Творчество Коста Хетагурова – эмпирический материал о религии и мифологии осетин
методическая разработка (11 класс)
Творчество Коста Хетагурова – эмпирический материал о религии и мифологии осетин
Скачать:
Вложение | Размер |
---|---|
gubieva.docx | 356.65 КБ |
Предварительный просмотр:
ГБОУ ДПО «СЕВЕРО-ОСЕТИНСКИЙ РЕСПУБЛИКАНСКИЙ ИНСТИТУТ ПОВЫШЕНИЯ КВАЛИФИКАЦИИ РАБОТНИКОВ ОБРАЗОВАНИЯ»
Муниципальное бюджетное общеобразовательное
учреждение гимназия №16
Творчество Коста Хетагурова – эмпирический материал о религии и мифологии осетин
Мадина Симисторовна Губиева
учитель осетинского языка илитературы
МБОУ гимназия №16
Владикавказ
2020г.
Содержание:
1. Слово о педагоге…………………………………………………………….3
2. Творчество Коста Хетагурова – эмпиричесий материал о религии и мифологииосетин……………………………………………………………………………5
3. Литература…………………………………………………...……………….13
4. Приложение 1.Урок «Миф æмæ религи Къостайы сфæлдыстады».………..……………………………………………………… 14
Слово о педагоге
Губиева Мадина Симисторовна в 1995 году окончила Юго-Осетинский Государственный педагогический институт по специальности осетинский язык и литература, русский язык и литература. Трудовую деятельность начала в Юго-Осетинском педагогическом университете, одновременно являлась аспирантом кафедры осетинской филологии. Педагогический стаж- 20 лет, в образовательном учреждении МБОУ гимназия № 16 г. Владикавказа работает 10 лет. Квалификационная категория – первая.
Губиева М.С. систематически повышает свою квалификацию на курсах, проводимых СОРИПКРО, а также на постоянно действующих семинарах, является председателем МО классных руководителей гимназии. Награждена:
- Грамотой за II место в республиканском конкурсе учителей родного языка «Иры фидæн» в 2019 г.
- Грамотой за II место во всероссийском конкурсе «Совместная деятельность педагогов и родителей», 2019 г.
- Благодарственное письмо СОРИПКРО за представление опыта работы на занятиях тематического модуля по использованию современных образовательных технологий, проведение республиканских «Мастер-классов» учителям родного языка и литературы.
- Грамотой за активное участие в 6-м Международном слете юных миротворцев «Я голосую за мир!» по теме «Земля – планета мира и ненасилия», 19-22 сентября 1917 г.
- Благодарственное письмо за личный вклад в воспитание подрастающего поколения, плодотворное сотрудничество и успешную реализацию направлений деятельности Регионального отделения «Российское движение школьников» РСО-Алания.
17 октября 2019 г. Мадина Симисторовна принимала участие в международной конференции «Коста Хетагуров в контексте современного образования» и получила сертификат участника.
Мадина Симисторовна строит свою педагогическую деятельность в соответствии с должностными обязанностями учителя, планом работы гимназии, руководствуясь «Конвенцией ООН о правах ребенка», Конституцией РФ, Законом РФ «Об образовании», Уставом гимназии, распоряжениями, приказами администрации.
Губиева М.С. относится к категории учителей, добивающихся на основе взаимосотрудничества с обучающимися заметного роста мотивации к изучению предмета родной язык. Она владеет современной методикой преподавания родного языка, осваивает и применяет в практической деятельности новейшие достижения педагогической науки и практики, обладает высоким уровнем теоретической и практической подготовки, может сформулировать и обосновать цели и задачи собственной педагогической деятельности.
Урок организован так, что учащиеся справляются с поставленными задачами. Домашняя работа предполагает формирование навыков самообучения и самоорганизации. Умение учителя распределить нагрузку, управлять вниманием учеников, учитывать особенности памяти и мышления, формирование интереса позволяют добиваться высоких результатов по своему предмету.
Мадина Симисторовна на уроках использует активные и интерактивные формы и методы обучения, создает на уроке осетинского языка и литературы атмосферу сотрудничества, совместного поиска необходимой информации. Все это позволяет учителю достигать реальных положительных результатов.
Солтанова Д.М.
старший преподаватель кафедры
осетинского языка и литературы
Аннотация: в рамках формирования вариативности литературных течений различных народов мира, основным лейтмотивом выбора тематики написания произведений является квинтэссенция специфических черт бытности и традиций определенного народа. В результате исследования, обособлена и изучена специфика развития осетинской литературы. Осетинскую литературу следует обособлять как послание через века для воспитания последующих поколений, так как в ее основание заложены основные элементы культуры осетинского народа – миф и религия.
Рассматривая тематику мифа и религии в контексте развития осетинской литературы, невозможно не отметить вклад выдающейся личности в истории осетинской поэзии Коста Левановича Хетагурова. Главные герои произведений Коста являются носителями основных религиозных догматов и наделены мифической стилистикой, в которых нуждается общественность. Также строки данного автора выступают в качестве, так называемых, лозунгов, которые поучают и побуждают человека на «правильное» восприятие жизни.
Таким образом, Коста является одним из ярких представителей осетинской литературы, идеи которого построены по мотивам мифологии и религии. В данном контексте, основные тезисы и выводы исследования отражены в работе Губиевой М.С.
Творчество Коста Хетагурова – эмпирический материал о религии и мифологии осетин
Суангдæр 19 æнусы онг Европæйы зонгæ уыдысты æрмæстдæр рагон бердзенæгты æмæ римæгты мифтæ-радзырдтимæ сæ хуыцæуттыл, хъайтартыл æмææндæр фантастикон уæвæгтыл. Антикон хуыцæуттыл æмæ хъайтартыл радзырдтæ тынгдæр рапарахат сты Ренессансы дуджы.
Мифтæ цы аххосæгтæм гæсгæ фæзындысты, уыдон, æвæццæгæн, агурын хъæуы, уæды заманы хъуыдыкæнынады историон-культурон размæдзыд цавæрæмвæзадыл уыд, уыцы алыхуызондзинæдты.
Ирон адæмы мифологийы фæзындæн бындур æрæвæрдтой скифтæ, сæрмæттæ, алантæ. Уыдон ма сарæзтой Хъобайнаг культурæ дæр. Фæлæ нæ фыдæлты культурон бынтыл 13-14 æнусты тынг бандæвтой тæтæр-монгол дæр. Нæ адæмы мифологи, сæйраджыдæр, иртæстгонд цæуы Нарты кадджытæй, кæцы фæзынд æмæрæзт незамантæй суанг 13-15 æнусты онг.[4]
Литературææмæ мифологийæн æппынæдзухдæр кæрæдзиимæ ис комкоммææмææнгом ахастытæ: миф ахизы литературæмæ. Ацы æнгом ахастытæ фæзындысты алыхуызон аивæдтыл, æгъдæуттыл, адæмон бæрæгбонтыл æмæ фæстаг æнусты та – алыхуызон наукон концепцитыл, эстетикон æмæ фольклорон ахуырæдтыл, фольклористикæйыл. Уæлдай ирддæрæй уыцы бастдзинæдтæ зынынц фольклорыл. Адæмон поэзи йæ хъуыдыкæнынады типмæ гæсгæ тынг æввахс лæууы мифологимæ, фæлæ, куыд аивады фæзынд, афтæ та – литературæмæ. Уæдæ фольклор культурон æгъдауæй бацыд литературææмæ мифологийы ̕хсæн, æмæ сæ кæрæдзимææввахс кæны, кæрæдзийыл сæ бæтты. Уымæн та æвдисæн у Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстад, уым ирдæй æвдыст цæуы ирон адæмы хæццæ динуырнынад.
Зонадæй бæлвырд у. динон системæты ̕хсæн ахастытæ кæй сты æвзаджы системæты ахастыты хуызæн. Махмæ, куыд европæйаг æндæр адæмтæм, чырыстон дин æрбацыд астæуккаг æнусты æмæ дзы æмбæлæм хъæздыг æмæ цымыдисаг æрмæгыл, кæцы æвдисы, динон субстрат цы у , уый. Кæд мах чырыстон дин райстам, уæддæр нæм муртаттаг дины баззайæццæгтæ бирæ ис. Чырыстон дин ирон адæммææххæстæй никуы фæуæлахиз, уыцы уæлахиздзинад у æрмæст формалон. Муртаттаг дины хуыцæуттæн лæвæрд цыдысты чырыстон зæдты нæмттæ, фæлæ уыцы динон «фæуæлахиздзинад»-мæ лæмбынæг куы æркæсæм, уæд уыдис терминологон æмæ ономастикон.
Абон ирон динон пантеоны иуыл бæрзонддæр лæууы Хуыцау. Абайты Васо куыд зæгъы, уымæ гæсгæ нæм дзырд «Хуыцау» æрбацыд кавказаг дунейæ. [1] Уый æндæр зæдтææмæ дауджыты ̕хсæн иууыл бæрзонддæр бынат кæй ахсы, уымæ гæсг кæцыфæнды ракуывд ирон фынгыл райдайы Хуыцауы ракуывдæй. Къоста дæр, æвæццæгæн, уымæн фæдзæхсы æрыгон фæсивæды:
Фест райсомæй, лæгау,
Ныхс сапонæй дæхи
Æмæ-иу скув: Хуыцау,
Фæдзæхсын дыл мæхи.
Дзырд «хуыцау»-æй ирон адæммæ æндæр зæдтæ æмæ дауджытæ нысан нæ цæуынц. Фæлæ уæддæр арæх ис фехъусæн: Хуыцæутты Хуыцау, Стыр Хуыцау. Уый, æвæццæгæн, ууыл дзурæг у, æмæ нæ адæмы динон дунеæмбарынады дзырд «хуыцау»-æй нысан кæнын кæй райдыдтой æндæр зæдтææмæ дауджыты дæр: ома уæвынад кæнынц æндæр уæларвон тыхтæ, кæцытæ сты Стыр Хуыцауы дæлбар, зæгъæм – Уастырджи:
Гъе Уастырджи, ракæс, цæмæй
Нæ фæуæм бынтондæр фыдвæндаг!..
Кæд Хуыцау ирон динон пантеоны сæр лæууы, уæддæр къаддæр нысаниуæг нæй Уастырджийæн. Абон махмæ Уастырджи лæууы Хуыцауы æмрæнхъ æмæ, æвæццæгæн, уый æнæхъуаджы нæу. «Стыр Хуыцау представлял высшую божественную инстанцию, а Уастырджи почитался его двойником – правой рукой и даже соперником». [9]
Геродот куыд хъусын кæны, уымæ гæсгæ массагеттæн сæ пантеоны сæр лæууыд Хур. [5] Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ «Уастырджи наделен чертами солнечного божества»[1], «это слегка охристианизированный образ солнечного божества осетин»[8]. Уæдæ нæ рагфыдæлтæ муртаттаг диныл хæст куы уыдысты, уæд сæм Хуыцæутты Хуыцауыл нымад уыдис Хур, ныры Уастырджи.
Зæгъын хъæуы уый дæр, æмæ рагзаманты индоариæгтæм сæ пантеоны сæр кæй лæууыдис Индра, хæсты æмæ уæлахизы бардуаг. Иуæй-иу мифты циклты сæйрагдæр эпизод у - Индра стыр калм Виртрайы мары.[5] Куыд зонæм, афтæ чырыстон дины дæр Уаз Георги æвдыст цæуы уыцы хуызы, ома мары цавæрдæр гигантон калмы. Уæдæ хуры бардуаджы миниуджытимæ иумæ Уастырджи хайджын у индоариаг Индрайы миниуджытæй дæр.
«Уастырджи (Уасгерги), в осетинской мифологии покровитель мужчин, путников и воинов»[2]. Нæлгоймаг исты ахсджиаг хъуыддаг саразнмæ куы фæцæйцæуы, уæд æнæмæнгæй скувы Уастырджимæ, баиу ма кæнынц фынгыл Хуыцау æмæ Уастырджийы куывд дæр: «Хуыцау æмæ уæ Уастырджийы хорзæх уæд!»
Сылгоймагæн Уастырджийы ном дзурыны бар нæ уыдис, хуыдтой йææмæ йæ хонынц «Лæгты дзуар». Æгæрыстæмæй сын нæ уыдис бар, Уастырджийы цытæн цы бæрæгбонтæ уыдис, уым хайад исын дæр. Абон дæр Ирыстоны ис ахæм хъæутæ, цы ран Лæгты ̕хсæвы дзуармæ фæцæуынц æрмæстдæр нæлгоймæгтæ.
Дзырд Уастырджийы фыццаг хай – уац – алантæм рагæй фæстæмæ уыд культон термин. Æфтыдтой йæ чырыстон дины хуыцæутты нæмттæм, цæмæй сын сæхи пантеоны бынат скодтаиккой. «Религиозная семантика, ясно выступающая в ос. «уац» и в некоторых других иранских фактах была общеиндоевролпейской»[2].
Фсати. Ирон адæммæ Фсати нымад у хъæддаг сырдты бардуагыл. Цуаны цæугæйæ-иу ирон лæг йемæ ахаста æртæ уæлибыхы æмæ-иу скуывта Фсатимæ. Цæмæй Фсати ма фæхæрам уа, уый тыххæй, куыд æмбæлд, афтææххæст кодтой æгъдæуттæ. Хъæддаг сырдты хуыдтой «Фсатийы фос».
Нæ адæммæ Фсатийыл цы зарджытæ ис, уыдоны ацы бардуаг æвдыст цæуы, куыд мæгуыр лæджы сæрхъуызой, йæ аудæг. «Фсати – бог охоты, покровитель бедных охотников и враг знатных».[3]
Фсатийæ зæронддæр
Дауджытæм кæм и?
Дзырд «дауджытæ» ирон эпосы æмбæлы дзырд «зæд»-имæ иумæ бирæон нымæцы: зæдтææмæ дауджытæ. Абон ацы дыууæ дзырды нысаниуæг æмбæрст цæуы иу бæлвырд хъуыдыхæссæгæй.
«Зæд» æмæ «дуаг» сты рагон ирайнаг дзырдтæ: зæд – бардуаг, хуыцау, (иуæй-иу ахуыргæндтæ та йæ тæлмац кæнынц куыд «цыткæнинаг»)[5], дауæг – «тых», «тых хæссæг» рагонирайнаг дзырд «тав»-æй, кæцы нысан кæны «тыхджын уæвын». Уæдæ дыууæ дзырды иумæ нысан кæнынц «хуыцæуттæ æмæ тыхтæ». «Представление о «силах» как особых божественных сущностях рядом с богами коренится в древних иранских и арийских народных верованиях»[1]. Уымæн фæнысан кæнынц Ирыстоны алы кæмтты дæр июны мæйы стыр бæрæгбон Дауджытæ.
Къоста дæр Фсатийы дауджытыл нымайы, уый та ирон адæммæ стыр нымад зæд уыд.
Табу нæ дауджытæн, - загъта сын хъæлдзæгæй
Биаслан, - нæ бирæгъæн асаст йæ дæндаг.
Кадæг «Хетæг»-ы Биаслан у пысылмон дины минæвар, фæлæ, æвæццæгæн, пысылмон дины уыд ахæм «тыхтæ», кæцытыл анхъæвзта «дауджыты» нысаниуæг.
Æндæр адæмтæм дзырд «язат»-æй («зæд»-æй) нысан кæнынц сæ хуыцæутты дæр. Зæгъæм, ног персайнаг эпосы сæ уæлдæр лæууæг хуыцау Ормазды хонынц Изед, Йездан. Кæнæ зороастризмы дæр: «Сам Ахура Мазда именуется язатом – достойным почитания, именно этим словом будут названы старые индоарийские боги, когда восстановится их культ и они войдут в зороастрийский пантеон как «созданные Ахурой».[5]
Зороастризмы уæлдæр хуыцау Ахура Мазда рафæлдыста æвæрццаг уæларвон тыхтææмæ сæ схуыдта «Язат»-тæ, сæ цæрæн бынат та ссис Гаронмана, бæрзонд хох Хукарьяйы цъуппыл. Хукарья нымад цыдис иуыл стырдæр хохыл – Хара Березайти (авест. «Высокая гора», среднеперсидский - Харбурз, фарси – Албурз). Ацы фæстаг дзырдæй равзæргæ у абоны Эльбурс – хæхты рагъ Ираны цæгаттаг фарс. Рагон адæмы мифологон дунеæмбарынадмæ гæсгæ та – хæхты рæнхъ Хуссар Кавказæй суанг ныгуылæн Индийы онг. Персайнаг зороастрийаг космологийы Харбурз баст цыдис Эльбурсимæ. Топоним Харбурзæй ма равзæргæ у Кавказы хох Эльбрусы ном дæр[5]. Уæдæ Къостайы Всати дæр бады хæхтæй бæрзонддæрыл:
Хæхтæй дæр бæрзонддæр
Чи у, уый йæ фæци.
Иуæй-иу адæмты хуыцæуттæ, зæдтæ сæ эволюцийы процессы хайджын æрцыдсты сæ сыхаг адæмтæм æмбæлгæ зæдты миниуджытæй. Уастырджийы тыххæй абон зонадон литературæйы зæгъынц: «Уастырджи не только покровитель мужчин, воинов, путников, но и защитник честных людей, является бичом воров, плутов, клятвопреступников, убийц»[7]. Къостайы сфæлдыстадæй куыд зыны, афтæмæй «защитник честных людей, является бичом воров, плутов, клятвопреступников, убийц» зæгъдзыстæм Фсатийæ. Уастырджийæн ма баззад ацы ранымайгæ функцитæй фыццаг хай, «покровитель путников». Уастырджи кæцыфæнды бæлццоныл дæр ауды: фæнды абырæг уæд, фæнды раст лæг. Фæлæ Фсати хорзæх æмæ фыдæхы ̕хсæн æвæры цæхгæр арæн. Æркæсæм ма Къостайы «Фсати»-мæ:
- Федтон, - загъта,- диссаг:
Комы нарæджы
Курынц иу мæллæг саг
Фараст барæджы!..
Топп – ерæдзыпп, хъримаг,
Бæх – саулох бæхтæ…
- Гъе,̕рра! – Фсати загъта, -
Ахæмты тыххæй
Уастырджи фæдавта
Фос нæмæгуыртæй.
Ауадз сæ йæхимæ! –
Уый та сæ хынцдзæн
Давæггаг фыдимæ
Карз арахъхъ дæтдзæн!..
Фсати «ахæмты» хоны хъæздыджыты, зæгъгæ, саулох бæхтыл æрбалæууыдысты фараст барæджы æмæ курынц иу мæллæг саг. Фсати сæ «арвит» нæ зæгъы, фæлæ «ауадз», цымæ сæ фæндаг Фсатийы тыгъдадыл цыдис, афтæ. Уастырджи сæ, зæгъгæ, «фендзæн» мæгуыр адæмæй «радавæггаг фыд» æмæ «карз арахъхъæй». Дзырдтæ «фараст», «давæггаг фыд», «карз арахъхъ» не сты хорз миниуæг æвдисæг. Ацы дзырдты фæрцы бæлвырд цæуы Фсатийы негативон ахаст Уастырджимæ, ома йæ тох Хуры бардуагимæ. Æмæ ма ноджы, нымæцон «фараст»-æй фыссæг пайда кæны хъæздыджыты равдисынæн, нымæцон «авд»-æй та мæгуырты равдисынæн:
Авд цуаноны бадынц
Айнæджы ныхыл,
Тынг хъазуатæй зарынц,
Нал хæцынц зæххыл…
- Гъеныр, гъе, нæхион, -
Разын ныр рæдау!
Аскъæр сыл нæ сион,
Хорз сæ фен, лæгау.
Нымæцон «авд»-мæ ахастæй Фсати æввахс лæууы алайнаг дунемæ. Ацы нымæцон чырыстон дины дæр амондджыныл нымад цæуы. Уæдæ, æвæццæгæн, Фсати æмæ индоариаг Митра[5] иу зæд сты. Митрайæн йе стырдæр миниуæг у рæстдзинад. Уымæн йæ хæс уыдис, цæмæй хорзæх æмæ фыдæх кæрæдзийæ хицæн кодтаид. Уый райгуырд къæдзæхæй æмæ йæ ссардтой фыййæуттæ, тох кæны Хуримæ. Æмæ кæд, Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ, Уастырджи Хуры бардуаджы миниуджытæй хайджын у. уæд Фсати та Къостайы сфæлдыстады æвдыст цæуы, куыд «третий посланник» манихейаг теологимæ гæсгæ[5] æмæ йæ тох у Уастырджиимæ, Хуры бардуагимæ.
Банысан кæнинаг ма у уый дæр, æмæ Митраизм 3-аг æнусы онг тох кодта чырыстон динимæ. Аннæрдыгæй та Митрайы райгуырды боныл мифологийы нымад цæуы 25-æм декабрь. Католиктæ та ацы бон нымайынц Чырстъийы гуырæн боныл. Æмæ ма: Митрайы тох Хуримæ фæцис фидыдæй. Стæй Митра мары Ахура Маздайы рафæлдисгæ Фыццаг Галы. Галæн йæ буары хæйттæй равзæрдысты зайæгойтæ: йæ магъзæй – мæнæу, йæ тугæй – сæнæфсир æмæ а.д.. Уымæ гæсгæ Галы ахæм ритуалон аргæфстæй зæхх схъацæнджын æмæ хъæздыг тыллæг ратта. Хуыцауы рафæлдисгæ Галы аргæвдын та уыдаид æрмæстдæр уый бон, кæцыйæн Хуыцауæй бар лæвæрд цыдис[5]. «Обитель Митры, чьи пастбища просторны – на Хара Березайти, в поднебесной вышине»[5]. Хизæнуæттæ та фосдарæгæй зæрдиагдæрæй никæй фæхъæуынц. Уым хызтаиккой Митрайы фос, куыд Фсатийы фос. Авд цуаноны дæрæм уымæн зарынц:
Мах – дæ уазæг, Фсати,
Ды – нæ фæдзæхсæг!
Бæрзондæй ныллæгмæ
Ракæс, рафæлгæс…
Уæйыг.
Раджы уæйыгмæ лæскъдзæрæн
Иу мæгуыр лæг цард.
Хетæгкаты Къостамæ, дæлдзæхы цæрджыты миниуджытæй хайджын чи у, уыдонæй – уæйыгыл – æмбæлæм æрмæст дыууææмдзæвгæйы: «Уæлмæрдты» æмæ «Лæскъдзæрæн»-ы. Ирон аргъæуттææмæ эпосы уæйыг ахсы зынгæ бынат. Уый у стыр тыхы хицау, асæй у бæрзонд æмæ кæддæриддæр йæ тох у адæмы ныхмæ.
Уæлæнгай цæстæй йæм куыʼркæсæм, уæд афтæ зыны, цыма ацы талынг тыхы фæлгонц у хуымæтæг, æнæ цавæрдæр æмбæхст рафæлгъауинаг мидисимæ. Фæлæ уый бынтон афтæ дæр нæу.
«Лæскъдзæрæн»-ы уæйыджы фæлгонцæй æвдыст цæуы зыд æмæ кæрæф лæг, раздæры хъæздыг адæм, æлдæрттææмæ уæздæттæ, кæцытæ адæмы туг æхсныфæй нуæзтой.
«Уæлмæрдты»-йы уæйыг æххæст кæны мæрдты дуаргæсы роль:
Мæрдты ̕фсæн дуæрттæ дын иу уæйыг бакæндзæн,
Фыд, хорз æм ма сдзур!
Растдæр уæйыджы ахæм функци, æвæццæгæн, Абайты Васомæ сæвззæрын кодта ацы дзырды равзæрды тыххæй ахæм хъуыды, зæгъгæ, ирон «уæйыг» рагон ирайнаг Вайю-йæ равзæргæ у, дымгæйы бардуагæй.[1]
Зороастрийæгтæм дæр ис дымгæйы бардуаг, фæлæ йын рагæй фæстæмæ ис дуалистикон нысаниуæг. Рухс дуне у Ахура Маздайы, талынг та – Ангхро Майньюйы. Вайюйы бынат та ис «уæлдæфы» - зæххон дунейы, зæдтææмæ талынг тыхтæ кæм хæцынц. Уæлдæф иу кæны дыууæ ныхмæвæрд хъуыдыйы, дыууæ ныхмæвæрд тыхы. Уымæ гæсгæ Вайюйы æрдæг хай у уæларвон тыхты, æрдæг хай та – талынг тыхты. Уæдæ зороастрийæгтæн сæ ортодоксии куыд рæзтис, афтæ ацы хицæндзинад фæирддæр æмæ фæарфдæр. Иу Вайюйы фæлгонцæй равзæрд дыууæ: Вай – зæд, Вай – мæлæты бардуаг.[5]
Уæдæ «Уæлмæрдты»-йы уæйыг дæр у мæлæты бардуаг Вайюйы халдих.
Æрхæсгæ терминтæн Къостайы сфæлдыстады ис тынг стыр стилистикон ахадындзинад. Уыдонæй алкæцыйæн дæр ис йæхи сæрмагонд нысан æмæ иумæ та хорз æххуыс сты тексты истори равдисынæн.
Литературæ
1.Абаев В.И. Избранные труды.т.1, Владикавказ, 1990, ф.112-133
2.Абаев В.И. Историко-этимологический словарь осетинского языка, т. 4, М. 1989, ф.27
3.Абаев В.И. Осетинский язык и фольклор, т.1, М.-Л., 1949, ф.500
4.Джыккайты Ш. Рагон ирон цард ӕмӕ зондахаст. Миф. Фольклор.Æгъдау., Дзӕуджыхъӕу, 2010
5. Мифы народов мира.т.1, М.1997, ф.543
6.Уалыты Татьянӕ. Æххуысгӕнӕн ӕрмӕг 10 къласы ирон литнратурӕйы уроктӕм, Дзӕуджыхъӕу, 2013
7. Рак И.В. Зороастрийская мифология. СПб, 1998. ф.
8. Хетæгкаты Къоста. «Ирон фæндыр», Владикавказ: Ир, 2012
9. Хубаева С.А., Труды ЮОГУ им.А.Тибилова, Цхинвал, 1998, ф.192
1984, ф.57
10. Чочиев А.Р. Очерки истории социальной культуры осетин. Цхинвал, 1995, ф.5
11. Блейх Н.О. Просветительские тенденции в творчестве основоположника осетинской литературы Коста Левановича Хетагурова // Человек и культура. – 2017. – № 2. – С. 64 - 72. DOI: 10.25136/2409-8744.2017.2.23080 URL: https://nbpublish.com/library_read_article.php?id=23080(дата обращения 20.11.2020).
Приложение 1.
Урок… Урок – это по моему, мой дом знаний, и я, учитель, – хозяин этого дома.
Осетинский народ очень гостеприимный народ. Хозяин, первым делом, угощает своего гостя, и только потом спрашивает о цели его визита. Мне кажется, что хозяин – учитель, пригласивший на урок – в дом знаний гостей – учеников, должен провести урок, используя весь свой опыт и знания, чтобы дети в дальнейшем захотели прийти на урок снова, должен принять их так, как гостеприимный хозяин принимает гостей, пробудить у них интерес к предмету.
Полученные на уроке знания, так же как и вкус приготовленной пищи, горький или сладкий, полностью зависят от учителя.
«Большое несчастье, когда приёмы учителя отбивают у ребёнка всякую охоту к знаниям, прежде чем он может понять разумные основания, по которым он должен любить их. Первый шаг на пути образования - это привязанность к своему наставнику...» З. Роттердамский
Урок родного языка. Учить подрастающее поколение родному языку, учить, знать и любить его, использовать его неисчерпаемые запасы в жизни – задача и учителя, и родителей.
«Язык народа всегда теснейшим образом связан с национальным духом».
Вильгельм Гумбольт.
Темæ: «Миф æмæ религи Къостайысфæлдыстады».
Урочы хуыз: Урок-иртасæн.
Урочы нысантæ:
- Ирон адæмы бардуагты зонын; Къостайы «Ӕфсати»-йы сюжет равзарын.
- Логикон хъуыдыкæнынады райрæзтыл бакусын, къордты кусын зонын, хатдзæгтæ кæнын.
- Адæймаджы удварн фæхъæздыгдæр кæнын.
Универсалон ахуырадон архæйдтытæ урочы:
- удгоймагон – тексты анализ, хъæугæ нформаци ссарыныл куыст;
- регулятивон – къорды кусгæйæ, хи архайдмæ хъус дарын, куысты фæстиуджытыл æрныхас кæнын;
- базонынадон – иртасæн куыст æххæст кæнын;
- коммуникативон – хи хъуыдытæ æххæстæй æмæ аивæй æргом кæнын; иртасæн куысты хæстæ æмæ фарстытæ хынцын.
Урочы цыд
I. Бацæттæгæнæн рæстæг.
Мотиваци. Интерактивон фæйнæгыл ирон адæмы бардуагты ныв.
Ахуыргæнæджы ныхас:
Фæйнæгмæ ма æрбакæсут. Ацы ныв скодта зынгæ ирон нывгæнæг Лотиты Игорь. Абон цæры Мæскуыйы, фæлæ Ирыстоны нæ рох кæны, лæггад ын кæны йæ куыстæй æмæ нын мæнæ ахæм хуызы равдыста ирон адæмы бардуæгты. Кæцыйы кой дзы кæндзыстæм нæ урочы, уый та мын уæхæдæг зæгъдзыстут.
- Ӕрбайхъусут ма мæнæ иу диссаджы таурæгъмæ.
Иуахæмы зæронд цуанон æмæ æрыгон цуанон ацыдысты цуаны. Фæхицæнтæ сты. Зæронд лæг амардта иу саг, арфæ ракодта … æмæ æнхъæлмæ кæсы йе ’мбал.
Уыцы рæстæг æрыгон цуанон къæдзæхты астæу баййæфта сагты рæгъау æмæ сæ цæгъдын райдыдта. Дæс дзы куы амардта, уæд æм … хъæр кæны: «Æгъгъæд у, мæ фосы мын мауал цæгъд!» Фæлæ уый уæддæр мары æмæ мары.
Уæд æм … афтæ тынг смæсты æмæ йæ саугуырм бакодта. Афтæ æрыгон цуаноныл æрцыд сырдты бардуаджы æлгъыст.
Цавæр бардуаджы ном дзы цухгонд æрцыд? Цæмæй йæ базыдтат? ( Уый у сырдты бардуаг Ӕфсати.)
II. Урочы темæйыл куыст. Интерактивон фæйнæгыл Ӕфсатийы ныв.
Ахуыргæнæг:
- Уæдæ абон ныхас кæндзыстæм сырдты бардуаг Ӕфсатийыл, фендзыстæм, миф æмæ религи кæрæдзийы æддаг-мидæг куыд ауадысты Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады, уый.
Чысыл хъусынгæнинагӔфсатийы тыххæй бацæттæ кодта нæ къласы историк. Байхъусæм ма йæм.
Ахуырдзау:
«Ӕфсатийы фæлгонцы баиу сты ирон адæмы мифологи æмæ динуырнынад. Адæм бирæ зарджытæ æмæ таурæгътæ скодтой ацы бардуагыл. Уый дзурæг у ууыл, æмæ сæм цуан кæныны хъуыддæг бæрзонд æмвæзадыл æвæрд кæй уыдис.
Раст æмæ тызмæг бардуагыл нымад у Ӕфсати. Цуанон-иу цуаны æнгуылдзæй ма хъуамæ амыдтаид: Ӕфсати ма фæхæрам уа, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ-иу æгомыгæй амоныны сæр куы бахъуыдис, уæд амыдтой мустучъийæ. Кæд æмæ ацы табу хæлд цыдис, уæд-иу азымджынæн йе̛ нгуылдз æрцавтой лæдзæгæй, афтæ дзургæйæ: «Ӕфсати дын æххуыс кæнæд. Рæнтон Ӕфсатийæн йæ цæст ма къах!»
Цуанкæныны бынатмæ-иу куы бахæццæ сты цуанæттæ, уæд-иу скуывтой Ӕфсатимæ, цæмæй сын йæ хъæддаг фосы рæгъæуттæй фæхай кæна.
Нæ адæммæ Ӕфсатийыл цы зарджытæ ис, уыдоны ацы бардуаг æвдыст цæуы, куыд мæгуыр лæджы сæрхъуызой, йæ аудæг. «Фсати – бог охоты, покровитель бедных охотников и враг знатных»
Ахуыргæнæг:
-Бакæсæм ма Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ӕфсати». ( Съоладзаутæ кæсынц радгай). Къостайы поэзии баст у адæмон сфæлдыстадыл, ирон æвзаджы рæсугъддзинадыл, адæмон фразеологи æмæ фольклоры стилистикон хæзнадоныл. Фольклорон уацмысы бындурыл Къоста ныффыста оригиналон уацмыс.
Фсатийæ зæронддæр
Дауджытæм кæм и?
Къорд «лингвисттæ»-йæн хæслæвæрд уыдис, цæмæй бакусой æмæ сбæрæг кæной дзырдтæ «зæд» æмæ «дауæг»-ы историон ратæдзæнтæ. Байхъусæм ма сæм.
I-аг лингвист: «Дзырд «дауæг» ирон эпосы æмбæлы дзырд «зæд»-имæ иумæ бирæон нымæцы: зæдтæ æмæ дауджытæ. Абон ацы дыууæ дзырды нысаниуæг æмбæрст цæуы иу бæлвырд хъуыдыхæссæгæй.
«Зæд» æмæ «дуаг» сты рагон ирайнаг дзырдтæ: зæд – бардуаг, хуыцау, (иуæй-иу ахуыргæндтæ та йæ тæлмац кæнынц куыд «цыткæнинаг»), дауæг – «тых», «тых хæссæг» рагонирайнаг дзырд «тав»-æй, кæцы нысан кæны «тыхджын уæвын». Уæдæ дыууæ дзырды иумæ нысан кæнынц «хуыцæуттæ æмæ тыхтæ». «Представление о «силах» как особых божественных сущностях рядом с богами коренится в древних иранских и арийских народных верованиях». Уымæн фæнысан кæнынц Ирыстоны алы кæмтты дæр июны мæйы стыр бæрæгбон Дауджытæ.
Къоста дæр Ӕфсатийы дауджытыл нымайы, уый та ирон адæммæ стыр нымад зæд уыд».
II-аг лингвист: «Æндæр адæмтæм дзырд «язат»-æй («зæд»-æй) нысан кæнынц сæ хуыцæутты дæр. Зæгъæм, ног персайнаг эпосы сæ уæлдæр лæууæг хуыцау Ормазды хонынц Изед, Йездан. Кæнæ зороастризмы дæр: «Сам Ахура Мазда именуется язатом – достойным почитания, именно этим словом будут названы старые индоарийские боги, когда восстановится их культ и они войдут в зороастрийский пантеон как «созданные Ахурой».
Зороастризмы уæлдæр хуыцау Ахура Мазда рафæлдыста æвæрццаг уæларвон тыхтæ æмæ сæ схуыдта «Язат»-тæ (ома зæдтæ), сæ цæрæн бынат та ссис Гаронмана, бæрзонд хох Хукарьяйы цъуппыл. Хукарья нымад цыдис иуыл стырдæр хохыл – Хара Березайти (авест. «Высокая гора», среднеперсидский - Харбурз, фарси – Албурз). Ацы фæстаг дзырдæй равзæргæ у абоны Эльбурс – хæхты рагъ Ираны цæгаттаг фарс. Рагон адæмы мифологон дунеæмбарынадмæ гæсгæ та – хæхты рæнхъ Хуссар Кавказæй суанг ныгуылæн Индийы онг. Персайнаг зороастрийаг космологийы Харбурз баст цыдис Эльбурсимæ. Топоним Харбурзæй ма равзæргæ у Кавказы хох Эльбрусы ном дæр. Уæдæ Къостайы Всати дæр бады хæхтæй бæрзонддæрыл:
Хæхтæй дæр бæрзонддæр
Чи у, уый йæ фæци.»
Ахуыргæнæг:
- Замманайы иртасæн куыст бакодтой нæ лингвисттæ.
Ныр та бакæнæм ахæм куыст: дыууæ къордыл фæдих ут æмæ равзарут ацы дыууæ скъуыддзаджы.
Дарддзæст лæппу араст
Айнæджы былмæ,
Къухаууонæй акаст
Сау комы бынмæ...
– Федтон, – загъта, – диссаг:
Комы нарæджы
Курынц иу мæллæг саг
Фараст барæджы!..
Топп — йерæдзыпп, хъримаг,
Бæх — саулох бæхтæ...
Исты сын хæринаг
К'уаид уал цæттæ!.. –
– Гъе, 'рра! – Всати загъта, –
Ахæмты тыххæй
Уастырджи фæдавта
Фос нæ мæгуыртæй;
Ауадз сæ йæхимæ! –
Уый та сæ хынцдзæн,
Давæггаг фыдимæ
Карз арахъхъ дæтдзæн!.
Авд цуаноны бадынц
Айнæджы ныхыл,
Тынг хъазуатæй зарынц,
Нал хæцынц зæххыл...
– О, уæрæйдæ, Всати!
Ракæс, рафæлгæс,
Бæрзондæй ныллæгмæ
Хорз нæ бафæдзæхс!
Мах – дæ уазæг, Всати,
Ды – нæ фæдзæхсæг!
Бæрзондæй ныллæгмæ
Ракæс, рафæлгæс!..
Дзабыр нæй, – æрчъитæ!
Топп рæхсæнтæй баст,
Пакахуд нысчъилтæ,
Сæр æхсырфæй даст...
– Гъе, ныр, гъе, нæхион, –
Разын ныр рæдау!
Аскъæр сыл нæ сион,
Хорз сæ фен, лæгау.
Ахуыргæнæг:
-Ӕфсатийæ кусарт чи куырдта, уыцы цуанæттæ цавæр социалон къæпхæныл лæууыдысты?( 1-аг къорд кусы фыццаг скъуыддзагимæ, 2-аг къорд та дыккаг скъуыддзагимæ).
1-аг къорд. Уыдон хъæздыг адæмы минæвæрттæ уыдысты.
2-аг къорд. Мæгуыр адæм.
-Цæмæй бæрæг у? Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ сты ууыл дзурæг.
1-аг къорд.Топп — йерæдзыпп, хъримаг,
Бæх — саулох бæхтæ...
2-аг къорд.Дзабыр нæй, – æрчъитæ!
Топп рæхсæнтæй баст,
Пакахуд нысчъилтæ,
Сæр æхсырфæй даст...
- Скъоладзаутæ, уæ хъуыдымæ гæсгæ, Ӕфсати кæй фарс балæууыдис, кæмæ раздæхта йе̛ ргом? Мæгуыр адæммæ. – Гъе, ныр, гъе, нæхион, –
Разын ныр рæдау!
Аскъæр сыл нæ сион,
Хорз сæ фен, лæгау.
- Ӕмæ хъæздыг адæмы тыххæй та цы зæгъы ?
- Ӕфсати «ахæмты» хоны хъæздыджыты, зæгъгæ, саулох бæхтыл æрбалæууыдысты фараст барæджы æмæ курынц иу мæллæг саг. Фсати сæ «арвит» нæ зæгъы, фæлæ «ауадз», цымæ сæ фæндаг Фсатийы тыгъдадыл цыдис, афтæ. Уастырджи сæ, зæгъгæ, «фендзæн» мæгуыр адæмæй «радавæггаг фыд» æмæ «карз арахъхъæй». Дзырдтæ «фараст», «давæггаг фыд», «карз арахъхъ» не сты хорз миниуæг æвдисæг.Уастырджи кæцыфæнды бæлццоныл дæр ауды: фæнды абырæг уæд, фæнды раст лæг. Фæлæ Ӕфсати хорзæх æмæ фыдæхы ̕хсæн æвæры цæхгæр арæн.
Ахуыргæнæг:
- Сывæллæттæ, уæдæ ма ахъуыды кæнут æмæ мын зæгъут, уæды дуджы цавæр социалон ныхмæлæуд равдыста автор йе̛ мдзæвгæйы?
Ахуырдзау:
- Уæды заманы социалон дихдзинад тынг ирдæй зындис æхсæнады. Къоста зыдта, царды уæз мæгуыр адæмы уæхсджытыл тынгдæр кæй æрæнцайы, уый æмæ æдзух тох кодта сæ бартыл.
Ӕмдзæвгæйы дæр уынæм ацы ныхмæлæуд. Ам та мæгуыр адæмы фарс балæууыд Ӕфсати, уый у сæ сæрхъуызой.
III. Урочы кæронбæттæн.
Ахуыргæнæг:
- Скæнæм ма синквейн дзырд «Ӕфсатийæн».
Ӕфсати
Тыхджын, раст.
Ӕххуыс кæны, сæрхъуызой у, арфæ кæны.
Хъæддаг сырдты хицау æмæ бардуаг.
Рæстдзинад.
-Абон нæ урочы дзырдтам Ӕфсатийыл. Уый иу кæны ирон адæмы мифологи æмæ религи. Ирыстоны кæмтты абон дæр кувынц æмæ табу кæнынц ацы бардуагæн. Ӕвæдза, стыр тых ис нæ рагфыдæлты динуырнынадæн!.. Уый арф уидæгтæ ауагъта нæ дунеæмбарынады рагзамантæй фæстæмæ, нæ монон культурæйæн та у йæ сæйрагдæр цæджынг. Фæнды мæ, цæмæй нæ урочы кæрон афыссæм æрмæст Ӕфсатимæ нæ, фæлæ æппæт нæ бардуагтæм дæр чысыл кудиаттæ (скъоладзаутæ кусынц къордтæй, фыссынц сæ тетрæдты, кæсынц).
1-аг къорд.
Курæг уæ стæм, цæмæй ирон адæмы фарсмæ лæууат æдзухдæр, цудын сæ макуыуал бауадзут, сæ рагфыдæлты тых æмæ сæм ныфс раздахут!!!
2-аг къорд.
Курæг уæ стæм, цæмæй нын ахъазгæнæг уат, уæ рахиз базыры бын нæ дарут!!!
Ахуыргæнæг:
- Уый хорз у, фæлæ сын сымах дæр исты дзырд хъуамæ раттат, цæмæй уæ куринаг фехъуыса уыдонмæ?
Скъоладзаутæй сæ иу:
-Мах та дзырд дæттæм, нæ фыдæлтæн аккаг сомбон кæй уыдзыстæм, сæ сæр мах тыххæй кæй никуы æркъул кæндзысты.
Ахуыргæнæг:
- Мæ хæлæрттæ,тынг хорз кæрон скодтат нæ урокæн. Ацы ныхæстæ æдзух уæ зæрдыл лæудзысты æмæ уæ никуы ферох уыдзысты. Зæдтæ æмæ дауджыты фæдзæхст уæм не̛ ппæт дæр!
IV. Хæдзармæ куыст: равзарын иу хæслæвæрд:
- Ӕмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй.
- Ӕфсатимæ курдит ныффыссын.
Урочы технологон картæ.
№ | Урочы этап | Ахуыргæнæджы архайд | Ахуырдзауты архайд | УАА |
1. | Мотиваци. Интерактивон фæйнæгыл ирон адæмы бардуагты ныв. | Ахуыргæнæджы ныхас: Фæйнæгмæ ма æрбакæсут. Ацы ныв скодта зынгæ ирон нывгæнæг Лотиты Игорь. Абон цæры Мæскуыйы, фæлæ Ирыстоны нæ рох кæны, лæггад ын кæны йæ куыстæй æмæ нын мæнæ ахæм хуызы равдыста ирон адæмы бардуæгты. Кæцыйы кой дзы кæндзыстæм нæ урочы, уый та мын уæхæдæг зæгъдзыстут. Ӕрбайхъусут ма мæнæ иу диссаджы таурæгъмæ. Иуахæмы зæронд цуанон æмæ æрыгон цуанон ацыдысты цуаны. Фæхицæнтæ сты. Зæронд лæг амардта иу саг, арфæ ракодта … æмæ æнхъæлмæ кæсы йе ’мбалмæ. Уыцы рæстæг æрыгон цуанон къæдзæхты астæу баййæфта сагты рæгъау æмæ сæ цæгъдын райдыдта. Дæс дзы куы амардта, уæд æм … хъæр кæны: «Æгъгъæд у, мæ фосы мын мауал цæгъд!» Фæлæ уый уæддæр мары æмæ мары. Уæд æм … афтæ тынг смæсты æмæ йæ саугуырм бакодта. Афтæ æрыгон цуаноныл æрцыд сырдты бардуаджы æлгъыст. Цавæр бардуаджы ном дзы цухгонд æрцыд? Цæмæй йæ базыдтат? | Кæсынц, хъусынц, дзуапп кæнынц. -Уый у сырдты бардуаг Ӕфсати. | Регулятивон: Куысты нысан сбæрæг кæнын. |
2. | Темæмæ рахизыныл куыст | Интерактивон фæйнæгыл Ӕфсатийы ныв. Ахуыргæнæг: - Уæдæ абон ныхас кæндзыстæм сырдты бардуаг Ӕфсатийыл, фендзыстæм, миф æмæ религи кæрæдзийы æддаг-мидæг куыд ауадысты Хетæгкаты Къостайы сфæлдыстады, уый. Чысыл хъусынгæнинагӔфсатийы тыххæй бацæттæ кодта нæ къласы историк. Байхъусæм ма йæм. | Ахуырдзау-историк: «Ӕфсатийы фæлгонцы баиу сты ирон адæмы мифологи æмæ динуырнынад. Адæм бирæ зарджытæ æмæ таурæгътæ скодтой ацы бардуагыл. Уый дзурæг у ууыл, æмæ сæм цуан кæныны хъуыддæг бæрзонд æмвæзадыл æвæрд кæй уыдис. Раст æмæ тызмæг бардуагыл нымад у Ӕфсати. Цуанон-иу цуаны æнгуылдзæй ма хъуамæ амыдтаид: Ӕфсати ма фæхæрам уа, зæгъгæ. Уымæ гæсгæ-иу æгомыгæй амоныны сæр куы бахъуыдис, уæд амыдтой мустучъийæ. Кæд æмæ ацы табу хæлд цыдис, уæд-иу азымджынæн йе̛ нгуылдз æрцавтой лæдзæгæй, афтæ дзургæйæ: «Ӕфсати дын æххуыс кæнæд. Рæнтон Ӕфсатийæн йæ цæст ма къах!» Цуанкæныны бынатмæ-иу куы бахæццæ сты цуанæттæ, уæд-иу скуывтой Ӕфсатимæ, цæмæй сын йæ хъæддаг фосы рæгъæуттæй фæхай кæна. Нæ адæммæ Ӕфсатийыл цы зарджытæ ис, уыдоны ацы бардуаг æвдыст цæуы, куыд мæгуыр лæджы сæрхъуызой, йæ аудæг. «Фсати – бог охоты, покровитель бедных охотников и враг знатных» | Базонынадон: иртасæн куыст æххæст кæнын. |
3. | Иртасæн куыст. | Ахуыргæнæг: -Бакæсæм ма Хетæгкаты Къостайы æмдзæвгæ «Ӕфсати». Къостайы поэзии баст у адæмон сфæлдыстадыл, ирон æвзаджы рæсугъддзинадыл, адæмон фразеологи æмæ фольклоры стилистикон хæзнадоныл. Фольклорон уацмысы бындурыл Къоста ныффыста оригиналон уацмыс. Фсатийæ зæронддæр Дауджытæм кæм и? Къорд «лингвисттæ»-йæн хæслæвæрд уыдис, цæмæй бакусой æмæ сбæрæг кæной дзырдтæ «зæд» æмæ «дауæг»-ы историон ратæдзæнтæ. Байхъусæм ма сæм. | Съоладзаутæ кæсынц радгай. I-аг лингвист: «Дзырд «дауæг» ирон эпосы æмбæлы дзырд «зæд»-имæ иумæ бирæон нымæцы: зæдтææмæ дауджытæ. Абон ацы дыууæ дзырды нысаниуæг æмбæрст цæуы иу бæлвырд хъуыдыхæссæгæй. «Зæд» æмæ «дуаг» сты рагон ирайнаг дзырдтæ: зæд – бардуаг, хуыцау, (иуæй-иу ахуыргæндтæ та йæ тæлмац кæнынц куыд «цыткæнинаг»), дауæг – «тых», «тых хæссæг» рагонирайнаг дзырд «тав»-æй, кæцы нысан кæны «тыхджын уæвын». Уæдæ дыууæ дзырды иумæ нысан кæнынц «хуыцæуттææмæ тыхтæ». «Представление о «силах» как особых божественных сущностях рядом с богами коренится в древних иранских и арийских народных верованиях». Уымæн фæнысан кæнынц Ирыстоны алы кæмтты дæр июны мæйы стыр бæрæгбон Дауджытæ. Къоста дæр Ӕфсатийы дауджытыл нымайы, уый та ирон адæммæ стыр нымад зæд уыд». II-аг лингвист: «Æндæр адæмтæм дзырд «язат»-æй («зæд»-æй) нысан кæнынц сæ хуыцæутты дæр. Зæгъæм, ног персайнаг эпосы сæ уæлдæр лæууæг хуыцау Ормазды хонынц Изед, Йездан. Кæнæ зороастризмы дæр: «Сам Ахура Мазда именуется язатом – достойным почитания, именно этим словом будут названы старые индоарийские боги, когда восстановится их культ и они войдут в зороастрийский пантеон как «созданные Ахурой». Зороастризмы уæлдæр хуыцау Ахура Мазда рафæлдыста æвæрццаг уæларвон тыхтææмæ сæ схуыдта «Язат»-тæ (ома зæдтæ), сæ цæрæн бынат та ссис Гаронмана, бæрзонд хох Хукарьяйы цъуппыл. Хукарья нымад цыдис иуыл стырдæр хохыл – Хара Березайти (авест. «Высокая гора», среднеперсидский - Харбурз, фарси – Албурз). Ацы фæстаг дзырдæй равзæргæ у абоны Эльбурс – хæхты рагъ Ираны цæгаттаг фарс. Рагон адæмы мифологон дунеæмбарынадмæ гæсгæ та – хæхты рæнхъ Хуссар Кавказæй суанг ныгуылæн Индийы онг. Персайнаг зороастрийаг космологийы Харбурз баст цыдис Эльбурсимæ. Топоним Харбурзæй ма равзæргæ у Кавказы хох Эльбрусы ном дæр. Уæдæ Къостайы Всати дæр бады хæхтæй бæрзонддæрыл: Хæхтæй дæр бæрзонддæр Чи у, уый йæ фæци.» | Коммуникативон: ныхасы рæзтыл куыст. Базонынадон: иртасæн куыст æххæст кæнын. |
4. | Къордты куыст. Беседа. | Ахуыргæнæг: - Замманайы иртасæн куыст бакодтой нæ лингвисттæ. Ныр та бакæнæм ахæм куыст: дыууæ къордыл фæдих ут æмæ равзарут ацы дыууæ скъуыддзаджы. Ахуыргæнæг: -Ӕфсатийæ кусарт чи куырдта, уыцы цуанæттæ цавæр социалон къæпхæныл лæууыдысты?(1-аг къорд кусы фыццаг скъуыддзагимæ, 2-аг къорд та дыккаг скъуыддзагимæ). -Цæмæй бæрæг у? Цавæр дзырдтæ æмæ дзырдбæстытæ сты ууыл дзурæг. - Скъоладзаутæ, уæ хъуыдымæ гæсгæ, Ӕфсати кæй фарс балæууыдис, кæмæ раздæхта йе̛ ргом? - Ӕмæ хъæздыг адæмы тыххæй та цы зæгъы ? - Сывæллæттæ, уæдæ ма ахъуыды кæнут æмæ мын зæгъут, уæды дуджы цавæр социалон ныхмæлæуд равдыста автор йе̛ мдзæвгæйы? | 1.Дарддзæст лæппу араст Айнæджы былмæ, Къухаууонæй акаст Сау комы бынмæ... – Федтон, – загъта, – диссаг: Комы нарæджы Курынц иу мæллæг саг Фараст барæджы!.. Топп — йерæдзыпп, хъримаг, Бæх — саулох бæхтæ... Исты сын хæринаг К'уаид уал цæттæ!.. – – Гъе, 'рра! – Всати загъта, – Ахæмты тыххæй Уастырджи фæдавта Фос нæ мæгуыртæй; Ауадз сæ йæхимæ! – Уый та сæ хынцдзæн, Давæггаг фыдимæ Карз арахъхъ дæтдзæн!. 2. Авд цуаноны бадынц Айнæджы ныхыл, Тынг хъазуатæй зарынц, Нал хæцынц зæххыл... – О, уæрæйдæ, Всати! Ракæс, рафæлгæс, Бæрзондæй ныллæгмæ Хорз нæ бафæдзæхс! Мах – дæ уазæг, Всати, Ды – нæ фæдзæхсæг! Бæрзондæй ныллæгмæ Ракæс, рафæлгæс!.. Дзабыр нæй, – æрчъитæ! Топп рæхсæнтæй баст, Пакахуд нысчъилтæ, Сæр æхсырфæй даст... – Гъе, ныр, гъе, нæхион, – Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен, лæгау. 1-аг къорд. Уыдон хъæздыг адæмы минæвæрттæ уыдысты. 2-аг къорд. Мæгуыр адæм. 1-аг къорд.Топп — йерæдзыпп, хъримаг, Бæх — саулох бæхтæ... 2-аг къорд.Дзабыр нæй, – æрчъитæ! Топп рæхсæнтæй баст, Пакахуд нысчъилтæ, Сæр æхсырфæй даст... Мæгуыр адæммæ. – Гъе, ныр, гъе, нæхион, – Разын ныр рæдау! Аскъæр сыл нæ сион, Хорз сæ фен, лæгау. - Ӕфсати «ахæмты» хоны хъæздыджыты, зæгъгæ, саулох бæхтыл æрбалæууыдысты фараст барæджы æмæ курынц иу мæллæг саг. Фсати сæ «арвит» нæ зæгъы, фæлæ «ауадз», цымæ сæ фæндаг Фсатийы тыгъдадыл цыдис, афтæ. Уастырджи сæ, зæгъгæ, «фендзæн» мæгуыр адæмæй «радавæггаг фыд» æмæ «карз арахъхъæй». Дзырдтæ «фараст», «давæггаг фыд», «карз арахъхъ» не сты хорз миниуæг æвдисæг. Уастырджи кæцыфæнды бæлццоныл дæр ауды: фæнды абырæг уæд, фæнды раст лæг. Фæлæ Ӕфсати хорзæх æмæ фыдæхы ̕хсæн æвæры цæхгæр арæн. - Уæды заманы социалон дихдзинад тынг ирдæй зындис æхсæнады. Къоста зыдта, царды уæз мæгуыр адæмы уæхсджытыл тынгдæркæй æрæнцайы, уый æмæ æдзух тох кодта сæ бартыл. Ӕмдзæвгæйы дæр уынæм ацы ныхмæлæуд. Ам та мæгуыр адæмы фарс балæууыд Ӕфсати, уый у сæ сæрхъуызой. | Коммуникативон: хи хъуыдытæ бæлвырдæй æмæ æххæстæй дзурын |
5. | Кæронбæттæн. Рефлекси. Къордты куыст. | - Скæнæм ма синквейн дзырд «Ӕфсатийæн». -Абон нæ урочы дзырдтам Ӕфсатийыл. Уый иу кæны ирон адæмы мифологи æмæ религи. Ирыстоны кæмтты абон дæр кувынц æмæ табу кæнынц ацы бардуагæн. Ӕвæдза, стыр тых ис нæ рагфыдæлты динуырнынадæн!.. Уый арф уидæгтæ ауагъта нæ дунеæмбарынады рагзамантæй фæстæмæ, нæ монон культурæйæн та у йæ сæйрагдæр цæджынг. Фæнды мæ, цæмæй нæ урочы кæрон афыссæм æрмæст Ӕфсатимæ нæ, фæлæ æппæт нæ бардуагтæм дæр чысыл кудиаттæ (скъоладзаутæ кусынц къордтæй, фыссынц сæ тетрæдты, кæсынц). - Уый хорз у, фæлæ сын сымах дæр исты дзырд хъуамæ раттат, цæмæй уæ куринаг фехъуыса уыдонмæ? - Мæ хæлæрттæ,тынг хорз кæрон скодтат нæ урокæн. Ацы ныхæстæ æдзух уæ зæрдыл лæудзысты æмæ уæ никуы ферох уыдзысты. Зæдтæ æмæ дауджыты фæдзæхст уæм не̛ ппæт дæр! | Ӕфсати Тыхджын, раст. Ӕххуыс кæны, сæрхъуызой у, арфæ кæны. Хъæддаг сырдты хицау æмæ бардуаг. Рæстдзинад. 1-аг къорд. Курæг уæ стæм, цæмæй ирон адæмы фарсмæ лæууат æдзухдæр, цудын сæ макуыуал бауадзут, сæ рагфыдæлты тых æмæ сæм ныфс раздахут!!! 2-аг къорд. Курæг уæ стæм, цæмæй нын ахъазгæнæг уат, уæ рахиз базыры бын нæ дарут!!! Скъоладзаутæй сæ иу: -Мах та дзырд дæттæм, нæ фыдæлтæн аккаг сомбон кæй уыдзыстæм, сæ сæр мах тыххæй кæй никуы æркъул кæндзысты. | Регулятивон: къорды кусгæйæ хи архайдмæ хъус дарын зонын, зонындзинæдтæ иу уагмæ æркæнын. |
6. | Хæдзармæ куыст | Равзарын иу хæслæвæрд: Ӕмдзæвгæ сахуыр кæнын зæрдывæрдæй. Ӕфсатимæ курдит ныффыссын. | Коммуникативон: курдиат фыссын, ныхасы рæзтыл куыст. |
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Викторина по биографии и произведениям Коста Хетагурова
Вопросы викторины составлены для учащихся среднего и старшего звена СОШ....
Сценарий на конкурс чтецов, посвященный 150-летию Коста Хетагурова.
Конкурс чтецов на осетинском и русском языках для 5-7 классов....
"Любовная лирика Коста Хетагурова"
Доклад подготовлен на конференцию, посвященную основоположнику осетинской литературы -Коста Левановичу Хетагурову....
Мероприятие ко дню рождения Коста Хетагурова
Учитель Дзуцева З.Б. 17.10.15. вместе с учащимися 9-10 классов провела в развлекательном центре РИО музыкально-литературное меропритие посвященное 156-летию со Дня рождения К.Л.Хетагурова "Къост...
Любовь-муза жизни (по произведению Коста Хетагурова "Хæрзбон")
В стихотворении Коста Хетагурова "Хæрзбон" ярко выражена красота, гумманизм души автора, отношение автора к любимой девушке...
Выступление на конференции по поэмам Коста Хетагурова. "Поэма "Хетаг"-ы истори ама йа равзарды аххосагта"
На этой конференции были рассмотрены известные исторические поэмы Коста Хетагурова"Фатима", "Плачущая скала", "Хетаг". Обучающаяся высказала свою точку зрения по данному произведению....
Сценарий для литературного вечера, посвященного творчеству Коста Левановича Хетагурова
Этот материал можно использовать для проведения в старших классах внеклассного мероприятия, посвященного творчеству Коста Хетагурова. Тема сценария - роль женщины в жизни и творчестве великого поэта....