Народное творчество
план-конспект урока (5 класс)
Предварительный просмотр:
Гом урочы пълан ирон æвзагæй
( лæмæгъ къорды)
Урочы темæ :
5-æм кълас
Ахуыргæнæг:
Чехойты С.О.
Дзæуджыхъæу
15.12.2018 аз
Урочы темæ: «Адæмон сфæлдыстад»
«Грамматикон темæ: « Номдарты хауæнтæ
Урочы нысантæ:
- Адæмон сфæлдыстады хуызтимæ базонгæ кæнын ахуырдзауты.
- Лæмбынæг æрдзурын номдартыл иртæстон хауæныл.
2. Ныхасы рæзтыл бакусын.
3. Хъомыл кæнын царды раст уæвынмæ тырнындзинад.
Урочы фæлгонц: дзырдбыд, интерактивон фæйнæг,
тексттæ, карточкæтæ, чиныг.
- Организацион хай.
–Уæ бон хорз!
Œгас цу!
Сбадут!
Мах рæсугъд сбадтыстæм
Тынг лæмбынæг хъусæм,
Партæйыл нæ чингуытæ,
Мах цæттæ стæм, кусæм.
- Уæдæ, райдайæм кусын. – Абон кæцы нымæц у? Къуырийы бонтæй та кæцы бон у?
Раттын алыхуызон фарстытæ:
Цал азы дыл цæуы? Кæм цæрыс? Кæцон дæ? Дæ телефоны номыр куыд у? Де мбалы телефоны номыр та куыд у? Дæ фатеры номыр…Афæдзы афонтæй кæцы афон у?
(Ахуырдзаутæ дæр кæрæдзимæ дæттынц фарстæтæ)
(ЗЫМŒГ) (СЛАЙД №1 )– Зымæджы ныв.
Дзырдтæ:уазал, урс дарæс, даргъ, цыбыр, миты хъæпæнтæ, салд.
Ах-æг: Ацы дзырдтæ спайдагæнгæйæ саразут цалдæр хъуыдыйады.
( Ахуырдзауты дзуаппытæ).
- Фонетикон зарядкæ. Бакусæм тагъддзуринагыл: Мыртæ (Х), (ХЪ)(КЪ) раст дзурыныл архайын
(СЛАЙД)
ТŒРХЪУСЫ ХУЫСТ - ХЪИЛХЪУСŒЙ
ХŒЛŒРТТЫ ХŒРД - ИУ КЪУСŒЙ
(сфæлхат кæнын тагъддзуринаг цалдæр хатты.)
- Аудировани. – Ныртæккæ уын бакæсдзынæн худæг хабар. Лæмбынæг мæм байхъусут.(бакæсын чысыл худæг хабар, тесты хуызы сбæрæг кæнын ахуырдзауты дзуæппытæ)
Раст у æви нæу? …
- Бакæсæм хъуыдыйæдтæ. (экраныл СЛАЙД) Саг у рæсугъд цæрæгой. Уасæг зарджытæ кæны. Карк у хæдзарон маргъ. Гыццыл Сослан бирæ уарзы айк хæрын. Баба мæ сахуыр кодта тæскъ бийын. Нана цæхæрадонæй æрбахаста булкъ.
Сæвæрут саудæрæй фыст дзырдтæ гуырынон, дæттынон æмæ иртæстон хауæны.
Саг –
Уасæг-
Карк-
Айк-
Тæскъ-
Булкъ-
- Хæццæгонд дзырдтæй бафæлварæм хъуыдыйæдтæ саразын, афыссын сæ тетрæдты. (СЛАЙД)
МАД, НЫВ КŒНЫ, АХОРŒНТŒЙ, ЛŒППУ, РЫГЦЪИРŒНŒЙ, БАЛХŒДТОН,ŒЗ, НЫВŒФТЫД, ŒМБЫРД КŒНЫ, САБИ, БЫРŒТТŒ, ЧИНЫГ, ХЪАЗЫ, ПОРТИЙŒ.
- Иртæстон хауæны æвæрд номдартæ фæнысан кæнут.
(Œз балхæдтон нывæфтыд чиныг.
Лæппу ныв кæны ахорæнтæй.
Мад рыгцъирæнæй æмбырд кæны бырæттæ.
Саби хъазы портийæ.)
- – Уæдæ, акæнæм дзырдуатон куыст. (райуарын карточкæтæ хъуыдыйæдтимæ)
- Къ æвда уары ( не останавливаясь)
- Дадайыл ис (войлочная шляпа).
- «Ротозей!».- фæхъæр кодта мад й æ фыртыл.
- (Всегда) хъусын хъæуы хистæртæм.
- Алы райсом дæр хъæуы хæрын (завтрак).
- Нана мын балæвар кодта (иллюстрированный) чиныг.
(Чи раздæр ныффысса йæ куыст, уыдон сбæрæг кæндзысты иннæ куыстытæ дæр æмæ сын аргъ кæндзысты).
- –Уæдæ,адæмон сфæлдыстадмæ хауы ноджы…цы?
( Хæдзармæ куыст - уыци-уыцитæ)
Базонут-ма йæ ,уый у зонды суадон. (чиныг).
У бур æмæ тымбыл,зайы цæхæрадоны (нас).
-Сымах дæр ма æрхъуыды кæнут уыци-уыцитæ.
(ахуырдзаутæ кæрæдзийæн дзурынц уыци - уыцитæ).
- Сбæрæг кæнæм нæ хæдзармæ куыст.
Œз райдайдзынæн æмбисæндтæ,сымах сæ адарддæр кæнут.
Зивæггæнаджы гуыл…(хомæй баззад)
Сырддонцъиу… (дæр ма йæхи взагыл зары)
Адæмы цæст..(дардмæ уыны)
Хорзæн йæ митæ…( йе вдисæн)
Мады зæрдæ…(зонаг)
Чиныгæн … (аргъ кæн)
-Œцæг,чиныгæн аргъ кæнын хъæуы. Куыд дарын хъæуы чиныг та?
(скæнын физминуткæ – хъазт «æмбæхст дзырд»
- Уæдæ,куыд базыдтам,афтæмæй адæмон сфæлдыстадмæ хауы…(баххæст кæнын кроссворд дзырдтæй)
æ | |||||||||
т | м | ||||||||
а | хъ | а | б | к | |||||
д | æ | гъ | у | и | з | а | |||
с | ф | æ | л | д | ы | с | т | а | д |
м | дз | дз | ц | о | а | р | æ | ||
о | æ | у | и | н | у | æ | г | ||
н | г | р | у | д | р | г | |||
н | и | ы | æ | ||||||
ы | н | ц | гъ | ||||||
х | а | и | |||||||
а | г | ||||||||
с |
- Œркæсæм Нарты кадджытæй иу «Сырдоны хæрæг»-мæ. Бакæсæм æй.(Фыццаг æй кæсы ахуыргæнæг,бацамонын ног дзырдтæ.
Хæрæггур =хæрæг+курын (осел+просить)
Уæлæсых =уæллаг +сых(аг)(верхнее+село
Æууæндын (доверять)
А)Ахуырдзауты кастмæ байхъусын,
Œ)Рольтæм гæсгæ бакæсын.
Б) Раттын фарстæтæ: Хæрæг куырдтой (кæмæй?)
Сугтæ ластой (кæцæй?)
Хæрæг ныууасыд (кæцæй?)
- Ахуырдзаутæ дзурынц сæ хъуыдытæ урочы тыххæй:
Мæ зæрдæмæ фæцыд…
ᴁз абон базыдтон…
- Хæдзармæ раттын текст аив кæсын,рольтæм гæсгæ дзурын.
- Ахуырдзауты æвæрд бæрæггæнæнтæм гæсгæ хатдзæгтæ скæнын.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Презентация "Народная сказка" может использоваться на уроках литературы в 5 классе при изучении устного народного творчества.
Данная презентация содержит интересный материал о народной сказке, ее особенностях и принципах построения. В работе использован иллюстративный материал, помогающий наглядно почувствовать прелесть сказ...
ИТОГОВАЯ РАБОТА по теме «Применение наглядных пособий на уроках изобразительного искусства и народного творчества и их значение в процессе эстетического воспитания школьников, в свете внедряемых ФГОС для основной школы на примере занятий по народной жи
Приведенная нижа работа являлась отчетной на курсах "Народная живопись", проводимой СИПКРО в сентябре 2012 года. Краткое содержание:1. Введение. Цели и задачи проекта.2. Виды наглядных посо...
«Поэтический образ птицы в народном творчестве» бинарный урок факультативного курса народной культуры и ИЗО
Углубить знания учащихся об образе птицы через ознакомление с различными жанрами устного народного творчества и с образцами хохломской росписи, как вида народного промысла.1. Обучать...
Исследовательская работа "Народное творчество, как средство приобщения молодежи к изучению русской народной культуры".
Исследовательская работа обучающейся студии "Силуэт" МОАУ ДОД "ЦДТ" Рейзиной Алины....
Иллюстрации к исследовательской работе "Народное творчество, как средство приобщения молодежи к изучению русской народной культуры".
Иллюстрации к проекту (1 часть)...
Технологическая карта открытого интегрированного занятия, общекультурного направления «Народное творчество» и «Россошанская слобода», по теме: «Народное творчество в прошлом и настоящем»
Цели: активизировать мыслительную деятельность учащихся, развивать познавательный интерес, расширять представления учащихся о народном творчестве, способствовать развитию внимательности, наблюдательно...
Устное народное творчество. Фольклор — коллективное устное народное творчество. Малые жанры фольклора
Устное народное творчество.Фольклор — коллективное устное народное творчество. Малые жанры фольклора...