годовая контрольная работа для 9 класса невл.группы
методическая разработка (9 класс)
Предварительный просмотр:
Зᴂрдᴂвᴂрᴂны мᴂйы - ᴂм бон.
9-æм « » къласы ахуырдзау___________________________________
афᴂдзы кᴂроны контролон куыст ирон ᴂвзагᴂй
Вариант №1
Раздел 1 (задания по чтению)
Прочитайте тексты и установите соответствие между текстами и их заголовками: к каждому тексту, обозначенному буквами А-Г, подберите соответствующий заголовок, обозначенный цифрами. Используйте каждую цифру только один раз. В задании есть один лишний заголовок. |
1.Зындгонд ахуыргонд
2.Олимпаг хъᴂзтытᴂ хæсты рæстæг
3.Чысыл паддзахады лᴂвᴂрттᴂ
4. Хид схуыдтой сылгоймаджы номæй
5. Кадджын дзуар
6. Скульпторы лæвар горæтæн
А. Чысыл паддзахад Бердзен дунейæн стыр лæвæрттæ ракодта. Уыдоны ‘хсæн хицæн бынат ахсынц Олимпаг хъæзтытæ. Фыццаг Олимпиадæ кæд уыдис, уый бæрæг нæу. Фæлæ мах дуджы размæ 776 азы дурыл фыст æрцыдис, згъорынæй ерысты чи фæуæлахиз ис, уыцы атлеты ном. Уыцы аз нымад у Олимпаг хъæзтыты райдайæныл.
Æ. 2001 азы Джеуæргуыбайы мæйы Дзæуджыхъæуы Кировы номыл хид скодта ног аив фæлыст. Хиды цыппар тигъыл фæзындысты скульптурæтæ – сæрыстыр домбайтæ. Горæты цæрджыты зæрдæмæ тынг фæцыдысты ацы цыртсурæттæ. Сæ автор у мæскуыйаг скульптор Баскъаты Сослан. Уый цæры æмæ кусы Мæскуыйы. Курдиатджын скульптор балæвар кодта ацы ансамбль Дзæуджыхъæуæн, уымæн æмæ йæ фæнды, цæмæй йæ райгуырæн горæт уа рæсугъд æмæ аив.
Б. Нæ фыдæлтæм бирæ кадджын кувæндæттæ ис. Уыдонæй иу у Реком. Рекомы кувæндон ис Цъæйы комы. Йæ агъуыст арæзт у хъæдæрмæгæй æнæ иу зæгæлæй. Рекомы дзуары бæрæгбон вæййы алы аз дæр июлы æмæ ахæссы къуыри. Адæм фæкурынц дзуарæй бирæ хор, бирæ фос, фæкувынц, цæмæй фыдбылызтæ æмæ низтæй хъахъхъæд уой.
В.19-æм æнусы Дзæуджыхъæу нымад уыдис Кавказы мидæг тæккæ хъæздыгдæр æмæ базаргæнæг горæттæй иуыл. Ам Ольгæйы хиды раз къуыри 2 хатты уыдис базар. Хид схуыдтой Ольгæйы номæй, уымæн æмæ уый уыдис, Кавказы хицаудзинад чи кодта, уыцы кънйаз Михаилы цардæмбал. Фенæн дзы уыдис къупецæгты, зæхкусджыты, горæты цæрджыты. Уæй дзы кодтой хор, фæтæген, мыд, мыдадз, кусæн дзаума. Гуырдзыйæ ластой дыргътæ æмæ сæн.
Г. Абайты Васо у зындгонд лингвист, æппæт зонадон дуне дæр кæй зонынц, ахæм ахуыргонд. Васо райгуырдис гыццыл хохаг хъæу Къобы. Йæ зындгонддæр æмæ стырдæр куыстытæй иу у «Ирон æвзаджы историон-этимологион дзырдуат». Уыцы куысты тыххæй ахуыргондæн 1981 азы радтой Паддзахадон преми. Дзырдуаты лингвист дæтты ирон дзырдты нысаниуæг æмæ дзырдты этимологи, ома, дзырд кæцæй равзæрдис, цавæр æвзагæй, уый.
Запишите в таблицу выбранные цифры под соответствующими буквами.
Текст | А | Æ | Б | В | Г |
Заголовок |
Прочитайте текст. Определите, какие из приведённых утверждений 2-9 соответствуют содержанию текста (1-раст у), какие не соответствуют (2-раст нæу). В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа. |
Ирыстоны фæдзæхст бынæттæ
1967 азы Ирыстоны арæзт æрцыдис фыццаг паддзахадон æрдзон фæдзæхст бынат.
Уый æрбынат кодта Кавказы бæрæгастæу, йæ цæгат фарсыл, Алагиры районы, цæугæдон Æрыдоны былгæрæтты фæйнæфарс.
Ацы фæдзæхст бынат у, Хъазыбеджы Хох цы егъау фæзуат ахсы, уый чысыл хай. Хæххон æрдз раст цыма йæ хъæздыгдзинадæй æппæлы: рæгътæ æмæ фæхстæ æмбæрзт сты хъæдтæ æмæ уыгæрдæнтæй. Ам фембæлæн ис фæзбыдыры зайæгойтыл, цъититæм куыд хæстæгдæр та – алыхуызон гагадыргътыл дæр: саунæмыг, мæцкъуы æмæ æнд. Уæлдæр фугæты бæзджын гауызæй æмæхгæд фæхстæй зæрдæ рухс кæны. Цæрæгойтæй дзы фенæн ис: дæгъистайнаг дзæбидыр, сычъи æмæ саг, мæргътæй та – къуырмагарк, зым æмæ æндæртæ.
1998 азы Æрæфы районы сарæзтой национ парк «Алани». Йæ фæзуат у 54 мин гектарæй фылдæр. Национ парк арæзт æрцыд æрдз бахъахъхъæнын, экологон æмæ наукон – иртасæн куыст кæныны тыххæй.
Парчы бæрзæнд денджызы æмвæзадæй у 1350 м уæлдæр. Хъæдты фæзуат у 6600 гектары бæрц. Ам сæхи айтыгътой Мæхческы æмæ Хъæрæугомы хъæдтæ.
Æрдзон фæдзæхст бынæттæн ис тынг ахсджиаг æмæ стыр ахадындзинад. Уыдоны руаджы хъахъхъæд цæуынц, чи скуынæг, ахæм зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ, æрдзон ландшафттæ.
2. Ӕрдзон фæдзæхст бынат арæзт æрцыдис 1998 азы.
1) раст у 2) раст нæу
3. Фæдзæхст бынат у, Хъазыбеджы Хох цы гыццыл фæзуат ахсы, уый чысыл хай.
1) раст у 2) раст нæу
4. Уым фембæлæн ис фæзбыдыры зайæгойтыл.
1) раст у 2) раст нæу
5. 1998 азы Æрæфы районы сарæзтой национ парк «Алани».
1) раст у 2) раст нæу
6. Парчы фæзуат у 54 мин гектарæй къаддᴂр.
1) раст у 2) раст нæу
7. Парчы бæрзæнд денджызы æмвæзадæй у 1350 м уæлдæр.
1) раст у 2) раст нæу
8. Хъæдты фæзуат у 6600 километры бæрц.
1) раст у 2) раст нæу
9. Фæдзæхст бынæттæн ис тынг стыр ахадындзинад.
1) раст у 2) раст нæу
Раздел 2 (задания по грамматике и лексике)
Прочитайте приведённый ниже текст. Выберите из слов, напечатанных в конце строк, обозначенных номерами 10-18, те слова, которые грамматически соответствуют содержанию текста. Заполните пропуски выбранными словами. Каждый пропуск соответствует отдельному заданию 10-18. |
Сомы аргъ.
10. Иу бонджын лæг уæззау фæрынчын æмæ сагъæс кæнын_________________ (райдайын, райдыдта, райдайдзᴂн).Йæ бирæ мулк кæмæн ныууадза?
11. Иунæг фырт ын ______________(уыдис, ис, уыдаид) – магуса, цæлуарзаг.
12. Иубон æм фыд фæдзырдта æмæ йын_________________(зᴂгъдзᴂн,зᴂгъ,загъта):
13. -Лæппу, æз мæлын æмæ тæрсын, мæ бынтæ мын дымгæмæ куы ныддарай, фæллойæн аргъ кæнын нæ______________ (зоны,зоныс,зонынц).
14. - Фæцу-ма райсом æмæ иу сом___________ (бакус,бакусай,кус).
15. Дыккаг бон лæппу рацыд сæ________________ (хᴂдзармᴂ,хᴂдзарыл,хæдзарæй).
16 Хиирхæфсæн бынæтты фæзылд æмæ изæры_______________(сᴂхицᴂй, сæхимæ, сᴂхицᴂн) æрбаздæхт.
17. Мад æй афтидæй куы федта,уæд ын иу сом йæ къухы____________ (фᴂцᴂвы,фᴂцᴂвдзᴂн, фæцавта).
18. Дæ_____________( фыдмæ,фыдᴂн, фыдᴂй) йæ бахæсс, зæгъгæ, науæд дын йæ бынтæ нæ ныууадздзæн.
Прочитайте и выберите только ту строку, которая соответствует правильному варианту ответа. |
19. В слове хæдзæр…æ пропущенные буквы:
а) дт
æ) тд
б) тт
20. Данные слова поставьте в сравнительную и превосходную степени сравнения : рӕсугъд, хорз, лӕмӕгъ
__________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
21. Слова в форме дательного падежа
1) чызгæн, мадæн, фæткъуыйæн
2) чызджы, мады, фæткъуыйы
3) чызгæй, мадæй, фæткъуыйæ
22. В слове Ирыстон суффиксом является:
1) он
2) стон
3) ыстон
23. Антонимом слова бᴂрзонд является:
1) чысыл
2) ныллᴂг
3) гыццыл
24. Синонимом слова зивᴂггᴂнаг является:
1) ᴂнᴂзивᴂг
2) ᴂгъдауджын
3) магуса
Зᴂрдᴂвᴂрᴂны мᴂйы - ᴂм бон.
9-æм « » къласы ахуырдзау___________________________________
афᴂдзы кᴂроны контролон куыст ирон ᴂвзагᴂй
Вариант №2
Раздел 1 (задания по чтению)
Прочитайте тексты и установите соответствие между текстами и их заголовками: к каждому тексту, обозначенному буквами А-Г, подберите соответствующий заголовок, обозначенный цифрами. Используйте каждую цифру только один раз. В задании есть один лишний заголовок. |
1.Монон культурæйы вазыгджын хай.
2.Номдзыд ахуыргонд.
3.Дыууᴂ аргъуаны.
4. Ирон уидᴂгтᴂ.
5. Карз хæст.
6. Кувинæгтæ куывтой дзуары лæгтæ.
А. Фыдыбæстæйы Стыр хæст райдыдта мин фарастсæдæ цыппор фыццæгæм азы. Дыууын дыккæгæм июны немыцаг фашисттæ æрбабырстой нæ Райгуырæн бæстæмæ. Уый уыд æгъатыр æмæ карз хæст. Цыппар азæй фылдæр цыдис уыцы хæст. Фæмардис дзы дыууын авд милуан адæймагæй фылдæр. Нæ бæстæйы адæмыхæттытæ иууылдæр,стырæй-гыццылæй, сыстадысты , цæмæй бахъахъхъæной сæ фыдæлты зæхх, сæ хæдзæрттæ, сæ бинонты. Уыдон равдыстой стыр хъæбатырдзинад æмæ æхсардзинад хæсты быдыры.
Æ. 9 æнусы кæрон, Париж куы райрæзт, уæд йæ рагондæр хай – сакъадах Ситейыл, – фæзынд 2 рæсугъд аргъуаны. Уыдонæй иу у готикон архитектурæйы хæзна – Нотр-Дам-де-Пари. Арæзтой йæ 180 азæй фылдæр. Аргъуаны фыццаг дур сæвæрдта епископ Морис де Сюлли. Аргъуаны дæргъ у 130 м, йæ фæтæн у – 48 м, йæ бæрзæнд та – 35 м. Нотр-Дам-де-Пари уыцы иухуызон никуы вæййы. Алы рæттæй йæм куы кæсай, уæд æм алы хатт дæр ссардзынæ цыдæр ногдзинад.
Б. Æппæт ирон адæмæн дæр уарзон бæрæгбон у Хетæджы бон. Уый бæрæг кæнынц сусæны мæйы. Алы хæдзары дæр скувынц 3 æртæдзыхоны. Адæм æрæмбырд вæййынц, Хетæджы къохы цы кувæндон ис, уырдæм. Семæ æрбахæссынц кувинæгтæ: физонæг, уæливыхтæ æмæ бæгæны. Дзуарæй фæкурынц амонд, æнæниздзинад, бæркад. Уый фæстæ фæсивæд фæкафынц æмæ фæзарынц. Ацы бæрæгбон у адæмы монон культурæйы вазыгджын хай.
В. Всеволод Миллер – йæ рæстæджы номдзыддæр уырыссаг ахуыргæндтæй иу, Мæскуыйы университеты профессор. Курдиатджын историк, филолог, этнограф, археолог. Фондз хатты уыдис Ирыстоны, сахуыр кодта ирон æвзаг. Йæ сæйраг куыст ирон æвзаг æмæ культурæйы тыххæй хуыйны «Осетинские этюды». Ацы чиныджы В. Миллер иртасы ирон адæмы истори, этнографи, ирон æвзаджы истори æмæ грамматикæ.
Г. Парижимæ баст сты не 'мзæххонтæй бирæты нæмттæ. Се хсæн æппæтæй ирддæрæй зыны Гæздæнты Гайтойы ном. Гæздæнты Гайто у «урс эмиграцийы» курдиатджындæр фыссæг. Райгуырд Бетъырбухы, уæздан ирон бинонты 'хсæн, йæ царды фылдæр хай та арвыста Францы. Гайтойы хонынц уырыссаг фыссæг, уый нæ дзырдта иронау, йæ фыдæлты зæхх та фæстаг хатт федта йæ саби дуджы бонты, фæлæ йын мах йæ ирон уидæгтæм куы нæ æркæсæм, уæд ын нæ бамбардзыстæм нæ йæ уацмысты мидис, нæ йæ цæстæнгас, нæ йæ миддуне.
Запишите в таблицу выбранные цифры под соответствующими буквами.
Текст | А | Æ | Б | В | Г |
Заголовок |
Прочитайте текст. Определите, какие из приведённых утверждений 2-9 соответствуют содержанию текста (1-раст у), какие не соответствуют (2-раст нæу). В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа. |
Лев Толстой
Лев Толстой у гениалон уырыссаг фыссæг. Йæ уацмыстæ йын зонынц æмæ кæсынц дунейы алы къуымты. Йæ романтæ «Хæст æмæ Сабырдзинад», «Анна Каренина» æмæ æндæртæ нымад сты дунеон культурæйы хæзнатыл.
Фыссæг райгуырд 1828-æм азы граф Николай Толстойы хæдзары. Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты хъæздыг æмæ уæздан мыггæгтæй. Цыппараздзыд сывæллон баззад сидзæрæй, сабийы хаста сæ фыды хо. Уый руаджы суинаг фыссæг райста хорз ахуырад: æрыгон граф æнцонæй дзырдта цалдæр æвзагыл.
Йе‘рыгон бонты Толстой архайдта Кавказаг хæсты. Уыцы темæйыл ныффыста бирæ уацмыстæ. Сæ зындгонддæр у «Кавказаг уацайраг».
Фыссæг йæ царды бонтæ арвыста йæ фыдæлты зæххыл – Ясная Полянæйы. Толстой дардта уырыссаг зæхкусæджы дарæс, хордта хуымæтæг хæринаг, уыдис ын даргъ боцъо æмæ рихитæ. Уый уыд тынг хъæддых æмæ тыхджын адæймаг, йæ сæрмæ хаста уæззау æмæ «сау» куыст: хуым кодта, карста хос,уарзта цуан кæнын дæр. Йæхи‘хцайæ сывæлæттæн байгом кодта скъола, рауагъта сын ахуыргæнæн чиныг, мæгуыртæн та сарæзта рынчындон.
Фыссæг амардис 1910-æм азы. Цыдис ыл 82 азы.
2. Лев Толстой у гениалон уырыссаг фыссæг.
1) раст у 2) раст нæу
3. Йæ радзырдтᴂ «Хæст æмæ Сабырдзинад», «Анна Каренина» æмæ æндæртæ нымад сты дунеон культурæйы хæзнатыл.
1) раст у 2) раст нæу
4. Йæ мад æмæ йæ фыд уыдысты хъæздыг æмæ уæздан мыггæгтæй.
1) раст у 2) раст нæу
5. Цыппᴂрдᴂсаздзыд сывæллон баззад сидзæрæй.
1) раст у 2) раст нæу
6. Толстой æнцонæй дзырдта цалдæр æвзагыл.
1) раст у 2) раст нæу
7. Йе‘рыгон бонты Толстой архайдта Кавказаг хæсты.
1) раст у 2) раст нæу
8. Фыссæг йæ царды бонтæ нᴂ арвыста йæ фыдæлты зæххыл.
1) раст у 2) раст нæу
9. Йæхи‘хцайæ мæгуыртæн сарæзта рынчындон.
1) раст у 2) раст нæу
Раздел 2 (задания по грамматике и лексике)
Прочитайте приведённый ниже текст. Выберите из слов, напечатанных в конце строк, обозначенных номерами 10-18, те слова, которые грамматически соответствуют содержанию текста. Заполните пропуски выбранными словами. Каждый пропуск соответствует отдельному заданию 10-18. |
10. Нæ________________(фыдᴂлты, фыдæлтæм,фыдᴂлтᴂй) бирæ кадджын кувæндæттæ ис.
11. Уыдонæй иу у Реком. Рекомы кувæндон_______________(уᴂвын,уыдис, ис) Цъæйы комы.
12. Йæ агъуыст арæзт у______________( хъæдæрмæгæй, хъᴂдᴂрмᴂгᴂн,хъᴂдᴂрмᴂгыл) æнæ иу зæгæлæй.
13. Рекомы дзуары бæрæгбон вæййы алы аз дæр июлы æмæ_______________(ахᴂсдзᴂн, ахаста, ахæссы) къуыри.
14. Адæм______________(фᴂкурой, фæкурынц,фᴂкурдзысты) дзуарæй бирæ хор, бирæ фос.
15. Раджы заман_______________(Кᴂсᴂгы, Кæсæджы,Кᴂсᴂгмᴂ) цардис зæронд æлдар Инал.
16._____________(ис, уыдис,уыдзᴂн) ын æртæ фырты.
17. Кæстæр æфсымæр Хетæг чырыстон дин райста. Æфсымæртæ____________(йыл,ᴂм, йæм) фæхæрам сты æмæ йæ амарын сфæнд кодтой.
18. Хетæг йæ райгуырæн______________(бᴂстᴂмᴂ, бæстæйæ,бᴂстᴂимᴂ) алыгъдис.
Прочитайте, выберите только ту строку, которая соответствует правильному варианту ответа. |
19. В слове бæлцæ…æ пропущенные буквы:
а) дт
æ) тд
б) тт
20. Данные слова поставьте в сравнительную и превосходную степени сравнения : аив, ᴂвзᴂр, тыхджын
__________________________________________________________________________________________________________________________________________________________
21. Слова в форме отложительного падежа
1) чызгæн, мадæн, фæткъуыйæн
2) чызджы, мады, фæткъуыйы
3) чызгæй, мадæй, фæткъуыйæ
22. В слове зивᴂггᴂнаг суффиксом является:
1) наг
2) аг
3) ᴂн
23. Антонимом слова хᴂрзконд является:
1) аив
2) фыдынд
3) рᴂсугъд
24. Синонимом слова хъᴂбатыр является:
1) ᴂмбал
2) хъайтар
3) ᴂрдхорд
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
годовая контрольная работа 8 класс (Громов)
контрольная работа по физике в 8 классе к учебнику Громова...
Итоговые годовые контрольные работы, 10 класс, профильный уровень.
Контрольные работы составлены на основе материалов ЕГЭ, в соответствие с рабочей программой 10 класса, 10 вариантов....
Годовая контрольная работа 3 класс (Биболетова)
Контрольная работа к учебнику Биболетовой 3 класс...
Годовая контрольная работа 5 класс (Биболетова)
Годовая контрольная работа 5 класс (Биболетова)...
Годовая контрольная работа 2 класс
Итоговая контрольная работа для 2 класса школ с углубленным изучением английского языка....
Годовая контрольная работа 8 класс
Контрольная работа состоит из двух вариантов....
годовая контрольная работа 8 класс
Данная работа составлена по материалам открытого банка заданий для проведения экзамена в формате ОГЭ.Основная цель итоговой проверочной работы, проверяемые умения, содержание и тип заданий определялис...