«Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд «Хъӕндил»-мæ гæсгæ).
план-конспект урока (5 класс)

 

Урочы нысан:

  1. Бæстон æрдзурын  Мамсыраты Дæбейы радзырд  «Хъæндил»-ы сӕйраг хъуыды. Æрдзурын адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл.
  2. Бакусын ныхасы рæзтыл.

 3. Сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад  тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ.

 

Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»-ы  ,ахуыргæнæн чиныг , ахуыргæнæджы презентаци, сывæллæтты проектон куыст, сывӕллӕтты иллюстрацитӕ.

 

Скачать:

ВложениеРазмер
Файл mamsyraty_d._handil.docx41.66 КБ

Предварительный просмотр:

Урочы темæ: «Цæрæм, æмæ цæй номыл?» (Мамсыраты Д. радзырд  «Хъӕндил»-мæ гæсгæ). 5 кълас

Ахуыргæнæг: Челдыты Мӕдинӕ Коммунары чызг

Урочы нысан:

  1. Бæстон æрдзурын  Мамсыраты Дæбейы радзырд  «Хъæндил»-ы сӕйраг хъуыды. Æрдзурын адӕймаджы ӕппӕрццӕг ӕмӕ ӕвӕрццӕг миниуджытыл.
  2. Бакусын ныхасы рæзтыл.

 3. Сывӕллӕтты зӕрдӕты ӕвзӕрын кӕнын ӕнӕуынондзинад  тæппуддзинадмæ, æгуыдзæгдзинадмæ.

Техникон фæрæзтæ: компьютерон тест программæ «Генератор тестов»-ы  ,ахуыргæнæн чиныг , ахуыргæнæджы презентаци, сывæллæтты проектон куыст, сывӕллӕтты иллюстрацитӕ.

 

Этапы нысан

Ахуыргæнæджы архайд

Ахуырдзауты архайд

Технологитæ

Компетенцитæ (арæхстдзинæдтæ)

1. Оргмомент(2 мин)

Скъоладзауты сразæнгард кæнын урок райдайынмæ

Уæ бон хорз, сывӕллӕттӕ!

Сывæлæттæ дæттынц кæрæдзийæн салам. Сæхи урочы райдианмæ бацæттæ кæнынц. Дзурынц сæ хъуыдытæ.

Проблемон уавæр саразын

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй

Цæттæдзинад ахуырадмæ, урочы кусынмæ

2. Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын (10 мин)

Мотивацион уавæр сæвзæрын кæнын урочы темæ  сбæрæг кæнынæн

-Сывӕллӕттӕ, бакӕсут-ма фӕйнӕгмæ (слайд 1).  Нывгонд дзы  сты Ирыстоны къӕдзӕхтӕ. Урочы кӕрон алчи йӕхицӕн куыд бакуса, уымӕ гӕсгӕ ӕвӕрдзӕн бӕрӕггӕнӕн. Къӕдзӕхтӕ сты ӕртӕ: дӕлдӕр цы къӕдзӕх  ис, уый  у бӕрӕггӕнӕн   «3» , астӕуккаг - «4», ӕппӕты уӕллаг-  «5».( Скъоладзаутæ ныхасдзысты нывгонд къӕдзӕхтыл стъалытæ æмæ афтæмæй Ирыстоны хæхтæ сфидаудзысты се ‘нтыстытæй).

- Нæ урочы райдиан бакæсдзыстæм цыбыр сценкæмæ

 Сывӕллӕттӕ кӕсынц сценкæмæ

Проблемон уавæр саразын

Коммуникативон: ныхасмæ хъусын, æмбарын æй; хи хъуыдытæ æргом кæнын ныхасы нысан æмæ уавæрмæ гæсгæ.

Регулятивон: хи архæйдтыты фæтк хибарæй сбæлвырд кæнын; хъæугæ информаци ссарын æмæ рахицæн кæнын.

 Базонæн: Цæттæ кæнын ахуырдзауты ныхасы архайынмæ, ныхас кæнын, хатдзæгтæ кæнын зонын

Урочы нысан æмæ хæстæ сбæрæг кæнын, кæцытыл дзуапп лæвæрд æрцæудзæн урочы дæргъы

- Ацы скъуыддзагмӕ бакӕсгӕйӕ  зӕгъут, цавӕр миниуджытӕй хайджын у  сӕйраг архайӕг? Уæ зæрдæмæ фæцыд? Цы фæцыд, цы нæ фæцыд? Цæуылнæ? ( Сценка фенгæйæ дзурынц  сæ хъуыдытæ). Слайд 2

     - Литературæ у царды айдæн, фысджытæ сæ уацмысты равдисынц царды ирддæр фæзындтæ, аив  æмæ æнаив фæлгонцæ. Аив фæлгонцы мах цавæр  миниуджытыл  фембæлæм?

Æнаив фæлгонцты та?

- Акæсæм- ма нæ алыварс дунемæ. (Слайд 3) Мах  цæрæм  Ирыстоны хæхты хъæбысы.  Нæ алыварс рæсугъд хъæдтæ,урссæр хæхтæ, фынккалгæ цæугæдæттæ, алыхуызон зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ. Зайæгойты дуне дæр æмæ цæрæгойты дуне дæр хæрынц æмæ рæзынц. Адæймаг дæр вæййы чысыл саби, уый фæстæ йыл азтæ куыд цæуынц, афтæ рæзы. Йæ рæзынæн цы хъæуы?....Хæрын йеддæмæ цымæ ницы хъæуы?....Уæдæ уый зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ рæзынц æнæ мæт, æнæ сагъæсæй, фæлæ махæн, адæмæн, афтæ цæрæн нæй. Уæдæ куыд ис схонæн нæ абоны урочы темæ? Цавӕр нысантӕ сӕвӕрӕм  нӕ размӕ абоны урокæн? Слайд 4 –

Ахъуыды кӕнут ӕмӕ зӕгъут нӕ урочы   темæ куыд ис схонӕн?

Эпигрӕф:

Адæймаг хъуамæ йæ фæстæ ныууадза арф æмæ рæсугъд фæд.

(æмбисонд)            слайд 6

Æрмæгыл кусгæйæ , цы уыдзæн скъоладзаутæн цæлхдур, уый сбæрæг кæнын

Сывӕллӕтты дзуӕппытӕ

(  Æвæрццаг миниуджытыл,  

ӕппæрццæг миниуджытыл,   )

Сывӕллӕттӕ дзурынц сӕ хъуыдытӕ

Проблемон ситуации

Критикон хъуыдыкæнынад

Логикон хъуыдыкæнынады рæзт

Хи хъуыды дзурыны хъомад. Иумæйаг куысты архайыны хъомад. Коммуникативон арæхстдзинад.

Хӕдзармӕ куыстӕй бафӕрсын

- Скъоладзаутӕ,  ацы  урокмӕ уын хæдзармæ куыстæн  цы лӕвӕрд уыд?

-Уӕдӕ мах абон нæ ныхас дарддæр кæндзыстӕм Мамсыраты Дӕбейы радзырд «Хъӕндил»- ыл .  Хуыздӕр   бацархайдзыстӕм сæйраг архайæджы  миддуне  бамбарыныл.

Ныффыссын нывæцæн   «Хъӕндилимӕ ныхас» кӕнӕ скӕнын иллюстрацитӕ  радзырдмӕ Сывӕллӕттӕ цалдӕрай кӕсынц сӕ  нывӕцӕнтӕ, сӕ нывтӕ ӕмбарын кӕнынц.

                                                                           

                                                                     

 3.  Ног æрмæг. Хæслæвæрдтæ æрмæгмæ.(7 мин)

- Зæгъут-ма, Дæбейы сфæлдыстадимæ раздæр зонгæ уыдыстут? Цавæр уацмыстæ йын зонут

      - «Хъæндил» (Слайд 8)

-Цавæр диссаджы ном у уый?

       

- Куыд уӕм кӕсы,  йӕ радзырд Дӕбе афтӕ цӕмӕн схуыдта?

- Ирон хъӕбатыртӕй та Чермен ном  чи хаста ?  Слайд 9

- Цы зонут Чермены тыххӕй?   Цавӕр таурӕгътимӕ базонгӕ стӕм 5 къласы Чермены тыххай?

 -Уæдæ цавæр хъуамæ уа æцæг ирон нæлгоймаг?

- Зӕгъут-ма, Чермен ном хӕссыны аккаг у сӕйраг архайӕг ӕви нӕ? Цæуылнæ? Хъӕндил ном та йыл цӕмӕн ныффидар?

- Цавæр нæмтты ‘хсæн равзæрстой ном Чермен? Цы зонут уыцы номдзыд нæлгоймаджы   тыххæй?

Слайд 10

 Скъоладзаутӕ сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодтой, райдиан кълӕсты Мамсыраты Д.  цы ахуыр кодтой, уыцы уацмыстӕ («Хърихъупп Бипп-Бипп»…)

Скъоладзауты хъуыдытӕ.

Номæвæрыны æгъдауыл  æрдзурын.  

Скъоладзау дзуапп  баххӕст кӕндзӕн рагацау бацӕттӕгонд проектӕй «Тлаттаты Чермен»

Критикон хъуыдыкæнынад.

Логикон хъуыдыкæнынад.

Проектон технологи

Æвзагон æмæ лингвистикон арæхстдзинæдтæ. Зонын теории, практикон æгъдауæй дзы пайда кæнын.

Текстимæ куыст

- Ахæм ӕгуыдзӕг кӕй уыд, уый йӕхи аххос у,  ӕви ма дзы ис аххосджынтӕ? Ссарӕм уыцы бынат  тексты ӕмӕ йӕ бакӕсӕм

.Скъоладзаутӕ ӕххӕст кӕнынц текстӕй ист рӕнхъытӕй

Къордгай куыст . Хибарæй куыст. Кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнын. Рæдыдтæ бæрæг кæнын æмæ раст кæнын. Ныхасы рæзтыл кусын.

Логикон хъуыдыкæнынад.

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын.

Аулӕфт(3 мин.)

Аулӕфт

- Цавæр куыстытæм кодта зивæг Хъæндил?

Скъоладзаутæ æвдисынц хос  куыд кæрдынц, суг куыд сæттынц, мæкъуыл куыд амайынц….

Хъазт- ерыс.

5.  Рацыд æрмæгæй зонындзинæдты систематизаци.(10 мин)

Зонындзинӕдты систематизаци

Цавӕр ӕмбисӕндтӕ  ӕрлӕууыд уӕ зӕрдыл урочы темæмæ гæсгæ?  Слайд 11.

Нӕ зонындзинӕдтӕ ныффидар кӕнӕм компьютерон тесты хуызы

Ӕмбисӕндтӕ:

  1. Зивӕггӕнаджы гуыл хомӕй баззад
  2. Чи цы кӕны , уый йӕхицӕн кӕны.
  3. Дзӕгъӕл бадтӕй , дзӕгъӕл куыст хуыздӕр…

Скъоладзаутӕ иууылдӕр кусынц «Генератов тестов»-ыл

Къордтæй куыст. Индивидуалон куыст. Кæрæдзийы куыстæн аргъ кæнын. Рæдыдтæ бæрæг кæнын æмæ раст кæнын. «Генератор тестов» сын ӕвӕры бӕрӕггӕнӕнтӕ

Алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын. Иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын. Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы

Зонындзинæдты актуализаци.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст

- Уæдæ цавæр иумæйаг хатдзæгмæ æрцыдыстæм ацы урочы?

- Ацы урочы мах лӕмбынӕг ӕрдзырдтам адӕймаджы ӕвӕрццӕг ӕмӕ ӕппӕрццӕг миниуджытыл

Текстæй хъæугæ æрмæг исын. Бæлвырд кæнын. Зындзинæдтæ хибарæй аиуварс кæнын. Искæй куысты рæдыдтæ сбæлвырд кæнын, аргъ скæнын.

6. Урочы фæстиуджытæн аргъ скæнын.(6 мин)

Рефлекси. Урочы хатдзӕгтӕ.

- Нæ урочы нысан цавæр уыди?

-Сæххæст æй кодтам?

- Урок уæ зæрдæмæ фæцыд? Цæмæй?

- Цавæр хатдзæгтæ скодтат уæхицæн ацы урочы?

- Æргом кæны, цæлхдур иуварс кæнгæйæ сæм зындæр цы фæкаст, урочы сын цымыдисагдæр цы уыд

Сæ куыстæн, сæ æмбæлтты куыстæн аргъ кæнынц, сæ размæ ног нысантæ æвæрынц

Ахуырдзауты дзургæ дзуæппытæ

Ахуырадон архайды анализ. Удгоймагон арæхстдзинæдтæ. Коммуникативон арæхстдзинæдтæ.

Бæрæггæнæнтæ

Ахуыргӕнӕг ӕвӕры бӕрӕггӕнӕнтӕ

Бæрæг кæнынц къордты куыстæн аргъ

Рефлекси

Хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы

7. Хæдзармæ куыст(1 мин)

Хæдзармæ куыст

- Сывӕллӕттӕ, хӕдзармӕ мӕ фӕнды раттын уӕхи ӕвзӕрстмӕ гӕсгӕ дыууӕ хӕслӕвӕрды.

1.  Радзырд «Хъæндил»-æн  æндæр кæрон æрхъуыды кæнын.

2. Пластилинæй кæнæ цæхджын хыссæйæ саразын  хъæндилы.

Сфӕлдыстадон куыст

Регулятивон арæхстдзинæдтæ

8.Кæронбæттæн(1 мин)

-  Скъоладзаутӕ, абоны урокмӕ уын ӕрбахастон не скъолайы рауагъдон Гогаты Мараты конд ныв. Нывгонд дзы ис нӕ фыдӕлты мӕсыг. Йӕ ном у Кады мӕсыг. Фӕндаг ӕм ис ссарӕн ӕгъдау, ӕфсарм, кад ӕмӕ зонды руаджы. Мӕсыджы алы дур дӕр хӕссы нӕ Ирыстоны номдзыддӕр хъӕбултӕй иуы ном. Бындурмӕ цы дуртӕ сты хӕстӕгдӕр , уыдон сты нӕ фыдӕлты разагъды лӕгтӕ. Куыд уӕлдӕр, афтӕ кӕнынц ӕрыгондӕр. Кӕцыдӕр дуртӕ сты афтид, ӕнхъӕлмӕ кӕсынц,  фӕсивӕдӕй цы кӕстӕртӕ фескъуыхдзысты зонд, хъару, ӕгъдауӕй, уыцы кӕстӕртӕм. Ацы мӕсыг рӕздзӕн ӕнустӕм, уымӕн ӕмӕ уыдоны байзӕддаг никуы сыскъуыйдзӕн. Мӕн уырны, ӕмӕ сымахӕй дӕр кæй разындзæн ахæм кæстæртæ, кæцытæн сыгъзæрин дамгъæтæй ныффысдзысты сæ нæмттæ  ацы мæсыджы дуртыл. Кусут уæхиуыл, æмæ уæ хъару фылдæрæй - фылдæр кæндзæн.


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Внеклассное мероприятие по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.)

Внеклассное мероприятие  по осетинской литературе «Ǽрдхорды ǽххуыс бахъуаджы сахат ахады» (Мамсыраты Дǽбейы уацау «Ǽрдхорд»мǽ гǽсгǽ.) ...

Гом урочы пълан ирон литературæйæ 6-æм къласы …Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

Уацауы ма ис иу ахсджиаг проблемæ.Йæ раргом кæнынæн уын баххуыс уыдзæн ирон æмбисонд. Сайаг адæймаджы фæндаг бирæ нæ хæссы,зæгъгæ....

Темӕ: «Райгуырӕн бӕстӕйӕн ивӕн нӕй». (Мамсыраты Темырболаты ӕмдзӕвгӕ «Сагъӕстӕ».)

1865 году осетины- мусульмане переселились в Турцию. Об этом они сожалели всю жизнь....

Темӕ: Мамсыраты Дӕбе «Хъӕндил».

Жил-дрожал, умирал-дрожал....

Æмбалы хорзæх алкæй дæр уæд… Мамсыраты Дæбейы уацау «Æрдхорд»-мæ гæсгæ.

1.     Уацмысыл æнцойгæнгæйæ равдисын, цы у æцæг æмæ мæнг хæлардзинад.2.     Проблемон уавæрты фæрцы ахуыр кæнын скъоладзауты хи хъуыдытæ æргом кæныныл, хибарæй...

Мамсыраты Дабе "Хъандил"

УРОКТема " Агар цахджын дойны каны"...