Музыкӕйы дуне
план-конспект урока (5 класс)

   

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnologon_kartae_iron_aevzadzhy_urokmae_5_antonimta.docx35.92 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон ӕвзаджы  урокмæ 5-æм къласы

Грамматикон темӕ: «Антонимтӕ».

Ныхасы темӕ: «Музыкӕйы дуне».

Нымӕц:

Ахуыргӕнӕг:

Ахуыргӕнӕджы куысты нысантӕ

1.Ног ӕрмӕгыл бакусын.

2.Ныхасы рӕзтыл бакусын.

3.Миддуне хъӕздыг кӕныныл куыст.

4.Скъоладзауты разӕнгард кӕнын Ирыстоны зындгонд адӕм,музыкӕимӕ баст чи сты, уыдоны зонын, сӕ зӕрдӕты гуырын кӕнын   уарзондзинад аивадмӕ, музыкалон уацмыстӕм цымыдисдзинад.

5.Фӕлтӕрын скъоладзауты арӕхстдзинад ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын.

Урочы тип

Комбинарон урок,ног зонындзинӕдтӕ райсыны урок

Пъланы ахуырадон фӕстиуджытӕ

Предметон : зонын антонимты сӕйраг ӕмбарынад куыд лексикӕйы  хай, хицӕн кӕнын антонимтӕ синонимтӕй ӕмӕ лексикӕйы  иннӕ дзырдты къордтӕй, зонын антонимтӕй пайда кӕнын дзургӕ ӕмӕ фысгӕ ныхасы мидӕг.

Метапредметон Урочы ахуырадон хæс æмбарын æмæ йæ зæрдыл дарын, хатдзæгтæ кæнын, архайды пълан аразын, фæстиуджытæн рагацау прогноз кæнынмæ арæхсын ,хи хъуыдыты бындурыл иумæйаг хатдзæгтæ кæнын, иннæты хатдзæгтимæ сæ барын.

Удгоймагон: ӕмбарын мадӕлон ӕвзаджы стыр ахадындзинад  интеллектуалон ӕмӕ сфӕлдыстадон миниуджытӕ рӕзын кӕныны мидӕг,йӕ нысаниуӕг иумӕйагахуырадон процессы; ныхасы аивдзинадыл кусын.

Ахуыры методтӕ ӕмӕ формӕтӕ

Индивидуалон, фронталон, къордгай куыст, проектон.

Техникон фӕрӕзтӕ

Компьютер, мультимедийон  проектор

Цӕстуынгӕ ӕрмӕг

Презентаци урокмӕ «Музыкӕйы дуне»,  музыкалон уацмыс «Весело-грустно» Л.В.Бетховены фыст,  видеоӕрмӕджытӕ Гергиты Валерий ӕмӕ Муриты Данӕйы тыххӕй, Дудараты Вероникӕйы хуызистытӕ,нывтӕ,карточкӕтӕ.

Урочы организацион структурӕ

Урочы сӕйраг этаптӕ ӕмӕ нысантӕ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

1.Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

Разныхас:Сывӕллӕттӕ, уӕ бон хорз!  Тынг ӕхсызгон мын у сымахимӕ фембӕлд. Абон мӕ фӕнды сымахӕн ӕнахуыр салам раттын.Цӕгат Африкӕйы адӕм карадзийыл куы сӕмбӕлынц, уӕд ахӕм къухӕйамынд равдисынц: рахиз къух ныхыл авӕрынц, стӕй былтыл ӕмӕ фӕстагмӕ риуыл, зӕрдӕ кӕм ис,уыцы ран.Ацы къухамынд амоны «Æз дӕуыл хъуыды кӕнын, ӕз демӕ ныхас кӕнын, ӕз дын ӕгъдау дӕттын». Табуафси, уӕдӕ мах дӕр кӕрӕдзийӕн ацы къухамынды фӕрцы салам раттӕм, цӕмӕй нӕ урочы хуыздӕр кӕрӕдзийы ӕмбарӕм. Слайд 2

Урокмӕ цӕттӕдзинад ӕвдисынц

Нысан: зӕрдӕхӕлар ахаст кӕрӕдзимӕ

2.Зонындзинæдты актуализаци

Сывӕллӕттӕ, ӕвӕццӕгӕн, уӕ фӕнды базонын, абон цӕуыл дзурдзыстӕм, уый? Амӕй размӕ урочы цӕй кой кодтам, уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм.

 Тынг раст, синонимты кой кодтам.Уӕдӕ абон цӕуыл дзурдзыстӕм, уый иумӕ сбӕрӕг кӕнӕм.

 Ныртӕккӕ байхъусдзыстӕм музыкалон уацмысмӕ.

 Ацы уацмыс ныффыста Л.В.Бетховен. Хуыйны «Весело-грустно». СЛАЙДТӔ  3-4

Иронау ӕй куыд зӕгъдзыстӕм?

«Хъӕлдзӕг – ӕнкъард». Зӕгъут, уӕдӕ чи,куыд бамбӕрста цӕуыл дзурдзыстӕм абоны урочы? Дзырдтӕ хъӕлдзӕг – ӕнкъард сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ сты ныхмӕвӕрд, тынг раст. Хонӕм сӕ антонимтӕ.

Сывӕллӕттӕ, уӕ размӕ уын ӕвӕрын ахӕм хӕс, базонут, ацы дзырдты къордтӕ цавӕр ӕвзаджы хай ахуыр кӕны. Цӕмӕй уый нӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнӕм, уый тыххӕй мах бахынцын хъӕуы дзырдбыд.

Дзырдбыд уыдзӕн ӕнахуыр.Базонын нӕ хъӕуы иунӕг дзырд нывтӕм гӕсгӕ.Нывты бӕсты цы дзырдтӕ ныффыссӕн ис, уыдоны фыццаг дамгъӕтӕ бахъӕудзысты мах нӕ дзырд базонынӕн. СЛАЙД 5

(Нывты: лӕппу, ехс,кӕрдо,сасир,иту,карк, ӕнгуз)

Бахынцтам, рауад нӕм астӕуӕй дзырд «Лексикӕ».

Кӕнӕм  хатдзӕг «Лексикӕ у ӕвзаджы хай, кӕцы ахуыр кӕны …

Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц

Хъусынц музыкӕмӕ,

аразынц ахуыргӕнӕгимӕ диалог.

Хъусынц музыкӕмӕ.

Скъоладзаутӕ  урочы темӕ дзурынц.

 Скъоладзаутӕ дӕттынц фӕрстытӕн дзуапп.

Скъоладзаутӕ  дзырдбыдыл  кусынц иумӕйагӕй, дзуапп дӕттынц иугай.

Зонадон: ӕмбарынц ахуырадон-зонадон хӕс, архайдмӕ цӕттӕдзинад, зонындзинӕдтӕ/нӕ зонындзинӕдтӕ бӕрӕг кӕнын;

Регулятивон: пълан кӕнынц хъӕугӕ архӕйдтытӕн, хӕдбарӕй урочы темӕ сбӕрӕг кӕнын

Коммуникативон  : диалоджы мидӕг архайд,  къордты ӕмӕ хӕдбар куысты архайд ӕвдисын

3. Урочы ӕрмӕгыл бакусын

Бакӕсӕм ма фӕйнӕгыл   фыст. Ацы рӕсугъд ныхӕстӕ загъта Д.Б.Кабалевский.

«Музыкӕ адӕймагӕн ӕрмӕст ӕхсызгондзинад нӕ хӕссы. Уый бирӕ цӕуылдӕрты ахуыр кӕны.Уый у куыд чиныг, кӕны нӕ хуыздӕр, зондджындӕр ӕмӕ хӕларзӕрдӕ».СЛАЙД 6

Куыд уӕм кӕсы, ацы рӕнхъытӕ цӕмӕн бакастӕн? Нӕ ныхасы темӕ та уыдзӕн музыкӕйы дунейыл. Ацы скъуыддзаг та  у нӕ урочы эпиграф.

Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ уӕ  абон   ӕз хонын  музыкӕйы   дунемӕ. Кӕд нӕ райгуырӕн бӕстӕ, нӕ Ирыстон, тынг егъау бӕстӕ нӕу, уӕддӕр ирон адӕмы ӕхсӕн ис тынг бирӕ адӕм, сӕ цард музыкӕимӕ баст кӕмӕн у, ахӕмтӕ. Уыдонӕн ӕнӕхъӕн дунейыл айхъуыст сӕ ном. Абон базонгӕ уыдзыстӕм уыдонимӕ.

Ныр та уал тетрӕдты абоны нымӕц афыссӕм.

Ирон адӕм рагӕй ӕрӕгмӕ дӕр сты музыкалон адӕм, ууыл дзурӕг у уый, ӕмӕ суанг Нарты Кадджытӕ куы кӕсӕм, уӕд дзы ӕмбӕлӕм  персонажтӕ  -Сырдон ӕмӕ Ацӕмӕзыл.Сырдон Нартӕн скодта фӕндыр,Ацӕмӕзы фыд Ацӕйӕн та    Æфсати балӕвар кодта сызгъӕрин уадындз.  СЛАЙДТӔ 7-8

Музыкӕйы урочытӕ тынг уарзут, ӕвӕццӕгӕн. Фехъуыстаиккат сымах цы у симфонион оркестр СЛАЙД 9

 Уыцы оркестр адӕмӕн хъусын кӕны арфмидисджын музыкӕ.Ныртӕккӕ  чингуытӕ рафӕлдахӕм ӕмӕ бакӕсӕм текст, кӕцы нын бамбарын кӕндзӕн хуыздӕр, цы у арфмидисджын музыкӕ,уый. Слайд

Тексты зынӕмбарӕн дзырдтыл куыст (Дзырдуатон куыст) СЛАЙД 10

рог музыкӕ - хуымӕтӕг музыкӕ

арфмидисджын музыкӕ- арф хъуыдыты чи ӕфтауы адӕймаджы, ахӕм;

ӕхсызгонӕй- циндзинадимӕ;

симфонион оркестр-музыкантты къорд, музыкӕ чи хъусын кӕны адӕмӕн;

дирижер- оркестры разамонӕг.

Ныр та фӕлтӕрӕны хӕслӕвӕрд сӕххӕст кӕнӕм. Раттӕм дзуапп фӕрстытӕн.

Оркестрӕн вӕййы разамонӕг-дирижер. Ныртӕккӕ нын Тамбиаты Данӕ радзурдзӕн фыццаг ирон дирижеры тыххӕй. СЛАЙД 11

Скъоладзаутӕ кӕсынц урочы эпиграф

 

Скъоладзаутӕ хъусынц ахуыргӕнӕгмӕ.

Фысынц нымӕц

Скъоладзаутӕ кӕсынц текст.

Скъоладзаутӕ фыссынц дзырдтӕ сӕ дзырдуӕтты

Скъоладзаутӕ дзуапп дӕттынц фӕрстытӕн

Скъоладзау- чызг  дзуры сывӕллӕттӕн Дудараты Вероникӕйы тыххӕй хъусынгӕнинаг.

Зонадон: ӕмбарын ахуырадон-зонадон хӕс.

Регулятивон: пълан кӕнын хъӕугӕ архӕйдтытӕн, ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын хӕдбарӕй; Коммуникативон:диалогон ныхас аразын 

4.Физминуткӕ

Цӕмӕй аулӕфӕм, уый тыххӕй акӕндзыстӕм хъазт «Оркестр». Лидӕ рауайдзӕн размӕ, уый ӕххӕст кӕндзӕн дирижеры роль. Мах та иууылдӕр иумӕ музыкӕмӕ хъусгӕйӕ,аразӕм симфонион оркестр. 1-аг рӕнхъ цӕгъдынц хъисфӕндыртӕй, дыккаг рӕнхъ-виолончельтӕй, ӕртыккӕгтӕ та- фортепианойӕ.

СЛАЙД 12

 

Видеоӕрмӕгмӕ кӕсынц, афтӕмӕй улӕфынц.

Удгоймагон: ӕмбарынц ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнын хъӕуы,уый

5.Урочы ӕрмӕгыл дарддӕр куыст

Сывӕллӕттӕ,табуафси, дарддӕр кусӕм нӕ грамматикон ӕрмӕгыл. Куыд загътам, афтӕ антонимтӕ сты сӕ хъуыдымӕ гӕсгӕ ныхмӕвӕрд дзырдтӕ. Фӕйнӕгыл уынут нывтӕ. Ацы нывтӕм гӕсгӕ ныффыссут ныхмӕвӕрд дзырдбӕстытӕ.  

 СЛАЙДТӔ 13-16

Куыд федтам нӕ фӕстаг нывы, афтӕ хӕрз ӕрыгон дирижертӕ дӕр вӕййы. Цымӕ чи у ацы гыццыл дирижӕр? Ацы чызг у Муриты Данӕ, цӕры нӕ гыццыл Ирыстоны,Дзӕуджыхъӕуы. Сымахӕй бирӕ хистӕр нӕу.  Йӕ егъау музыкалон ӕнтыстдзинӕдты тыххӕй нын радзурдзӕн Дауыраты Георгий.

Видеоӕрмӕг равдисын .

Кӕд Муриты чызг у нырма гыццыл чызг ӕмӕ йӕ ӕнтыстдзинӕдтӕ нырма сты разӕй, уӕд Гергиты Валерий та у ӕппӕт дунейыл кӕй ном айхъуыст, ахӕм стыр зындгонд музыкант, дирижер.

СЛАЙД 17

                               Видеоӕрмӕг равдисын

Ныртӕккӕ уын байуардзынӕн карточкӕтӕ, табуафси, хӕслӕвӕрдтӕ сӕххӕст кӕнут. Лӕвӕрд тексты ссарут миногонтӕ, раффыссут сӕ уӕ тетрӕдтӕм ӕмӕ сын сӕ ныхмӕ сӕ антонимтӕ ныффыссут.

Гергиты Валерий - зындгонд музыкант.

Гергиты Валерий Абысалы фырт райгуырдис Мӕскуыйы ирон   бинонты хӕдзары.  Фӕлӕ йӕ сабибонтӕ арвыста Ирыстоны.Схъомыл ис Дзӕуджыхъӕуы.  Ам сахуыр кодта музыкалон училищӕйы фортепиано ӕмӕ дирижеры кълӕсты. Хӕрз ӕрыгонӕй Валерий раргом кодта йе стыр музыкалон арӕхстдзинад. Уый дунеон конкурсты кӕддӕриддӕр уыд уӕлахиздзау. Фӕсарӕйнаг критиктӕ ӕнӕ гуырысхойӕ тынг бӕрзонд кӕнынц Валерийы курдиат.

 Абон не мзӕххон Гергиты Валерий у  дунейы зындгонд дирижӕртӕй иу. Йе стыр курдиат ӕвдыст цӕуы дунейы бӕрзонддӕр сценӕтыл. Æвӕццӕгӕн, дунейы ахӕм къуым нал баззадис, Валерий йӕ оркестыримӕ кӕм нӕ равдыста йӕ арӕхстдзинад. Уый йӕ хъӕздыг миддунейы фӕрцы егъау оркестыры раз афтӕ зӕрдиагӕй равдисы музыкӕйы арф сусӕгдзинӕдтӕ, ӕмӕ уыцы сӕдӕхъӕлӕсон мыртӕ адӕймаджы зӕрдӕйы рӕбинаг къуымтӕ байдзаг кӕнынц ӕнахуыр ӕхцондзинадӕй.

 ӕрыгонӕй-зӕрондӕй

стыр-чысыл

бӕрзонд- ныллӕг

зындгонд-

егъау-чысыл

зӕрдиагӕй-ӕвӕндонӕй

арф-уӕлӕнгай

Скъоладзау-лӕппу дзуры Муриты Данӕйы тыххӕй,

Скъоладзаутӕ кӕсынц видеоӕрмӕгмӕ.

Скъоладзаутӕ кӕсынц текст.

Скъоладзаутӕ фысгӕ куыст кӕнынц.

Зонадон: Хъусын зонын ӕмӕ сӕйраг хъуыды хицӕн кӕнын;

Регулятивон: пълан кӕнын хъӕугӕ архӕйдтытӕн, ӕрмӕджы бындурыл хатдзӕгтӕ кӕнын хӕдбарӕй; Коммуникативон: къӕйттӕй кусын зонын, хи хъуыды иннӕтӕн ӕргом кӕнын.

6.Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ

Сывӕллӕттӕ, уӕдӕ ма скӕнӕм нӕ урокӕн хатдзӕг.

Цы базыдтам абон ногӕй?

Цавӕр дзырдтӕ сты антонимтӕ?

Кӕимӕ базонгӕ стӕм абон урочы?

Цы базыдтам не мзӕххонты тыххӕй абон?

Цавӕр ӕнкъарӕнтимӕ ацӕудзыстӕм абон нӕ урокӕй?

Цы пайда у музыкӕ махӕн нӕ царды мидӕг?

Бакӕсӕм ма нӕ урок цӕмӕй райдыдтам, уыцы ныхӕстӕ, нӕ эпиграф. Разы стут Кабалевскиимӕ сымах дӕр, сабитӕ?  Абоны урочы райстам ног зонындзинӕдтӕ. Антонимты тыххӕй бӕлвыррддӕр ӕрдзырдтам, ӕртӕ номдзыд адӕймагимӕ базонгӕ стӕм,кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы -фӕзондджындӕр стӕм, арфмидисджын музыкӕмӕ хъусгӕйӕ та нӕ зӕрдӕты,ӕвӕццӕгӕн, сӕвзӕрди бирӕ хорз хъуыдытӕ.

Сывӕллӕттӕ, ракӕсут ма фӕйнӕгмӕ. Сымах абон федтат симфонион оркестр куыд ӕвдисы йӕ куыст ,уый. Алкӕцы музыкантӕн дӕр дзы йӕ инструментимӕ ис бынат. Инструменттӕй иутӕ сты гыццыл, иннӕтӕ чысыл стылдӕр, кӕцыдӕртӕ та бынтон егъау. Сымах дӕр абон урочы сарӕзтат иумӕйагӕй «оркестр». Алчи дӕр уӕ архайдта йӕ хӕс сӕххӕст кӕнын, цӕмӕй нӕ иумӕйаг куыст урочы цӕуа зӕрдиагӕй ӕмӕ цымыдисӕй.  Мӕнӕ ацы нывыл ис симфонион оркестыры музыкалон инструменнттӕ, сымахӕн уӕ партӕтыл та ис тымбылӕгтӕ, ныхасӕн кӕй ис, ахӕмтӕ. Алчи дӕр ма йӕ абоны куыстӕн аргъ скӕнӕд, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ йӕхицӕн ссарӕд бынат «оркестыры».  Хуыздӕр чи бакуыста, уый ӕвӕццӕгӕн, йӕхицӕн «5» сӕвӕрдта  ӕмӕ разӕй «сбадти».

Сывӕллӕттӕ, тынг хорз. Мӕн фӕнды зӕгъын уый, ӕмӕ алчидӕр сымахӕй нӕ абоны урочы архайдта бакусыныл. Мӕ зӕрдӕ уын зӕгъы ӕмӕ симфонион оркестыры архайджытӕ иумӕ цы тых ӕмӕ рӕсугъддзинад ӕвдисынц, афтӕ сымах дӕр уӕ гыццыл коллективӕй куыд уат ӕппынӕдзух дӕр иумӕ, кӕддӕриддӕр цӕттӕ иумӕ урочыты дӕр кусын, ӕмӕ кӕрӕдзийӕн дӕр бахъуыды заман ӕххуыс кӕнын.

 Ногдзинæдтæн хатдзæгтæ кæнынц:

 - ахуырадон хæстæ куыд сæххæст кодтой;

-  зындзинæдтæ цæй мидæг бафиппайдтой;

 - къуылымпыдзинæдтæ аиуварс кæнынæн цы куыст бакодтой, бакæнын хъæуы.

Скъоладзаутӕ музыкӕйы зӕлтӕм хъусгӕйӕ архайынц сӕхицӕн критикӕ скӕныныл

Регулятивон: скъоладзаутӕ ӕрцӕуынц хатдзӕгмӕ цы бамбӕрстой, ӕмӕ ма сӕ цӕуыл хъӕуы фылдӕр бакусын.

Сӕ зонындзинӕдтӕн сӕхӕдӕг аргъ кӕнынц

7.Хӕдзармӕ куыст

Хӕдзармӕ куыст уын уыдзӕн ахӕм. . Музыкӕйы урочы цы музыканттимӕ базонгӕ стут ӕмӕ кӕй уацмыстӕм хъуыстат, уыдонӕй искӕйы тыххӕй чысыл хъусынгӕнинаг ныффыссут антонимтӕй пайда кӕнгӕйӕ.

Хӕдзармӕ куыст фыссынц боныджы


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок литературы в 8 классе по произведению А.С.Пушкина «Станционный смотритель». Тема: « Моральный суд над Дуней Выриной».

Урок проводится в форме суда, что вызывает большой интерес у ребят, ведь современное телевидение позволяет наблюдать процесс ведения суда достаточно часто, и дети сами легко распределяют роли накануне...

Презентация "Помнит Вена, помнят Альпы и Дунай..."

В презентации представлены фотографии Махунова Семена Петровича, отца мужа, дедушки моих сыновей, которого они не видели, но подвиг которого восстанавуливают по крупицам. Вся семья была потрясена архи...

Помнит Вена, помнят Альпы и Дунай...

Сценарий мультимедийной выставки "Помнит Вена, помнят Альпы и Дунай...", посвящённой освободительной миссии Советской Армии в годы Второй мировой войны....

Балц нывкæнынады дунемæ.

Технологическая карта урока в 5 классе дифференцированных групп....

Фæсурокты куысты хуызы темæ: «Дуне нывгæнæджы цæстæй».

Нысан: нывкæнынады тыххæй зонындзинæдтæ фæбæлвырддæр кæнын.Хæстæ: гуырын кæнын цымыдисдзинад ирон, уырыссаг æмæ фæсарæйнаг нывгæнджыты нывтæм;-хъомыл кæнын эстетикон ахастдзинад дунемæ æмæ аивадмæ уар...

Темæ: « Антонимтæ». Ныхасы темæ: «Музыкæйы дуне».

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы...