Темӕ: «Балц Ирыстоны зӕххыл». Грамматикон темӕ: Номдар. Æриугӕнӕн урок. (Урок – викторинӕ)
план-конспект урока (6 класс)
Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын. |
Урок - викторинӕ .(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын ) |
Предметон: зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ахадындзинад ныхасы æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын; алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын. Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын. Регулятивон: нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси. Удгоймагон: ӕрдз хъахъхъӕнын, аудын ыл. |
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
urok_-_viktorina_31.10_21.docx | 43.57 КБ |
Предварительный просмотр:
Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 6-æм къласы
Темё: «Балц Ирыстоны зёххыл».
Грамматикон темё: Номдар.Ёриугёнён урок. (Урок – викторинё)
Ахуыргӕнӕг: Челдыты М.К.
Урочы нысантæ | Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын. |
Урочы хуыз | Урок - викторинӕ .(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын ) |
Урочы ахуырадон фæстиуджытæ | Предметон: зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ахадындзинад ныхасы æмæ сæ куыд хъæуы пайда кæнын; алыхуызон хӕслӕвӕрдтӕ ӕххӕст кӕнын. Метапредметон: логикон хъуыдыкæнынад рæзын кæнын; хи хъуыдытæ æргом кæнын; ног зонындзинæдтæй пайда кæнын зонын. Регулятивон: нысан æвæрын зонын, фæтк æвæрын, рефлекси. Удгоймагон: ӕрдз хъахъхъӕнын, аудын ыл. |
Ахуыры методтæ æмæ формæтæ | Иртасæн-абарсты метод, индивидуалон, къордты куыст, къæйтты куыст. |
Æххуысгæнæг фæрæзтæ | Компьютер, интерактивон фæйнæг, презентаци, карточкатæ, къухмӕдӕтгӕ ӕрмӕг |
Урочы организацион структурæ
Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ | Ахуыргæнæджы архайды мидис | Скъоладзауы архайды мидис | Универсалон ахуырадон архайд (УАА) |
Организацион хай | - Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ. - Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты. | Cалам дæттынц ахуыргӕнӕгӕн, ӕмкъласонтӕн, уазджытӕн. | Удгоймагон: (æгъдау; эмоционалон цæттæдзинад урокмæ) |
Зонындзинӕдтӕ райсыныл архайды мотиваци. | Скъоладзаутё, фёнды мё базонын, куыд зонут Ирыстоны хёхтё, дёттё, суартё… Уалдзёг ёрцыд, ёмё йемё райхъал дуне: бёлёстё, кёрдёг, дидинджытё. Афтёмёй нё райгуырён бёстё у ноджы рёсугъддёр ёмё хъёздыгдёр. Уымё гёсгё, мӕн фӕнды абоны урок ноджы цымыдисагдӕр саразын . Куыд ? Викторинёйы хуызы. Хъазты хуызы ёз сбёрёг кёндзынён уё зонындзинёдтё рацыд ёрмёгёй. Мён уырны, иттёг хорз дзуёппытё кёй ратдзыстут, уый. Цавёр ныхасы хайы кой кёндзыстём, уый мын зёгъдзыстут уёхёдёг, мё фарстён дзуапп куы раттат , уёд. - Ныхасы хёйттён сё сёйрагдёр, сё паддзах, сё раздзог у? - Куыд арӕх дзы пайда кӕнӕм нӕ ныхасы? - Уӕдӕ абоны ныхасы темӕ у … - Йӕ грамматикон темӕ … - Ацы урочы мах нё зёрдыл ёрлёууын кёндзыстём номдарты растфыссынад, тасындзёг, номдарты разёфтуантё ёмё фёсёфтуантё. ( Скъоладзаутё ёртё къордыл адих сты, равзёрстой раздзогтё). - Нё викторинё конд у цёлхдуртёй. Хъуамё уыдоны сёрты ахизат, уё зонындзинёдтё ёвдисгёйё. | -Номдар -Дзурынц сӕ хъуыдытӕ | Регулятивон (ахуырадон нысан æвæрын) Коммуникативон: (хи хъуыды æргом кæнын) Удгоймагон: (кæрæдзийæн æххуыс кæнын, хъæдхой æрдзæн æххуыс у, уый æмбарын) |
Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст I-аг цёлхдур II-аг цёлхдур III-аг цёлхдур. IV- ём цёлхдур V-ём цёлхдур | I-аг цёлхдур- фёрстытён дзуапп раттын. 1-аг къорд
2-аг къорд 1)Хъуыдыйады уёнгтём гёсгё номдар вёййы… 2)Цал нымёцы ис номдарён? 3)Цёй фёрцы ёрцёуынц арёзт ног номдартё? 3-аг къорд
Вазыгджын номдартё арёхдёр арёзт цёуынц …
- Ацы дзырдтё ныхасы хёйттём гёсгё сты … Лёвёрд дзырдты къордтёй хъуыдыйёдтё сараз. Хицёнёй рафыссын номдартё. 1-аг къорд. Хёхтё,бёрзонд,Ирыстон, фидыц,ёрдз,нё, сты. 2-аг къорд. Уёлдёфёй, сыгъдёг,лёппу,донёй, цъитийы,тад,нуёзта, улёфыд. 3- къорд Уёвгёйё,цёст,адёймаджы,суартыл,диссаджы,нё, Ирыстоны,хёхбёсты, ,ёрхёцы. Лёвёрд хъуыдыйады сёвёрын хъёугё ёрхёцён нысёнттё 3 къордён дёр. Тиб хорз у уыргтён Къора йы дон ахсёнён Хилак ы дон хорз у ахсёнён тъёнгты ёмё игёры низтён. Базонут уыци-уыци. Цавёр ныхасы хаймё хауы йё дзуапп? 1-аг къорд. Нёй йын къухтё, нёй йын сёр, Афтёмёй ныммёрзы кёрт, Русён дёр ныккёны дзёхст. Иу уысм ёй нё ахсы цёст, Бирёгъау нынниуы комы, Ахсын иуён дёр нё комы.
2-аг къорд Ферттывта! Кёны гуыр-гуыр, Сёх-сёх фемёхсдзёни ныр!
3-аг къорд Ёрвнёрды хыл-гыбар-гыбур, Сыфтёрты зард- сыбар-сыбур, Ысси та кёрт цъыбар-цъыбур, Ёнтёф хурбон- тыбар-тыбур.
Интерактивон фёйнёгыл куыст. Лёвёрд дзырдтё адих кёнын дыууё къордыл: сёрмагонд ёмё иумёйаг номдартыл. 1-аг къорд. Кёрдёг, хох, Арсен, Алагир, уёрдон, цъити , хъёу, номдар, цёгатаг, Нузал. 2-аг къорд. Елхот, Франци , чиныг, къёдзёх, Гёмёт, ёрдз, Терк, Хестантё, Црау, хистёртё. 3-аг къорд. Дзёуджыхъёу, ёврёгътё, малусёг, уарди, дзёбидыр, Уёрёсе, Батрадз, арвнёрд, тымыгъ, Мызур. | Скъоладзаутӕ къордгай дӕттынц дзуӕппытӕ -Ирыстоны бёрзонд хёхтё сты нё ёрдзы фидыц. -Лёппу улёфыд сыгъдёг уёлдёфёй, нуёзта тад цъитийы донёй -Ирыстоны хёхбёсты уёвгёйё, адёймаджы цёст ёрхёцы нё диссаджы суартыл «Тиб» хорз у уыргтён, «Къора»-йы дон – ахсёнён, «Хилак»- ы дон хорз у ахсёнён, тъёнгты ёмё игёры низтён. - дымгӕ -Ёрвёрттывд,ёрвнёрд ёмё уарын -Сёрд -Алы къордӕй дӕр иу скъоладзау архайы интерактивон фӕйнӕгыл лӕвӕрд дзырдтӕ дыууӕ къордыл адих кӕнынмӕ | Зонадон: (рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) |
Аулӕфт | Ёз уын дзурдзынён сёрмагонд кёнё иумёйаг номдартё. Кёд цы дзырд загътон, уый у сёрмагонд номдар, уёд амдзёгъд кёнут, кёд иумёйаг, уёд уӕ къухтӕ уӕ фӕстӕ бамбӕхсут . (Хъуысы хъёлдзёг музыкё) | Кæнынц физминуткæ | Удгоймагон: (баулæфын) |
VI-ём цёлхдур VII-ём цёлхдур VIII-ём цёлхдур. IX-ём хёслёвёрд | Лёвёрд номдартё сёвёрын бирёон нымёцы. 1-аг къорд. Ёмгар, ком, хох, чызг, ахуыргёнёг, зёрватыкк, куыст. 2-аг къорд. Ёмбисонд, хёдон, дзуар, дзырдбыд, хёринаг, дон, арс. 3-аг къорд. Кард, ёхсаргард, дидинёг, аргъау, дзёбидыр, тёрхъус, бёлас. Баххёст кёнын ёмбисёндтё. Бахахх кёнын номдартё. Хицёнёй рафыссут антонимтё. 1-аг къорд. 1) Уазёг –цёттё… 2) Гала мёла-фыд … 3) Дзурын зонын кад у … 2-аг къорд
3-аг къорд 1)Хорз ёмбалён… 2) Бёлас куы акёлы, уёд… 3)Ёдылы хъёдмё … Сраст кён рёдыдтытё, кёд дзы ис, уёд. ( Дзырдтён сё иутё раст фыст сты, иннётё та - рёдыдтытимё) Бамбарын кёнын сё растфыссынад. (орфограммётё зёрдыл ёрлёууын кёнын) 1-аг къорд Ымбырд, ёфсургъ, Хётёлдон, ёвёцёгён, саусауид, хъуыдыйёттё, хъёууон, уёздандзинад. 2-аг къорд Зёхытё, фёсивёд, нёлгоймёктё, ёмдзёвгё «Мёгуыры зарёг, хёдзёрттё, кёмдтё, ёвипайды. 3-аг къорд Газетт Рёстдзинад», Урсдон, суадаг, лёг дзинад, хёхон, авиппайды, хъахъхъёдта. Лёвёрд хъуыдыйадён скёнын синтаксисон ёвзёрст. 1-аг къорд. Фёмил вёййынц хёхтё,фёбур вёййы дон, ёртёхынц нём мёргътё, фётынг вёййы бон. 2-аг къорд. Ирыстоны хёхты цъуппытё урс-урсид адардтой. 3-аг къорд. Цуанон мёрдтём хёстёгдёр цёры. XI-ём хёслёвёрд . Хъазт «Дзырд басгарём». Дзырд «къахвёндаг»- ы ссарут ёмбёхст дзырдтё. | Кусынц къордты. - Ӕмгӕрттӕ, кӕмттӕ,хӕхтӕ,чызджытӕ,ахуыргӕнджытӕ, зӕрватыччытӕ,куыстытӕ Ӕмбисӕндтӕ,хӕдӕттӕ,дзуӕрттӕ,дзырдбыдтӕ,хӕринӕгтӕ, дӕттӕ,ӕрсытӕ Кӕрдтӕ,ӕхсаргӕрдтӕ,дидинджытӕ,аргъӕуттӕ,дзӕбидыртӕ,тӕрхъустӕ, бӕлӕстӕ -фысым- ёдзёттё -уёрдон асётта-суг - ёгёр дзурын ёгад у -йё бын-сой -ницы ис -уыйбёрц зоны - аргъ нёй - йё сыхагыл банцайы - дыууё цыды кёны Ӕмбырд,ӕфсургъ,Хӕтӕл-дон,ӕвӕццӕгӕн,сау- сауид,хъуыдыйӕдтӕ,хъӕууон,уӕздандзинад Зӕххытӕ,фӕсивӕд, нӕлгоймӕгтӕ, ӕмдзӕвгӕ «Мӕгуыры зарӕг»,хӕдзӕрттӕ, кӕмттӕ,ӕвиппайды Газет «Рӕстдзинад»,Урсдон,Суадаг, лӕгдзинад, хӕххон, ӕвиппайды, хъахъхъӕдта. Къордгай архайынц лӕвӕрд хъуыдыйӕдтӕн синтаксикон ӕвзӕрст скӕнын Ӕндах,къах,къӕвда,ад,кад,аг,гӕнах, авдӕн,къахвӕд… | Зонадон: (рацыд æрмæг бафидар кæнын, ног зонындзинæдтæ райсын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын, искæй хъуыдыйæн аргъ кæнын, къорды архайын зонын) Удгоймагон: (сырддонцъиуы пайда бамбарын) |
Рефлекси. |
| Скъоладзау-ты дзуӕппытӕ | Зонадон: (ног зонындзинæдтæ сфæлхат кæнын) Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) |
Хатдзæгтæ скæнын. | -Цы базыдтат ногæй? -Цы уæм фæкаст зындæр? Æнцондæр? - Стыр бузныг уын. Иууылдæр тынг хорз бакуыстат. | Дзурынц сæ хъуыдытæ | Коммуникативон: (хи хъуыдытæ æргом кæнын) Регулятивон: (æнтыстытæн, фæстиуджытæн аргъ кæнын) |
Хæдзармæ куыст |
|
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
«Зӕлинӕйы балц Мӕскуымӕ каникулты».Грамматикон темӕ: Хауӕнтӕ.
План- конспект урока по осетинскому языку в 6 классе. По теме"Афæдзы афонтæ"Грамматическая тема: Мивдисæджы бæрцбарæнтæ.План конспект урока по осетинскому языку в 7 классе. По теме:"Улæ...
План-конспект урока-викторины по теме: Starlight of English Викторина среди 6-х классов “BRAIN RING”
Итоговое внеклассное мероприятие по английскому языку среди 6-х классов за I и II четверть по учебнику Starlight 6 (Звездный английский)., под редакцией : Баранова...
План-конспект урока-викторины по теме: Starlight of English Викторина среди 6-х классов
План-конспект урока-викторины по теме:Starlight of English Викторина среди 6-х классов...
Открытый урок. Урок-викторина "Кто знает больше" (фразеологизмов, крылатых слов и т.п.)
Цель урока: 1) Ознакомить с учебными фразеологическими словарями; повторить основные признаки фразеологизмов, их значение и употребление в речи.2) Добиваться умения объяснять значение фразеологизмов п...
Мивдисæг. Æриугæнæн урок. «Бӕлас йӕ уидӕгтӕй фидар у ,адӕймаг та- йӕ хӕлӕрттӕй»
Мивдисёгёй рацыд ёрмёг ныффидар кёнын.Бакусын дзургё ёмё фысгё ныхасы рёзтыл.Ахуыр кёнын сывёллётты ёмбалён аргъ кёнын, нымайын ёй, тыхст сахат йё фарсмё ёрбалёууыныл.Фæлтæрын скъоладзауты арæхс...
Урочы темæ: «Мады уарзтӕн арӕнтӕ нӕй!» Грамматикон темæ: «Номивӕг. Ӕриугӕнӕн урок»
Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номивӕджы тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Рацыл æрмæг фæлхат кæнын æмæ ног зонындзинæдтæ гом кæныны урок....
ӔРИУГӔНӔН УРОК МИВДИСӔГӔЙ
Ахуыргæнинæгтæ мивдисæгæй цы зонындзинæдтæ райстой, уыдон зæрдыл æрлæууын кæнын æмæ сæ ныффидар кæнын алыхуызон хӕслӕвӕрдты руаджы;Ахуыр кæнын скъоладзауты мивдисæджы хъæздыг лексикæйæ пайда кæн...