Доклады
материал

Бедоева Таира Артемовна

Предварительный просмотр:

Доклад

Темœ:

«Абайты Васо Хетœгкаты Къостайы тыххœй»

Абайты Васо æнæкæрон аргъ кодта  Хетæгкаты Къостайæн. Йæхимæ ахæм фарст лœвœрдта: «Цыбыр рœстœджы куы ахъуыды кœниккам,Къостайы нын байстой, зœгъгœ, уæд уый  уыдаид иууыл егъаудœр œмœ рарастгœнœн кœмœн нœй,ахœм цœф зœрдœйœн. Уœд алы ирон лœг дœр йœхи банымадтаид иууыл мœгуырдœр,œнœхицау адœймагыл».
Къостайы  «Ирон фœндыр»1899 азы бахоста» алы ирон лœджы хœдзары дуар.Васо афтœ зœгъы : «Чиныг « Ирон фœндыр» фыццаг хатт бакастœн,Къобы аргъуаны скъолайы куы ахуыр кодтон ,уœд».Мœ фыццаг чиныг – «Абетœ», дыккаг  - «Ирон фœндыр».
Васо Къостайы канд ирон литературœйы бындурœвœрœгыл нœ нымадта, хуыдта йœ нœ литературœйы бœрзонддœр , æрттивагдœр стъалы.Тынг дис  ын кодта йе взаджы рœсугъддзинад œмœ хъœздыгдзинадыл. Цœвиттонœн хœссы « Хъуыбады» - йœ œртœ рœнхъы:
…Уœд фос куыд уарзта:
Фœсал сын ласта
Йœ салд œрчъийœ…,- œмœ дисгœнгœ фыссы : «Æдœппœтœй œртœ рœнхъы, фœлœ сœ ис гениалон хъуыды». Дис кœны ууыл дœр, куыд хорз зыдта Къоста фыййауы цард, йœ зœрдœйы  хатт.
Арф ахъуыды кодта Къостайы удыхъœды скондыл, йе стыр курдиатыл ,йæ  арœхстдзинадыл.Æмœ  зœгъы : «Дунемœ рœстдзинад  куы уаид,уœд Къостайы хъуыддœгтœ афтœ нœ уыдаиккой…Нœ фœцард 50 азы дœр. Хъысмœтœн уый гœнœн куы уыдаид, æмœ мæ азтœй 20 айс œмœ сœ Къостайœн ратт, уœд сразы уыдаин. Æз дœр ма, 25 аздзыд  лœппуйœ, аныхœстœ кодтаин йемœ».
Васо сœрыстыр уыд кœддœриддœр Къостайœ. Уыдта œмœ œмбœрста , национ генитœ кœй ис, уый: «Англисагæн ис Шекспир, шотландиагœн- Бернс, немыцагœн- Гете, италиагœн- Данте, уырыссагœн- Пушкин. Мах, ирœттœ, та дзурœм: махœн ис Къоста. Æмœ уœд нœ зœрдœтœ байдзаг вœййынц сœрыстырдзинад œмœ уарзондзинадœй Къостамœ».

Дарддæр Васо  зœгъы:» Куы сœвœриккам ахœм фарст –цы нысан кœны Къоста ирон литературœ œмœ ирон адœмœн, уœд нœ цœстыты раз Къоста сыстид цардæгас уœйыджы хуызœнœй». Ирон фœндыр нымайы ирон литературœйы райдианыл  йœ егъау бœрзœндмœ. Ацы фарстыл арф ныхъхъуыды кодта œмœ йын ссардта дыууœ рахœцœны.Фыццаг : «Къоста стыр курдиаты хицау уыд , фœлœ йын уый œдде егъау œххуыс фœцис уырыссаг  литературœйы, уырыссаг классикты сфæлдыстадтимœ зонгœ кœй уыд, уыцы хъуыддаг.  Æнœ Пушкин, Лермонтов, Некрасов  Къоста уыдаид,уый зын загъœн у».Дыккаг рахœцœныл нымадта нœ адœмы хъœздыг сфœлдыстад. Цœвиттонæн  хœссы «Фсати», « Æрра фыййау», «Булкъ œмœ мыд»-œй,хоны сœ иууыл хуыздœр уацмыстœ, кœцытœ фыст сты фольклорон сюжеты бындурыл.
Васо ахœм хатдзœгмæ дœр œрцыд: «Къостайы цард œмœ сфœлдыстады кœрœй-кœронмæ зыны иу хъуыды- йœ адœмы раз хœс нœ бафыста.Йœ царды фœстаг бонты дœр Къостайы сœрœй никуы сцух хъуыды- цы йœ фœндыд, йœ бон цас уыд,уый бœрц нœ сарœзта йœ адœмœн». Абайты  Васо: «Ирœттœй бирœтœ œрттиваг пъагæттœ œмœ майданты цœстœй кœсгœйœ, афтœ хъуыды кœнынц,загъгœ, Къостайы хуызœттœй  нœ, фœлœ ирон инœлœрттœй у Ирыстон сœрыстыр» .Нœ адœмы иудзинады хъуыддœгтœ нывыл кœй не сты,фидисы охыл нœ былалгъыл кœй дарœм: ды къуыдайраг,ды чысайнаг,,ды дыгуырон , уый Васойы зæрдæмæ никуы цыд œмœ афтœ фыста: «Ирон фœндыр»-ы диссаджы рœнхъытœ кœсгœйœ,ирœттœ сœ фœзындœй фœстœмœ иу кæй  сты , уый зæрдыл дарын хъæуы».

Ирон  œмœ дыгуырон иу кœй сты, уый тыххай Васо ракодта Гуырдзыбеты Бласкайы кой. Нœ дихдзинадыл хъуыды дœр никуы акодта œмœ Васо дœр уымœн фыссы, зœгъгœ, национ хъайтарœн-Къостайœн- фыццаг аргъ скодта дыгурон поэт Гуырдзыбеты Бласка.

Уæдæ Хетæгкаты Къостайæн  аргъгœнгœйœ , Абайты Васо фыста : «Къостайы œнœрœстœджы фœхъуыдыл цас фылдœр азтœ цœуы,уый бœрц œй мах хатœм,чи уыд Къоста ирон адœмæн. Ирœттœй бирœтœ , Къостайы ингœны уœлхъус  чи лœууыд, уыдон œй  æмбœрстой,  хатыдтой, се хсœнœй кœй цœуы иууыл зынаргъдœр, œнœмœнг ирон адæмы  чи хъœуы, ахœм  адœймаг».



Предварительный просмотр:

160 азы размæ нæртон лæджы арфæ æрцыд Хетæгкаты мыггагыл, æппæт  Ирыстоныл. Сæххæст, ирон адæм æнусты дæргъы сæ былыцъæрттæ кæмæ хордтой, уыцы бæллиц!  Дунейы Фарн сын балæвар кодта Къостайы!  Уый Атлантау йæ уæхсчытæ бадардта, фыдæй-фыртмæ ирон адæм зæфцы фыдæй заууатмæ цы национ цæджындз æруагътой, уымæ!

 Незамантæй абонмæ, Анархасисæй Абайты Васомæ, ирон адæмæн сæ удварны хæзнадон æбæркад никуы уыдис. Гъе, æмæ уыцы хæзнадонæй, зæгъæм, сæ тæккæ зынаргъдæр равзарын хъæуы, уæд дзы, фыццаджыдæр, Хетæгкаты Къостайы  «Ирон фæндыр»  бахауид.  «Ирон фæндырæй» ахсджиагдæр чиныг нæй ирон адæммæ. Уый у ирон адæмæн йæ Библи, уый у ирон адæмæн йæ Цыкурайы фæрдыг!

Цæмæн у нæ адæмæн йæ ахсджиагдæр чиныг? Уымæн æмæ ацы чиныгæй æргомдæр, комкоммæдæр æмæ растдæр ницавæр чиныг дзуапп дæтты фæрстытæн: цы стæм, цы уыдзæн нæ фидæн, нæ фæстаг?

Цæмæн у ирон адæмы Библи? Уымæн æмæ «Ирон фæндыр» у царды чиныг. Уый ахуыр кæны адæймаджы  уæлдæр зондахастыл, ахуыр кæны цард  уарзыныл,  рæстудæй цæрыныл,                                                                                                                                                          Райгуырæн бæстæ, æгас дуне уарзыныл.

 Цæмæн у ирон адæмы  Цыкурайы фæрдыг? Уымæн æмæ алы адæймаг дæр йæ цард-цæрæнбонты бæллы, Цыкурайы фæрдыг йæ къухы куы бафтид, уымæ. Стæм адæймæгты къухы бафты ацы алæмæты хæзна. Цыкурайы фæрдыг уырзæй кæй басгарай, ахæм материалон хæзна нæу. Цыкурайы фæрдыг у бæрзонддæр  бæллицты символ. Æмæ Къостайы «Ирон фæндыр»  ирон адæмæн сси ахæм хæзна.

 Уæдæ цы мадзæлттæ ссарæн ис, цæмæй нæ генион поэты, нæ цæугæ мæсыг, нæ уæларвон стъалыйы фæдзæхстытæ зæрдыл дарой нæ рæзгæ фæлтæр, йе сфæлдыстады тых цæджджинагау фыца, æхсида рæзгæ фæлтæры зæрдæты?

 Нæ фыдæлтæ дзырдтой, фыдæлты уаргъ кæстæр фæхæссы, зæгъгæ. Куыд зонæм, афтæмæй «фыдæлты уаргъ» абстрактон æмбарынад у. Уæдæ цы у «фыдæлты уаргъ»? Уый у, адæймагæн ном чи кæны ,ахæм удварнон хæзна…

 Рагон зындгонд лæг куыд загъта, уымæ гæсгæ ныййарæг дæтты йæ байзæддагæн æрдзæй æмгъуыд цард, ахуыргæнæг та – æнусон. Уымæ гæсгæ, хъуамæ алы ахуыргæнæг дæр архайа, кæстæр фæлтæрмæ хæссынмæ цы фыдæлты уаргъ æнхъæлмæ кæсы, уый фæрогдæр кæныныл, мæнæ аргъæутты ныййарæг мад йæ зынаргъ хъæбулы дард балцы æрвитгæйæ  йын йæ уаргъ фæрогдæр кæныныл куыд фæархайы, афтæ.

  Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн  Къостайы цард æмæ сфæлдыстад ахуырадон æмæ хъомыладон куысты цы диссаджы ахъаз у, уый алкæмæндæр зындгонд у. Чи зоны, фыццаг бакастæй нæ генион поэтæн йæ уацмыстæ иуæй-иутæм хуымæтæг фæкæсынц. Фæлæ уый тынг рæдыд хъуыды у. Куыд фæзæгъынц, гениондзинадæн йæ ахъаз йæ хуымæтæгдзинады вæййы. Фæлæ уыцы хуымæтæгдзинад дæр иртасын хъæуы. Поэтæн йæ фылдæр уацмыстæ хайджын сты аллегорион символикæйæ, ис сын бæрзонд философон ахадындзинад. Поэт арæх йæ хъуыды кæронмæ нал фæзæгъы, «басусæг» æй кæны, фæдæтты бар адæймагæн йæ раиртасынæн. Æмæ цал æмæ цал  хуызы ис поэтæн йе ‘нæмæлгæ уацмыстæн фæлгъауæн?

 Поэты кæцыфæнды уацмыс ахуыргæнгæйæ дæр, ахуыргæнæг скъоладзауты размæ сæрмагонд фарстатæ бахынцынæн куы нæ æрæвæра, уæд урок æнтыстджын нæ рауайдзæн; уацмысы ахадындзинад ахуыргæнæг скъоладдзауты æххуысæй куы нæ сбæрæг кæна, уæд урокæн  практикон æмæ теоретикон æгъдауæй йæ  ахадындзинад ныллæг уыдзæн.

Зæгъæм, Къостайы философон æмдзæвгæ  «Ныстуан» ахуыргæнгæйæ, ахуыргæнæджы хæс у, цæмæй скъоладзаутæ банкъарой, поэт æцæг гражданин кæй уыди, дзыллæйы мæт æмæ рис арф йæ зæрдæйы æвæрд кæй уыдысты, уый:

    Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

    Куы бафидин искуы  мæ хæс,

    Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

    Нæ хъуысид  кæуын хъæлæс…

 Кæд æмдзæвгæйы аст  рæнхъы йеддæмæ нæй, уæддæр  йæ мидис, йæ граждайнаг пафосы уæз æмæ тых сты æгæрон. Дунеон классикон поэзийы корифейтæй  алчидæр йæхи стыр амондджыныл банымадтаид, ахæм диссаджы  ныхæстæ йын куы бантыстаид, уæд.

Къостайы «Балцы зарæг» ахуыргæнгæйæ, ахуырдзаутæ ахуыргæнæджы æххуысæй дзуапп раттынц ахæм фарстæн: « Цæмæн домы поэт, цæмæй Иры лæппутæ æфсымæртау радтой кæрæдзимæ сæ къухтæ?»

Цæйут, æфсымæртау,

Радтæм нæ къухтæ

 Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

 Зæххы цъарыл æфсымæрдзинадæй тыхджындæр ницы ис. Виктор Гюгойы загъдау «сæрибардзинад бахъахъхъæнæн ис æрмæстдæр æфсымæрдзинады руаджы». Поэты бæллиц уымæн у ирон адæмы иудзинад, æфсымæртау кæрæдзи æнцой уæвын.

 Кадджын поэт сидтис рухсы бæрзæндтæм цæуынмæ. Цы ма уа ахсджиагдæр æмæ бæрнондæр ахуыры фæндагыл рухсмæ цæуынæй! «Рæстдзинад уарзынæй» ахуыры бæрзæндтæм чи тындзы, уыдоны у фидæн! «Рæстдзинад уарзынæй» йæ «тырыса дзыллæйы номæй» кæмæн у, уыдоны у фидæн! Иудзырдæй, ацы æмдзæвгæйæн йæ æрвылбоны ахадындзинадæн нæй кæрон-ахæм хатдзæгмæ æркæнын хъæуы скъоладзауты.

  Абоны змæст царды скъоладзау ахуыргæнæджы ‘ххуысæй куы нæ иртаса цардæн йæ хорз дæр æмæ йе’взæр дæр, уæд ын мин хатты дæр бакæсын кæн, зæгъæм ,  Къостайы «Додой» - йæ апп ын нæ раиртасдзæн.

Уæдæ цæй мидæг ис йæ сусæгдзинад, йæ æнæкæрон хъару æмдзæвгæ «Додой»-æн?

Ахуырдзаутæ хъуамæ бамбарой, цымæ цавæр  æнæбауромгæ тымыгътæ абухтой поэты зæрдæйы, ацы æмдзæвгæйыл куы куыста, уæд; цымæ цавæр рис, цавæр æрхæндæг уыд поэты уды, йæ зæрдæйы тугтæй  æмдзæвгæйы рæнхъытæ куы фыста, уæд? Ахуыргæнæг бамбарын кæны æмдзæвгæйы актуалондзинад абоны бон. Æнусы дæргъы поэты уайдзæфтæ иннæрдæм кæй нæ хизынц «нæ тæрхоны лæгты». Кæдмæ ныл пъæззы тых кæндзæн, кæдмæ «фидар рæхыстæй не уæнгтæ баст уыдзысты»? Уæд та нæм Быценты туг куы хæццæ кодтаид, фидисæй рынчын, уайдзæфæй мæлгæ чи кодта.

Къостайæн ма йæ гениондзинад уый мидæг ис, æмæ рифмæйы тыххæй цыфæнды дзырдтæй йе’мдзæвгæтæ нæ рæсугъд кодта. Уымæ гæсгæ, ахуыргæнæг æмдзæвгæ «Додой»-ы алы рæнхъæн йæ ахадындзинад æмæ сусæгдзинад куы нæ бæлвырд кæна, уæд æмдзæвгæйæн йæ граждайнаг æмæ революцион пафосы тых бæрæг нæ уыдзæн:

         Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

         Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау…

Ахуыргæнæг æмæ ахуырдзаутæ иумæ агурынц дзуапп ахæм фарстæн:

- Цымæ поэт цæмæн додой кæнын кæны хæхты?

       -Уымæн æмæ ирон лæгæн зынаргъ сты йæ хæхтæ.  Уымæн æмæ хæхтæ фæкодтой фыдæй-фыртмæ  лæггад ирон адæмæн. Уыдон бахъахъхъæдтой ирон адæмы сæ  цыфыддæр знагæй. Уыдон æхсыстой нæ адæмы æнæкæрон фондз æнусы дæргъы ирон удыхъæды ныфс,хъару æмæ лæгдзинадæй. Нæ хæхты фæрцы, фениксау, ног равзæрдысты ирон адæм.

…Оххай- гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры…..

Цымæ нæм куыд кæсы, цæуылнæ нын  загъта æргомæй поэт не знаджы ном? Æви кæд, мыййаг, нæхæдæг стæм уыцы знаг. Кæд, мыййаг, нæ алкæйы удыхъæды дæр ис уыцы знаггады миниуæг – «нæ федтон», «нæ зонын», «ницы хъуыддаг мæ ис», «цыфæнды кæнæд»  æмæ афтæ дарддæр. Цæмæн- «гъе, мардзæ, исчи!», цæуылнæ-  «гъе, мардзæ, алчи!»

Къостайы сфæлдыстады стыр нысаниуæг ис йæ баснятæн дæр. Адæймаг поэты басняты алæмæттаг дунейы уацары бахауы суанг йæ  сабибонты. Фæлæ  уыдон суанг зæронды бонтæм дæр нал суæгъд кæнынц адæймаджы цымыдис.

«Адæймаг дистыл фæвæййы Къостайы æмбисæндтæ бакæсгæйæ. Æрмæст иунæг хатт семæ базонгæ у, æмæ дæ цард-цæрæнбонты нал ферох уыдзысты «нæ рагон фыдсыл», йæ фырзыдæй «адæмæн тугкалæн чи кодта», уыцы бирæгъ, искæй мæтæй чи «фæзæрдæлхæд», уыцы хърихъупп. Дæхæдæг дæр æй нæ хатдзынæ, афтæмæй де ‘рвылбоны царды уыцы æнцонæй дæ дзыхæй хаудзысты Къостайы зондамонæнтæ».

Ахуырдзаутæн зæгъын хъæуы, ирон литературæмæ басняйы жанр фыццагдæр кæй бахаста Хетæгкаты Къоста. Баснятæ фыссыныл уый ахуыр кодта зындгонд уырыссаг поэт-баснятæфыссæг И.А.Крыловыл. Суанг ма йын йæ басняты сюжеттыл ирон æвзагыл ныффыста цалдæр уацмысы: «Халон æмæ рувас», «Бигрæгъ æмæ хърихъупп», «Хъазтæ». Фæлæ уыдонæн нæй схæнæн тæлмац уацмыстæ, уымæн æмæ Къоста Крыловы æмбисæндтæм бахаста ног колорит, ирон æвзаджы интонаци, йæ аивадон мадзæлттæ, адæмон сфæлдыстады миниуджытæ, схорзæхджын сæ кодта йæхи егъау сфæлдыстадон курдиатæй, ирон адæмы удыхъæды миниуджытæй. Иу ныхасæй, Крыловы басняты персонажты Къоста сдзурын кодта сыгъдæг æмæ хъæздыг ирон æвзагыл.

Ахуырдзаутæ, басня «Булкъ æмæ мыд» æвзаргæйæ, æрцæуынц хатдзæгмæ,  Къоста кæй худы, ницы уæвгæйæ, йæхи чи стауы, ахæм адæмыл:

…Дунетæй хуыздæр куы фестай,

Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!..

Æвæдза, куыд зондджын уыд нæ поэт! Кæм æргомæй, кæм фæсномыгæй архайдта ирон адæмы раст фæндагыл саразыныл, сæ зондахаст сын арфдæр, ахадгæдæр, хъомысджындæр фæкæныныл…

Генион Къоста арæхстджынæй бахынцта басня «Хъазтæ»-йы æнусон проблемæ: чи уыдысты нæ фыдæлтæ æмæ чи стæм мах:

Дæ фыдæлтæ рухсаг,

Дæхæдæг мын бæзз!..

Æмбисондæн баззадысты басняйы ацы рæнхъытæ. Ахуырдзаутæ хъуамæ бамбарой,  сæ философон уæз  ахадгæ кæй у, сæ хъуыды та - бирæвæрсыг. Йæ сæйрагдæр хъуыды – дæ фыдæлтæм хорзæй цы уыд, уый уыд. Сæ хорз сын парахат æмæ æххæст кæн царды, сæ рухс ном сын рох ма кæн. Уый иу. Иннæ та - дæхæдæг бæзз, цæмæй дæ искæдбон исчи зæгъа, зæгъгæ, « йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад уæлæуыл ныууагъта зæрондæй»…

Къоста хъуыдыйы корифей уыди. Арæх йæ иунæг поэтикон рæнхъы цы хъуыды вæййы, уый  нæ вæййы бирæ романты. Хуымæтæджы не схуыдта йæ басня «Хъазтæ». Йæ сусæгдзинад ын ахуырдзаутæ раргом кæндзысты, уырыссаг æвзагыл фыст поэмæ «Хетæг»-æй скъуыддзаг куы бакæсой, уæд:

 Читатель! Сбираюсь поведать тебе

    Старинную повесть о славном

И доблестном предке, стяжавшем себе

    Бессмертье в потомстве забавном.

Я сам из потомков его и, как гусь,

    Лишь годный в жаркое, нередко,

Встречаясь с другими «гусями», кичусь

    Прославленным именем предка.

Цæй диссаг у, цæй æгъатыр у Къостайы поэтикон фат, куыд зоны пакъуы ацæгъдын! Уæдæ поэт- фæрсæг, мах-дзуаппдæттæг:

Нæ фыдæлтæ чи сты, –

Нæ зоныс, сæрæй?

– Уæхицæй уæм исты

Æппæлинаг нæй?

– Нæ фыдæлтæ раджы...

– Уый фехъуыстон, гукк!..

– Нæ фыдæлты руаджы...

– Уæхуыддæг цы стут?

Цы равдыстат кадæн,

Зæгъут–ма уæддæр? –

Мах?.. Ницы!.. – Æрра дæн,

Фæрсын уæ æз дæр!

Къостайæн æнæуынон кæй уыдысты козбау, фæлитой адæм, уый скъоладзаутæ сбæлвырд кæндзысты  поэты иннæ басня «Халон æмæ рувас» сахуыр кæнгæйæ. Æмбисонды цы хъуыды æвæрд æрцыд, уый ног нæу дунеон литературæйы. Сæрæвæрæг ын уыди фыццаг баснятæфыссæг Эзоп.

Басняйы темæ - фыдæгъдау адæймаджы козбаудзинад æргом кæныны мотив. Къоста худы, козбау, зæрдæлхæнæн ныхæстæ чи кæны æмæ сыл чи æууæнды, ахæм адæмыл. Хъуамæ адæймаг æмбара, æцæгдзинад æмæ сайд кæм ис, уый.

Ахуырдзаутæн æрхæссæн ис зындгонд америкаг психолог Дейл Карнеги сæдæ азы размæ цы ныхæстæ загъта, уыдон: « Не бойтесь врагов нападающих на вас, бойтесь друзей, льстящих вам».

Къостайы баснятæ абон дæр актуалон сты,зæгъгæ, уыцы хатдзæгмæ æрцæуынц ахуырдзаутæ. Кæд Къостайы баснятыл æнусæй фылдæр цæуы, уæддæр абоны бон не ‘хсæн цæрынц Халон дæр, Рувас дæр, Бирæгъ дæр, Саг æмæ Уызын дæр æмæ а.д. Æмæ  алчидæр йæхимæ куы ‘ркæса, уæд, æвæццæгæн, Къостайы хъайтартимæ цы хъæнтыл худæм, уыдонæй искæцы йæхимæ ссардзæн. Уымæн æмæ алцæмæй æххæст адæм не ‘хсæн нæй. Ахуыргæнæджы хæс у ахуырдзаутæн уыцы хъæндзинæдтæ аиуварс кæнынæн цæстуарзон æххуыс кæнын, нæ поэты зондамындтæ сын сæ царды даргъ фæндагмæ фæндаггагæн раттын.

Кæронбæттæны хатдзæг скæнæм:

-Уæдæ цæй мидæг ис Къостайы сфæлдыстадæн, йæ «Ирон фæндыр»-æн йæ сусæгдзинад? Цæй мидæг ис Къостайы феномен?

- Фыццаджыдæр уый мидæг, æмæ незамантæй абоны онг уымæй зæрдæагайгæдæрæй, уымæй разæнгарддæрæй ничи архайдта нацийы зондахаст баиу кæныныл, раст цардвæндагыл æй саразыныл. Дыккаджы та уый мидæг, æмæ Къостайæ арфдæр, мидисджындæр, ахадгæдæр ничи раргом кодта ирон адæймаджы удыхъæд, йæ бæллицтæ, йæ сагъæстæ, йæ хорз, йе’взæр. Нæ генион Къостайы уацмысты цы арф хъуыды ис, уый  ирон  литературæйы астæумагъз у, Къостайæ райдыдта ирон литературæ. Фидар бындурæвæрæг ын уый у.

Къоста цæ цыбыр царды мидæг никуы фæрæдыд иу хъуыддагæй фæстæмæ. Йе’мдзæвгæ «Зонын»-ы поэт афтæ ныффыста:

 …Иу бон æгъгъæд у мысынæн,

 Иу бон кæндзыстут мæ дзырд,

 Уый фæстæ ферох уыдзынæн, –

 Ничиуал зондзæн мæ цырт.

Нæ генион поэт фæрæдыд! Ирон адæмы зæрдæты æнус æмæ æрдæгæй фылдæр цæры Къостайы рухс ном, кæнынц ын кад æмæ намыс!

1916 –æм азы ирон профессионалон театры бындурæвæрæг Брытъиаты Елбыздыхъо загъта: « Рухс у мæ зæрдæ - ис нæ чиныгæн æмæ не ‘взагæн бындур. Къоста нæ литературæйæн у, Пушкин уырыссаг литературæйæн цы у, раст уый…Æрлæудзæн ахæм рæстæг, æмæ алы ирон лæджы хæдзары дæр Къостайы ныв уыдзæн зæды нывау». Нæ драматурджы ныхæстæ æцæгæй дæр æрцыдысты: ирон зæхх никуы уыдзæн цух Къостайы стъалыйы рухсæй.

 

 

Доклад

Тема:

«Изучение творчества Коста Хетагурова в школе»



Предварительный просмотр:

Мæ ныхас мæ фæнды райдайын В.А. Сухомлинскийы ныхæстæй: « В человеке, которого мы воспитываем, должны сочетаться нравственная чистота, духовное богатство, физическое совершенство».

Махыл, ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытыл, стыр хæс æвæрд ис æхсæнады раз. Мах къухæй хъуамæ цардмæ рацæуа, рæстæджы домæнтæн дзуапп чи дæтта æмæ уыимæ национ удыхъæд чи бахъахъхъæна, ахæм фæзминаг фæлтæр. Ацы домæнтæ сты Уæрæсейы Федерацийы скъоладзауты монон хъомылады концепцийы астæумагъз. Ома, мах хъуамæ хъомыл кæнæм патриотизм æмæ граждайнаг иудзинады æнкъарæнтæй æххæст фæлтæртæ. Нæ ахуырдзаутæм гуырын кæнын «хуыздæр уæвынмæ» тырнындзинад æмæ арæхстдзинад; уды хæзнатæ бæрæг кæнынмæ арæхстдзинад; рæстдзинад уарзын, хæларзæрдæ, æргомзæрдæ, фæлмæнзæрдæ уæвын; удварны миниуджытæ бахъахъхъæнгæйæ, æргом дзурын уæндын, фæллой уарзын, зындзинæдты сæрты ахизынмæ арæхсын,фыдæлты æгъдæуттæ, æвзаг бахъахъхъæнын. Концепцийы домæнтæ сæххæст кæнынæн ис æрмæг- нæ хъæздыг ирон литературæ.

Мæн фæнды радзурын, куыд ахъаз у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад уыцы домæнтæ æххæст кæнынæн.

Незамантæй абонмæ, Анахарсисæй Абайты Васомæ, ирон адæмæн сæ удварны хæзнадон æбæркад никуы уыдис. Гъе, æмæ уыцы хæзнадонæй, зæгъæм, сæ тæккæ зынаргъдæр равзарын хъæуы, уæд дзы, фыццаджыдæр, Хетæгкаты Къостайы  «Ирон фæндыр»  бахауид.  «Ирон фæндыр»-æй ахсджиагдæр чиныг нæй ирон адæммæ. Уый у ирон адæмæн йæ Библи, уый у ирон адæмæн йæ Цыкурайы фæрдыг!

Цæмæн у ирон адæмы Библи? Уымæн æмæ «Ирон фæндыр» у царды чиныг. Уый ахуыр кæны адæймаджы  уæлдæр зондахастыл, ахуыр кæны цард  уарзыныл,  рæстудæй цæрыныл,  Райгуырæн бæстæ, æгас дуне уарзыныл.                                                                                                                                                    

 Цæмæн у ирон адæмы  Цыкурайы фæрдыг? Уымæн æмæ алы адæймаг дæр йæ цард-цæрæнбонты бæллы, Цыкурайы фæрдыг йæ къухы куы бафтид, уымæ. Стæм адæймæгты къухы бафты ацы алæмæты хæзна. Цыкурайы фæрдыг уырзæй кæй басгарай, ахæм материалон хæзна нæу. Цыкурайы фæрдыг у  бæллицты символ. Æмæ Къостайы «Ирон фæндыр»  ирон адæмæн сси ахæм хæзна.

 Уæдæ цы мадзæлттæ ссарæн ис, цæмæй нæ генион поэты фæдзæхстытæ зæрдыл дарой нæ рæзгæ фæлтæр, йе сфæлдыстады æхсида рæзгæ фæлтæры зæрдæты?

 Рагон зындгонд лæг куыд загъта, уымæ гæсгæ ныййарæг дæтты йæ байзæддагæн æрдзæй æмгъуыд цард, ахуыргæнæг та – æнусон. Уымæ гæсгæ, хъуамæ алы ахуыргæнæг дæр архайа, кæстæр фæлтæрмæ хæссынмæ цы фыдæлты уаргъ æнхъæлмæ кæсы, уый фæрогдæр кæныныл, мæнæ аргъæутты ныййарæг мад йæ зынаргъ хъæбулы дард балцы æрвитгæйæ йæ уаргъ  ын фæрогдæр кæныныл куыд фæархайы, афтæ.

  Ирон æвзаг æмæ литературæйы ахуыргæнджытæн  Къостайы цард æмæ сфæлдыстад ахуырадон æмæ хъомыладон куысты цы диссаджы ахъаз у, уый алкæмæндæр зындгонд у. Чи зоны, фыццаг бакастæй нæ генион поэтæн йæ уацмыстæ иуæй-иутæм хуымæтæг фæкæсынц. Фæлæ уый тынг рæдыд хъуыды у. Куыд фæзæгъынц, гениондзинадæн йæ ахъаз йæ хуымæтæгдзинады вæййы. Фæлæ уыцы хуымæтæгдзинад дæр иртасын хъæуы.

Зæгъæм, Къостайы философон æмдзæвгæ  «Ныстуан» ахуыргæнгæйæ, ахуыргæнæджы хæс у, цæмæй скъоладзаутæ банкъарой, поэт æцæг гражданин кæй уыди, дзыллæйы мæт æмæ рис арф йæ зæрдæйы æвæрд кæй уыдысты, уый:

    Æз дзыллæйæ къаддæр куы дарин,

    Куы бафидин искуы  мæ хæс,

    Уæд афтæ æнкъардæй нæ зарин,

    Нæ хъуысид  кæуын хъæлæс…

 Кæд æмдзæвгæйы аст  рæнхъы йеддæмæ нæй, уæддæр  йæ мидис, йæ граждайнаг пафосы уæз æмæ тых сты æгæрон.

Къостайы «Балцы зарæг» ахуыргæнгæйæ, ахуырдзаутæ ахуыргæнæджы æххуысæй дзуапп раттынц ахæм фарстæн: « Цæмæн домы поэт, цæмæй Иры лæппутæ æфсымæртау радтой кæрæдзимæ сæ къухтæ?»

Цæйут, æфсымæртау,

Радтæм нæ къухтæ

 Абон кæрæдзимæ,

Иры лæппутæ!..

 Зæххы цъарыл æфсымæрдзинадæй тыхджындæр ницы ис. Виктор Гюгойы загъдау «сæрибардзинад бахъахъхъæнæн ис æрмæстдæр æфсымæрдзинады руаджы». Поэты бæллиц уымæн у ирон адæмы иудзинад, æфсымæртау кæрæдзи æнцой уæвын.

 Кадджын поэт сидтис рухсы бæрзæндтæм цæуынмæ. Цы ма уа ахсджиагдæр æмæ бæрнондæр ахуыры фæндагыл рухсмæ цæуынæй! «Рæстдзинад уарзынæй» ахуыры бæрзæндтæм чи тындзы, уыдоны у фидæн! «Рæстдзинад уарзынæй» йæ «тырыса дзыллæйы номæй» кæмæн у, уыдоны у фидæн! Иудзырдæй, ацы æмдзæвгæйæн йæ æрвылбоны ахадындзинадæн нæй кæрон- ахæм хатдзæгмæ æркæнын хъæуы скъоладзауты.

 Абоны змæст царды скъоладзау ахуыргæнæджы æххуысæй куы нæ иртаса цардæн йæ хорз дæр æмæ йе’взæр дæр, уæд ын мин хатты дæр бакæсын кæн, зæгъæм, Къостайы «Додой» - йæ апп ын нæ раиртасдзæн.

Уæдæ цæй мидæг ис йæ сусæгдзинад, йæ æнæкæрон хъару æмдзæвгæ «Додой»-æн?

Ахуырдзаутæ хъуамæ бамбарой, цымæ цавæр  æнæбауромгæ тымыгътæ абухтой поэты зæрдæйы, ацы æмдзæвгæйыл куы куыста, уæд; цымæ цавæр рис, цавæр æрхæндæг уыд поэты уды, йæ зæрдæйы тугтæй  æмдзæвгæйы рæнхъытæ куы фыста, уæд? Ахуыргæнæг бамбарын кæны æмдзæвгæйы актуалондзинад абоны бон. Æнусы дæргъы поэты уайдзæфтæ иннæрдæм кæй нæ хизынц «нæ тæрхоны лæгты». Кæдмæ ныл пъæззы тых кæндзæн, кæдмæ «фидар рæхыстæй не уæнгтæ баст уыдзысты»? Уæд та нæм Быценты туг куы хæццæ кодтаид, фидисæй рынчын, уайдзæфæй мæлгæ чи кодта.

Къостайæн ма йæ гениондзинад уый мидæг ис, æмæ рифмæйы тыххæй цыфæнды дзырдтæй йе’мдзæвгæтæ нæ рæсугъд кодта. Уымæ гæсгæ, ахуыргæнæг æмдзæвгæ «Додой»-ы алы рæнхъæн йæ ахадындзинад æмæ сусæгдзинад куы нæ бæлвырд кæна, уæд æмдзæвгæйæн йæ граждайнаг æмæ революцион пафосы тых бæрæг нæ уыдзæн:

         Додой фæкæнат, мæ райгуырæн хæхтæ,

         Сау фæныкæй уæ куы фенин фæлтау…

Ахуыргæнæг æмæ ахуырдзаутæ иумæ агурынц дзуапп ахæм фарстæн:

- Цымæ поэт цæмæн додой кæнын кæны хæхты?

       -Уымæн æмæ ирон лæгæн зынаргъ сты йæ хæхтæ.  Уымæн æмæ хæхтæ фæкодтой фыдæй-фыртмæ  лæггад ирон адæмæн. Уыдон бахъахъхъæдтой ирон адæмы сæ  цыфыддæр знагæй. Нæ хæхты фæрцы, фениксау, ног равзæрдысты ирон адæм.

…Оххай- гъе! Не знаг нæ былмæ фæтæры…..

Цымæ нæм куыд кæсы, цæуылнæ нын  загъта æргомæй поэт не знаджы ном? Æви кæд, мыййаг, нæхæдæг стæм уыцы знаг. Кæд, мыййаг, нæ алкæйы удыхъæды дæр ис уыцы знаггады миниуæг – «нæ федтон», «нæ зонын», «ницы хъуыддаг мæ ис», «цыфæнды кæнæд»  æмæ афтæ дарддæр. Цæмæн- «гъе, мардзæ, исчи!», цæуылнæ-  «гъе, мардзæ, алчи!»

Къостайы сфæлдыстады стыр нысаниуæг ис йæ баснятæн дæр. Адæймаг поэты басняты алæмæттаг дунейы уацары бахауы суанг йæ  сабибонты. Фæлæ  уыдон суанг зæронды бонтæм дæр нал суæгъд кæнынц адæймаджы цымыдис.

Ахуырдзаутæ, басня «Булкъ æмæ мыд» æвзаргæйæ, æрцæуынц хатдзæгмæ,  Къоста кæй худы, ницы уæвгæйæ, йæхи чи стауы, ахæм адæмыл:

…Дунетæй хуыздæр куы фестай,

Гъе, уæддæр дæхи уд ма стау!..

Æвæдза, куыд зондджын уыд нæ поэт! Кæм æргомæй, кæм фæсномыгæй архайдта ирон адæмы раст фæндагыл саразыныл, сæ зондахаст сын арфдæр, ахадгæдæр, хъомысджындæр фæкæныныл…

    Къоста арæхстджынæй бахынцта басня «Хъазтæ»-йы æнусон проблемæ: чи уыдысты нæ фыдæлтæ æмæ чи стæм мах:

Дæ фыдæлтæ рухсаг,

Дæхæдæг мын бæзз!..

Æмбисондæн баззадысты басняйы ацы рæнхъытæ. Ахуырдзаутæ хъуамæ бамбарой  басняйы сæйрагдæр хъуыды – дæ фыдæлтæм хорзæй цы уыд, уый уыд. Сæ хорз сын парахат æмæ æххæст кæн царды, сæ рухс ном сын рох ма кæн. Уый иу. Иннæ та - дæхæдæг бæзз, цæмæй дæ искæдбон исчи зæгъа, зæгъгæ, « йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад уæлæуыл ныууагъта зæрондæй»…

Къостайæн æнæуынон кæй уыдысты козбау, фæлитой адæм, уый скъоладзаутæ сбæлвырд кæндзысты  поэты иннæ басня «Халон æмæ рувас» сахуыр кæнгæйæ.

Къостайы баснятæ абон дæр актуалон сты,зæгъгæ, уыцы хатдзæгмæ æрцæуынц ахуырдзаутæ. Кæд Къостайы баснятыл æнусæй фылдæр цæуы, уæддæр абоны бон не ‘хсæн цæрынц Халон дæр, Рувас дæр, Бирæгъ дæр, Саг æмæ Уызын дæр æмæ а.д. Æмæ  алчидæр йæхимæ куы ‘ркæса, уæд, æвæццæгæн, Къостайы хъайтартимæ цы хъæнтыл худæм, уыдонæй искæцы йæхимæ ссардзæн. Уымæн æмæ алцæмæй æххæст адæм не ‘хсæн нæй. Ахуыргæнæджы хæс у ахуырдзаутæн уыцы хъæндзинæдтæ аиуварс кæнынæн цæстуарзон æххуыс кæнын, нæ поэты зондамындтæ сын сæ царды даргъ фæндагмæ фæндаггагæн раттын.

        Мæ ныхасы кæрон мæ фæнды зæгъын уый,æмæ ахуыргæнæджы куыст афтæ у, æмæ ахуырдзауты зæрдæты цы гагатæ байтауы, уыдон тагъд рæз не схæссынц: хъæуы рæстæг. Æмæ кæд ирон литературæйы кабинетæй нæ ахуырдзаутæ рацæуынц удæй сыгъдæгдæрæй, кæрæдзийæн барондæрæй, кæд æмæ ахæм æмбарынæдтæ, куыд адæмы раз, бинонты раз хæс, кад, адæймагдзинад, уæздандзинад сæ чысыл зæрдæты æрцæрой, уæд нæ куыст банымайæн ис хорзыл.

Доклад

Тема: «Формирование у обучающихся высоких нравственных и духовных качеств на уроках осетинского языка и литературы»



Предварительный просмотр:

Я думаю, что нет такого учителя, который бы не задумывался над вопросами: «Как сделать урок интересным, ярким? Как увлечь учеников своим предметом? Как создать на уроке ситуацию успеха для каждого ученика?». Каждый современный учитель мечтает, чтобы на его уроке ребята работали добровольно, с интересом, творчески. Ведь именно интерес является основным стимулом деятельности ребенка, его обучения, развития. Сегодня основная цель обучения - это не только накопление учеником определённой суммы знаний, умений, навыков, но и подготовка школьника как самостоятельного субъекта образовательной деятельности. В основе современного образования лежит активность и учителя, и, что не менее важно, ученика. Именно этой цели - воспитанию творческой, активной личности, умеющей учиться, совершенствоваться самостоятельно, и подчиняются основные задачи современного образования. Новые образовательные технологии предлагают инновационные  методы  построения такого учебного процесса, где на первый план выдвигается взаимосвязанная деятельность учителя и ученика, нацеленная на решение как учебной, так и практически значимой задачи.  

Для развития творческих способностей учащихся на уроках осетинского языка и литературы  я применяю элементы образовательных технологий. Мне очень нравится  технология дифференцированного обучения.

Технология дифференцированного обучения - это совокупность методов и форм обучения, конкретные операции по достижению необходимого учебного результата отдельными группами класса.

Благодаря дифференцированному обучению успешно развивается познавательная активность каждого ученика с учётом его возможностей и способностей. Дифференцированное обучение способствуют формированию адекватной самооценки учеников, побуждает их к учебной деятельности. Основной целью дифференцированного и индивидуального подхода является создание условий для того, чтобы научить детей не бояться проявлять себя и помочь им сформировать и ощутить в себе личность.

При дифференциации учащихся я опираюсь на следующее: общий уровень обученности, развития ученика; отдельные особенности психического развития; индивидуальные особенности ученика; неспособность ученика усваивать предмет по тем или иным причинам; интерес ученика к тому или иному предмету. Оценив каждого учащегося , можно приблизительно отнести его к той или иной группе. Однако необходимо учитывать то, что ученик может (и должен) передвигаться из одной группы в другую; поэтому рекомендуется проводить диагностику примерно раз в полугодие. В зависимости от уровня знаний, умений и навыков учащихся условно делю ребят на три группы: “сильные”, “средние” и “слабые”.

Дифференциацию применяю  на разных этапах урока: при проверке домашнего задания,  при закреплении, при повторении,  при объяснении нового материала. Считаю, что дифференцированный подход необходимо использовать при подборе домашних заданий обязательно.  Это позволяет развить слабого ученика, помочь ему в овладении общеучебными умениями и навыками. Сильного же ученика дифференцированное задание поднимает на более высокую ступень развития.

Например, в 5 классе при проведении урока по теме « Сравнительный анализ басни  Эзопа, И.А. Крылова , К.Л. Хетагурова «Ворона и лисица», я распределила  задания так: одна группа готовит сообщения об Эзопе, И.А. Крылове и К.Л. Хетагурове. Другая группа учит найзусть  басню, а третья готовит выразительное чтение басни. Учащиеся сами выбирали  посильные им задания. Таким образом, все работали с удовольствием.

Также распределила по группам домашнее задание, даю учащимся возможность самим выбрать задание по своим силам:

1.Составить центон  из басен Коста Хетагурова, И.А. Крылова.

2. Нарисовать ворона и лисицу по басне Эзопа.

 На уроках при повторении и закрепления нового материала использую разноуровневые карточки. Для сильных учащихся подбираются задания, требующие самостоятельности, творческого поиска, обобщения изученного материала; для средних и слабых – задания, повышающие активность в процессе восприятия, осмысления нового материала.

Например,технологию уровневой дифференциации обучения я применила и  на уроке осетинского  языка в 6 классе по теме « Фразеологион дзырдбӕстытӕ». На этапе закрепления на уроке использовались разноуровневые задания на карточках разных цветов: синяя (облегченное задание),зелёная (средний уровень),красная (сложное задание). Предварительно ребят ознакомила с выполнением задания. Учащиеся самостоятельно выбирали карточки по уровню сложности. Первое задание было одинаковым для всех: выписать фразеологизмы из текста. На карточках зеленого цвета задание было такое: определить значения данных фразеологизмов. На карточках красного цвета задание такое: заменить фразеологизмы  фразеологизмами-синонимами. Ученики  сами выбирали себе задания по своим силам.

Разноуровневое обучение помогает сделать учёбу для каждого ребёнка интересной. При дифференцированном обучении у меня появляется возможность помогать слабому ученику и уделять внимание сильному, более эффективно работать с трудными детьми. Более слабые ученики решают задачи с помощью учителя, наводящих вопросов, иллюстраций и предметных картинок, работая в паре. В то же время сильным ученикам предлагается выполнить решение той же учебной задачи, но с дополнительными вопросами. Слабые учащиеся меньше ощущают своё отставание от сильных, а сильные активно реализуют своё стремление быстрее продвигаться вперёд и вглубь знаний.

На своих уроках считаю важным создать атмосферу психологического комфорта (ситуацию успеха, укрепляющую уверенность в своих силах). Например, перед тем, как дать задание к уроку- исследованию  басни « Ворона и лисица»,  я  заверила  детей, что они все справятся с заданиями. В конце урока не забыла похвалить . Радость от похвалы окрыляет ребёнка, поднимает настроение, а значит, он будет стараться добиться лучших результатов в дальнейшем

На уроках осетинского языка и литературы применяю также технологию проблемного обучения.

 Целью проблемного обучения является:

1. Развитие мышления и способностей учащихся, развитие творческих умений.

2. Усвоение учащимися знаний, умений, добытых в ходе активного поиска и самостоятельного решения проблем.

3. Воспитание активной творческой личности, умеющей видеть, ставить и разрешать нестандартные проблемы.

Например, после изучения в 5 классе басни Коста Хетагурова « Ворона и лисица» я предложила  учащимся  сравнить эту басню с басней Эзопа и И.А. Крылова. Я задаю учащимся такой проблемный вопрос: «В чём сходство и различие между этими  персонажами у трех авторов?» Он вызывает у детей интерес, заставляет их размышлять, анализировать материал, сопоставлять его. Работа ведется в группах.  Каждый ученик включается в работу и задаёт себе вопрос: «А в чём?» В итоге составляется таблица сходства и различий.

Также я использую как вид работы по осетинскому языку языку и литературе ответы на проблемные вопросы. Данная работа должна представляет собой рассуждение с непременной аргументацией («Я так считаю, потому что…»). Например, на уроке литературы в 10 классе по рассказу Арсена Коцоева « Товарищи», создав проблемную ситуацию, каков настоящий друг, в качестве аргументации я прошу приводить  соответствие: Иван Кузьмич Топтыго и Батырбек.

Таким образом, можно сделать вывод, что современные образовательные технологии, которые я использую, развивают личность ребенка, его творческие возможности, способности,  сохраняют физическое здоровье, достигаются высокие результаты в учебной деятельности.

Доклад

Тема:

«Развитие творческих способностей учащихся на уроках осетинского языка и литературы»


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Доклад:"Эффективность учебного занятия-стимул к успеху педагога и обучающегося" Доклад:" Профессиональная компетенция педагога в дополнительном образовании"

Млтивация ребенка на освоение нового для себя и интересного вида деятельности.Профессионально компетентным можно назвать педагога доп. образования, который на достаточно высоком уровне осуществляет пе...

Доклад к педсовету от 27 марта 2013 г. Тема доклада: «Формирование продуктивных компетенций через участие учащихся в кружковой деятельности».

Развитие творческих способностей  детей является неотъемлемой частью образовательного процесса, который включает в себя не...

Доклад "ФОРМИРОВАНИЕ ИНФОРМАЦИОННО-КОММУНИКАТИВНОЙ КУЛЬТУРЫ ПЕДАГОГА." и презентация к докладу.

Аннотация:В данной работе рассматривается вопрос формирования и повышения информационно–коммуникационной культуры педагога современной школы. «Все течет – все изменяется», - говорили древние. Эт...

Доклад "ФОРМИРОВАНИЕ ИНФОРМАЦИОННО-КОММУНИКАТИВНОЙ КУЛЬТУРЫ ПЕДАГОГА." и презентация к докладу.

Аннотация:В данной работе рассматривается вопрос формирования и повышения информационно–коммуникационной культуры педагога современной школы. «Все течет – все изменяется», - говорили древние. Эт...

Доклад "ФОРМИРОВАНИЕ ИНФОРМАЦИОННО-КОММУНИКАТИВНОЙ КУЛЬТУРЫ ПЕДАГОГА." и презентация к докладу.

Аннотация:В данной работе рассматривается вопрос формирования и повышения информационно–коммуникационной культуры педагога современной школы. «Все течет – все изменяется», - говорили древние. Эт...