Темæ: « Антонимтæ». Ныхасы темæ: «Музыкæйы дуне».
план-конспект урока (5 класс)

Битарова Диана Ильинична

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл tehnol_k_antonimta.docx32.43 КБ
Реклама
Онлайн-тренажёры музыкального слуха
Музыкальная академия

Теория музыки и у Упражнения на развитие музыкального слуха для учащихся музыкальных школ и колледжей

Современно, удобно, эффективно

Посмотреть >


Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 5-æм къласы

Темæ: « Антонимтæ».

Ныхасы темæ: «Музыкæйы дуне».

Урочы нысантæ

1.Лексикæйæ рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын.

2. Бацамонын антонимтæ цы сты, уый.

3. Ахуыр кæнын антонимтæ тексты агурын, ныхасы сæпайд акæнын..

4. Ныхасы рæзт , хъуыдыкæнынад рæзын кæныныл бакусын.

5. Къордты куыстыл ахуыргæнинæгты ахуыр кæнын.

Урочы хуыз

Ног æрмæг амоныны урок.

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Удгоймагон:цымыдис ӕвзӕрын кӕнын ирон ӕвзаджы уроктӕм, æнкъарын кæнын ирон æвзаджы аивдзинад, рæсугъддзинад.

Регулятивон:ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй урочы архайдтыты нысан сбӕрӕг кӕнын, архайын пъланмӕ гӕсгӕ, раст аргъ кӕнын хи архайдтытӕн, бамбарын,зындзинӕдтӕ кӕм ӕййафы скъоладзау, ӕмӕ сæ аиуварс кӕнын;

Базонæн: антонимтӕ арын сӕрибарӕй тексты ,хъуыдыйӕдты мидӕг;дзырдуат хъӕздыгдӕр кӕнын, рӕдыдтытӕ иртасын тексты, хъуыдыйӕдты; текст кӕсгӕйӕ хъуыды кӕнын , анализ кӕнын, абарын ӕмӕ хи хъуыды дзурын фидарӕй,хатдзæгтæ кæнын ахуыр кæнын.

Коммуникативон:ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕмкъласонтимӕ иумӕ кусын, хи хъуыдытӕ дзурын, зонын къорды кусын.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн метод, индивидуалон, къордты куыст.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

5-ӕм къласы ирон ӕвзаджы чиныг, ирон литературæйы чиныг,нывтӕ, презентации компьютер, интерактивон фæйнæг.

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауты архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд

Рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæныныл куыст.

Ног æрмæгыл куыст.

Зонындзинæдтæ райсыныл архайды мотиваци

I.Бацæттæгæнæн рæстæг.

- Цы хонæм лексикæ?

-Цы хонæм дзырды лексикон нысаниуæг? Дæнцæгтæ æрхæссын.

-Цы хонæм иунысанон æмæ бирæнысанон дзырдтæ? Дæнцæгтæ æрхæссын

- Дзырдты комкоммæ æмæ ахæсгæ нысаниуджытæй сæйрагдæр кæцы у? Дæнцæгтæ æрхæссын.

-Цы хонæм синонимтæ? Дæнцæгтæ æрхæссын.

Фæйнæгыладæймæгтынывтæкъæйттæй.

- Уæ разы  нывты цы адæймæгтæ ис,сывæллæттæ,  уыдоны миниуджытæ сбæрæгк æнæм.

-Рафыссут сæ уæ тетрæдтæм.

-Цавæр нысаниуджытæ сын ис?

-Уæдæ нæ урочы абон ныхас кæндзыстæм ныхмæвæрд дзырдтæ-антонимтыл. Дзырд «антоним» у грекъаг дзырд, нысанкӕны«анти»-ныхмӕ, «оним»-дзырд, ома ныхмӕвӕрд дзырдтӕ.

-Нæ урочы нысантæ сбæрæг кæнæм.        

- Уыцы зонындзинæдтæ нæ цæмæн хъæуынц?

Дзуапп дæттынц:

- Æвзаджы ӕппӕт дзырдтӕ иумӕ хуыйнынц ӕвзаджы дзырдуатон сконд кӕнӕ та лексикӕ.

-Дзырд цы амоны, цы вдисы, уый та хонӕм дзырды лексикон нысаниуӕг.

Скъола-сывæллæттæ кæм ахуыр кæнынц, ахæм сæрмагонд бынат.

Дыргъ-бæласыл ч изайы, ахæм хæрынæн бæзгæ гага.

-Чызг, лæппу, мит-иунысанон дзырдтæ.

Къах, сæр, хос-бирæнысанон дзырдтæ.

Сыгъзæрин сахат, сыгъзæрин адæймаг

Сау дзыккутæ, сау зæрдæ

Фæлмæн къухтæ, фæлмæн ныхас

Уазал дон, уазал цæстæнгас.

Цæуын, лидзын, дугъкæнын,уайын.

Дзуаппытæ:

-Иу бæрзонд у, йемæ чи лæууы, уый та-ныллæг.

-Иннæ нывы иу нард у, иннæ-мæллæг.

-Æртыккаг нывы иу зæронд у, иннæ- æрыгон.

-Ныхмæвæрд.

Дзуаппытæ дæттынц.

-Антонимтæ нын нæ ныхас кæнынц хъæздыгдæр, рæсугъддæр.

Регулятивон:ахуыргӕнӕджы ӕххуысӕй урочы архайдтыты нысан сбӕрӕг кӕнын, архайын пъланмӕ гӕсгӕ, раст аргъ кӕнын хи архайдтытӕн, бамбарын,зындзинӕдтӕ кӕм ӕййафы скъоладзау, ӕмӕ сæ аиуварс кӕнын.

Базонæн: антонимтӕ арын сӕрибарӕй тексты ,хъуыдыйӕдты мидӕг;дзырдуат хъӕздыгдӕр кӕнын, рӕдыдтытӕ иртасын тексты, хъуыдыйӕдты;текст кӕсгӕйӕ хъуыды кӕнын , анализ кӕнын, абарынӕмӕ хи хъуыды дзурын фидарӕй,хатдзæгтæ кæнын ахуыр кæнын.

Коммуникативон:ахуыргӕнӕг ӕмӕ ӕмкъласонтимӕ иумӕ кусын, хи хъуыдытӕ дзурын, зонын къорды кусын.

Къордты куыст

Чиныгимæ куыст. Сыф 80.

-Сывæллæттæ, нæ ныхасы темæ у баст музыкæимæ 180-æм фæлтæрæн сæххæст кæнæм. Текстæн сæргонд æрхъуыды кæнут, æмæ дзы рафыссут ныхмæвæрд нысаниуджытæ цы дзырдтæн ис, уыдон.

Сывæллæттæ,антонимтӕй хъӕздыг у ирон адӕмон сфӕлдыстад. Тынг арӕх ӕмбӕлынц антонимтæ уыци-уыциты, аргъӕутты, ӕмбисӕндты.

Фыццаг къорд æмбисæндты фыццаг хайы хъуыдымæ гæсгæ дыккаг хай æххæст кæны антонимæй.

Асæй гыццыл, зондæй…

Æдылы дыл бахуддзæн, … дæ бамбардзæн.

Къаддӕр-дзургӕ… кусгӕ.

Дыккаг къорд та уыци-уыцитæ базонынц, ссарынц сæ антонимтӕ.

Æртыккаг къорд та таурæгъ «Батрадз æмæ Тыхы фырт Мукара»- йæ фыссынц антонимтæ.

Хæс. Дзырдтæн сæ нысаниуæгмæ гæсгæ антонимтæ агурын.

Суткæйы хæйттæ:

Предметтæ сæ адмæ гæсгæ абарын:

Сæ формæмæ гæсгæ:

Хъарумæ гæсгæ-

Чиныгимæ куыст. Фæлт.202 дзургæйæ.

 

Удгоймагон:цымыдис ӕвзӕрын кӕнын ирон ӕвзаджы уроктӕм, æнкъарын кæнын ирон æвзаджы аивдзинад, рæсугъддзинад.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

-Нæ абоны æрмæг куыд бамбæрстат ,уый сбæрæг кæнæм синквейны руаджы

Темæ «Антонимтæ».

Ныхмæвæрд, алыхуызон.

Хицæн кæнынц, рæсугъд кæнынц, хъæздыг кæнынц.

Антонимты нысаниуджытæ сты алыхуызон.

Лексикæ.

Рефлекси

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

-Урочы фыццаг хатт фехъуыстон…

-Куысты хуызтæй мæ зæрдæмæ тынгдæр фæцыд…

-Зын мæм фæкастис…

Удгоймагон:

Ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст

Ныффыссут цыбыр хъусынгæнинаг музыкæйы тыххæй, спайда кæнут антонимтæй.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Урок литературы в 8 классе по произведению А.С.Пушкина «Станционный смотритель». Тема: « Моральный суд над Дуней Выриной».

Урок проводится в форме суда, что вызывает большой интерес у ребят, ведь современное телевидение позволяет наблюдать процесс ведения суда достаточно часто, и дети сами легко распределяют роли накануне...

Презентация "Помнит Вена, помнят Альпы и Дунай..."

В презентации представлены фотографии Махунова Семена Петровича, отца мужа, дедушки моих сыновей, которого они не видели, но подвиг которого восстанавуливают по крупицам. Вся семья была потрясена архи...

Помнит Вена, помнят Альпы и Дунай...

Сценарий мультимедийной выставки "Помнит Вена, помнят Альпы и Дунай...", посвящённой освободительной миссии Советской Армии в годы Второй мировой войны....

Урок 5 къласы. Темæ: "Антонимтæ".

Тоны мад йæ пакъуы хъазæнРайста саби дæр йæ….. (хъазæн) Сарæзта цæрæнуат халонЦæй, ныр æй æз куыд….. (халон)Де мгæрттимæ сабыр хъазХондзысты дæ кæннод….. (хъаз) Саби айв...

Ныхасы темæ: Зымæджы нывтæ. Грамматикон темæ: Ныхасы хæйттæ. 3 къласс

Конспект урока по родному языку. По учебнику «Ирон æвзаг» 3  кълас   Дзампаты Лариса.      Ныхасы  темæ:  Зымæджы нывтæ.   Грамматикон тем...