Открытый урок - Хæсты æвирхъау фæстиуджытæ æмдзæвгæ «Мад» -ы. (Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мад»-мæ гæсгæ).
план-конспект урока (7 класс)

Саухалова Валентина Руслановна

Проблемы войны и мира, стабильности и взаимопонимания между народами сегодня особенно злободневны. Урок посвящен этой теме. Поэты верили и верят, что можно все конфликты и недоразумения разрешить мирным путем. Доброе, извечное начало должно торжествовать. За внешней поэтической простотой в поэзии Г. Плиева всегда стоял Человек, его душа, чувства, восприятие мира. Г. Плиев как бывший фронтовик, познавший все тяготы военной жизни, видевший смерть товарищей по окопу, проливший свою кровь в боях за Отчизну, считал себя в ответе за все: за мир на земле, за плач ребенка и горе матерей, потерявших сыновей на полях сражения. Человек и война, человек и его выбор, человек и феноменальность его духа – все это волновало Г. Плиева, и он решал их с гуманистических позиций. У таких людей, естественно, особую ценность приобретают такие понятия, как Родина, родная земля, мать. Конспект урока составлен по новым стандартам ФГОС.

 

 

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Microsoft Office document icon haesty_aevirhau_faestiudzhytae_aemdzaevgae_mad_-y._.doc88.5 КБ

Предварительный просмотр:

Гом урок ирон литературæйæ

 7-æм къласы

Темæ: Хæсты æвирхъау фæстиуджытæ æмдзæвгæ  «Мад» -ы.

(Плиты Грисы æмдзæвгæ «Мад»-мæ гæсгæ)

Урочы нысан: 

1. Ахуырдзауты зæрдыл æрлæууын кæнын ирон адæмы царды трагикон цаутæ.

2. Нырыккон компьютерон технологитæй пайдагæнгæйæ скъоладзауты базонгæ кæнын Плиты Грисы цард æмæ сфæлдыстадимæ.

3. Терминологон диктанты руаджы сфæлхат кæнын литературон теорийæ – хицæн терминтæ, текст, аивгæнæн мадзæлттæ.

4. Хъомыладон куыст бакæнын. Сывæллæттæм уарзондзинад гуырын кæнын Фыдыбæстæмæ, ныййарæг мадмæ æмæ ирон аив дзырдмæ.

Урочы фæлгонцад: 

     1.Зындгонд нывгæнджыты  нывты мады фæлгонц.

       2. Нырыккон компьютерон фæрæзтæ:

    а) Плиты Грис – презентаци;

 Урочы эпиграф: Нæмыг куы атæхы, уæд фыццаг мады зæрдæйыл                                 сæмбæлы.

(æмбисонд).

Урочы цыд:

  1. Байхъусын зарæгмæ. «Мады зарæг»

 Скъоладзаутæн радзурын таурæгъ «Мады зæрдæ».

Мады фæлгонц у æнусон. Мады сурæт равдисыныл архайдтой дунейы нывгæнджытæ, поэттæ, композитортæ. Мадæй зынаргъдæр ницы ис зæххы къорийы.

 Ног æрмæг:

Ирон фысджытæй иу дæр ахæм нæй, мады фæлгонцыл чи нæ бакуыста. Æрæджы рацыдыстæм Цæрукъаты А. æмдзæвгæйы сæйрат хъайтар у мад, ныййарæджы фæлгонц йе ’мдзæвгæйы сфæлыста æндæр ирон зындгонд поэт Плиты Грис дæр. Нæ урочы эпиграфæн дæр зæгъæлы нæ райстам мæнæ ацы æмбисонд «Нæмыг куы атæхы, уæд фыццаг мады зæрдæйыл сæмбæлы».

- Зæххыл ныййарæг мадæй зынаргъдæр нæй, ацы хъуыдыимæ иузæрдион сты æппæт адæмы минæвæрттæ дæр. Хонгæ дæр æй кæнынц фæлмæн, узæлгæ хъæлæсы уагæй.

 -Мады сурæт ирд хуызджын ахорæнтæй сныв кодта Плиты Грис. Фæлæ уал мæ раздæр сымах цыбыртæй базонгæ кæнын фæнды поэты царды хабæрттимæ.

Плиты Грис райгуырд 1913 азы Хуссар Ир-ы Ручъы хъæуы. Мидхæсты заман Гришы бинонтæ ралыгъдысты Ирыстонмæ, æрцардысты Ногиры. Ам Грис фæци хъæууон скъола. Уый фæстæ ахуыр кодта Цæгат Ирыстоны пед.техникумы. уый фæстæ ацыд Мæскуымæ, театралон институтмæ. 1935-æм азы райдыдта актерæй. Æмдзæвгæтæй уæлдай актерæй уæвгæйæ райдыдта пьесæтæ, драмæтæ фыссын. 1941 азы араст хæстмæ.

Араст фронтмæ, йæ Райгуырæн бæстæйы сæрыл тохмæ уыд кæдæдæриддæр цæттæ.

Нæ республикæйы цæрджытæй 90 мин адæймагæй фылдæр архайдтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты. Лæгæвзарæн (хæсты) тохы не ’мзæххонтæй 60 мин адæймагæй фылдæр хорзæхджын  æрцыдысты ордентæ æмæ майдантæй, 75-æн саккаг кодтой Советон Цæдисы Хъæбатыры кадджын ном. Уырыссаг фыссæг П. Павленко дзæгъæлы нæ загъта не ’мзæххон хæстонтæй ацы ныхæстæ: «Ироны ном цытимæ дзурынц æппæт фронты дæр, уымæн æмæ ирæттæ сæхи равдыстой хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй».

Уыцы хъæбатыр æмæ намысджын хæстонтæй иу уыд Плиты Грис дæр. Фыдыбæстæйы хæсты фыццаг бонты ацыд фронтмæ. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй райста цалдæр хорзæхы. Грис райдайæнæй кæронмæ уыд хæцæг æфсады, бавзæрста адæмы хъизæмар, æвдисæн уыд адæмы лæгдзинадæн. Æрмæстдæр хæсты цæхæр, хæсты  уæззау уаргъ йæхи рагъыл чи бавзæрста, æрмæстдæр ахæм адæймаг фысдзæн афтæ арф, карз æмæ бæлвырд. Йæ лирикæ у алывæрсыг, фæлæ поэты сагъæсты сæр у Ирыстон – йæ историон хъысмæт, йæ фарн, йæ фидæн.

 

Грисыл 8-азы куы цыд, уæд амард йæ мад. Сидзæр лæппуйы æнкъарæнтæ æмæ хæсты уæззау нывтæй райгуырд æмдзæвгæ «Мад». Байхъусæм-ма,  æмдзæвгæмæ.

Дзырдуатыл бакусын.

  1. Зæгъут-ма, уæ хорзæхæй, цы уæм фæкасти ацы æмдзæвгæйы цымыдисагæй?  
  2. Цæмæн схуыдта Грис ацы æмдзæвгæ «Мад»?  
  3. Кæмæ æнхъæлмæ кæсы сылгоймаг? Тексты ма ссарут рæнхъытæ æмæ сæ бакæсут.  

Терминологон дзырдуат

- Ныффыссæм ма цыбыр терминологон диктант æмдзæвгæйы текстимæ кусгæйæ.

- Ссарут-ма тексты хæст куыд æвдыст цæуы, уый.

(Арвыл сысыди сау хæсты мигъ,

Байдыдта та фæздæгкалæн хæст).

- Куыд хуыйны ахæм аивадон мадзал? (эпитет)

- Ныффыссæм термин эпитет.

- Ноджыдæр ма поэт цавæр аивадон мадзæлттæй спайда кодта? (абарст).

1.Мадæн урс-урсид митау йæ сæр…

2.Удхор бирæгътæ систой сæ сæртæ…

3.Уалдзæг хурмæ куыд фæтайы их,

    Афтæ тади йæ зæрдæниз мадæн.

- Ныффыссæм уæ тетрæдты абарст.

- Ноджыдæр ма дзы цавæр аивадон мадзал ис? (метафорæ)

       Хæст лæгмар у…

                        Йæ хурхыл!

- Ныффыссут-ма Метафорæ

- Бакæсам-ма æмдзæвгæйы фæстаг дыууæ цыппар рæнхъоны

- Кæмæ здæхт у поэты ныхас? (Советон Цæдис  - абон Уæрæсемæ. Адæммæ)

- Ссарут ма фæстаг цыппаррæнхъоны сидæн.

  (Адæм, хæстæн бахæцæм йæ хурхыл!)

 

- Фыссæм термин – сидæн.

- Уæ тетрæдты цы терминæ ныффыстат, уыдон сты эпитет, метафорæ, абарст, сидæн. Се ’руаджы фыссæг фæхъæздыгдæр, фæарфдæр æмæ сфæлгонцджын кодта йæ уацмыс, хонгæ дæр сæ кæнæм аивгæнæн мадзæлттæ.

Дарддæр кусæм текстимæ.

- Цæмæ сиды мад? (сабырдзинадмæ)

- Уæдæ цæй мидæг ис æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды? (мад æмæ сабиты бахъахъхъæнын, хæстæн кæрон скæнын).

ТСО.  Компьютерæй интерактивон фæйнæгыл æвдыст цæуы таблицæ.

- Уе ’ргом ма раздахут фæйнæгмæ. Ацы таблицæйы ирдæй зынынц Мад æмæ Хæстæн сæ миниуджытæ, сæ сæйрагдæр æууæлтæ. Сæ хъуыдымæ гæсгæ сты ныхмæвæрд.

Бакæсæм ма сæ къæйттæй:

- Мад цавæр у?

- Хæст та?

 - Ирон аив литературæйы дæр тынг бирæ фысджытæ равдыстой мады фæлгонц сæ уацмысты.

- Æркæсæм ма тестмæ.

Компьютерæй æвдыст цæуы тест.

 1.Хетæгкаты Къоста «Саломи».

 2.Гæдиаты Секъа «Мад»

   3.Плиты Грис «Мад æмæ фырт»

   4. Коцойты Арсен «Сидзæргæс»

 - Раст дзуапп чи ратдзæн?  

-Ныййарæг мадыл ирон адæмон сфæлдыстады ис бирæ таурæгътæ, аргъæуттæ, æмбисæндтæ.

- Сымах та цавæр æмбисæндтæ ссардтат мады тыхæй?

1. Мад царддæттæг – хæст цардисæг.

2. Нæмыг куы атæхы, уæд фыццаг мады зæрдæйыл сæмбæлы.

3. Мады зæрдæ дур халы.

4. Мады ад – ныфс дæттæг, мады уарзт – тыхдæттæг.

- Номдзыд францаг фыссæг Пьер Беранже дзырдта: «Мады зæрдæ у диссæгты æвидигæ суадон. Мады рæвдыд у уалдзыгон хурау, йæ хъæлæс та Уæлахизы Тырысайы хуызæн, кæцы нын дæтты ныфс нæ царды фæндæгтыл цæугæйæ».

Алы адæймагæн дæр йæ хæс у мадæн аргъ кæнын, лæггад кæнын. Алы ныййарæг мады сæйраг бæллиц та у, цæмæй йæ хъæбул æнæнизæй, амондджынæй цæра хæст макуы бавзаргæйæ.

Ууыл у   фыст зарæг «Мадæлты Фæдзæхст дæр».

Байхъусут –ма йæм уæ хорзæхæй, нæ урочы кæронбæттæн.

(Зарæг).

Рефлекси:

1.Мæ зæрдæмæ фæцыд…

2.Абон æз базыдтон…

3. Базонын ма мæ фæндыд…

Хатдзæгтæ скæнын.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын.

Хæдзармæ куыст: уацмыс аив каст кæнын.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Разработка открытого урока по теме: «Географическая оболочка» Урок-открытие

Что такое географическая оболочка? ГО – это взаимосвязь и взаимодействие всех оболочек Земли -  всех сфер Земли.Какие это сферы?Постановка проблемы1.     Ученику дается г...

Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом.

Плиты Грис. «Авд цухъайы». Мады рухс цаесгом...

Литературон-музыкалон композици Темæ: «Ничи ферох, ницы ферох»(Плиты Грисы балладæ «Авд цухъхъа»-мæ гæсгæ.)

Лиетаратурно-музыкальная композиция посвящена теме Великой Отечественной войны. Баллада Гриша Плиева "Семь черкесок"....

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут» Плиты Грисы балладœ «Авд цухъхъамœ» гœсгœ.

Методическая разработка по осетинской литературе в 8 классе на тему:«Фыдыбœстœ уœ дзырды сœр куы уа,- Фыццаг ныхас-иу мард хœстонтœн раттут»  Плиты Грисы балладœ  «Авд цухъ...

« Уӕддӕр- Чермен! Кӕмдӕриддӕр- Чермен !» Плиты Грисы трагедимӕ гӕсгӕ.

Конспект урока по осетинской литературе в 10 классе....

Доклад «Мады фæлгонц Плиты Грисы сфæлдыстады».

Поэт в своей поэме на примере одной семьи показал участие осетинского народа в ВОВ....

Открытый урок "Земная кора. Литосферные плиты", 5 класс

Открытый урок по географии "Земная кора. Литосферные плиты", 5 класс...