад.
1 - Уыдтæ ды карз дуджы цырагъдар
Къоста! Ирыстоны цæсгом
2 - Нæ кодтай фарны дзырдæй базар
Уыдтæ зæры бынмæ хæстон.
3 - Къоста ныллæууыд Иры астæу æхсæны раст
лæгæн æмæ загъта, мыггагæй-мыггагмæ
хъуыдыйаг фарнæн ныхæстæ:
4 - Ныууадзут, Ир,хæлды ныхæстæ:
5 - Чырыстон-пысылмон
6 - Тега-куыртта
7 - Æлдар-кæвдæсард
1 - Чысайнаг-туаллаг
2 - дыгурон-къуыдарон
3 - скæнæм æмармæй, æмцардæй
иумæ-Иу буц Ирыстон
«Балцы зарæг» Кафт дарддæр. Кæрон
Вариант кæронбæттæнæн:
Лит.-муз. Композици«Уæлладжыры коммæ балц»-æй.
1 - Уæлладжыры хæхтæ, кæсынтыл уæм фæвæййын
Мæ хъуыдытæ æныгуылынц уæ хуылфы. Мачи зæгъæд: Уæлладжыры хæхтæ дзурын нæ зонынц, нæй сын зæрдæ.
2 - О, фæлæ уын хатын хъæуы уе взаг, уæ зæрдæйы цæф.
3 - Хæхтæ, цас æнгомдæр æнцайын уæ риуыл, уый бæрц хуыздæр хатын уæ зæрдæйы цæф.
4 - Уæддæр цыма уыдыстут Нарты гуыппырсар адæмæй.
5 - Фæлæ ныссагъта хъæрццыгъа йæ дзæмбы уæ риуы.
6 - Нызта уын уæ туг! ирон лæджы игæр уæ риуы ныййыхсыд.
7 - Уæ зæрдæйы арфы лæджы маст ысмал.
1 - Стæй уæд нæ Ирæн нæртон гуырды радтат.
Иумæ: – Уынгæг кал фæрухсдæр, фæрайдзаст.
2 - Нæртон лæг фæзынди уæ риуыл нæ хæхтæ!
Æмæ уæ йæхæдæг – йæ армы куы систа.
3 - О, нæ хæхтæ. Цы хъæбул уын рантыст уæ маст æмæ тугæй.
4 - Ныззарыд нæ удæвдз нæртон лæджы «Додой».
5 - Уæд арвы цæлхъытау –йæ зарæджы мыртæ
6 - Уæд хуры тæмæнтау –йæ зонды цæхæртæ
7 - О, хæхтæ! Уæлладжыры хæхтæ-Къостайы
ныййарæг, нæртон лæджы раттæг.
Уæ сæрмæ куы скасти нæ ирон стъалы
1 - Уæлладжыры хæхтæ!Уæ хъæбул куы басгуыхт
Хетæджы Уастырджи.
2 - Нæ царды фæндагсар.
3 - Нæ куывддоны сæрзæд!
4 - Нæ зæрдæты рухс хур !
5 - Нæ зонды фæндагсар.
6 - Хæхтæ-Къоста!Дыууæ дзырды арæм нæ амонд,
нæ хъысмæт, нæ ныййарæг мадау.
7 - Хæхтæ! Нæ сæрæй уын кувæм, кæй радтам нæ Ирæн зынгзæрдæ нæртоны!
1 - Æз уе взагæй зонын, æз хъусын куыд зары йæ
удæвдз нæ кæмтты.
Иумæ: Хæхтæ-Къоста! Нæ сæрæй уын кувæм.
Кафт
Фатимæ æмæ Дзамболаты сценкæйы вариант.
Фатимæ: - А, уый ды дæ?
Дзамболат: - Фæдзæгъæл дæн…
Арæвдз кæн, цырддæр, цæй дæхи…
Цæттæ сты бæхтæ дæр…
Фæраст уæм, Æстæй нæ уæд æййафæнт, и…
Фатимæ: - Цы загътай, цы?
Дзамболат: - Тæрсыны оххыл.
Ды ма фæгъизи кæн ныр, цæй,
Цагъайрæгтимæ райдыд тохы…
Фатимæ: - Хæрын дын ард. Дзамболатæй,
Æз ахæм æфхæрдмæ нæ кастæн.
Дзамболат: - Нæ мæ уарзыс?
Фатимæ: - Æфсымæрау,
Æгайтма та мæм ног фæзындтæ…
Дзамболат: - Фатимæ, гъгъæд!
Кæм ис дæ дзырд.
Цы фесты сомытæ, нæ фæнд?..
Фатимæ: - Ныр нал ис раздахæн, цы уыд, -
Дзæгъæл сыл мауал кæн ды мæт…
Дзамболат: - Дзырдфæливæг…
Фатимæ: - Дзæвгар фæкастæн…
Цыппар азы тох кодтон æз…
Æнцон нæ уыд мæнæ, ды базон.
Мæ бархи взæрст, уæддæр ыссардтон
Ныртæккæ цардамонд, фæрæз…
Нæ хъаст кæнын… Мæ дзырд фæсайгæ,
Æндæр ныв раистон, нал дæн дæу…
Æнцон нæу цард, фæлæ дæн райгæ, -
Фæллой кæнын фыддзинад нæу…
Æгæр федтон фыдæхтæ æз,
Цæмæй мæ цард афтæ æнцонæй
Æрбайхалон… Хуызауæй тæрс,
Мæнæ ис маст, ныр мад дæн æз.
Дзамболат: - Уæййаг цагъайраджы сылгоймаг,
Къæбысы мад…
Фатимæ: - Дæ дзыхыл хæц!
Фæуæд дын худинаг сæ кой дæр…
Ныууадз, сæрхъæн! Æз мады кад
Нæ ратдзынæн, уый зон, æфхæрдмæ…
Дæу нал дæн æз…
Дзамболат: - Гъа, амар мæ!.. –
Гъа, амар мæ, фæлæ дæ курын
Чысыл мæм байхъус, ма кæн дугъ…
Мæлæт мын нæу тæссаг, - æрмæст дæр
Дæ зул ракастæй тæрсын æз:
Фатимæ, рымыс-ма дæхæдæг
Нæ дзæнæтон дзæбæх æхсæвтæ…
Хуыцау!
Ау, цавæр у, хъысмæты къухты
Нæ цард куыд уыдзæни æдзухдæр
Хынджылæггаг? Ыскарстай, ау,
Æнус ахицæн тæрхон
Дæ зæрдæйы?..
Фатимæ: - О, гъо, хæрзбон!
Дзамболат: - Фæлæуу, уæдæ, уый нæу дæ бон!
Мæн дæ ды ныр…
Фатимæ: - Дæ чъизи тугæй
Дзуапп ратдзынæ, æууæнд, мæнæ
Хъуыранæй ард хæрын, уыдзæн
Мæ мойы бон æнæхатыр
Йæ маст райсын…
Дзамболат: - Уырны зынæй.
Зон Ибрагим дæу нал у ныр…
Фатимæ: - Цы загътай, цы?…
Дзамболат: - Зæгъон дын æй –
Мыййаг ыстыр хъуыддаг нæ уыд:..
- Фатимæ
Фатимæ: - Дæлдзæх фæу, лæджы фыд хор…
Мады Майрæм, нæ хæрæфырт хорзæй баиразæд!
Хетæджы Уастырджи, байраг-бæхгæнæг, лæппуйæ-лæггæнæг дзуар дæ, æмæ нæ ноггуырд дæ фæдзæхст уæд. Дæ рахиз базыры бын байрæзæд.
Хуыцау уæдæ кувын кæмæн хъæуы, се ппæтæн дæр æхцон æрхæсс!
Мад æмæ иу лæг кафынц.
Æрбахызт сау дарæсы, галиу къухы ехс, афтæмæй лæппу. Кафт фæурæдтой æдзæмæй лæууынц.
Уæ хæрæфырт цæринаг уæд, фæлæ уæ чызг…
Æнкъард мелоди… Сæргуыбырæй ацæуынц.
Вариант Къостайы райгуырдæн.
Архаид Гуыбаты Хæдзары.
Марияйы мад: Мæ зæрдæ хсайы Нармæ. Цымæ куыд у Марийæ?
Чидæртæ æрбацæуы. Хорз хабар хæссæг уæнт.
Фыд: Куывд хъæуы, Маккиан, куывд!!!
Мад: Цавæр куывды кой кæныс, нæ зæронд?!
Фыд: Хæрæфырт нын райуырд, хæрæфырт.
Мад: Амондджын гуырд æй хохы дзуарттæ фæкæнæнт! Номыл æвæрын хъæудзæн!
Фыд: Ном ыл Нары хистæртæ сæвæрдтой.
Мад: Цы?
Фыд: Къоста. Де ртæ кæрдзыны æфсин.
Лæгтæ цалдæрæй кувынц æртæ чъирийы.
Стыр Хуыцау, æппæтдæр Ды скодтай æмæ нæ æппæт хæрзтæй хайджын фæкæн. Ноггуырд хæдзары фæзынд æмæ амондджын цырд чи фæци, уый æмбал фæуæд.
Бинонтæн зæрдæлæууæн, хъæубæстæн амондхæссæг,
Дзыллæтæн уынаффæгæнæг куыд уа, ахæм хорзæх ракæн
Алардыхъан, саби де уазæг фæуæд, низæй йæ бахъхъахъæн, амонд ын ратт!
Открытое литературно-музыкальное мероприятие
«Иры бæрзонд стъалы»
Провела: 17.10.15 Дзуцева З.Б.
Учитель: Дзуцева З.Б., 17.10.15 вместе с учащимися 9-10 классов провела в развлекательном центре РИО музыкально литературное мероприятие посвященное 156 –летию дня рождения К.Л. Хетагурова.
2015 год
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Викторина по биографии и произведениям Коста Хетагурова
Вопросы викторины составлены для учащихся среднего и старшего звена СОШ....
Сценарий на конкурс чтецов, посвященный 150-летию Коста Хетагурова.
Конкурс чтецов на осетинском и русском языках для 5-7 классов....
"Любовная лирика Коста Хетагурова"
Доклад подготовлен на конференцию, посвященную основоположнику осетинской литературы -Коста Левановичу Хетагурову....
Любовь-муза жизни (по произведению Коста Хетагурова "Хæрзбон")
В стихотворении Коста Хетагурова "Хæрзбон" ярко выражена красота, гумманизм души автора, отношение автора к любимой девушке...
Выступление на конференции по поэмам Коста Хетагурова. "Поэма "Хетаг"-ы истори ама йа равзарды аххосагта"
На этой конференции были рассмотрены известные исторические поэмы Коста Хетагурова"Фатима", "Плачущая скала", "Хетаг". Обучающаяся высказала свою точку зрения по данному произведению....
День рождения Коста Хетагурова
О Коста было много сказано и при жизни, и после его безвременного ухода... Не раз отмечались его поэтический дар, художественный талант и публицистическая деятельность. Но я еще раз хочу остановиться ...
План урока английского языка, посвященного дню рождения Коста Хетагурова
Коста Хетагуров, биография которого вызывает нескрываемый интерес поклонников творчества истинного таланта, – это художник и скульптор, поэт и просветитель, гордость Осетии, основоположник языка...