полугодовая работв для 11 класса невл.группы формат ОГЭ
методическая разработка (11 класс)
Предварительный просмотр:
Цыппурсы мᴂйы 16 - ᴂм бон.
11-æм « » къласы ахуырдзау___________________________________
афᴂдзы ӕмбисы контролон куыст ирон ᴂвзагᴂй
Вариант №1
Раздел 1 (задания по чтению)
Прочитайте тексты и установите соответствие между текстами и их заголовками: к каждому тексту, обозначенному буквами А-Г, подберите соответствующий заголовок, обозначенный цифрами. Используйте каждую цифру только один раз. В задании есть один лишний заголовок. |
1.Скульпторы лæвар горæтæн
2.Хæсты рæстæг скульптурæтæ баныгæдтой зæххы
3.Астæуккаг æнусты архитектурæйы хæзна
4. Хид схуыдтой сылгоймаджы номæй
5. Æнахуыр æрмæгæй конд
6.Сæ нæмттæ фыст æрцыдысты хидыл.
А. Карлы ном цы хид хæссы Прагæйы , уый нымад у дунейы рагондæр æмæ рæсугъддæр хидтæй иуыл. Сарæзтой йæ къарол Карл IV-ы хицаудзинады рæстæг 14-æм æнусы. Хид фæлыст у алыхуызон цыртсурæттæй.1890 азы сентябры мæйы дон тыхджын раивылд æмæ тынг бахъыгдæрдта хид. Йæ цалдæр хайы цæугæдонмæ ныххаудысты. 2 азы дæргъы хид фæцарæзтой æмæ йæ ногæй байгом кодтой 1892 азы.
Æ. 2001 азы Джеуæргуыбайы мæйы Дзæуджыхъæуы Кировы номыл хид скодта ног аив фæлыст. Хиды цыппар тигъыл фæзындысты скульптурæтæ – сæрыстыр домбайтæ. Горæты цæрджыты зæрдæмæ тынг фæцыдысты ацы цыртсурæттæ. Сæ автор у мæскуыйаг скульптор Баскъаты Сослан. Уый цæры æмæ кусы Мæскуыйы. Курдиатджын скульптор балæвар кодта ацы ансамбль Дзæуджыхъæуæн, уымæн æмæ йæ фæнды, цæмæй йæ райгуырæн горæт уа рæсугъд æмæ аив.
Б. Бетъырбухы зындгонддæр хидтæй иу у Аничковы хид. Сарæзта йæ номдзыд скульптор Клодт. Хиды цыппар тигъыл лæууынц скульптурон композицитæ – адæймæгтæ бæхтимæ. 2 хатты ацы хидæн конд скульптурæтæ паддзах Никъала I-аг балæвар кодта фæсарæйнаг монархтæн. Цæмæй скульптурæтæ бахъахъхъæной, уый тыххæй сæ Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг баныгæдтой зæххы.1 майы 1945 азы сæ фæстæмæ сæ бынаты сæвæрдтой.
В.19-æм æнусы Дзæуджыхъæу нымад уыдис Кавказы мидæг тæккæ хъæздыгдæр æмæ базаргæнæг горæттæй иуыл. Ам Ольгæйы хиды раз къуыри 2 хатты уыдис базар. Хид схуыдтой Ольгæйы номæй, уымæн æмæ уый уыдис, Кавказы хицаудзинад чи кодта, уыцы кънйаз Михаилы цардæмбал. Фенæн дзы уыдис къупецæгты, зæхкусджыты, горæты цæрджыты. Уæй дзы кодтой хор, фæтæген, мыд, мыдадз, кусæн дзаума. Гуырдзыйæ ластой дыргътæ æмæ сæн.
Г.Бруклины хид нымад у Амерычы тæккæ рагондæр хидтæй иуыл. Ацы хид баиу кодта 2 горæты: Манхэттен æмæ Бруклин. Аразын æй райдыдтой 3 январы 1870 азы. Проекты автор уыдис инженер Джон Рёблинг, арæзтой йæ 13 азы дæргъы. Рёблинг куы фæмард ис хид аразгæйæ, уæд йæ куыст дарддæр ахæццæ кодтой йæ фырт Вашингтон æмæ йæ цардæмбал Эмили. Æртæйы нæмттæ дæр фыст сты ацы хидыл.
Запишите в таблицу выбранные цифры под соответствующими буквами.
Текст | А | Æ | Б | В | Г |
Заголовок |
Прочитайте текст. Определите, какие из приведённых утверждений 2-9 соответствуют содержанию текста (1-раст у), какие не соответствуют (2-раст нæу). В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа. |
Иу давды истори
Ныв «Джокондæ»-имæ баст сты бирæ цымыдисаг æмæ æнахуыр хабæрттæ. Иу дзы æрцыдис 21 августы 1911-æм азы. Куыд зонæм, афтæмæй номдзыд ныв уыдис Францы, дунейы стырдæр музейтæй иуы – Лувры. Итайлаг нывгæнæг-декоратор Винченцо Перуджиа сфæнд кодта гениалон нывгæнæджы куыст фæстæмæ Италимæ раздахын. Уый тыххæй ацы лæг бацыдис Луврмæ кусынмæ. Къуырисæры райсомæй Перуджиа кусджытимæ иумæ æрбацыдис музеймæ, æриста ныв къулæй, йæ хæдоны бын æй бакодта æмæ йæ рахаста музейæ. Давæг бамбæхста ныв йæ сынтæджы бын. Цалдæр мæйы фæстæ пъæлицы кусджытæй иу æрбацыдис Перуджийæйы фатермæ. Æркасти мæгуыр уаты дзаумамæ, цалдæр фарсты радта цæрæгмæ æмæ æнæмæтæй рацыдис. Ныв «Джоконда» фæцис сынтæджы бын дыууæ азы. 1913-æм азы Перуджиа ныффыста фыстæг зындгонд флоренцаг антиквар Альфред Джеримæ æмæ дзы бацагуырдта нывæн – 500 000 франчы. Антиквар куы бамбæрста, уый оригинал у, уæд фæхабар кодта пъæлицмæ. 31 декабры ныв «Мона Лиза»-йы æрластой фæстæмæ Парижмæ. Уæдæй фæстæмæ ацы ныв хъахъхъæнынц цæсты гагуыйау.
2. Ацы хабар æрцыдис 20-æм æнусы.
1) раст у 2) раст нæу
3. Ныв «Джокондæ» уыдис Италийы, дунейы стырдæр музейтæй иуы – Лувры.
1) раст у 2) раст нæу
4. Винченцо Перуджиа сфæнд кодта ныв фæстæмæ Италимæ раздахын.
1) раст у 2) раст нæу
5. Дыццæджы райсомæй Перуджиа кусджытимæ иумæ æрбацыдис музеймæ.
1) раст у 2) раст нæу
6. Ныв йæ хæдоны бын бамбæхста.
1) раст у 2) раст нæу
7. Давæг бамбæхста ныв бæласы бын.
1) раст у 2) раст нæу
8. Ныв «Джоконда» æмбæхст уыдис æртæ азы.
1) раст у 2) раст нæу
9. Уалдзæджы ныв «Мона Лиза»-йы æрластой фæстæмæ Парижмæ.
1) раст у 2) раст нæу
Раздел 2 (задания по грамматике и лексике)
Прочитайте приведённый ниже текст. Выберите из слов, напечатанных в конце строк, обозначенных номерами 10-18, те слова, которые грамматически соответствуют содержанию текста. Заполните пропуски выбранными словами. Каждый пропуск соответствует отдельному заданию 10-18. |
Мулчы уæз
10. Цардысты æмæ уыдысты дыууæ _________________(сыхаг, сыхаджы, сыхагæй) . Сæ иу – хъæздыг, иннæ та – мæгуыр.
11. Хъæздыгæн уыд стыр кæрт,______________(мæгуыры, мæгуыримæ, мæгуырæн) та – чысыл.
12. Егъау кæрт æдзух _____________(уыдис,уæвын, ис) æмыр: нæ дзы сывæллоны хъæр хъуысыдис, нæ – адæймаджы ныхас.
13.Мæгуыр лæджы кæрт та уыд уынæрджын: бинонтæ цыдæртæ _________(кусын, кусынц, куыстой), худтысты, цыдысты сæм уазджытæ, хæстæджытæ.
14. Хъæздыг лæджы ус____________ (сын, сæм, сæ) арæх кастис уæлхæдзары сæрæй æмæ хъуыдытæ кодта, афтæ хъæлдзæг цæмæн сты, зæгъгæ.
15. Бафарста йæ ____________(лæг, лæгæн, лæджы), æмæ йын уый афтæ зæгъы:
16 - Уыдон хъæлдзæг уымæн сты, æмæ мæгуыр сты, ницæуыл ____________________(мæт кæнынц, мæт кодтой, мæт кæнут). Æз сын сæ хъæлдзæгдзинад фæсурдзынæн.
17. Хъæздыг сыхаг афæдзы æмгъуыдмæ мæгуыр лæгæн æфстау æхца_________________ (раттын, радта, радтой). Æмæ уайтагъд мæгуыр лæджы кæрт бамыр ис.
18. Бинонтæ катай кæнын райдыдтой: иутæ мæт кодтой,________________ (æхца, æхцамæ, æхцайæ) хуыздæр куыд спайда кæной, ууыл, иннæтæ та тарстысты, се ‘хца сын куы адавой, уымæй.
Прочитайте, выберите только ту строку, которая соответствует правильному варианту ответа. В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа 19-24 |
19. Слова с удвоенными согласными
1)вæ…ы, зæ…ы, дзу…ы
2)фæ…æуы, хо…ы, æ…ары
3)ды…æ, хæ…ы, лæ…ы
Дзуапп:
20. Слово хæрзконд
1) бирæнысанон
2) иунысанон
3) вазыгджын
Дзуапп:
21. Грамматически правильно оформлено предложение
1) Мах райгуырæн бæстæ хонæм, цы зæххыл райгуырæм, уый.
2) Мах хонæм уый райгуырæн бæстæ, цы зæххыл райгуырæм.
3) Мах уый, цы зæххыл райгуырæм, бæстæ хонæм райгуырæн.
Дзуапп:
22. Слова в форме родительного падежа
1) чызгæн, мадæн, фæткъуыйæн
2) чызджы, мады, фæткъуыйы
3) чызгæй, мадæй, фæткъуыйæ
Дзуапп:
23. Антонимы слова магуса
1) фæллойгæнæг, куыстуарзаг, сæрæн
2) æгъдауджын, уæздан, зондджын,
3) æхсарджын, хъæбатыр, ныфсджын
Дзуапп:
24 Синонимы слова чысыл
1) егъау, стыр, дынджыр
2) гыццыл , къаннæг, мур
3) фæтæн, цыбыр, даргъ
Дзуапп:
Цыппурсы мᴂйы 16 - ᴂм бон.
11-æм « » къласы ахуырдзау___________________________________
афᴂдзы ӕмбисы контролон куыст ирон ᴂвзагᴂй
Вариант №2
Раздел 1 (задания по чтению)
Прочитайте тексты и установите соответствие между текстами и их заголовками: к каждому тексту, обозначенному буквами А-Г, подберите соответствующий заголовок, обозначенный цифрами. Используйте каждую цифру только один раз. В задании есть один лишний заголовок. |
1.Монон культурæйы вазыгджын хай.
2.Зымæгон бæрæгбон.
3.Лæгты дзуары бæрæгбон.
4. Ноггуырд лæппуйы номыл.
5. Уалдзыгон кадджын бæрæгбон.
6. Кувинæгтæ куывтой дзуары лæгтæ.
А. Афæдзы мидæг цы стыр бæрæгбæттæ вæййы, уыдонæй иу у Ногбон. Бæрæг æй кæнынц, Цыппурсæй иу къуыри куы рацæуы, уæд. Уынджы скæнынц æртытæ, уый фæстæ бинонтæ æхсæв-бонмæ хъæлдзæгæй фæбадынц. Ногбон æхсæв æфсинтæ скæнынц басылтæ – алыхуызон цæрæгойтæ хуыссæйæ – æмæ сæ «хæдзаронтæн» байуарынц. Райсомæй адæм кæрæдзимæ фæцæуынц арфæтæ кæнынмæ, семæ æрбахæссынц лыстытæ, хоры нæмгуытæ. Уыдон нысан кæнынц бæркад.
Æ. Фæззыгон куыстытæ куы фæвæййынц, уæд 19-æм – 21-æм ноябры райдайы Джеуæргуыбайы бæрæгбон. Бинонтæ æрбахонынц сæ хæлæртты, хæстæджыты, сыхæгты. Алы хæдзары дæр скæнынц 3 чъирийы, физонæг, сфыцынц бæгæны. Ацы бæрæгбон фæкувынц лæгты æмæ бæлццæтты дауæгмæ. Фыццаг иу хæдзары фæкувынц æмæ фæминас кæнынц, стæй та – иннæ хæдзары. Бæрæгбон райдайы хуыцаубон æмæ ахæссы æнæхъæн къуыри.
Б. Æппæт ирон адæмæн дæр уарзон бæрæгбон у Хетæджы бон. Уый бæрæг кæнынц сусæны мæйы. Алы хæдзары дæр скувынц 3 æртæдзыхоны. Адæм æрæмбырд вæййынц, Хетæджы къохы цы кувæндон ис, уырдæм. Семæ æрбахæссынц кувинæгтæ: физонæг, уæливыхтæ æмæ бæгæны. Дзуарæй фæкурынц амонд, æнæниздзинад, бæркад. Уый фæстæ фæсивæд фæкафынц æмæ фæзарынц.Ацы бæрæгбон у адæмы монон культурæйы вазыгджын хай.
В.Реком у Ирыстоны зындгонддæр бæрæгбæттæй иу. Рекомы кувæндонмæ адæм цыдысты алы хъæутæй. Уыдон сæхи фæдзæхстой барджын, кадджын дзуарыл. Рекомы алыварс бирæ мыггæгтæн уыдис дурæй конд рæстæгмæйы хæдзæрттæ. Егъау æрхуы агты-иу сфыхтой бæгæны, чи гал æргæвста, чи – фыс. Рекомы кувæндонмæ сылгоймæгтæ нæ цыдысты. Кувинæгтæ-иу барвыстой æмæ-иу сæ дзуары лæгтæ скуывтой.
Г.Майрæмты мæйы ирон адæммæ фæкæнынц кæхцгæнæнтæ. Ацы куывдтæ сты лæппуйы райгуырды номыл. Раджы заман-иу лæппу цы сылгоймагæн райгуырдис, уый-иу бæхуæрдонæй æрзылдис йæ цæгатыл, хæстæджытыл. Уæрдоны-иу æвæрд уыдис стыр къус – кæхц. Уым-иу хиуæттæ æвæрдтой алы лæвæрттæ ноггуырд лæппуйæн. Чындзы цæгат та-иу балæвар кодтой сæ гыццыл хæрæфыртæн байраг.
Запишите в таблицу выбранные цифры под соответствующими буквами.
Текст | А | Æ | Б | В | Г |
Заголовок |
Прочитайте текст. Определите, какие из приведённых утверждений 2-9 соответствуют содержанию текста (1-раст у), какие не соответствуют (2-раст нæу). В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа. |
Гергиты Валери
Гергиты Валери у дунейы зындгонддæр дирижёртæй иу. Йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ райдыдта кæнын Дзæуджыхъæуы. Валерийы ахуыргæнæг музыкант Лолаты Замирæт раиртæста гыццыл лæппумæ стыр курдиат. Дирижёры дæсныйадыл та йæ ахуыр кодта педагог Брискин, - уый руаджы Валери бацыдис Ленинграды консерваторимæ. Лæппуйы равзæрстой 17 претенденты ‘хсæн. Æрыгон дирижёры сфæлдыстадон хъысмæт рауадис амондджын: 1976-æм азы Æппæтцæдисон музыкалон конкурсы бацахста 2-аг бынат, афæдзы фæстæ та Берлины Герберт фон Караяны номыл конкурсы – 1-аг бынат. Афтæ дунеон аивады уæларвыл фæзындис ног ирд стъалы. Ныртæккæ Гергиты Валери у Санкт-Петербургы Мариинский театры сæйраг дирижёр æмæ разамонæг. Театр концерттæ ратты дунейы хъуыстгонддæр музыкалон сценæтыл. Ирон дирижёр лымæнæй цæры Хосе Каррерас, Мария Калласс, Пласидо Доминго, Лучано Паваротти æмæ бирæ æндæр зындгонд музыканттимæ. Фæстаг азты не ‘мзæххоны хъæппæрисæй арæзт цæуы Куадзæны фестиваль Мæскуыйы. Концерттæ лæвæрд цæуынц канд стыр залты нæ, фæлæ рынчындæтты, сабиты хæдзæртты, æфсæддон хæйтты. Гергиты Валери æмæ йæ хо Ларисæйы руаджы Ирыстоны алы аз дæр вæййынц музыкалон фестивальтæ. Уым фæархайынц нæ бæстæйы æмæ дунейы номдзыддæр музыканттæ æмæ музыкалон коллективтæ.
2. Йæ фыццаг сфæлдыстадон къахдзæфтæ Гергиты Валери райдыдта кæнын Мæскуыйы.
1) раст у 2) раст нæу
3. Æрыгон музыканты равзæрстой 17 претенденты ‘хсæн.
1) раст у 2) раст нæу
4. Гергиты Валери у æрмæст дирижёр.
1) раст у 2) раст нæу
5. Ирон дирижёр лымæнæй цæры дунейы зындгонд музыканттимæ.
1) раст у 2) раст нæу
6. Фæстаг азы не ‘мзæххоны хъæппæрисæй арæзт цæуы Куадзæны фестиваль Мæскуыйы.
1) раст у 2) раст нæу
7. Концерттæ лæвæрд цæуынц æмæстдæр стыр залты .
1) раст у 2) раст нæу
8. Гергиты Валери æмæ йæ хо Ларисæйы руаджы Ирыстоны алы аз дæр вæййынц музыкалон фестивальтæ.
1) раст у 2) раст нæу
9. Уым фæархайы иу музыкалон коллектив.
1) раст у 2) раст нæу
Раздел 2 (задания по грамматике и лексике)
Прочитайте приведённый ниже текст. Выберите из слов, напечатанных в конце строк, обозначенных номерами 10-18, те слова, которые грамматически соответствуют содержанию текста. Заполните пропуски выбранными словами. Каждый пропуск соответствует отдельному заданию 10-18. |
10. Дзæуджыхъæу арæзт æрцыдис 18-æм æнусы 1784 азы. Уый _____________(уыдис, ис, уыдысты) гыццыл фидар цæугæдон Терчы был.
11. Ам уыдис хъæдын хæдзæрттæ, __________________________(цæрын, цардысты, цардис) дзы салдæттæ, афицертæ, хъазахъхъ. Уынгты фенæн уыдис хæрæгуæрдæттæ.
12. Фæстæдæр дзы фæзындысты ________________(дур, дуримæ, дурæй) конд хæдзæрттæ, дуканитæ, аргъуантæ, прогимнази, хид.
13. Дзæуджыхъæуы доны хæтæлтæ нæ уыдис: дон ластой донласджытæ. Доны_____________________(боцкъа, боцкъайы, боцкъайæн) аргъ уыдис 10 капеччы, доны къæртайы аргъ та – капеччы ‘рдæг.
14. Ольгæйы хиды раз къуыри 2 хатты уыдис базар. Ардæм цыдис бирæ адæм: къупецæгтæ, зæхкусджытæ, хохæгтæ. Базары_______________________(уæй кодта,уæй кодтат, уæй кодтой ) хор, сæрак, мыдадз, хъуымæцтæ, сапон, сæн æмæ æндæртæ.
15. Горæты рæсугъддæр _____________________(уынгтæй, уынг, уынгтæ) иу уыдис Алыксандры бульвар.
16. Ам уарзтой _____________________________ (тезгъо кæнын, тезгъо кæнынц, тезгъо кодтой) горæты цæрджытæ.
17. Изæрæй адæм æмбырд кодтой Театралон фæзы. Уыдон цыдысты ______________________(театрæн, театрмæ, театры).
18. Дзæуджыхъæуы театр у Кавказы тæккæ _____________________________ (рагон, рагондæр, рагондæртæй) театр. Ам куыстой зындгонд уырыссаг актёртæ Аничкова, Книппер-Чехова, Москвин, Тарасова, Вахтангов.
Прочитайте, выберите только ту строку, которая соответствует правильному варианту ответа. В поле ответа запишите одну цифру, которая соответствует номеру правильного ответа 19-24 |
Ряды столов:
1)стъолты хæйттæ
2)стъолты бынæттæ
3)стъолты рæнхъытæ
Дзуапп:
Дни каникул:
- Улӕфты бонтӕ
- Улӕфты къуыритӕ
- Улӕфты мӕйтӕ
Дзуапп:
Времена года:
- Афӕдзы нымӕцтӕ
- Афӕдзы мӕйтӕ
- Афӕдзы афонтӕ
Дзуапп:
22. Слова в форме дательного падежа
1) чызгæн, мадæн, фæткъуыйæн
2) чызджы, мады, фæткъуыйы
3) чызгæй, мадæй, фæткъуыйæ
Дзуапп:
23. Антонимы слова тӕппуд
1) фæллойгæнæг, куыстуарзаг, сæрæн
2) æгъдауджын, уæздан, зондджын,
3) æхсарджын, хъæбатыр, ныфсджын
Дзуапп:
24. Синонимы слова хъӕздыг
1) егъау, стыр, дынджыр
2) бонджын, исджын, мулкджын
3) фæтæн, цыбыр, даргъ
Дзуапп:
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
План воспитательной работвы 10 класса
Развернутый план воспитательной работы расписан по направлениям на каждый месяц....
контрольная работа по осетинскому языку для 7 класса (невл. группа)
методическая разработка по осетинскому языку...
годовая контрольная работа для 10 класса невл.группы
формат ВПР...
план открытого урока в 5 классе невл группы
открытый урок конспект...
полугодовая работа для 8 класса невл группы
полуголовая работа 8 кл...
годовая контрольная работа для 6 класса невл.группы
годовая контрольная формат ВПР...
годовая контрольная работа для 9 класса невл.группы
формат ОГЭ...