Доклад
материал
Дзырд «зæрдæ»-имæ бæт фразеологизмтæ Гæдиаты Секъайы сфæлдыстады æмæ сæ семантикой классификаци
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
dzyrd_zaerdae-imae_baet_frazeologizmtae_gaediaty_sekayy.docx | 30.55 КБ |
Предварительный просмотр:
Джусойты Г.П. ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнæг
Дзырд «зæрдæ»-имæ бæт фразеологизмтæ Гæдиаты Секъайы сфæлдыстады æмæ сæ семантикой классификаци.
Гæдыйаты Секъа у ирон прозæйы бындурæвæрæг. Цыдæриддæр ирон æвзаджы дзырдуатон сконды уыд хъæздыгдзинадæй, рæсугъддзинадæй, бæллицагæй æмæ цымыдисагæй, уыдон иууылдæр сæ хуыз скалдтой Секъайы уацмысты æмæ уымæн сси нæ дзырдуаты хæзнадон. Секъа йе сфæлдыстадон хыз нывæста цæргæсбадæн хæхты астæу, йе ’вæрæз адæмы хъыг, цин, бæллиц æмæ рыст та йын уыдысты сфæлдыстадон къæбиц.
Секъайы сфæлдыстадсен аргъ кæнгæйæ, Абайты Вассо фыста: «...Секъа уыд æцæг адæмон æмдзæвгæты, радзырдты æмæ повестты автор нæ, фæлæ фыццагдæр-фыццагдæр уыд алæмæты адæймаг. Фыссын - уый куыст, уый архайд у. Фæлæ фыссын хатгай вæййы сгуыхтдзинад. Лшæг афта кæй у, уый базонын кæй фæнды, уыдон хъуамæ зоной Гæдыйаты Секъайы цард» (Критикой уацта.- Дзæуджыхъæу, 1992, ф. 103). Вассойы бадт æмæ карст зонд, стæй йæ уæлмонц зæрдæ æнкъардтой стыр фыссæджы сфæлдыстадон хæдбындурдзинад æмæ адæмондзинад.
Секъайы сфæлдыстад нæм æрхæццæ æнусты сæрты æмæ йæ цæ хæстæгдæр исæм нæ зæрдæмæ, уый бæрц нæ йæ царддæттаг аивады хуры тынта тавынц æмæ рæвдауынц, ирдæй - ирддæрæй нæм зыны йæ нæртон æмæ хæдбындур сфæлдыстады рухс. Ацы зонадон уацы дзырд цæудзæн лексемæ «зæрдæ»- имæ бæт фразеологизмты дихдзинадыл Секъайы сфæлдыстады.
Кæд æмæ ирон æвзаджы лексика алывæрсонæй иртастгонд у, уæддæр ма дзы ис бирæ фарстата, бындуронæй кæуыл хъæуы бакусын. Уыцы фарстатай сæ иу у ирон литературæйы классикты уацмысты æвзаджы хиæдта раиртасын, сæ хъæздыгдзинад æмæ индивидуалондзинад сын рафæлгъæдын. Наукæйы зындгонд у национ æвзаг кæй у нацийы историйы цыртдзæвæн, уæлдайдæр йæ лексикæ. Ирон литерæтурæйы классикты уацмысты, саг дзырдуатон сконды ирдагй зыны ирон адэгмы цардыуаг, сæ этнографы, истори агмæ агппагт удварны хæзнатаг.
Дзырдтæ - нацийы рагон цардвагндаджы нывтаг агмаг айдæнтаг сты. Уый тыххæй сæ фагрдгуытау æмбырд хъæуы, цæмæй нæ истори дунеон адæмты историйы денджызы уылæнты ма фесæфа, фæлæ налхъуытау æрттива æмæ йын уа йæхи тæлфгæ уылæн.
Нацийы цардыуаг, йæ мидхъуыды хуыздæр æвдыст æмæ хъахъхъагдгонд æрцæуы лексикæйы сæйраг хай - фразеологизмты. Уымæн ирд æвдисæн Гæдиаты Секъайы уацмысты фразеологион сконд, кæцы у æвагждиау ирон лагджы цардыуаг, йæ зæрдæйы монцтæ æмæ зондахаст раргом кæнынæн.
Дзырд «фразеологи» йæ равзæрдмæ гæсгæ у бердзейнаг æмæ нысан кæны phrasus «ныхас» æмæ logos «ахуырад». Уый у æвзагзонынады иу хай æмæ дзы дзырд цæуы фразеологион иуæгты сконд æмæ се ’мбарыны алы хуызтæ æмæ типтыл.
Ирон лингвистикæйы историйы ахæм куыстытæ æрма хæрз чысыл ис. Нæма сты иртæстгонд фразеологизмты стилистикон хуызтæ, синонимон фразеологизмтæ, фразеологион омонимтæ, нæй сæрмагонд куыстытæ фразеологизмты дихыл саг нысаниуæгтæм гæсгæ, ома, цы сæйраг дзырдимæ бæт вæййынц, уымæ гæсгæ, кæд æмæ йыл фæстаг азты фæзынд цалдæр зонадон куысты (Исаты М.И., Гæбæраты Н.Я., Дзодзыккаты З.Б., Медойты Б.Т., Къомайты Р.З., Дзабиты З.Т.), уæддæр.
Гæдыйаты Секъайы сфæлдыстады ирон æвзаджы фразеологизмты типтæ се ’ппæт дæр æрбынат кодтой, уымæн æмæ фразеологийоен йæ бындур у адæмон сфæлдыстад. Секъайы аивадон тых та фольклоры алæмæты быдыры фæлмæн зæхх æмæ уидæгтæй ратæдзгæ сыгъдæг суадон у. Секъа - адæмон фыссæг, хæххон адæмы ’хсæн батыдта йæ бонтæ, хорз сын зыдта æмæ æмбæрста сæ хъыг, цин, бæллиц æмæ рыст. Мæ æнæмæлгее уацмыстæ дæр уымæн сты æнгом бæт ирон лæджы царыуагимæ, йæ удыхъæдимæ, йæ зæрдæйы равгимæ.
Секъайы уацмысты фразеологион æрмæг адихгæнæн ис алыхуызон къордтыл: æхсæнадон цардыуагимæ бæт фразеологизмтæ, динимæ бæт формулæтæ, удварнимæ бæт фразеологи, фæзæгътытæ, арфæтæ, æлгъыстытæ, æмбисæндтæ æмæ а.д.
Ирон лæджы удварны историйы рæсугъддзинад, хъæбатырдзинад, хорздзинад, уарзондзинад цы фразеологизмтæ нысан кæнынц, уыдонæн сое фылдæр бæт у адæймаджы буары сæйраг хæйттимæ: соер, зæрдæ, цæст, фындз, дзых, æвзаг, дæндæгта, къах,къух, фарс, фад, арм æмæ а.д.
Зæгъæм: сæрæй дуæртæ кæнын, мæ цæсты сындз, фындз æруадзын, сызгъæрин къухтæ, фарны къах, дзыкка вдылд къах, къоехтое ныццоевын, къух ауигъын. йе 'взаг сей хоеры, мæ сæр дæ нывонд, æвзаджы нæ уæлæмæ цæруын хъæуы, нее дæлæмæ æмæ а.д.
Ирон æвзаджы фразеологизмтæн еж фылдæр адæймаджы буары хæйттимæ бæт кæй у, уый - ирд дæнцæг ирон лæджы удыхъæд бæрзонд принциптыл, сыгъдæг намысы æмæ рæсугъд æгъдауыл амад кæй уыд, уымæн. Ирон лæг йæ арм нæ лæвæрдта ’знагмæ, фыдгæнæгмæ, къæрныхмæ, æнæгъдаумæ, дзырдхæссæгмæ, уæйгæнæгмое, знаджы раз «йæ сæр нæкъул кодта», «йæ сæр бæрзонд хаста», Нарта хуыцауæн дæр сæ сæрæй нæ куывтой (сæ къæссерта бæрзонд самадтой). Ахæм у æцæг ирон лæджы удыхъæд, ирон адæмы культурзейы монон историон бындур.
Гæдиаты Секъайы сфæлдыстады лксемæ «зæрдæ»-имæ бæт фразеологизмта дæр бирæ къордтыл дих кæнынц, уымæн æмæ æвдисынц ирон лæджы удыхъæд, йæ царды нысан, йæ абоны уавæр æмæ йæ сомбоны бæллиц. Уыцы сæйраг историон мидисмæ гæсгæ ирон æвзаджы лексикæ рагæй æркæсын кодта йæхимæ стыр ахуыргæндты, уымæн æмæ дæдты æвæджиау хъæздыг æрмæг куыд лингвистикон, афта йæ рагондзинадæй дæр. Алы ирон дзырд дæр йæ семантикой сконд æмæ фразеологион фæзилæнтæй фидар тæпæй бæт у адæмы истори, этнографи æмæ этнологиимæ. Афтæ кæй у, уымæн ирд дæнцæг 18-19 æнусты фæсарæйнаг ахуыргæндты - бæллицты (Витсен, Дрешер, Элих, Розен, Гюльденштет, Клапрот, Рейнеггс, Розен æмæ æнд.) зонадон куыстытæ. Уæлдæр ранымад ахуыргæндты куыстытæ, кæд æмæ бæрзонд зонадон æмвæзадмæ не ’схызтысты, уæддæр сты фыццаг уæндон къахдзæфтæ ирон æвзаджы лексикæйы дунеон иранистикæйы иртасджыты размæ рахæссынмæ.
Абон та ирон æвзаджы лексикæ æмæ фразеологи иртасыны хъуыддаг сси дунеон иранистикæйы бындуртæй иу. Ирон æвзаджы историмæ цымыдисдзинад жмаг йæ иртасыны фæрæзтыл кусынц бирæ фæсарæйнаг университетты кафедрæты — Полыпæйы, Норвегийы, Английы, Болгарийы, Канадæйы, Германийы, Америкæйы æмæ бирæ æнд. бæстæты.
Ирон æвзаг Ирыстоны хъæуты бындуронæй чи сахуыр кодта , уыдон та уыдысты стыр уырыссаг ахуыргæндтæ-академиктæ А.Шегрен жмæ В.Ф.Миллер. Абайты Вассо В.Миллеры схуыдта «корифей осетинского языкознания» æмæ уыцы зæринзæл дзырдтæ æмæ хъуыды систы алы ирон лингвистæн дæр йæ зонадон куысты сæйраг рахæцæн. Ацы дыууæ стыр ахуыргонды зонадон фæллæйттæй райдайы йæ чысыл хъуыдытæ ирон фололог æмæ сыл бафтауы стыр наукæйы цы карст æмж лыггонд проблемзетæ сты, уыдон æмæ уый фæстзе та йæхи цæстæнгас алы фарстамæ дæр.
Ирон лексикæйы авналæнтæ æмæ йæ фæлгъуызтæ лæмбынæг, алывæрсонæй раиртæста Абайты Вассо. Уый йæ фундаменталон куыстытæй дунеон иранистикæйы истроийы ныббиноныг кодта хурау царддæттæг ирд хъуыды: «Наш язык - наша история». Ацы тезис сси наукæ - иранистикæ цы цæджындзтыл лæууы, уыдонæй иу, уымæн æмæ нæ лексикæ æмæ фразеологи сты ирон цардыуагзен историон айдæн, ирдæй дзы зынынц нæ фыдæлты удварны æмæ хæтæнты фæндзегтæ.
Секъа дæр ирон адæмон фыссæг у, хæххон адæмы ’хсæн схъомыл, æгæрон уарзтæй уарзта йæ адæмы, хорз сын зыдта сæ цин, сæ хъыг, сæ бæллиц æмæ рыст. Уыцы стыр уарзондзинад ирд дæнцæг у йæ диссаджы хъæздыг æвзагæн. Секъайы æвзаджы къуырфыты ссарæн ис ирон дзырдаивады сызгъæрин æвæрæнтæ - фразеологизмтæ, уыдоны æвæрд сты ирон лæджы царды нывтæ, æппæт йæ монон культурæйы ивгъуыд æмæ абон.
Лексемæ «зæрдæ»-имæ бæт фразеологизмтæ Секъайы сфæлдыстады адихтæ гæнæн ис нысаниуæгмæ гæсгæ, сæ лексикон-граматикон характеристикæтæ æмæ сæ ахастытæм гæсгæ.
Секъайы сфæлдътстады лексемæ «зæрдæ»-имæ бæт фразеологизмты сæ нысаниуæгмæ гæсгæ ссарæн ис фразеологион баныхæстытæ, фразеологион баиугæндтæ æмæ фразеологион бæстытæ.
Сæ лексикон-грамматикон характеристикæмæ гæсгæ та сын адих гæнæн ис, 5 къордыл:
- Субстантивонтæ: зæрдæйы уидаг; зæрдæйы дидинæг; зæрдæйы
дæгъæл, зæрдæйы низ.
- Адективонтæ: къух зæрдзейыл сæвæргæйæ; зæрдæ суынгæг уæвгæйæ; зæрдæ раппар-баппар гæнгæйæ.
- Ныхмæвзерддзинад æвдисæг: сау зæрдæ; хъæбæр зæрдæ; хзелар зæрдæ; арсы зæрдæ; тæрхъусы зæрдæ.
- Фразеологизмтæн сæ фылдæр сты иунысанон, фæлæ дзы вæййы бирæнысанонтæ дæр, кæд бирæ не сты, уæддæр.
Зæгъæм, зæрдæ хæссынсен ис 3 нысаниуæджы:
а) мæт хæссын; б) хæтæгдзинады ахаст дарын; в) омын.
Зæрдæ раттын:
а) искæй бауарзын; б)исты хъуыддагмæ бæстон æрæвналын.
- Мидæнкъарæнтæ æвдисæг: зæрдæмæ рухсы цъыртт бакæсын; зæрдæмæ æввахс нæ уадзык æмæ а.д.
Секъайы сфæлдыстады лексемæ «зæрдæ»-имæ бæт фразеологизмтæ сæ ахастытæм гæсгæ дæр адих кæнæн ис иуæндæс къордыл.
Уыдон фæнысан кæнынц:
- Циндзинад, æхцондзинад, хъæлдзæгдзинад: зæрдæ скафыд, зæрдæ риуы нал цæуы, зæрдæйы чындзæхсæв уæвын.
- Искæйы хъуыды, зондахаст хи æрдæм здахын: зæрдаг арын; зæрдæмæ фæндаг арын; зæрдæмæ дæгъæлтæ ссарын.
- Монцты, æнкъарæнты коммæ кæсын: зæрдæйы фæдыл цæуын; зæрдæйы коммæ кæсын.
- Кæстæрмæ æгæрон уарзондзинад: зæрдæйы уидаг; зæрдæйы рухс; зæрдæйы æнцой.
- Æгоммæгæсдзинад, хивæнддзинад: зæрдæйы низ; зæрдаг цъæх кæнын.
- Растдзинад, æфхæрддзинад æвдисын: зæрдæйы хъæдгом; зæрдаг баууилын, зæрдæ аскъуынын.
- Исты мæт, зындзинад ницæмæ дарын: зæрдæмæ æввахс нæ уадзын; зæрдæйы хъустæ йын нæй; йæ зæрдæ йæ уæцъæфы ис.
- Мидæнкъарæнтæм исты (цин, маст) арф уадзын: зæрдаг хизын, зæрдæмæ исын; зæрдæмæ хъарын, зæрдæмæ рухсы тын бауадзын.
- Искæйы ахаст æрсабыр кæнын, схъæлдзæг кæнын: зæрдæ тæнæг кæнын; зæрдæмæ хъарм бауадзын; зæрдаг фæлмæн кæнын.
- Намыс нæ сафын: зæрдæхудтæй тæрсын; зæрдæхутты цæуын.
- Искæйы фæхъыг кæнын, бафхæрын: зæрдæ къахын; зæрдæ марын; зæрдæ æфхæрын æмæ а.д.
Гæдыйаты Секъайы сфæлдыстады фразеологи у ирон хæххон лæджы царды историйы айдæн. Секъа цы фразеологизмтæй спайда кодта, уыдон æнгом баст сты ирон адæмы удварнимæ. Алыфарсонæй æвдисынц нæ нацийы этнографи, истори æмæ этнологи.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Слайды к докладу по теме: "Доклад по теме: "Воспитательный потенциал школьного педагога на уроке иностранного ".
Данные слайды отражают и суммируют основную идею доклада....
Доклад:"Эффективность учебного занятия-стимул к успеху педагога и обучающегося" Доклад:" Профессиональная компетенция педагога в дополнительном образовании"
Млтивация ребенка на освоение нового для себя и интересного вида деятельности.Профессионально компетентным можно назвать педагога доп. образования, который на достаточно высоком уровне осуществляет пе...
Доклад к педсовету от 27 марта 2013 г. Тема доклада: «Формирование продуктивных компетенций через участие учащихся в кружковой деятельности».
Развитие творческих способностей детей является неотъемлемой частью образовательного процесса, который включает в себя не...
Доклад "ФОРМИРОВАНИЕ ИНФОРМАЦИОННО-КОММУНИКАТИВНОЙ КУЛЬТУРЫ ПЕДАГОГА." и презентация к докладу.
Аннотация:В данной работе рассматривается вопрос формирования и повышения информационно–коммуникационной культуры педагога современной школы. «Все течет – все изменяется», - говорили древние. Эт...
Доклад "ФОРМИРОВАНИЕ ИНФОРМАЦИОННО-КОММУНИКАТИВНОЙ КУЛЬТУРЫ ПЕДАГОГА." и презентация к докладу.
Аннотация:В данной работе рассматривается вопрос формирования и повышения информационно–коммуникационной культуры педагога современной школы. «Все течет – все изменяется», - говорили древние. Эт...
Доклад "ФОРМИРОВАНИЕ ИНФОРМАЦИОННО-КОММУНИКАТИВНОЙ КУЛЬТУРЫ ПЕДАГОГА." и презентация к докладу.
Аннотация:В данной работе рассматривается вопрос формирования и повышения информационно–коммуникационной культуры педагога современной школы. «Все течет – все изменяется», - говорили древние. Эт...
Доклад: «Обновление практик обучения и воспитания в современном дополнительном образовании.» Доклад: "Развитие игровой технологии в образовательной практике"
Воспитательный процесс в системе дополнительного образования....