Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг»
план-конспект урока (6 класс)
Предварительный просмотр:
Конспект урока осетинской литературы в 5-ом классе.
Урочы темӕ. «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд»
(Нигеры «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау»-мӕ гӕсгӕ)
Урочы нысантӕ:
- Ӕрдзурын «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау» - ыл, равзарын йӕ сӕйраг хъуыды. Ахуыр кӕнын хи хатдзӕгтӕ кӕнын, хи хъуыдытӕ дзурын.
- Скъоладзауты ахуыр кӕнын адӕймаджы хорз миниуджытӕн аргъ кӕнын; сӕ хъуыдыкӕнынад рӕзын кӕнын.
- Рӕзын кӕнын уарзондзинад цӕрӕгойтӕм, сырдтӕм ӕмӕ мӕргътӕм.
Урочы эпиграф:
Зӕрватыкк - ӕнӕхъыг
Ӕнӕмаст цӕрӕг!
Къоста.
Нырыккон технологитӕ урочы: проблемондзинад, къордты куыст, информацион технологитӕ.
УАА: миддуне хъӕздыг кӕнын, логикон, коммуникативон.
Ӏ. Бацӕттӕгӕнӕн рӕстӕг.
1. Ахуыргӕнӕг.
Уӕ бон хорз, сывӕллӕттӕ! Ӕхсызгон мын у уӕ уынд. Уӕдӕ сымах дӕр кӕрӕдзийӕн зӕгъут: «Мӕнӕн ӕхсызгон у дӕ уынд».
2.Хъуысы цъиуты цъыбар-цъыбур ӕмӕ зарын.
- Кæцы ран фæхъусæн ис ацы хъæлæстæ?
- Мӕргъты тыххӕй цы базыдтат, цы пайда хӕссынц адӕймагӕн? Цавӕр цъиуты нӕмттӕ зонут? (хӕрынц зианхӕссӕг сасчыты, хилджыты)
3. Дарддӕр хъуысы зӕрватыччы зарын.
- Цавӕр цъиу зары афтӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ?
ӀӀ. (Мотивацион уавӕр)
Ахуыргӕнӕг ахуырдзаутӕн нывы хӕйттӕ райуаргӕйӕ дзуры:
- Зӕрватыкк нӕ урокмӕ цы бар дары, уый бамбардзыстут, ацы ныв куы сӕмбырд кӕнат, уӕд.
- Раст хъуыды кӕнут. Абон нӕ ныхас уыдзӕн Нигеры уацмыс «Дыууӕ зӕрватыччы ӕмӕ дыууӕ сыхаджы аргъау» - ыл. Урочы темæ «Хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд». Куыд æмбарут ацы æмбисонд?
- Сывæллæттæ, цымæ цӕуыл дзурдзыстӕм, цы хъуамӕ базонӕм ӕмӕ бамбарӕм урочы?
- Раст, равзардзыстӕм аргъауӕн йӕ сӕйраг хъуыды. Дзурдзыстӕм адӕймаджы хорз ӕмӕ ӕвзӕр миниуджыты тыххӕй. Зӕрватыччы тыххӕй. Нӕ зӕрдыл ма ӕрлӕууын кӕнӕм аргъауы сюжет.
(Хъӕддзау лӕг цӕф зӕрватыччы сдзӕбӕх кодта. Зӕрватыкк уыцы хорздзинад нӕ ферох кодта ӕмӕ йын балӕвар кодта насы апп. Нас куы сцӕттӕ, уӕд йедзаг уыд сызгъӕринӕй. Зӕрватыкк мӕгуыр лӕджы хӕрзтӕ хорздзинадӕй бафыста.
Мӕгуыр лӕгмӕ бахӕлӕг кодта йӕ сыхаг Гӕдо. Зӕрватыккӕн йӕ базыр асаста. Фӕзылд ӕм, маргъ сдзӕбӕх, Гӕдо ӕнхъӕлмӕ каст сызгъӕринмӕ, фӕлӕ Гӕдойы насы разынд залиг калм ӕмӕ йӕ бахордта. Афтæ зæрватыкк йӕ маст райста.)
- Цъиуты мыггӕгтӕ тынг бирӕ сты, фӕлӕ цымӕ Нигер йӕ уацмысӕн зӕрватыкк цӕмӕн райста? ( Къуылымпы)
ӀӀӀ. Ног ӕрмӕгыл куыст.
1. Къуылымпы (цӕлхдур) аиуварс кӕныныл куыст.
- Уыцы фарстӕн уӕхӕдӕг ратдзыстут дзуапп кӕрӕдзимӕ байхъусгӕйӕ.
1. Зӕрватыччыты хуызтӕ.
Зӕрватыкк - гыццыл тагъдтӕхӕг цъиу сырддонцъиуы мыггагӕй даргъ цыргъ базыртимӕ, сты 79 хуызы, уыдонӕй Уӕрӕсейы цӕры 7 хуызы. Ирыстоны арӕхдӕр ӕмбӕлынц горӕтаг ӕмӕ хъӕууон зӕрватыччытӕ. Горӕтаг зӕрватыкк ахстон аразы хӕдзары къулыл ӕддӕрдыгӕй, хъӕууон та мидӕгӕй, арӕхдӕр сарайы бын. Ахстӕтӕ аразынц цъыф ӕмӕ хъӕмпыхӕлттӕй.
2. Раныхӕстӕ æмæ æмбисæндтæ.
Зæрватыкк – адæмæн уарзон.
Зæрватыкк хæдзары адæмимæ цæры.
Зæрватыкк – Хуыцауы уарзон маргъ.
Зæрватыкк – адæмæн уарзон.
Зӕрватыччы ахстон чи фехала, уый къухтыл бызычъитӕ разайдзысты.
Зӕрватыкк ахстон амондджын хӕдзары аразы.
Адӕм, дам, хӕдзар амайын зӕрватыкмӕ гӕсгӕ базыдтой.
Зӕрватыкк чи амара, уый бакуырм ӕмӕ бакъуырма уыдзӕн.
Италийы зӕрватыччы хонынц Хуыцауы цъиу.
Тугдзых мӕргътӕ дӕр не ʹвналынц зӕрватыкмӕ.
Венгрийы та сӕ рудзгуытӕ дарынц гомӕй, цӕмӕй сӕм зӕрватыкк батӕха.
3. - 1932 азы эстойнаг хъӕуы зӕрватыччытӕ иу хӕдзары сарӕзтой 27 ахстоны. Тынг амодджн бинонтӕ цард уыцы хӕдзары. Фыдыбӕстӕйы Стыр хӕсты рӕстӕг хъӕу басыгъд уыцы хӕдзарӕй фӕстӕмӕ. 1962 азӕй та зӕрватыкк эстойнӕгтӕн у сӕ национ цъиу.
- Эпиграфӕн дӕр Къостайы ныхӕстӕ дзӕгъӕлы нӕ райстон.
4. Хуыцау куы сфӕлдыста адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты, уӕд сӕ алкӕмӕн дӕр бацамыдта, чи цы хӕринагӕй цӕрдзӕн, уый. Ӕрмӕст калммӕ ӕнӕрвӕссонӕй ракаст ӕмӕ йын загъта, цӕмӕй бындзы бафӕрса. Атахт бындз, цӕмӕй сбӕрӕг кӕна, цӕрӕгойтӕй адджындӕр кӕй туг у. Бындз фӕстӕмӕ куы здӕхт, уӕд амбӕлд зӕрватыккыл ӕмӕ йын раппӕлыд ноггуыд сывӕллоны тугӕй адджындӕр а дунейыл кӕй никӕцы цӕрӕгойӕн ис, ӕмӕ уый кӕй уыдзӕн калмы минасаг. Зӕрватыкк ӕй сурынтӕ систа. Бындз бӕргӕ ӕрбахӕццӕ калммӕ, фӕлӕ йӕ зӕгъинаг зӕгъынмӕ йӕ дзых куы фӕхӕлиу кодта, афтӕ йын зӕрватыкк йе взаг стыдта. Калм ма йӕм фӕлӕбурдта ӕмӕ йын йӕ къӕдзилӕй дзыхыдзаг ратыдта.
- Украинаг легендӕ. Цардысты ус ӕмӕ лӕг.иу бон лӕг йӕ къух алыг кодта. Ус йӕ алыварс рауай-бауай кӕны, ныфсытӕ йын ӕвӕры. Уӕд ын лӕг йӕ роцъомӕ бавнӕлдта ӕмӕ йын зӕгъы: «Ды - мӕ зӕрватыкк»ахъӕбыс ын кодта ӕмӕ сӕ дыууӕ дӕр зӕрватыччытӕ фестадысты. Уӕдӕй фӕстӕмӕ зӕрватыккӕн йӕ хъуыр у сырх.
- Раджы заманы тӕтӕр ӕрцахстой иу ӕрыгон чызджы, акодтой йӕ сӕхимӕ ӕмӕ йын тыхӕй исын кодтой сӕ дин. Уӕд чызг скуывта Хуыцаумӕ, цӕмӕй йӕ фестын кӕна зӕрватыкк. Атахт йӕ райгуырӕн бӕстӕм ӕмӕ йӕ фыды хӕдзары рудзынджы сӕрмӕ сарӕзта ахстон. Уӕдӕй фӕстӕмӕ йӕ адӕм хонынц сӕ хӕрӕфырт.
- Ахуыргæнæг.
- Йæ хæрзтæ йын цыбыр, фæлæ рæстдзæвин ныхæстæй нымайы генион Къоста. Эпиграфæн дæр райстон ацы æмдзæвгæйы фыццаг рæнхъ. Æрхæссын-ма мæ фæнды Джыккайты Шамилы ныхæстæ: «Ирон адӕмӕн зӕрватыкк у зӕды ӕмсӕр ӕмӕ табуйаг маргъ. Уый у Хуыцауы минӕвар, уалдзӕджы фидиуӕг. Нартӕн у уацхӕссӕг ӕмӕ хъӕргӕнӕг»
Хатдзӕгтӕ:
- Зӕрватыкк у зондджын, Хуыцауы уарзон, адӕмуарзон, ӕнӕхъыг, ӕнӕмаст, фарны маргъ.
-, фыссы.
Аулӕфт.
2. Къордты куыст.
- Дарддæр нæ куыст кæнæм. Байгом кæнут уæ чингуытæ. Цавæр рæстæг æвдыст цæуы аргъауы райдиан?
- Цы хуызы æвдисы фæззæджы æрцыд автор? (æрбырсы)
- Цы æрцыд иу зæрватыккыл? Цæуылнæ атахт хъарм бæстæм?
- Зӕрватыччы уавæр кæцы рæнхъыты æвдыст цæуы?
- Куыд дары йæхи зæрватыкк хъæддзау лæджы хæдзары?
- Куыд бафыста мæгуыр лæджы хорздзинад?
- аг зæрватыккыл цы æрцыд?
- Куыд дары йæхи Гæдойы хæдзары?
- Цавæр лæвар æрхаста Гæдойæн?
Куыд хъуыды кӕнут: горӕтаг сты ӕви хъӕууон?
Фыццаг зӕрватыкк | Дыццаг зӕрватыкк | ||
1. | Фыццаг зӕрватыччы базыр ныссаста иу фыдуаг лӕппу. | 1. | Дыццаг зӕрватыччы базыр асаста хъомыл адӕймаг – фыдзӕрдӕ Гӕдо. |
2. | Сдзӕбӕх ис ӕмӕ хъӕлдзӕгӕй хъазын райдйдта йӕхицӕн. | 2. | Бадзӕбӕх йӕ базыр, фӕлӕ уӕддӕр бадт ӕнкъардӕй, ӕфхӕрдхуызӕй. |
3. | Хъарм бӕстӕй куы ӕртахт, уӕд систа хъӕлдзӕг цъыбар-цъыбур йӕ ахстоны къӕсӕрыл. | 3. | Фӕстӕмӕ куы ӕртахт, уӕд «абадт йӕ ахстоны ӕмӕ уасы…» |
4. | Зӕрватыкк мӕгуыр лӕджы хӕрзтӕ хорздзинадӕй бафыста. | 4. | Зӕрватыкк йӕ маст райста йе ʹфхӕрӕг Гӕдойӕ. |
- Цӕмӕн дарынц сӕхи афтӕ зӕрватыччытӕ?
- Ӕркӕсӕм-ма мӕгуыр лӕг ӕмӕ хъӕддзауы фӕлгонцтӕм.
- Цавӕр адӕймаг у хъӕддзау? - (1 къ.) – сыгъдӕгдӕгзӕрдӕ, ӕнӕхин, цӕстуарзон, ӕргомзӕрдӕ, рӕсугъд у йӕ миддуне, рӕсугъд сты йӕ бӕллиццтӕ.
- Гӕдомӕ та цавӕр миниуджытӕ уыд (2 къ) – фыдзӕрдӕ, зыд, халӕг, хин.
Хъӕддзауы фӕлгонц | Гӕдойы фӕлгонц |
1. Хъӕддзау лӕг у тӕригъӕдгӕнаг, хӕларзӕрдӕ. | Гӕдо у саузӕрдӕ, хӕлӕггӕнаг лӕг. |
Хъӕддзау лӕг у ӕнӕхин ӕмӕ ӕргомзӕрдӕ, ӕнувыдӕй зилы зӕрватыкмӕ. | Гӕдо у, тӕригъӕд чи нӕ зоны, ахӕм фыдгӕнӕг. |
Хъӕддзау лӕг зӕрдиагӕй цин кӕны йӕ зӕрватыччы ӕртахтыл. | Гӕдо хины рӕвдыд кӕны зӕрватыччы. |
Хъӕддзау лӕг у адӕмуарзон. | Гӕдо у зыд ӕмӕ кӕрӕф лӕг. |
- Кӕмӕ мӕсты кӕнут тынгдӕр, фыдуаг лӕппу ӕви Гӕдомӕ?
- Куыд хъуыды кӕнут, куыд ахуыр кодта лӕппу скъолайы, зӕрватыччы тыххӕй уый бӕрц хабӕрттӕ зыдта?
- Сымахмӕ гӕсгӕ, Гӕдойы хуызӕн лӕгтӕ абон ис нӕ астӕу?
- Цымӕ автор мӕгуыр лӕгӕн ном цӕуылнӕ радта?
- Уӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнут. Ахъуыды кӕнут, уӕ хиуӕттӕй, зонгӕтӕй уӕм чи хъӕддзау лӕджы хуызӕн чи фӕкаст?
Хатдзӕг: хӕрзгӕнӕг хорз ары, фыдгӕнӕг - ӕфхӕрд
Аулӕфт. Равдисын исты архайд аргъауӕй.
ӀV. Ӕрмӕг бафидар кӕныныл куыст
- Цӕмӕн ис схонӕн ацы уацмысӕн аргъау? (аргъауы элементтӕ)
- Ацы аргъау нын чи дзуры?
- Цавӕр адӕймаг уӕм фӕкаст автор?
Ахуыргӕнӕг
- Цытджын Къостайы фӕстӕ ирон адӕммӕ Нигерӕй стырдӕр поэт нӕ уыд, уымӕй хуыздӕр ничи зыдта ирон литературӕ ӕмӕ адӕмон сфӕлдыстад.
Профессор Б. В. Скитский.
- Цыма ныртӕккӕ дӕр ныхас кӕны мемӕ сӕгъдӕгзӕрдӕ, цӕстуарзон, ӕнӕхин, ӕфсӕрмдзӕстыг ӕмӕ уӕздан ирон разагъды лӕг, курдиатджын фыссӕг, адӕймаджы ном ӕмӕ кадӕн стыр аргъ чи кодта, ӕппӕлой, дывзагон, дыдзӕсгом, хахуыр ӕмӕ былдауӕг адӕймӕгтӕ ӕнӕуынон кӕмӕн уыдысты, уыцы Иван.
Дзесты Куыдзӕг, 1976 аз.
- Цӕуыл нӕ ахуыр кӕны аргъау? ( Ахуыр кӕны цардыл, цӕмӕй зонӕм, цы сты хорз ӕмӕ ӕвзӕр)
- Цавӕр ирон литературон аргъӕуттимӕ ма базонгӕ стут?
- Бакастыстӕм-ма корейаг аргъау «Зӕрватыкк» Цы ис иумӕйагӕй ацы аргъӕутты?
- Цы ис иумӕйагӕй ацы ацы аргъӕутты ӕмӕ Нигеры аргъауы?
- Цӕмӕн хъуыд аргъӕуттӕ адӕмы алы рӕстӕджыты?
- Куыд хъуыды кӕнут, абон ма нӕ хъӕуы аргъау?
V. Рефлекси (ӕрмӕг куыд бамбӕрстой, уый сбӕрӕг кӕнын)
- Нӕ урочы нысан цавӕр уыди?
- Сӕххӕст ӕй кодтам? Дзуапп дӕтгӕйӕ пайда кӕнут ацы хъыдыйадтӕй:
- Урок мæ зæрдæмæ фæцыд, уымæн æмæ …
- Аргъау нӕ ахуыр кӕны…( Ахуыр кӕнын цардыл, цӕмӕй зонӕм, цы сты хорз ӕмӕ ӕвзӕр)
- Царды мидӕг тырнын хъӕуы…
- Ӕцӕг адӕймаг хъуамӕ уа (ма уа)…(Ма дава, ма сайа, ма мара)
VӀ. Хӕдзармӕ куыст.
Ныффыссын чысыл радзырд ахӕм темӕйыл: «Хорз хъуыддаг мӕ царды»
VӀӀӀ. Кӕронбӕттӕн.
Ахуыргӕнӕг.
- Урочы кӕрон мӕ фӕнды радзурын таурӕгъ.
Иу горӕты цард зондджын ахуыргӕнӕг. Уыдис ын бирӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Сӕ иу арӕх хъуыды кодта, цымӕ ахӕм фарст ис ӕмӕ йын ахуыргӕнӕг дзуапп ма радта. Рацыд цӕхӕрадонмӕ, ӕрцахста рӕсугъд гӕлӕбу ӕмӕ йӕ йӕ дыууӕ армы астӕу бамбӕхста. Хъуыды кӕны: «Ахуыргӕнӕг куы зӕгъа, гӕлӕбу мард у, уӕд ӕй аудздзынӕн ӕмӕ фӕрӕдидзӕн. Куы зӕгъа удӕгас у, уӕд ӕй балхъивдзынӕн ӕмӕ амӕлдзӕн». Лӕппу бацыд ахуыргӕнӕгмӕ ӕмӕ йӕ фӕрсы: «Зӕгъ-ма, цавӕр гӕлӕбу ис мӕ къухы: удӕгас ӕви мард». Ахуыргӕнӕг ын ӕнӕ ракӕсгӕ дзуапп радта: «Алцыдӕр дӕ къухты ис».
Сывӕллӕттӕ, бахъуыды кӕнут, царды алцыдӕр уӕ къухты ис, сымахӕй аразгӕ у цард, ӕмӕ мӕ уырны, рӕсугъд цардаразджытӕ кӕй уыдзыстут.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Доклад Хетæгкаты Къостайы 160 азы бонмæ «Къостайы нывгæнæджы курдиат».
Къостамæ стыр нывгæнæджы курдиат кæй уыд, уый йæ ноджы тынгдæр разæнгард кодта поэзимæ....
Темæ: «Хорзгæнæг хорз ары?»-Хетæгкаты Къостайы басня «Бирæгъ æмæ хърихъупп»-мæ гæсгæ
1. Басняйы текст равзарын. 2. Ныхасы рæзтыл, аив кастыл бакусын. 3. Æрдзурын, æгъдау, æфсарм, уæздандзинад адæймаджы фæзминаг миниуджытыл нымад кæй с...
«Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы...» (Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас»-мæ гæсгæ).
Урок литературы по произведению К. Хетагурова "Ворона и лисица"...
Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.
Конспект урока...
Темæ: «Цæстмæхъус ныхас фыдбылыз хæссы» Хетæгкаты Къостайы басня «Халон æмæ рувас» æмæ Иван Андреевич Крыловы басня «Ворона и Лисица»- мæ гæсгæ.
Сравнительный анализ произведений двух гениев русской и осетинской литературы И.А.Крылова и К.Л. Хетагурова...
Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ
Технологон картӕ ирон литературӕйы урокмӕ "Ӕнӕфсис ӕмӕ гуыбындзӕлдзинад Хетæгкаты Къостайы басня «Марходарӕг» - мæ гæсгæ"...