Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.Бæрæггæнæн.
план-конспект урока (5 класс)
Открытый урок на тему:"Хъуыдыйады фарссаг уангта".
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
gom_urok_5_klasy.docx | 21.97 КБ |
Предварительный просмотр:
Темæ: «ᴁнкъард хабар».
Грамматикон темæ: Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ.Бæрæггæнæн.
Урочы нысан: 1. Рацыд æрмæг сфæлхат кæнын.
2. Ног темайыл бакусын.Хæслæвæрдтæ баххæст кæнын.
3. Ныхасы рæзтыл куыст.
4. Скъоладзауты разæнгард кæнын мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ.
Урочы фæлгонц: чингуытæ,тетрæдтæ,
слайдтæ текстмæ, интерактивон фæйнæг.
Урочы методтæ: дзургæ æмæ фысгæ ныхасыл куыст.
Урочы цыд.
I . Бацæттæгæнæн рæстæг.
- Уæ бон хорз сывæллæттæ.
- Æгас цу.
- Сывæллæттæ абон нæ урокмæ нæм æрбацыдысты зынаргъ уазджытæ æмæ сын салам раттут.
- Сывæллæттæ абон къласы радгæс чи у?
- Уæдæ ма нын зæгъут, абон цы бон у.(Тъæнджы мæйы дыууынæм бон. ) - Скъоладзаутæ уе ргом ма рудзынджы рдæм раздахут æмæ уæ цæст адарут æддæмæ.
- Уæ бон цы у зæгъын боныхъæды тыххæй?
- Ацы миниуджытæ цавæр афæдзы афонмæ хауынц? (Зымæг)
II. Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
- Хæдзармæ куыст та уын цы уыди? ( Ныффыссын цыбыр тексттæ « Мæ уарзон афæдзы афон». ) ( Цалдæр скъоладзауы кæсынц сæ хæдзармæ куыст).
-Зæгъут ма мын хъуыдыйады сæйраг уæнгтæ цавæртæ сты?
-Цы хонæм сæйрат?
-Цы у зæгъинаг?
Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ цы сты?
Цы у æххæстгæнæн?
2.Хъуыдыйад равзарын хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ.
Зымæг у тынг рæсугъд афæдзы афон.
Интерактивон фæйнæгыл хъуыдыйад.Ахуырдзау æвзары хъуыдыйад.
Ссарæм ма дзы бæрæггæнæн .
-Уæдæ нæ абоны темæ уыдзæн бæрæггæнæн.
III Ног æрмæг.
Раиртæст равзарын.
Чиныгимæ куыст.68-æм фæлтæрæн баххæст кæнын фысгæйæ.
IV.Аулæфт.
Хорз сбадтыстæм æмæ хъусæм мелодимæ.
Аулæфыдыстæм.
Зæгъут ма мын ,цавæр бæрæггæнæнтæй спайда кæниккат ацы мелодимæ хъусгæйæ?
Уæдæ нæ цæмæн хъæуынц нæ ныхасы бæрæггæнæнтæ.
V.Аивадон куыст.
.Текст «»ᴁнкъард хабар - имæ куыст.
1.Фарстатæ текстмæ.
а). Куыд уæм кæсы ,цавæр адæймаг у куыдзы хицау?
æ). Радзурут ,куыдз йæхи куыд дардта,уый тыххæй.
б). Царды ахæм цаутæ арæх æрцæуы?Цæй аххосæй?
в). Сымах та куыд бакæниккат ахæм уавæры?
Хæс.Бæрæггонд хъуыдыйæдтæ рафыссын,бæрæггæнæнтæ æмæ æххæстгæнæнтæ хъуыдыйады уæнгтæм гæсгæ равзарын.
V. Урочы хатдзæгтæ (рефлексии)
-Цы фехъуыстат ногæй урочы?
-Хъуыдыйады фæрссаг уæнгтæ цал сты? Цы хонæм бæрæггæнæн æмæ æххæстгæнæн?
- Кæм уæ бахъæудзысты, уæ зонындзинæдтæ?
-Кæцы куысты хуыз фæцыд уæ зæрдæмæ? Цæмæн?
- Кæмæн уæ цы бантысти абон урочы?
- Цы бахъуыды кодтат урокæй?
VI. Кæронбæттæн (бæрæггæнæнтæ сæвæрын).
VII. Хæдзармæ куыст:раиртæст зонын, 70-æм фæлтæрæн
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)
Хъуыдыйады хуызтæ сæ загъды нысан æмæ интонацимæ гæсгæ(открытый урок)...
Хуымæтæг хъуыдыйад.
Урок- обобщение...
Тема урока "Хъуыдыйад.Мадæлон æвзаг - æвзæгты сæр "
Конспект урока по осетинскому языку...
Хуымæтæг хъуыдыйад (фæлхат кæныны урок) . «Æрдз фæззæджы хъæбысы».
Открытый урок в 8 классе....
Конспект урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"
План - конспект открытого урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"...
Анализ урока" Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"
Анализ урока "Кӕронбӕттӕн урок хъуыдыйады уӕнгтӕй"...
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ.
Хъуыдыйады æмхуызон уæнгтæ, æрхæцæн нысæнттæ хъуыдыйады æмхуызон уæнгтимæ....