«Зӕлинӕйы балц Мӕскуымӕ каникулты».Грамматикон темӕ: Хауӕнтӕ.
план-конспект урока (5 класс)

Адеева Фатима Ирбековна

План- конспект урока по осетинскому языку в 6 классе. По теме"Афæдзы афонтæ"Грамматическая тема: Мивдисæджы бæрцбарæнтæ.

План конспект урока по осетинскому языку в 7 классе. По теме:"Улæфты рæстæг". Грамматическая тема:Мивдисджыты ифтындзæг.

План- конспект урока по осетинскому языку в 4 классе. По теме:"Хъæууон цард."Грамматическая тема: Номдартæ иууон æмæ бирæон нымæцы.

Урок осетинского языка в дифференцированной группе 5 класс По теме:«Зӕлинӕйы балц Мӕскуымӕ каникулты».Грамматикон темӕ: Хауӕнтӕ.

Скачать:


Предварительный просмотр:

Ирон æвзаджы урок 6-æм къласы.

Темæ: Афæдзы афонтæ

(грамматикон темæ: Мивдисæджы бæрцбарæнтæ.

Урочы нысантæ:

1.Ахуырдзауты хæстæгдæр базонгæ кæнын афæдзы афонты миниуджытимæ.

Сбæрæг кæнын цавæр хицæндзинæдтæ ис афæдзы афонты æхсæн.

Диалогон ныхасы рæзтыл бакусын

2.Æрдзæн аргъ кæнын , хъахъхъæнын æй цæстыгагуыйау.

3.Бакусын мивдисæджы бæрцбарæнтыл. Фæцалх кæнын раст грамматикон формæтæ аразын.

Урочы хуыз: Урок-экскурси.

Урочы фæлгонц: компьютер,  дидактикон æрмæг, иллюстрацитæ, нывтæ.

Урочы цыд:

Ι.Бацæттæгæнæн рæстæг.

Æрдзурын урочы нысантыл.

ΙΙ.Ног æрмæгыл куыст.

Ахуыргæнæг:  (презентаци æвдисын) Сабитæ абон нæ урокмæ постхæссæг тынг тагъд кодта æмæ нын æрбахаста  фыстæг. Цымæ кæмæй у æмæ дзы цы ис?  Уынут, фыстæджы ис цыппар нывы æмæ уыци -уыци. Байхъусут ма йæм æмæ базонут кæмæй у фыстæг.

                Уыци- уыци

Дада цыппар фæндаджы астæу бады.

Иу фæндаг сау у, иннæ – урс,

Æртыккаг- цъæх, цыппæрæм- бур.

(Фыстæг у афæдзæй æмæ нын æрбарвыста йæ цыппар фырты  нывтæ ).

Ахуыргæнæг: Уæдæ  афæдзы фыртты нæмттæ куыд хуыйнынц?

(Афæдзы фыртты нæмттæ хуыйнынц  Зымæг, Уалдзæг, Сæрд æмæ Фæззæг).

Ахуыргæнæг: Уæдæ абон нæ урочы цæуыл дзурдзыстæм сымахмæ гæсгæ?            (Абон нæ урочы дзурдзыстæм афæдзы афонтыл).

Ахуыргæнæг: Куыд загътат афтæмæй афæдзы афонтæ сты цыппар æфсымæры, æмæ сты алыхуызон, сæ удыхъæдæй дæр æмæ æддаг бакастæй дæр. Æмæ сæ цæмæй хуыздæр базонæм, уый тыххæй ацæудзыстæм уыдонмæ уазæгуаты.

Ребята,  времена года отличаются друг от друга. И чтобы лучше узнать их мы отправимся сегодня с вами в необычное путешествие. Поговорим о явлениях природы. Будем слушать музыку великого русского композитора Петра Ильича Чайковского, читать стихи известных осетинских  поэтов.

Ныртæккæ сбаддзыстæм поезды æмæ араст уыдзыстæм.

(Ахуырдзаутæн æвдыст цæуы презентаци)

Фæйнæгыл поезды ныв. Поезды цæугæйæ скъоладзаутæ дзурынц  æмдзæв-гæтæ  афæдзы афонты тыххæй. Хъусынц музыкæ «Времена года» -мæ.

УАЛДЗÆГ(Хетæгкаты Къоста)

Мит тайы, их сайы,

Фæхъулон ис зæхх:

Йæ цæгат фæзæйнад,

Йæ хуссар фæцъæх.

Йæ фæдыл нæ хъæдыл

Фæхæцыд сыфтæр;

Нæ хуымтæ кæндтытæ,

Нæ ласæн цъыфдæр.

Цырд лæппу гæлæбу

Æрцахста... Зæгъ ын:

Нæ уалдзæг дæ уазæг,

Ныууадз æй цæрын!

 СÆРД

Хур судзы... Уырыдзы

Хæрынæн бæззы...

Чи хъæдæй рæгъæдæй

Сырх мæнæргъ хæссы,

Чи халсарæй кæмтты

Æргъæмттæ бæтты...

Хуыскъæлæй, æхсæрæй

Кæм цæуынц рæтты!

Цæвæгæй, мæхъитæй,

Æхсырфæй цæттæ,

Хорз байрай, мæ бæстон,

Кæмдæриддæр дæ!

Фæззыгон хъæды.

Азгъæлди хъæдæй йæ сыфтæр,

Хур дæр æй нал тавы фаг.

Æмæ дзы бон дæр, изæр дæр

Нал хъуысы мæргъты тъæлланг.

Дымгæ дзы стонг сырдау зилы,

Гом хихтæм уазал хæссы,

Бæласы къалиутæ стилы,

Бæлас дæр джихæй лæууы.

 Ахуыргæнæг: Мæнæ æрбахæццæ стæм уазæгуаты хистæр æфсымæры паддзахадмæ. Уæртæ нæ размæ рацыд    йæ æртæ фыртимæ.  Зæгъут ма, чи у  æмæ цы хуыйнынц йæ фырттæ.     Навстречу вышел самый старший брат со своими сыновьями. А кто он и как зовут сыновей.

(Нæ размæ рацыд æфсымæрты хистæр Зымæг. Йæ фырттæ та сты декабрь, январь æмæ февраль).

Ахуыргæнæг: Нæ фысымтæ ныл тынг бацин кодтой, равдыстой нын сæ ихджын паддзахад. Бакасут ма нывтæм æмæ зæгъут. Цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы зымæджы? Какие изменения произошли в природе зимой. 

Ахуырдзаутæ кæсынц зымæджы нывтæм фæйнæгыл æмæ дзуапп дæттынц.

Ахуыргæнæг: Уæдæ ма нæ фысымтæн радзурут, цæмæн афтæ уарзут зымæджы афон æмæ цавæр хъæстытæй фæхъазут.

(Мах зымæджы фæхъазæм къахдзоныгътыл, фæбырæм дзоныгътыл, фæхъазæм хоккейæ, скæнæм митын дадатæ. Зымæджы вæййы нæ уарзондæр бæрæгбон Ног аз).

Ахуыргæнæг:  Сывæллæттæ, хæрзбон зæгъæм зымæгæн æмæ нæ балц дарддæр акæнæм. Хъуысы зарæг « Голубой вагон» Мæнæ æрбахæццæ стæм дыккаг æфсымæры паддзахадмæ. Кæсут,   уый дæр нæ размæ рацыд йæ фырттимæ. Базонут ма чи у дыккаг æфсымæр?

( Дыккаг æфсымæр у уалдзæг, йæ фырттæ та сты март, апрель æмæ май).

Ахуыргæнæг: Уæдæ  та ныртæккæ æрзилдзыстæм уалдзæджы паддзахадыл, æмæ ма уæ хъус æрдарут, цавæр ивддзинæдтæ æрцыд æрдзы, уымæ. Сейчас обойдём, владения весны, и обратите внимание на изменения в природе).

Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.

(Уалдзæджы бонтæ  фæхъармдæр вæййынц, мит атайы, мæргътæ хъарм бæстæй æрбатæхынц, бæлæстæ дидинæг ракалынц)

Ахуыргæнæг: Хæрзбон зæгъæм нæ фысымтæн æмæ дарддæр цæуæм нæ фæндагыл. Зарæг «Балцы зарæг». Мæнæ æрбахæццæ стæм æртыккаг æфсымæры паддзахадмæ. Цымæ чи рацыд нæ размæ?                              Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.

(Нæ размæ рацыд сæрд йæ æртæ фыртимæ. Йæ фырттæ хуыйнынц июнь, июль, август.)

 Ахуыргæнæг: Раст зæгъут.  Кæсут –ма, цы тынг рæсугъд дарæс сыл ис. Уæдæ сæрд та цæмæн уарзут? Сæрды каникулты куыд фæулæфут,  уый ма радзурут нæ фысымтæн.Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц нывтæм гæсгæ..

(Сæрды вæййы хъарм. Каникулты фæхъазæм футболæй, нæхи фæнайæм цæугæ доны. Бæлæстыл вæййы бирæ дыргътæ.

Ахуыргæнæг: Æмæ та нæ балц дарддæр акæнæм. Хъуысы  «Балцы зарæг». Мæнæ æрбахæццæ стæм æфсымæрты кæстæр Фæззæгмæ.  Цас дыргътæ æмæ нын халсартæ рахастой нæ размæ. Æвæццæгæн æй базыдтой тынг кæй сæххормаг стæм. Акæсут ма куыд рæсугъд у Фæззæджы паддзахад. Куыд  рæсугъ дарæсты сфæлыстой сæхи бæлæстæ.  Сывæллæттæ, нæ балц кæронмæ æрхæццæ. Афæстиат уыдзыстæм нæ фысымтæм. Цымæ цæмæ, куыд уæм кæсы?  Ребята, наше путешествие подошло к концу. Мы некоторое время задержимся в гостях у осени. Как вы думаете, почему?

( Ныр у фæззæг).

Ахуыргæнæг: Раст зæгъыс,  нырттæккæ сымахимæ стæм фæззыгон парчы. Байхъусæм, банкъарæм, фенæм, бамбарæм æмæ хуыздæр базонæм фæззæджы миниуджытæ. Радзурут ма нæ фысымтæн цæмæн уарзут ацы афæдзы афон? Цæмæй хъæздыг у фæззæг?  Послушайте, почувствуйте, лучше узнайте признаки осени. Почему вы любите это время года? Чем богата осень?

Скъоладзаутæ нывтæм гæсгæ дзуапп дæттынц.

-Хур кæсы, фæлæ тынг нал тавы.

-Фæуазал ис. Адæм сæ хъарм дарæс скодтой.

- Фæззæджы бонтæ фæцыбырдæр сты.

 -Бæлæсты сыфтæртæ  фæбур сты.

-Мæргътæ атæхтысты хъарм бæстæм.

-Адæм æфснайынц халсартæ æмæ дыргътæ.

Ахуыргæнæг: Адæм бирæ халсартæ æмæ дыргътæ кæй бафснайдтой, уый тынг хорз у. Байхъусæм ма Димæ æмæ Алинæмæ цымæ нын цы радзурдзысты дыргътæ æмæ халсарты тыххæй.

                                    Диалог

-Алинæ, ды зоныс дыргътæ тынг пайда сты æнæниздзинадæн, уый. Ис дзы бирæ витаминтæ.

-Зонын Димæ, æз бирæ уарзын фæткъуытæ, кæрдотæ, чылауитæ æмæ алтъамитæ.

-Халсарты дæр бирæ витаминтæ ис æмæ уыдон дæр хæрын хъæуы.

-Мæ мад арæх фæкæны чъиритæ халсартимæ: картофджынтæ, къабускаджынтæ æмæ насджынтæ.

-Æз бирæ уарзын насджынтæ æмæ картофджынтæ.

-Изæры-иу  махмæ уазæгуаты æрбацу, мамæ картофджынтæ æмæ насджынтæ кæндзæн.

-Хорз бацæудзынæн уæм.

-Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн.

Ахуыргæнæг: Скъоладзаутæ, хорз афæстиат стæм фæззæджы паддзахады дæр æмæ ныр фæстæмæ раздæхæм нæ къласмæ. Нæ зæрдыл æрлæууын кæнæм,  хæдзармæ уын цы дзырдтæ лæвæрд уыд ахуыр кæнынмæ,  уыдон.

Къæвда  - дождь

Ирд- яркий

Мынæг- тусклый

Тауын- сеять

Æфснайынц- убирают

Цæттæ кæнын-готовиться.

Ахуыргæнæг: Ратæлмац кæнут ирон æвзагмæ хъуыдыйæдтæ æмæ бафидар кæнут ног дзырдтæ.

Абон уары къæвда.

Сæрды хур вæййы тынг ирд.

Уаты цырагъ у тынг мынæг.

Быдыры тауынц мæнæу.

Ахуырдзаутæ æфснайынц скъолайы кæрт.

Скъоладзаутæ урокты фæстæ сæхи цæттæ кæнынц бæрæгбонмæ.

Ахуыргæнæг: Ныртæккæ  скæндзыстæм ахæм хæслæвæрд.

Бафæлварут раст дзуæппытæ равзарын, антонимтæй пайда кæнгæйæ. Раст хъуыдыйæдтæ тетрæдты ныффыссут.

Скъоладзаутæ  сæ тетрæдты æххæст кæнынц хæслæвæрд.

                                   

                                    бонтæ сты…                   даргъдæр

                                                                             цыбырдæр

                                    бонтæ вæййынц…          хъармдæр

                                                                              уазалдæр

                                      хур у…                          ирддæр

                                                                             мынæгдæр

                                         

                                      хур арвыл …                ссæуы бæрзонддæр

                                                                             æрцæуы ныллæгдæр

Фæззæджы                   райдайы…                    хур бонты рæстæг

                                                                             къæвда бонты рæстæ

   

                                 бæлæсты сыфтæртæ…       фæбурдæр вæййынц

                                                                               фæцъæхдæр вæййынц

                                    сырдтæ дæр…     сæхи сæрдмæ цæттæ кæнынц

                                                                сæхи зымæгмæ цæттæ кæнынц

                                     адæм…              æфснайынц хор, дыргътæ

                                                                тауынц хор,  халсартæ

Ахуыргæнæг: Кæцы бæрцбарæны сты миногонтæ: даргъдæр, цыбырдæр, хъармдæр, уазалдæр, ирддæр, мынæгдæр, бæрзонддæр. (Миногонтæ сты барæн бæрцы).

Ахуыргæнæг: Сæвæрут ма сæ уæлахизон бæрцы.

Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц.(Æппæты даргъдæр, æппæты цыбырдæр, тынг хъарм, тынг уазал, æппæты ирддæр, тынг мынæг, æппæты бæрзонддæр).

ΙΙΙ.Урочы хатдзæгтæ.

-Цымæ цы бадардзыстут уæ зæрдыл нæ диссаджы балцæй?

-Уæ зæрдæмæ кæцы афæдзы афон тынгдæр фæцыд?

-Кæцы афоны фæцæут скъоламæ фыццаг хатт?

-Кæцы афоны уæ фæллад фæуадзут?

-Кæд вæййы уæ уарзондæр бæрæгбон?

-Кæд фæнайут уæхи цæугæ доны?

-Кæд атæхынц мæргътæ хъарм бæстæм?

-Цæмæн хъуамæхъахъæнæм æрдз цæстыгагуыйау?

Ахуыргæнæг: Сывæллæттæ абон тынг хорз куыстат æмæ уын стыр бузныг, ныртæккæ та райуардзыстæм фæззæг нын цы дыргътæ сæвæрдта немæ, уыдон. Æмæ сæ улæфты рæстæг бахæрдзыстут.

Мæнмæ гæсгæ, тынг донджын æмæ адджын дыргътæ сты. Ребята, вы хорошо работали на уроке, молодцы. А сейчас я раздам фрукты, которыми нас угостили. Я думаю, они очень сочные и сладкие. А вы здорово проголодались.

Бæрæггæнæнтæ сæвæрын

ΙV.Хæдзармæ куыст: Сныв кæнын æрдзы нывтæ искæцы афæдзы афоны.

                               

                           

                       

  Адеты Фатимæ

6-æм «Б»къласы



Предварительный просмотр:

                                                       

                                                       

Темæ: Улæфты рæстæг.

Мивдисджыты ифтындзæг.

Урочы нысан: 1.Скъоладзаутæн базонын кæнын темæимæ баст ног дзырдты æмæ дзырдбæстыты мидис. Æрмæгыл лæмбынæг æрдзурын. Скъоладзауты фæлтæрын хъуыдыйæдты мидæг æмхуызон уæнгтимæ раст хъæлæсыуагæй кæсыныл.Текст кæсыныл æмæ йын йæ сæргонд бамбарын кæныныл фæлтæрын.

2. Ахуыр сæ кæнын сæ рæстæгæй раст пайда кæнын.

3. Сывæллæтты, цы текст бакæсой, уый мидисæй сæ фæрстытæн дзуапп дæттыныл фæлтæрын. Радзырды хи ныхæстæй  дзурыныл ахуыр кæнын.

Урочы æрмæг : Презентацитæ, чиныг.

Урочы цыд:

(Фæйнæгыл презентацит1)

Ахуыргæнæг: Ребята, вы мы сейчас посмотрим с вами презентации ваших товарищей, и попробуем угадать о чем пойдет речь, тему нашего урока. Помните  мы проходили тему  «Мой распорядок дня» «Мæ боны фæтк».  Сейчас вы посмотрели  презентации Бабкиной Леры. Скажите, какой распорядок дня у Бабкиной Леры. Как вы считаете, она с  пользой  проводит свое  время?  И чему нужно уделять больше времени? Ребята, мы  сегодня будем изучать  эту тему глубже. Попробуем  вместе с вами сделать шаг навстречу времени. Поучимся его правильно распределять, чтобы успеть и поработать, и отдохнуть, и заняться любимым делом. Поговорим о том, какие дела, занятия вы считаете полезными. Так как вы поняли,  о чём мы будем говорить на сегодняшнем уроке?

  (О том как  распределять своё время, как проводить свободное время .          ( Абон нæ урочы дзурдзыстæм улæфты рæстæгыл).

Давайте вспомним:                                                                                                                          - Какие единицы времени существуют?                                                                                                                        - Какие пословицы и поговорки говорят о времени?

(Делу время, потехе час. Работе время, а досугу час», «После дела и гулять хорошо»)

Чтобы правильно распределить время, нужно подумать, какие дела для вас обязательны.                                                                                                   Презентация 2

Какие дела для вас обязательны? Цавæр куыстытæ кæнут алы бон дæр? (предполагаемые ответы учащихся: «ходить в школу», «выполнять домашние задания», «помогать родителям», «убирать свою комнату» и т.д.);(Скъоламæ цæуын, хæдзармæ куыст кæнын, мæ мадæн æххуыс             кæнын ,уат æфснайын) Æркæсæм ма нывтæм æмæ сбæрæг кæнæм, раст пайда кæнынц сабитæ сæ рæстæгæй.(Дзуапп)

Ахуыргæнæг: Как называют время после выполнения обязательных дел? (свободное время)

 (Свободное время – это время, которым ты сам распоряжаешься. Но не нужно думать, что свободное время – это ничего неделание. Это время для разнообразных занятий, которые каждый себе выбирает.)

Ахуыргæнæг:Чем можно заняться в свободное время?( Дзуаппытæ)

Давайте посмотрим  презентацию о том,  как проводили дети своё свободное время в прошлом веке?

Презентация  3

Ахуыргæнæг: Изменились занятия свободного времени детей, подростков прошлого века и в наши дни? Цы ивддзинæдтæ æрцыд нæ рæстæджы? (практически нет.)

Ахуыргæнæг:Какие новые занятия появились у детей сегодня? Цавæр хъæзтытæ фæзынд нæ рæстæджы?

 (Просмотр телевизора, компьютерные игры, разные игры в телефоне). (Организовать дискуссию с учащимися по вопросу о том, какие телевизионные передачи они смотрят? Почему? Какие передачи полезно смотреть подросткам?

Ахуыргæнæг: Какую пользу можно извлечь от компьютерных игр? И какой вред?)

(Учебные занятия, сидение за компьютером заставляют долго сохранять одну и ту же позу, а это очень утомляет мышцы. Поэтому нам и нужна разрядка, нужны регулярные физические нагрузки.)

Ахуыргæнæг:Каким активным отдыхом вы можете заняться в свободное время? (Дзуаппытæ)

Хатдзæг: чем бы вы не занимались в свое свободное время, главное, чтобы эти занятия приносили пользу, помогали вам развиваться, расширяли ваш кругозор. А еще было бы хорошо, если бы у каждого из вас появилось свое хобби.

Что такое хобби? Цы у хобби?

(Увлечение человека, которому он готов посвящать много своего времени, жертвовать чем-либо другим ради этого занятия.)

Ахуыргæнæг:Давайте посмотрим тогда, какие разные бывают интересы у людей?

(Презентация 4)                                                                                                           А у кого из вас есть хобби? Кто чем любит заниматься чаще всего?

(Скъоладзаутæ дзуапп дæттынц)

Проверить домашнее задание.  Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.          Слова к тексту.

Раргом кæнæм- раскроем                                        

Æмбисонд- пословица

Алцæмæн-всему

Алкæмæн-каждому

Æндæхтæ- нитки

Сусæгдзинæдтæ- тайны

Бонцухæй- через день

Хъисфæндыр-скрипка

Ратæлмац кæнын дзырдбæстытæ:

Раргом кæнын темæ, сахуыр кæнын æмбисæнттæ, алцæмæн дæр ис рæстæг, алкæмæн дæр сæвæрдзынæн фондзтæ, урс æмæ сау æндæхтæ, нæй нæм сусæгдзинæдтæ, бонцухæй цæуы скъоламæ,  рæсугъд цæгъды хъисфæндырæй.

Ныртæккæ та бакæсдзыстæм текст æмæ йæ ратæлмац кæндзыстæм. Текст кæсæм рольтæм гæсгæ.

1-аг  скъоладзау:  Мæ  сæйрагдæр  куыстытæ  куы  бакæнын ,

уæд  иу  сахаты  бæрц  фæхъазын  компьютерæй,  фæкæсын

телевизормæ.

Чи куыд æрвиты йæ уæгъд рæстæг?

Къласы  разамонæг:  Нæ  абоны  фембæлды  цæй  æмæ  раргом  кæнæм  ахæм  æмбисонды

мидис:  “Алцæмæн  дæр  йхи  афон  ис”.  Уæ  журналы  бæрæггæнæнтæ  куыд  æвдисынц,

афтæмæй  цыма  уе  ’ппæт  уæ  рæстæгæй,  куыд  æмбæлы,  афтæ  нæ  пайда  кæнут,  æви  раст  нæ

дæн?  Радзурут-ма,  чи  уæ  куыд  арвиты  йæ  уæгъд  рæстæг?  Алкæмæн  дæр  ис  ныхасы  бар.

2-аг  скъоладзау:  Компьютер  дæр  уарзын ,  фæлæ  ма  æз

æмбырд  кæнын  маркæтæ,  компактон  дисктæ,  лыстæг  æхцатё.

5-æм  скъоладзау:  Æз дæр  хорз  чысылæй  фстм  уарзын  алыхуызон  чингуытæ  кæсын :

историон  цауты,  цæрæгойты,  адæмты  æгъдæуты  тыххæй.  Чингуыты  æз  ссарын

дзуæппытæ царды фарстытæн .  Ныртæккæ мæ бон у кæцыфæнды бæстæйы тыххёй дёр

исты  радзурын .  Чингуытæ  æмбисыхсæвм  дæр  кæсин ,  фæлæ  мæ  мæ ныййарджытæ  нæ  фæуадзынц.

Ахуыргæнæг:Куыд æрвыстой сывæллæттæ сæ рæстæг?

а)Найти в тексте глаголы настоящего времени и перевести. Тексты ссарын нырыккон афоны мивдисджытæ æмæ сæ ратæлмац кæнын.

б)Аифтындзæг кæнын мивдисæг æрвитын хъуыдыйады мидæг.                                          Æз æрвитын мæ рæстæг хорз.

                                                       

Урокæн хатдзæг скæнын:

А теперь вы сами расскажете о том,  кто как проводит свободное время и это будет выводом для нашего урока.

Ныр та сымах радзурдзыстут уæ улæфты рæстæджы тыххæй.

Хæдзармæ куыст: Ныффыссут цыбыр радзырд ацы темæмæ гæсгæ. Ног дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæй пайдагæнгæйæ.



Предварительный просмотр:

1.

ГОМ УРОК 4-ÆМ КЪЛАСЫ.

Темæ:Хъæууон цард.

Грамматикон темæ: Номдартæ иууон æмæ бирæон нымæцы.

Урочы нысан:1.Сабиты базонгæ кæнын хъæууон царды нывтимæ.

Бакусын бирæон нымæцы номдарты арæзтыл. Рацыд æрмæг бафидар кæнын.

2Ныхасы рæзтыл куыст:Сывæллæтты лексикæйы хъæздыгдзинадыл кусын.

Раст грамматикон формæтæ аразын.

Диалогон ныхасы рæзтыл кусын.

3.Хъомыладон хæс: Ирон æвзаг æмæ ирон æгъдаумæ уарзондзинад гуырын кæнын. Уæззау  хъæууон куыстæн аргъ кæнын.

Методтæ:  Урок-экскурси.

Урочы фæлгонц: компьютер, дидактикон æрмæг, иллюстрацитæ, хъазæнтæ, нывтæ.

       

                                                   Урочы цыд.

Ахуыргæнæг:Уæ бон хорз, сывæллæттæ.                                                  Абон нæм ис уазджытæ æмæ хорз уаид,  салам сын куы  раттиккат, уæд.

 С. Æгас цæут.

Ахуыргæнæг:.Чи у абон радгæс?

Радхæсы  рапорт.

А.Сывæллæттæ, абоны урочы цæуыл дзурдзыстæм, уый цæмæй базонæм, уый тыххæй  бакæсдзыстæм уырыссаг æвзагыл цалдæр уыци-уыцийы.Куы сæ базонат, уæд  мын дзуапп ратдзыстут ирон æвзагыл.

Дети, чтобы узнать о чем  на сегодняшнем уроке  будем говорить, мы прочитаем  несколько загадок на русском языке, а отгадки вы будете говорить на осетинском языке. Договорились? Отгадки у нас прячутся за загадками на доске.

Кто меняет молоко на сено? (хъуг)

Он рогат и бородат,
Строго смотрит на ребят.
Если кто озорничает –
Забодает, забодает, забодает. (сæгъ)

По горам, по долам ходит шуба, да кафтан. (фыс)

Спереди - пятачок, сзади - крючок,
Посредине - спинка, а на ней щетинка. (хуы)

Скор, как стрела,
Силен, как вол.
В поле – бурлак,
В бою – орел. (бæх)

Сер – да не волк,
Длинноух – да не заяц,
С копытцами – да не лошадь(хæрæг)

Заворчал живой замок.
Лег у двери поперек. (куыдз)

Ходит тихо, тише мыши.
На охоту ночью выйдет.
И  как днем, она все видит.
Часто спит, а после сна
Умывается она. (гæды)

 А кто скажет, как называются домашние животные по осетински? (Хæдзарон фос)

А. А где интересно обитают домашние животные, где мы их можем встретить?.(Кæм цæрынц хæдзарон фос, кæм сæ фенæм?.

С.Хæдзарон фос цæрынц хъæуы.

А. Ребята, а вы хотите узнать побольше о сельской жизни?  Тогда мы сегодня проведем необычный урок, мы  поедем на экскурсию в село. Но у меня маленькая проблема. Не знаю куда ехать.  Может вы предложите маршрут. Наверняка  ваши бабушки и дедушки живут в селах. У кого в селе живут родственники.  Кæм цæрынц уæ нанатæ  æмæ бабатæ? Сывæллæттæ дзуапп дæттынц.

(Мæ нана цæры …)

А. Уæдæ абон ацæудзыстæм уазæгуаты Гермæны нанамæ…?  Я думаю узнаете много интересного,  нового о сельской жизни. Как там живут люди.  А ёще вспомним с вами всё, что проходили на уроках. Æмæ нæ абоны урочы темæ у хъæууон цард.

На чём поедем в село? Что нас туда отвезёт? Цæуыл цæуæм  хъæумæ?

С.Мах хъæумæ цæуæм автобусыл. На доске изобр. Авт.

Сейчас мы сядем в автобус и поедем. Вы представили себя в автобусе? Тогда поехали. Дети, давайте выглянем в окошко. А что мы сейчас видим в  окно. Цы уынæм рудзынгæй?

С. Мах  уынæм бирæ машинæтæ, стыр хæдзæрттæ.

А.Ныр цæуæм горæты уынгты. Рацыдыстæм горæтæй. Ныр та цы уынæм?

С.Æз уынын бæлæстæ, кæрдæг, хох.

А. Ды та цы уыныс?

С. Æз уынын дининджытæ, арв.

А. Цавæр дидинджытæ сты?   Сæ хуыз цавæр у?

(Сырх, бур, æмæ урс дидинджытæ)

А.Ныр та æрбахæццæ стæм хъæумæ. Мы доехали до села.

Байхъусут ма зарæг « Мæ уарзон хъæу» -мæ. В этой песне поётся о родном селе. А содержание текста вам объяснят картинки.

Мæнæ æрбахæццæ стæм Сосланы нанайы хæдзармæ..

Акæсут ма, чи нæм æнхъæлмæ кæсы хæдзары цур.

С.Сосланы нана.

С.Сывæллæттæ, автобусæй рахизæм æмæ нанайæн салам раттæм.

ДИАЛОГ:

С.Дæ бон хорз, нана!

Н.Æгас цу, мæ хур.

С.Нана, æз ме’ мбæлттимæ æрцыдтæн дæумæ уазæгуаты.

Н.Хорз,  мæ хур.Тынг æхсызгон мын у.

С.Нана, уый у мæ хуыздæр æмбал, базонгæ ут.

Г.Дæ бон хорз.

Н. Æгас цу, мæ къона. Дæ ном цы хуыйны?

Д. Мæ ном хуыйны….

Н.  Дæ мыггаг кæмæй у?.

Г.Мæ мыггаг у …

Н.Ирон лæппу нæ дæ?

Г.Нæ, æз дæн уырыссаг лæппу.

Н.Цал азы дыл цæуы?

Г.Мæныл цæуы фараст азы.

Н.Кæцы къласы ахуыр кæныс?

Г.Æз ахуыр кæнын цыппæрæм къласы, фæндзайæм скъолайы.

Н.Иронау дзурын зоныс?

Г.Нæ, æз иронау хорз  дзурын нæма зонын.

Н.Æмæ дæ фæнды иронау дзурын, фыссын, æмæ кæсын базонын.

Г.О, мæн фæнды иронау дзурын, фыссын æмæ кæсын базонын.

Æмæ æз ахуыр кæнын ирон æвзаг.

Н.Хорз,  мæ хур, ды тынг хорз лæппу дæ. Ацæут уал атезгъо кæнут.      Æз та уын исты хæринæгтæ акæнон.  

   А.Дети, идём гулять. Мы должны   успеть увидеть всё своими глазами.                                                                                               Акæсут ма, нанамæ ис  бирæ хæдзарон мæргътæ. Ранымайут ма сæ.

С. Мæнæ адон сты гогызтæ, бабызтæ, хъазтæ, кæрчытæ, уасæг.

А. А вы знаете какую пользу они приносят. Зачем бабушка их держит.

  Цы дæттынц хæдзарон мæргътæ?

С.Хæдзарон мæргътæ дæттынц æйчытæ, дзидза.

Вот это курочка ряба. Она конечно снесёт яйца, если кто нибудь из вас расскажет стихотворение о домашних птицах.

Сывæллæттæ дзурынц æмдзæвгæтæ.

Къоста «Уасæг», Бызыккаты З.« Бабыз», Уырымты П. « Карк»

Бызыккаты З.« Бабыз»,

Бабыз уынгты райсом раджы                                                                    Узгæ, узгæ рараст балцы                                                                              Бур-бурид бырынкъ фæдары                                                                  Бапп-бапп, бапп-бапп!-                                                                             Бабитæ!                                                                                               Ралидзут, мæ сабитæ!                                                                       Рауидзут, уæхицæн тагъд                                                                       Исты-аходæны фаг…

Уырымты П. « Карк»

Кæрдæг адардта цъæх                                                                               Карк йæ лæппынтæм дзуры:                                                                           «Кæрты хизут дзæбæх,                                                                             Куыт-куыт, хъазут мæ цуры,                                                                     Кæннод цъиусур-тæссаг,                                                                            Кæртмæ дардæй фæкæсы.                                                                         Коммæ чи нæ кæса,-                                                                                       Коммæ уыдон фæхæссы.»

А. Тынг хорз зонут æмдзæвгæтæ хæдзарон мæргъты тыххæй æмæ нын нана æйчытæ сфыццæн.

Ныр та æрбахæццæ стæм хæдзарон цæрæгойтæм. Нанамæ  ис бирæ хæдзарон цæрæгойтæ.

Цал хъуджы ис нанамæ?

Цал фысы ис нанамæ?

Цал сæгъы ис нанамæ?

А.Дзырдтæ сæвæрут бирæуон нымæцы.

Хъуг-…, фыс-…, сæгъ…, бæх-…, хæрæг-…, хуы-…, куыдз-…, гæды-...                          

А.Куыд сарæзтам иууон нымæцæй бирæуон нымæс, цæй руаджы?

А.Ребята, у ваших родителей есть дети - это вы. А у домашних животных бывают  детёныши? Назовём их. Хъугæн цы ис?

Дзуапп:    Хъугæн ис род, фысæн ис уæрыкк, сæгъæн ис сæныкк, бæхæн ис байраг, хæрæгæн ис къæлæу, хуыйæн ис хъыбыл, куыдзæн ис къæбыла, гæдыйæн ис гæдыйы лæппын.(Скъоладзаутæ нывтæм кæсынц афтæмæй дзурынц).

А.Цал дамгъæйы ис дзырд къæбыла-йы?Цал уæнджы?Цал хъæлæсоны? Цал æмхъæлæсоны?Зылангонтæ сты æви æзылангонтæ?

А.Цы пайда сты хæдзарон цæрæгойтæ? Цы нын дæттынц махæн? Байхъусæм ма сын сæхимæ.(Сывæллæттæ  хъазæнтимæ рацыдысты æмæ дзурынц)

Хъуг: Æз дæн хъуг, мæ ном Зыгъар. Æз бирæ уарзын, хос, сойджын кæрдæг.  Æз дæттын  æхсыр, дзидза. Æхсырæй  кæнынц  нæлхæ, къæдоры цыхт,  мисын,  æхсыры сæртæ, цыхт. Дзидзайæ кæнынц къалбас. .(фæйнæгыл хæринæгты нывтæ.)

Фыс: Æз дæн фыс, мæ ном хуыйны Борко. Æз дæр дæттын æхсыр, дзидза, къуымбил. Къуымбилæй кæнынц хъарм дзаумæттæ.(Фæйнæгыл дзаумæтты нывтæ).

Къуыдз: Æз дæн куыдз. Мæ ном у Хъусой. Æз хъахъхъæнын хæдзар. Æз уарзын стæг.(Фæйнæгыл куыдз стæгимæ)                                           

 А. А как мы пишем клички животных. Цавæр дамгъæйæ фыссæм фосы нæмттæ?

С. Фосы нæмттæ фыссæм стыр дамгъæйæ.

А.Ребята, бабушка приготовила нам очень много вкусненького и зовёт нас к столу. Она нам приготовила осетинские блюда. И представьте себе, что продукты она в магазине не покупала, всё своё .Свежее мясо, яйца, молоко, масло. А овощи и фрукты прямо с грядки. Но чтобы сесть за стол,  нам надо угадать, что же она нам приготовила. Давайте посмотрим картинки и угадаем. (Сывæллæттæ нывтæм гæсгæ дзурынц ирон хæринæгты нæмттæ.)

Физминутка

А.Ребята, мы погостили у бабушки  Германа в Санибе. А сейчас возвращаемся в школу и садимся за парты. В начале урока дежурный сказал, что на дом было заданно выучить слова. Я сейчас проверю,  как вы их выучили. Фæлæ уал байгом кæнут уæ тетрæдтæ æмæ ныффыссут абоны нымæц.

                                    Ног æрмæг

1.Арæх- часто,                                                                                              2.фæцин кæнынц-радуются,                                                                                        3.хиуæттæ-родственники,                                                                                4.цæрдæг лæг-бодрый мужчина,                                                                                      5.зилы фосмæ-смотрит за животными,                                                                                              6.сæрæн сылгоймаг-энергичная женщина,                                                 7.хъугдуцæг-доярка,                                                                                               8.худæг-смешной,                                                                                            9.хъæлдзæг-весёлый)                                                                                                    

Я часто хожу в театр. Я люблю своих родственников. Мой  брат шустры, бодрый мальчик. Моя соседка доярка. Мой маленький брат смешной мальчик. Я весёлая девочка.

Хæс:   Уырыссаг æвзагæй ирон æвзагмæ дзырдтæ  æмæ хъуыдыйæдтæ ратæлмац кæнут.

 Перед вами листочки с текстом. Слова вы учили к этому тексту.  Послушайте внимательно текст. Потом сами прочтёте и переведёте Хæс.Текстмæ хъусынц сывæллæттæ, стæй йæ сæхæдæг кæсынц æмæ тæлмац кæнынц.

                                                8.

 Мæ ном у Таму. Мæ мыггаг у Томайтæй. Æз цæрын Дзæуджыхъæуы.  Мæ дада æмæ нана цæрынц Хæтæлдоны. Мæ фыды æфсымæр дæр цæры йæ бинонтимæ уым. Мах арæх вæййæм  Хæтæлдоны. Тынг ныл фæцин кæнынц нæ хиуæттæ. Дада нырма у цæрдæг.Уый хæдзары куыстытæ фæкæны, зилы фосмæ. Ис сæм бирæ фос: хъуццытæ, фыстæ, сæгътæ æмæ бæхтæ. Дада зоны бирæ аргъæуттæ. Мах уарзæм дадамæ хъусын.   Нана дæр  у сæрæн сылгоймаг. Фермæйы кусы хъугдуцæгæй. Арæх нын фæкæны хæрзад чъиритæ. Ис ма сæм къæбыла Муртуз. Къæбыла у худæг. Æз йемæ фæхъазын. Хъæуы вæййы тынг хъæлдзæг.Æз бирæ уарзын нана æмæ бабайы.

Текстимæ куыст:

а)Текстæн сæргонд скæнын.

æ)Дзуапп раттын фарстытæн текстмæ гæсгæ.

1.Кæм цæры Таму?-…

2.Кæм цæрынц Тамуйы хæстæджытæ?-….

3.Цы фæкусы дада?-….

4.Кæм кусы нана?-….

5.Цы хуыйны къæбылайы ном?-….

6.Кæй уарзы бирæ Таму?-….

б)Текстмæ гæсгæ раст вариант фæнысан кæнут æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты.

                                                      зонгæтæ

1.Тамуйæн хъæуы ис бирæ      <

                                                 Хæстæджытæ

                                               Фыййагдоны

2.Тамуйы хиуæттæ цæрынц<

                                             Хæтæлдоны

                                                                                                                 

                                          хъугдуцæгæй

3.Нана кусы<  

                                        ахуыргæнæгæй  

                                       цæрдæг

4.Дада у <  

                                     сæрæн

в)Кæцы нымæцы сты сырхæй фыст дзырдтæ? Сæвæрын сæ иууон нымæцы.

г)Тексты бæрæггонд дзырдтæ сæвæрын бирæон нымæцы æмæ сæ ныффыссут уæ тетрæдты.

Урокæн хатдзæгтæ скæнын.

Кæм уыдыстæм абон Экскурсийы?

Цы федтам хъæуы?

Цы бахордтам Сосланы нанатæм?

Кæимæ базонгæ стæм тексты?

Хъæу уæ зæрдæмæ фæцыд?

Куыд аразæм номдарты бирæон нымæц?

Хæдзармæ  куыст.

Текст хиныхæстæй дзурын. Хæдзарон фосы нывтæ скæнын.

Бæрæггæнæнтæ.



Предварительный просмотр:

Ирон ӕвзаджы урок 5-ӕм къласы.

Урочы темӕ: «Зӕлинӕйы балц Мӕскуымӕ каникулты».

Грамматикон темӕ: Хауӕнтӕ.

(Рацыд ӕрмӕг бафидар кӕныны урок).

Урочы нысӕнттӕ:

1.Диалогон ӕмӕ монологон ныхасы рӕзтыл бакусын.

2.Хауӕнты тыххӕй зонындзинӕдтӕ бафидар кӕнын ӕмӕ сыл бакусын.

Уарзондзинад гуырын кӕнын райгуырӕн бӕстӕм  ӕмӕ ирон ӕвзагмӕ.

Урочы фӕлгонц: презентативон ӕрмӕг, нывтӕ.

Урочы цыд:1.Мотивацион уавӕр.

Ахуыргӕнӕг: Абон, сабитӕ,нӕ урочы  цӕуыл дзурдзыстӕм, уый цӕмӕй базонӕм, уый тыххӕй ацӕудзыстӕм цымыдисаг фӕндагыл. Ӕрбакӕсут ма ацы нывтӕ ӕмӕ хъуыдыйӕдтӕм. Алы хъуыдыйады дӕр ис дзырд лӕппу. Ацы дзырдмӕ раст фарстатӕ куы радтат, уӕд бахӕццӕ уыдзыстам  алӕмӕтаг галуанмӕ.Фӕлӕ цӕй галуан у, уый та базондзыстӕм фӕстӕдӕр.

(Ахуыргӕнӕг ӕвдисы нывтӕ хъуыдыйӕдтимӕ, сабитӕ фарстытӕ дӕттынц дзырд лӕппумӕ).

Лӕппу къласы бады.

Ацы  лӕппуйы ӕз нӕ зонын.

Лӕппуйӕн балӕвар кодтой пурти.

 Лӕппумӕ ис хъазӕн  машинӕ.

Лӕппуйӕ райстон чиныг.

Лӕппуйыл ис сырх хӕдон.

Азӕ лӕппуимӕ киномӕ фезгъоры.

Ды дӕр лӕппуйау фыдуӕгтӕ кӕныс.

(Раст фарстытӕ къӕпхӕнтыл ӕвӕрынц ӕмӕ дзы аразынц асин галуанмӕ).

Ахуыргӕнӕг: Цавӕр галуанмӕ бахӕццӕ стӕм?(Хауӕнты алӕмӕтаг галуанмӕ). Уӕдӕ на абоны урочы нӕ зӕрдыл  ӕрлӕууын кӕндзыстӕм хауӕнтӕ.

Урочы темӕйыл куыст.

Ахуыргӕнӕг: Нӕ балц ӕрмӕст хауӕнты бӕстӕмӕ нӕ уыдзӕн, фӕлӕ хӕрз ӕрӕджы   уыдыстӕм Зӕлинӕимӕ Мӕскуыйы. Хъыгагӕн нӕ уазджытӕ нӕ уыдысты  немӕ.  Ӕмӕ хорз уаид цыбыртӕй сын  куы  радзуриккам  балцы хабӕрттӕ, уӕд.

Мах уыдыстӕм ӕвдисӕнтӕ Зӕлинӕ ӕмӕ Светӕ телефонӕй куы  ныхас кодтой,уымӕн.

Нӕ зӕрдыл ма  ӕрлӕууын кӕнӕм цӕуыл дзырдтой Светӕ ӕмӕ Зӕлинӕ.(Сабитӕ дзурынц диалог).

Ахуыргӕнӕг: Зӕлинӕ йӕ мадимӕ сфӕнд кодта ацӕуын Мӕскуымӕ . Мӕскуыйы та сӕ размӕ рацыдис Светӕ.  Ӕмӕ цымӕ сӕ балц куыд рауадис? Радзурӕм  ма уый нӕ уазджытӕн.( Сабитӕ дзурынц текст сӕхи ныхӕстӕй).

Уӕдӕ ма  фӕстаг хъуыдыйадыл хорз ахъуыды кӕнут. Цы зӕгъынмӕ хъавыдис Светӕ уыцы ныхӕстӕй.(Скъоладзаутӕ ӕмбарын кӕнынц , хъуамӕ кӕй уарзой сӕ райгуырӕн Ирыстон ӕмӕ  хорз  кӕй зоной Ирыстоны рӕсугъд бынӕттӕ.)

Куыд федтам афтӕмӕй ныхас вӕййы диалогон ӕмӕ монологон. Цы хонӕм диалог? Цы хонӕм монолог? Что такое диалогическая и монологическая речь?(Дыууӕ кӕнӕ цалдӕр адӕймаджы ныхас  у диалог. Разговор двух или нескольких лиц- это диалогическая речь. Иу адӕймаг искӕмӕн кӕнӕ йӕхицӕн кӕй фӕдзуры, ахӕм дӕргъвӕтин ныхас у монолог. Речь одного лица, обращенная к слушателям или самому себе- это монологическая речь.

      Диссаг мӕм кӕсы, цымӕ монолог куы дзырдтат,  уӕд уӕм уе мбӕлттӕ  хорз хъуыстой. Сбӕрӕг ма йӕ кӕнӕм.

Текстмӕ гӕсгӕ  фарстатӕн  раст дзуаппытӕ радтут.

1.Зымӕджы каникулты, ӕви сӕрды каникулты ацыдысты Мӕскуымӕ Зӕлинӕ ӕмӕ йӕ мад?

2.Метройы станцӕ аэропортмӕ ӕввахс ис, ӕви дард?

3.Зӕлинӕ метройы фыццаг хатт цӕуы ӕви дыккаг хатт?

4.Зӕлинӕ эскалаторы асинтыл дӕлӕмӕ азгъордта, ӕви уӕлӕмӕ?

5.Зӕлинӕ Светӕмӕ дыууӕ къуырийы фӕци, ӕви ӕртӕ къуырийы.

Ахуыргӕнӕг:Хуыдыйӕдты ис  сӕ нысаниуӕгмӕ гӕсгӕ ныхмӕвӕрд дзырдтӕ (зымӕг-сӕрд,  ӕввахс- дард,  дӕлӕмӕ- уӕлӕмӕ,  цы хъуыйнынц? (антонимтӕ).

Ахуыргӕнӕг:Уӕдӕ дарддӕр цӕуӕм хауӕнты галуанмӕ. Цал цӕрӕджы ис ацы  галуаны ? Сколько жителей в этом дворце ? (Аст цӕрӕджы. Цӕугӕдон фӕласы фарстатӕ ӕмӕ ацы цӕрджытӕй алчидӕр ӕрцахсдзӕн уыцы фарстытӕй. Алы цӕрӕгӕн дӕр ис ном. Радзурӕм ма уӕдӕ галуаны цӕрджыты нӕмттӕ сӕ фарстытимӕ. (Сывӕллӕттӕ дзурынц хауӕнтӕ фарстытимӕ).

Уырыссаг ӕвзаджы та цал хауӕны ис? Ранымайут мӕ сӕ.

Ахуыргӕнӕг: Уӕдӕ цӕмӕй хуыздӕр базонӕм ацы цӕрджыты,  ома хауӕнты,  уый тыххӕй скӕндзыстӕм цалдӕр хӕслӕвӕрды. Чтобы лучше узнат падежы, мы выполним несколько заданий.

1-аг хӕс: Ацы хъуыдыйӕдты кӕцыдӕр дзырдты  кӕрӕттӕ  поезды фӕстӕ аззадысты ӕмӕ сӕ бынӕттӕ нал арынц. Феххуыс ма сын кӕнут сӕ бынӕттӕ ссарын. В предложениях окончания существительных отстали от поезда и не могут теперь найти свои места. Может вы им поможете?

Уалынмӕ фӕзындис поезд.(цы?)

Зымӕджы  каникулты мӕм Дзӕуджыхъӕу…(кӕцӕй?) Зӕлинӕ ӕмӕ йӕ мад Аминӕт ӕрцыдысты.

Аэропорт… (цӕмӕ?)ӕввахс ис метройы станцӕ.

Къӕпхӕныл (цӕуыл?)дӕлӕмӕ азгъордта.

Зӕлинӕ ӕмӕ Аминӕ мах… (кӕмӕ?)уыдысты дыууӕ къуырийы.

Мӕ уазджыт… (кӕимӕ?)Мӕскуы… (кӕм?) тезгъо кодтон.

(Скъоладзаутӕ фарстатӕм гӕсгӕ бӕрӕг кӕнынц  дзырдты кӕрӕттӕ ӕмӕ хауӕнтӕ).

2-аг хӕс: Дзырдтӕ станцӕйы сӕмхӕццӕ сты, сараз сӕ хъуыдыйӕдтӕ ӕмӕ сӕ уӕ тетрӕдты афыссут.

Метромӕ бахизӕны билеттӕ балхӕдтам.

Ӕз мӕ уазджытӕн равдыстон Третьяковы галерей.

Зӕлинӕйӕн йӕ бӕллиц сӕххӕст ис.

Метройы поездтӕ тагъд цӕуынц.

(Фӕйнӕгыл дзырдтӕ ӕмхӕццӕйӕ, ахуырдзаутӕ сӕ аразынц хъуыдыйӕдтӕ).

Къордты куыст: (Скъоладзаутӕ музыкӕмӕ хъусгӕйӕкусынц)

1-агкъорд.

Тексты ссарын фондз мивдисӕджы ӕмӕ сын сбӕрӕг кӕнын сӕ афон, нымӕц ӕмӕ цӕсгом.

2-аг къорд.

Тексты ссарын  авд номдары ӕмӕ сын сбӕрӕг кӕнын сӕ нымӕцтӕ ӕмӕ хауӕнтӕ.

Аудировани.

(Скъоладзаутӕ хъусынц текстмӕ ӕмӕ йӕ сӕхи ныхӕстӕй дзурынц.)

Ахуыргӕнӕг: Сабитӕ Зӕлинӕйы бӕллиц уыдис Мӕскуымӕ ацӕуын ӕмӕ йӕ къухы бафтыдис. Алкӕмӕ дӕр уӕ ис цыдӕр бӕллицтӕ. Хӕдзары хъуамӕ ахъуыды кодтаиккат  ӕмӕ йӕ урс сыфыл фыстӕй ӕрбахастаиккат.

Уӕдӕ ма уӕ  сыфтӕ аныхасӕм мӕнӕ ацы тымбылӕджы алыварс, ӕмӕ нӕм рауайдзӕн диссаджы рӕсугъд  дидинӕг.

(Скъоладзаутӕ дзурынц цӕмӕ бӕллынц, уый, ӕмӕ сӕ сыфтӕ ныхасынц тымбылӕджы алыварс).

Ахуыргӕнӕг: Тынг хорз бӕллицтӕ уӕм ис ӕмӕ уын ног азы ахӕм арфӕтӕ кӕнын, цӕмӕй уӕ бӕллицтӕ уӕ къухы кӕддӕриддӕр ӕфтой.

Мои новогодние пожелания вам, чтобы ваши  мечты всегда сбывались.

Хӕдзармӕ куыст: Ссарын интернеты Дзӕуджыхъӕуы рӕсугъддӕр бынӕтты къамтӕй иу ӕмӕ йӕм чысыл радзырд саразын.

Рефлекси.

Дæ дзуаппæн аргъ скæн, равзар бæрæггæнæн.

        Ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕйы ахуыргӕнӕг

Адеты Фатимӕ


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

сценарий новогоднего представления "Ногазы балц"

Алан и Алана с группой хадзаронта отправляются в путешествие по свету, чтобы увидеть как встречают Новый год, узнать какие обычаи, традиции отмечаются в этот волшебный, чудесный зимний день....

Балц аргьаутты бастама

устное народное творчество...

Балц нывкæнынады дунемæ.

Технологическая карта урока в 5 классе дифференцированных групп....

Балцы Бетъырбухы (урок-экскурси) 9-æм кълас (лæмæгъ къордтæ)

Нысантæ: хъомыладон:ахуырдзауты эстетикон дуне фæхъæздыгдæр кæныныл бакусын; сæ æнкъарæнтæ рæзын кæнын; ахуыр сæ кæнын  дунейы рæсугъддзинад уынын, гуырын кæнын уарзондзинад райгуырæн бæстæмæахуы...

Темӕ: «Балц Ирыстоны зӕххыл». Грамматикон темӕ: Номдар. Æриугӕнӕн урок. (Урок – викторинӕ)

Ныхасы хæйттæ зæрдыл æрлæууын кæнын; номдары  тыххæй зонындзинæдтæ фæарфдæр кæнын.Урок - викторинӕ .(Рацыд æрмæг фæлхат кæнын )Предметон: зонын номдар æвзарын куыд ныхасы хай, номдары ...

Иудзинадмæ сидт Хетæгкаты Къостайы ӕмдзӕвгӕ «Балцы зарӕг»-ы.

поэты сфæлдыстадыл цыбыр афæлгæст саразын;                           п...

Темæ: Балц Дыгургоммæ. «Задæлесчы сызгъæрин Нана».

Урочы  нысантæ.Героикон зарджыты бындур раргом кæнын.Бамбарын  кæнын адæмон сфæлдыстады хуызтæ.Гуырын кæнын цымыдисдзинад æмæ уарзондзинад нæ адæмон сфæлдыстадмæ, нæ историмæ, нæ хъæбатыртæм...


 

Комментарии

Гоконаева Лара Хадзиретовна

Тынг хьауга армаг .Бузныг