Хуымæтæг хъуыдыйад (фæлхат кæныны урок) . «Æрдз фæззæджы хъæбысы».
план-конспект урока (8 класс)
Предварительный просмотр:
Æлборты Зæринæ
36-æм астæуккаг скъолайы
ирон æвзаг æмæ литературæйы
ахуыргæнæг
Ирон æвзаджы урок
8-æм кълас
Грамматикон темæ: Хуымæтæг хъуыдыйад (фæлхат кæныны урок)
Ныхасы темæ: «Æрдз фæззæджы хъæбысы».
Урочы нысантæ. | 1. Хуымæтæг хъуыдыйадæй рацыд æрмæг сфæлхат кæнын æмæ бафидар кæнын. 2.Хъомыладон куыст. 3. Ныхасы рæзтыл куыст. |
Урочы хуыз. | Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын. |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ. | Предметон: текстæн йæ сæйраг хъуыды сбæрæг кæнын, анализ скæнын. Коммуникативон: хи хъуыдытæ раст æмæ æххæстæй дзурын, алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ сæ бæлвырд уагыл аразын. Удгоймагон: иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын, ахуыр – рухс фидæнмæ фæндаг кæй у, уый æмбарын кæнын. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ. | Иртасæн метод, проектон метод, индивидуалон, къордгай куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ. | Презентаци, интерактивон фæйнæг, дидактикон æрмæг, æрдзы нывтæ. |
Эпиграф:
Æхсæлы ызгъæлы,
Лæджирттæг фæбур
Мигъ бады цæгаты,
Нæ йæ тавы хур.
Урочы структурæ
Урочы этаптæ | Ахуыргæнæджы архайд. | Скъоладзауты куыст. | УАА |
Мотиваци: (ахуыргæнæг дæтты,ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у, ахæм æрмæг.) |
| Скъоладзауты салам. дзуапп дæттынц | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын), удгоймагон (иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын) |
Актуализаци: (къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.) Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын: | Кæсæм эпиграф. -Цавæр афæдзы афоны кой цæуы эпиграфы? (фæззæджы). Цæмæй бæрæг у, фæззæджы кой дзы цæуы,уый? -Чи ныффыста ацы ныхæстæ? -Уæдæ, мæнмæ гæсгæ, зондзыстут Ирыстоны Къостайы номимæ баст цы бынæттæ ис?! Ахуыргæнæг: -Уæдæ, сывæллæттæ, бирæ ис Уæрæсейы йæ номимæ баст бынæттæ дæр: горæт Херсоны йын скодтой музей, Херсоны рæсугъддæр уынгтæй иуыл сæвæрдтой Къостайы ном, Стъараполы дæр ын ис цыртдзæвæн, Пятигорсчы дæр цыртдзæвæн. (Слайд) Ахуыргæнæг: Сомбоны рухс цардмæ бæлгæйæ йæ адæмæн стыр лæггад чи бакодта, ахæм адæймагæн нæй амæлæн. Уæдæ махæн дæр Къоста æнусты бонты цæрдзæнис нæ зæрдæты. - Сывæллæттæ,махæн Къоста нæ сæууон стъалы куыд у ,афтæ уырыссæгтæн та чи у? (СЛАЙД) -Ныр та ма мын зæгъут, Къоста æрдзы нывтæм гæсгæ цавæр æмдзæвгæтæ ныффыста? - Уæдæ уыцы нывтæ иумæ райсгæйæ куыд хонæм? -Дзырд æрдзимæ архъуыды кæнут хуымæтæг хъуыдыйад (дзургæйæ). - Куыд уӕм кӕсы, сывӕллӕттӕ, цӕуыл дзурдзыстӕм абон нӕ урочы? Ахуыргæнæг: -Æмбисондæн дзуринаг у нæ Ирыстоны æрдз. Уарзын ын йæ алы афон дæр. Фæллад фæцыдæр вæййы, куы акæсы адæймаг йæ алфамблай ацы диссаджы алæмæты рæсугъддзинадмæ: урссæр хæхтæм, цъитиджын къæдзæхтæм, арф кæмттæм, æхсыргъуыз дæттæм, бæркадджын хъæдтæм. Цы ма уа зæрдæйæн уымæй æхцондæр. Презе1.Презентаци æрдзы тыххæй.
Ахуы Ахуыргæнæг:Уыци-уыцитæ. | Хъусынц эпиграфмæ. 1 скъоладзау:Æхсæлы згъæлын байдайы, лæджирттæг фæбур вæййы. 2 скъоладзау: Хур нæ нал фæтавы сæрды нæ куыд тавы,афтæ. Дзуапп: 3скъол. Къоста у ирон литературæ æмæ литературон æвзаджы бындурæвæрæг.Райгуырд Нары хъæуы фæззæджы кæфты мæйы 15 боны. Райдиан скъола каст фæци Нары,уый фæстæ Дзæуджыхъæуы дæлгимназы ацахуыр кодта. Стæй йæ фыдмæ ацыд Лабæмæ. Бацыд Стъараполы гимназмæ, ам райдыдта ныв кæнын.Къоста æрмæст ныв нæ кодта , фæлæ ма фыста æмдзæвгæтæ, поэмæтæ дæр. Йæ æмдзæвгæты æмбырдгонд «Ирон фæндыр» 1899 аз… Нары хъæуы фыссæджы хæдзар, поэты музей, фæлладуадзæн парк, Дзæуджыхъæуы даргъдæр æмæ рæсугъддæр уынг-Къостайы проспект,13 скъола йæ ном хæссы,университет, ирон драмон театры цур цыртдзæвæн. Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ. Дзуапп: уырыссæгтæн- Пушкин, Шекспир- англисæн, гуырдзыйæн - Шота Руставели, немыцæгтæн – Гете. Дзуапп: Уалдзæг, сæрд,фæззæг, зымæг. Съоладзау æмдзæвгæ «Фæззæг» дзуры. Дзуапп дæттынц. Дзуапп: æрдзы тыххæй. Хуымæтæг хъуыдыйадыл. Хъусынц ахуыргæнæджы раныхасмæ. Æвдисынц æмæ дзурынц сæ презентациты æрмæг. Хъусынц,дзуапп дæттынц. | Зонадон (зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзи-нæдтæ иумæйаг кæнын, класифи-каци; проблемон фарст æвæрын, æнкъарын ирон æвзаджы ахадын-дзинад нæ адæмы царды) коммуникативон (алыхуызон хъуыдытæ хынцын æмæ координаци кæнын; быцæу фæрстытæ лыг кæнын) |
Ног æрмæгыл куыст: Къордтимæ куыст: Чиныгимæ куыст: | Морфемон æвзæрст дзырд «Бæркадхæссæг». Скъоладзаутæ слайдтæм гæсгæ хъуыды кæнынц хуымæтæг хъуыдыйæдтæ. -Цы хонæм хъуыдыйад? -Хуымæтæг хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ цавæртæ вæййынц? -Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæ цæмæй арæзт вæййынц? -Хуымæтæг цыбыр хъуыдыйæдтæ цæмæй арæзт вæййынц? -Хуымæтæг даргъ хъуыдыйад та? -Цавæртæ сты фæрссаг уæнгтæ? -Слайдтæм гæсгæ антонимтæ ссарын. -Цы хонæм антонимтæ? 1.Текстыл бакусын. 19 фарсыл, 19-æм фæлтæрæн. а) дзырдуатон куыст: Нæ фæччы- не мбæлы. Бырæттæ- мусор. - Семæ æрхъуыды кæнын хуымæтæг хъуыдыйæдтæ. æ) - Байхъусæм текстмæ. - цæй кой цæуы тексты? -Цы цæстæй кастысты нæ фыдæлтæ æрдзмæ? -Раст аргъ кодтой нæ фыдæлтæ æрдзы хæзнатæн? - Абон куы акæсæм нæ алфамблай, уæд цы уавæры ис нæ æрдз, нæ горæт? -Уæдæ, сывæллæттæ, сымахмæ гæсгæ уый раст у? -Сымах та куыд хъахъхъæнут æрдз? -Хорз.Уæдæ. Хæс 1. Фонетикон æвзæрст ракæнæм дзырд.(æрдз) Æ- Р- Дз- Хæс2. -Уадæ ма йæ хауæнтæм гæсгæ дæр атасындзæг кæнæм.(æрдз) Н.х. æрдз Г.х. æрдзы Д.х. æрдзæн И.х.æрдзæй А.х.æрдзмæ Æд.х. æрдзыл Ц.х. æрдзимæ Х.х. æрдзау. Хæс: æрдзимæ æрхъуыды кæнын хуымæтæг хъуыдыйад. -Уæ хъуыдыйæдтæ сæ арæзтмæ гæсгæ цавæр сты? Фæйнæгыл скъоладзау синтаксисон æвзæрст кæны хъуыдыйад. Хъуыдыйады ныл фембæлд дзырд «Фарн» -Сывæллæттæ,зæгъут ма, дзырд Фарн цы нысан кæны ? -Уæдæ ма ногæй текстмæ æркæсут. Дзырдтæ «æгъдау,фарн» кæм фыст ис, уыдон ма бакæсут.Уæдæ мах та æгъдаумæ гæсгæ скæнæм ирон арфæйы дзырдтæй иудзинады бæлас. Нæ буц уазджытæн зæгъут уæ арфæтæ хуымæтæг хъуыдыйæдтæй æмæ уæ сыфтæ бафидар кæнут бæласыл, æрбакæсут–ма, рауад нæм фарны бæлас. Нæ бæласæн йæ бындзæфхад арæзт у нартхоры нæмгуытæй. -Зæгъут-ма, афæдзы афонтæй кæд байтауæм нартхор æмæ мæнæу. -Цавæр æмбисæндтæ зонут уалдзæг æмæ фæззæджы тыххæй? Уалдзæджы цы байтауай, уый фæззæджы æркæрддзынæ. Ахуыргæнæг Фæззæг у бæркадхæссæг, æмæ нæ бæлас дæр сырæзыд бæркадæй. Бæласыл ацы нартхор та бæрæг кæны адæмы иудзинад. Ацы тымбыл та нысан кæны Ирыстоны иумæйаг бæркад.Йæ сæрмæ та 3 чъирийы, кæцытæй кувæм Хуыцаумæ. Гъема нын зæрин хур Ирыстоны сæрмæ куыд æрттива,ахæм арфæ нын Хуыцау ракæнæд.
| Хæслæвæрд æххæст кæнынц. Дзуапп: Хуымæтæг цыбыр æмæ даргъ. Дзуапп дæттынц. Дзуапп: -Хъуыдыйад у æххæст хъуыды æвдисæг дзырд,кæнæ кæрæдзиуыл баст дзырдты къорд. Дзуапп: Сæрд –зымæг,уалдзæг- фæззæг. Дзуапп дæттынц. Дзуапп дæттынц. Фæрстытæн дзуапп дæттынц. Дзуапп:Нæ уынгтæ сты тынг чъизи. Адæм сæ бырон æппарынц кæм фæнды, æхсынæнтæ къæрц кæнгæйæ цæуынц.Терек,Электроцинк. Скъоладзаутæ сæ хъуыдытæ дзурынц. Хæслæвæрдтæ æххæст кæнынц. Дзуапп: 1. Царды цыдæриддæр хорзæй ис. 2. Æнгомдзинад. 3. Рæдау 4. Бæркадхæссæг 5.Фæрныг 6. Æгъдау. Дзуапп: Уалдзæджы. Дзуапп дæттынц. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон (фæрстытæ æвæрын, хи хъуыдытæ æргом кæнын) удгоймагон (этикон æмæ моралон домæнтæ æххæст кæнын хъуыды бавæрын; иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын). Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын, ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын), |
Рефлекси: | Уæдæ урочы чи куыд бакуыста, уый ацы карточкæтæм гæсгæ рабæрæг кæнæм. 1). Æз урочы куыстон… хорз/æвзæр 2). Урок мæм фæкаст… цыбыр/даргъ 4) Урочы ногæй базыдтон…/ нæ базыдтон
| Аргъ кæнынц сæ куыстæн. | Зонадон (хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын зонын), коммуникативон ( æмгуыстдзинад аразын ахуыргæнæг æмæ æгæрттимæ), удгоймагон (мадæлон æвзаджы аивдзинад; Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын. |
Сæвæрын бæрæггæнæнтæ: | Сæвæрын бæрæггæнæнтæ комментаритимæ. | Æвæрынц бæрæггæнæнтæ. | Зонадон (анализ,алыхуызон хъуыдытæ ныма-йын æмæ афтæ-мæй æмгуыст кæнын), коммуникативон (бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаф-фæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ) удгоймагон (хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын) |
Хæдзармæ куыст: | 21 фарсыл, 4-æм фæлтæрæн. . | Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Хуымæтæг хъуыдыйад.
Урок- обобщение...
Урок по теме"Къостайы сфæлдыстады рацыд æрмæг фæлхат кæныны урок"
Урок повторение по творчеству Коста Хетагурова....
Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"
Открытый урок по осетинскому языку. Темæ "Фæлхат кæныны урок номдарæй"...
Дзырдбаст (фæлхат кæныны урок). «Васо- ирон æвзагзонынады стырдæр дæсны»
Открытый урок в 5 классе....
«Фыдæлты æгъдæуттæй диссагдæр нæй!». Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок).
Открытый урок 8 классе....
«Фыдæлты æгъдæуттæй диссагдæр нæй!». Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок).
Открытый урок 8 классе....
Номдарты тасындзæг (фæлхат кæныны урок)
Открытый урок в 9 классе...