Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.
методическая разработка (5 класс)
Сравнительный анализ произведений двух гениев русской и осетинской литературы И.А.Крылова и К.Л. Хетагурова
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
binaron_urok.docx | 28.81 КБ |
Предварительный просмотр:
Гом урок 5-æм къласы. Бинарон урок.
Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.
Эпиграф: «Лæгъз дзыхыдзырд-лæгсайæн»
Урочы нысантæ:
1. Базонгæ кæнын скъоладзауты Хетæгкаты Къ. басня «Халон æмæ рувас» æмæ И.А.Крыловы басня «Ворона и Лисица»-имæ. Сбæрæг кæнын басняты сæйраг хъуыды.
2. Æрдзурын адæймаджы фауинаг миниуджытыл.
Универсалон ахуырадон архайдтытæ.
Ахуырадон: Текстимæ куыст, тексты мидæг темæ æмæ сæйраг хъуыды æргом кæнын.
Коммуникативон: Хи хъуыды дзурын æмæ фæлварын фидар кæнын. Къордты куыст.
Регулятивон: Хатдзæгтæ кæнын. Текст аив кæсын.
Æрмæг: Карточкæтæ, баснятæ, презентаци.
Урочы цыд: 1. Равзарын лабиринт.
—Цавæр сырдтæ ма зонут?
(Аргъæутты, æмбисæндты, уыци-уыциты, басняты)
—Мах базонгæ уыдзыстæм зындгонд басня фысджытимæ.
Презентаци.
Эзоп у рагон бердзенаг фыссæг, басняйы бындурæвæрæг. Цардис VI æнусы нæ дуджы агъоммæ. Цагъайраг кæй уыдис, уымæ гæсгæ йæ бон рæстдзинад æргом дзурын нæ уыд æмæ æрхъуыды кодта фæсномыг æвзаг. Абон дæр ма йæ хонынц Эзопы æвзаг. Эзоп уыд курдиатджын, хорз арæхст баснятæ фыссынмæ. Фыста прозæйæ, хуымæтæг æмæ æнцонæмбарæн æвзагæй. Ныффыста 426 басняйы.
Жан де Лафонтен у зындгонд французаг басняфыссæг. Ныффыста 238 басняйы. Йæ уацмыстæ уыдысты тынг цымыдисаг, аив æвзагæй фыст. Тæлмацгонд æрцыдысты дунейы бирæ æвзæгтæм.
Уæрæсейы та фыста баснятæ Иван Андреевич Крылов. Йæ уацмысты хурмæ хаста хиуарзондзинад, æдылыдзинад, мæнгарддзинад.
Дополняет учитель литературы .
Яркий талант И.А.Крылова сказался в разнообразных жанрах литературы, но прославился он своими баснями. Им написано более 200 басен. Его героями являются животные, птицы, растения, насекомые. Но под видом животных он изображал людей, их характеры и поступки. Басни дедушки Крылова учат нас и помогают избавляться от отрицательных черт характера, некрасивых поступков.
-Ребята, а теперь ответьте мне, кто и почему И.А.Крылова наименовал “Дедушка Крылов”?
(ответы учеников)
- Да, правильно. Именно народ так назвал великого баснописца, выразив этим свою любовь к нему. И доброму “дедушке Крылову” в Петербурге был установлен памятник на собранные по всей России деньги. Он изображён сидящим в кресле, а рядом с ним, чуть ниже, а рядом с ним, чуть ниже, фигурки персонажей его басен.
Ирыстоны фыссын райдыдта баснятæ æппæты фыццаг Хетæгкаты Къоста. Къоста ахуыр кодта баснятæ фыссын И.А.Крыловыл. Йæ басняты сюжеттыл ын ныффыста цалдæр уацмысы. Фæлæ уыдоны нæй схонæн тæлмацгонд уацмыстæ. Уымæн æмæ сæм Къоста бахаста ногдзинад, схорзæхджын сæ кодта ирон адæмы удыхъæды миниуджытæ й æмæ персонажты сдзурын кодта сыгъдæг æмæ хъæздыг ирон æвзагыл.
—Равзарæм басня цы у, уый.
Басня:
1. Цыбыр прозæйæ фыст уацмыс кæнæ æмдзæвгæйы хуызы.
2. Басняйы вæййы зондамынд, уым вæййы сæйраг хъуыды.
3.Архайджытæ дзы вæййынц цæрæгойтæ, æнæуд предметтæ. Иуæй-иухатт- адæймæгтæ дæр.
4. Уыдон хуызы фæсномыгæй æвдисы хицæн адæймæгты аиппытæ æмæ сыл худы.
—Цавæр аиппытæ вæййы адæймагмæ?
(Чъынды, магуса, хивæнд, тæргайгæнаг, сайæгой…)
—Мах ныр байхъусдзыстæм баснятæм æмæ зæгъдзыстæм, цымæ нын цавæр фауинаг миниуджытæ хæссынц нæ размæ фысджытæ.
10-æм къласы ахуырдзау нын радзурдзæн Хетæгкаты Къ. басня «Халон æмæ рувас», дала фæндырыл ацæгъддзæн 11-æм къласы ахуырдзау.
Учитель литературы представляет ученицу, которая расскажет басню И.А. Крылова «Ворона и Лисица»
—Бакусын дзырдуатыл.
Цæстмæхъус-козбау-лесть;
Хъалон – илци - дань, налог;
Минас – цæл – угощение;
Къуди – къæдзил – хвост;
Хуыснæг – давæг – вор;
Къахы æлгътæ – къахы фындзтæ – кончики пальцев.
Басня «Халон æмæ рувас» кæсынц сывæллæттæ скъуыддзæгтæй æмæ йыл кусæм фæрстытæм гæсгæ.
—Чи сты басняйы архайджытæ?
—Цы ис халоны дзыхы?
— Кæм ын уыд?
— Фыццаг хатт адавта фыййауæй цыхт?
—Цавæр миниуæг ис халонмæ? (Давæг)
—Цавæр маргъыл абарста йæхи?
—Цæргæсыл цæмæн бары йæхи, æндæр маргъыл цæуылнæ?
—Цавæр аипп ис халонмæ? (Цытуарзаг)
—Цæуылнæ хæры халон йæ цыхт?
(Цæмæй ма йæ исчи фена æмæ йæм схæлæг уа.)
Аипп: Хиппæлой.
Учитель литературы разбирает часть «Ворона и сыр».
Появляется у нас одна из героинь басни – Ворона. Говорит ли она какие – нибудь слова?
- Нет. (Ответы учащихся)
Учитель. Ее описывает сам автор, и поэтому нам нужно понять, какая Ворона, пользуясь словами автора.
Вороне где-то бог послал кусочек сыру;
На ель Ворона взгромоздясь,
Позавтракать было совсем уж собралась,
Да позадумалась, а сыр во рту держала.
Еще дальше автор называет ее вещуньей. Почему? Потому что слово вещунья – это предсказательница, которая обычно предсказывает плохое.
—Рувас халонмæ цыхт куы федта, уæд йæхи куыд дары?
(Цин кæны)
—Цæуыл цин кæны? (Халоны цыхт кæй расайдзæн, уый зоны).
Аипп: Хæлæггæнаг
Учитель литературы разбирает часть «Появление лисицы».
Как у И.А.Крылова появляется Лиса? Зачитаем:
На ту беду, Лиса близехонько бежала;
Вдруг сырный дух лису остановил:
Лисица видит сыр,-
Лисицу сыр пленил.
Какой лексический повтор мы здесь наблюдаем? ( Лисица, сыр)
Почему? (показать, как голодна Лиса).
—Цавæр ныхæстæ кæны рувас халонæн?
—Цы йын зæгъы йе ’ддаг бакастæй?
—Цавæр зæрдæлхæнæн ныхæстæ йын кæны?
—Рувасмæ æцæгæйдæр халон рæсугъд маргъ кæсы?
Аиппытæ: Хинæйдзаг, фæливæг, сайæгой.
Учитель литературы разбирает часть «Лесть Лисицы».
Ребята, а теперь обратимся к нашему произведению и зачитаем со слов...
Плутовка к дереву на цыпочках подходит;
Вертит хвостом,с вороны глаз не сводит
И говорит так сладко, чуть дыша…
Как И.А. Крылов называет лисицу? (Плутовка)
Т.е. Лиса какая? (Хитрая)
(Здесь дается информация о лисе как о хитром персонаже в разных сказках)
Где мы встречаемся с хитрой лисой? В каких произведениях? Как ее еще называют в сказках? (Лиса Патрикеевна)
А почему ее так прозвали?
( В Древней Руси в дружине у князя Владимира был князь Патрикей – хитрый и изворотливый обманщик, плут – отсюда и у лисы появилось «отчество» Патрикеевна)
—Халон заргæ акодта?
—Цы фæцис йæ цыхт?
Аипп: Рувас у мæнгард.
—Цæмæн бауырныдтой халоны рувасы ныхæстæ?
Аиппытæ: Халон у æнæзонд, æууæндаг.
Улæфты рæстæг-физминуткæ.
Учитель литературы разбирает часть «Потеря сыра».
Как же потеряла сыр Ворона?
Вещуньина с похвал вскружилась голова,
От радости в зобу дыханье сперло, -
И на приветливы Лисицыны слова
Ворона каркнула во все воронье горло:
Сыр выпал – с ним была плутовка такова…
В какое состояние пришла ворона после таких слов?
(Восторг)
А сам автор восторгается вороной?
(Нет. Он над ней смеется)
Что же случилось с нашей героиней?
(Потеряла сыр)
Как вы можете охарактеризовать после этого Ворону?
(Доверчивая, глупая)
Къордтыл куыст.
Райуарын сывæллæттæн карточкæтæ. Фæбæрæг кæнын рувасы æмæ халоны миниуджытæ: давæг, хиппæлой, хинæйдзаг, æнæзонд, хиуарзон, хæлæггæнаг, фæливæг, æууæндаг, сайæгой, мæнгард, цытуарзаг.
— Халон æмæ рувасы фæлгонцты нын поэт кæй æвдисы?
(Хицæн адæймæгты сæ аиппытимæ.)
Басняйы зондамынд:
-цæстмæхъус ныхæстæ куы уарзай, уæд дæ сайдзысты;
-æрмæст æппæлæн, зæрдæлхæнæн ныхæстæ чи кæна, ууыл та æууæнк нæй.
—Къоста ма цавæр ногдзинад бахаста баснямæ?
-давын æвзæр у, давæггаг фарсыл нæ хæцы.
Учитель литературы разбирает «Мораль басни».
Кого же осуждает и высмеивает И.А.Крылов в басне?
(Тщеславных людей)
И пока будут любители лести, как Ворона, будут и льстецы, как Лисица)
Чему учит нас эта басня?
( Не доверять льстецам, не верить их хвалебным речам)
Т.е., И.А.Крылов с какими человеческими пороками боролся?
(Лестью, заискиванием)
Зачитаем мораль басни:
Уж сколько раз твердили миру,
Что лесть гнусна, вредна; но только все не впрок,
И в сердце льстец всегда отыщет уголок.
(Выводы детей: поддашься на льстивые слова и останешься без ничего.)
Пословица: У лести нет чести.
—Æмбисæндтæ уын райуæрстон, æркæсут сæм æмæ зæгъут кæцытæ дзы ис ахæссæн нæ баснямæ?
1.Хæдзары æгъдау хистæрæй цæуы.
2.Рувасæй хиндæр æмæ фæлывддæр сырдтæм нæй.
3.Лæджы дарæг куыст у.
4.Рувас æмæ халон цы холы не ссарой, ахæм нæй.
5. Хорз адæмæй фарн цæуы.
6. Æвзæр йæхицæй æппæлы.
7. Æргом ныхас хæлардзинад нæ халы.
8. Фæлывд æмæ сайд хæлæрттæ сты.
9. Адæмы зæрдæмæ цы нæ цæуы, уый ма кæн.
10. Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены.
11.Сайæг æмæ давæг иу фæндагыл цæуынц.
12. Æдылы адæймаг æнцон сайæн у.
13. Цæстмæ митæ сты гæдымитæ.
14. Дзыхджын-бæхджын, æнæдзых-фистæг.
Равзарын эпиграф «Лæгъз дзыхы дзырд- лæгсайæн»
—Лæгъз, рæсугъд ныхæстæ чи кодта?
—Сайды та чи баззад?
Рахизæм фæстæмæ лабиринтмæ:
Рувасæн цæмæй цыхты къæртт йæ къухы бафта, уый тыххæй ацыд даргъ фæндагыл.
Афтæ алы адæймаг дæр. Цы йæ бафæнда, ууыл куы бацархайа, уæд æй сæххæст кæндзæн, йæ нысанмæ бахæццæ уыдзæн. Фæлæ цавæр фæндагыл ацæудзæн, уый аразгæ у йæ миниуджытæм, йæ удыхъæдмæ гæсгæ.
Баснятæ фыстой: Бердзены Эзоп VI æнусы нæ дуджы агъоммæ, Францийы – Жан де Лафонтен XVI æнусы, Уæрæсейы - И,А,Крылов XVIII-XIX æнусты, Ирыстоны-Хетæгкаты Къ. XIX-XX æнусты. Нæ бон зæгъын у, алы рæстæджы алкæцы адæмыхатмæ дæр уыдис æмæ ис хицæн адæймæгтæ фауинаг миниуджытимæ.
Алы адæймагмæ дæр ис аиппытæ æмæ семæ хъæуы тох кæнын, цæмæй уат æнаипп Нарты Батрадзау, фæзминаг уæ кæстæртæн. Уæ хистæртæ та уæ сæрбæрзонд куыд уой. Хайджын ут æрмæст хорз миниуджытæй!
Сæвæрын бæрæггæнæнтæ.
Хæдзармæ куыст: Басня зæрдывæрдæй сахуыр кæнын.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
И.А.Крылов. Басня «Ворона и Лисица» 3 класс
И.А.Крылов. Басня «Ворона и Лисица»...
Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ
1. Басняйы текст равзарын. 2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...
«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).
Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...
Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг»
Конспект к уроку...
Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.
Конспект урока...
Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ
Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ "Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ"...