урок на тему "Зымæг. Цæрукъаты В. Заз"
план-конспект урока
Предварительный просмотр:
Гом урок 2 къласы
Темæ: Зымæг.
Цæрукъаты Валодя «Заз».
45- æм гимназы
Ирон æвзаджы ахуыргæнæг
Хуыгаты Ж.И.
Темæ: Скодта Митын лæг йæ урс кæрц.
Цæрукъаты В. «Заз».
Урочы нысæнттæ:
1.Бамбарын кæнын æмдзæвгæйы сæйраг хъуыды.
2.Скъоладзауты фæцалх кæнын рацыд лексикон æрмæгæй ныхасы мидæг пайда кæныныл.
3.Аив кæсыны фæлтæрддзинад рæзын кæнын, ныхасы рæзтыл кусын.
Урочы фæлгонц:
Презентаци интерактивон фæйнæгыл, хъазæнтæ, сценкæ.
Эпиграф:
Алы бон цæут æгас,
Митын Дада,заз бæлас!
- Бацæттæгæнæн рæстæг.
Тагъддзуринаг.
Æхсæрæг æхсæртæ саста,
Пыхсбыны ныффынæй арс та,
Æхсæры цъар ыл æрхауд,-
Арс,мæгуыр,хæрдмæ фæхауд.
II.Скъоладзауты сразæнгард кæнын урочы архайынмæ.
Æмбисонд: «Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ цард арынц».
Ахуыргæнæг:
- Куыд æмбарут ацы æмбисонд?
Мах дæр урочы кусдзыстæм æнгом бинонтау, цæмæй нын фылдæр бантыса урочы.
III.Урочы темæ раргом кæнын.
Уыци-уыци (интерактивон фæйнæгыл):
Хур ма зæхх фæтавы цъус ,
Митæй дары быдыр урс.
Уазал дымгæ у тызмæг,
Уый та нæм æрцыд … (зымæг)
Ныв «Зымæг».
-Цы уынут нывы?
-Цавæр бæлæстæ базыдтат нывы?
-Цæмæ гæсгæ?
(Заз бæлас сæрдæй, зымæгæй вæййы уыцы иухуызон)
-Арвæй хауынц митгæлæбутæ дамгъæтимæ. Цавæр дзырд сæ саразæн ис?
( Сывæллæттæ интерактивон фæйнæгыл дамгъæтæ иу кæнынц).
-Цавæр дзырд рауад? ( зымæг)
-Нæ урочы дзурдзыстæм …
IV.Хæдзармæ куыст сбæрæг кæнын.
Æмбисонд:
-Цавæр аргъау уæ зæрдыл æрлæууыд? («Зымæгон аргъау»)
Скъоладзаутæ æвдисынц сценкæ «Зымæгон аргъау»-æй.
-Кæцы архайæг фæцыдис уæ зæрдæмæ тынгдæр?
-Аргъауæн цавæр кæрон ис?
Скъоладзаутæ кусынц дыууæ къордæй æмæ æххæст кæнынц тест.
Тест
1.Сæйраг архайджытæ сты:
а)бирæгъ
б)æхсæрæг
в)рувас
г)тæрхъус
2. Стъолы бæсты Тæкку æрбахаста:
а)тæгæр бæлас
б)тулдз бæлас
в)сусхъæд
г)заз
3.Цал хатты арвыста Æхсæрæг Тæккуйы хъæдмæ:
а) дыууæ
б) æртæ
в) цыппар
г)фондз
4.Æхсæрæг йæ ныхас нæ сæххæст кодта, уымæн æмæ уыд:
а)чъынды
б) хинæйдзаг
в) æнæрхъуыды
г)зивæггæнаг
5.Тæкку уыди:
а)зæрдæхæлар в)тæригъæдгæнаг
б)мæстыгæр г) æнæзивæг
Хатдзæг.
Баххæст кæнут æмбисæндтæ:
1.Бирæйæ бирæгъ дæр… ( не ‘фсæды)
2 Сайын… ( хорз нæу)
V.Физминуткæ.
Тæрхъус быдырмæ –сæпп,сæпп,сæпп.
Тæрхъус быдырмæ –гæпп,гæпп,гæпп.
Æз æй æрцахсин, æз йемæ хъазин.
Фæлæ мæ куы фæтæрса, мыййаг.
Тæрхъусы зæрдæ-тъæпп,тъæпп,тъæпп.
Тæрхъусы зæрдæ-хæпп,хæпп,хæпп.
Мæнмæ фæкасти, мæнæй фæтарсти,
Уæртæ ма кæсут-гæпп,гæпп,гæпп!
VI.Ног æрмæгмæ бахизæн (рацыд æрмæг зæрдыл æрлæууын кæнын).
Митын лæг
дзоныгъ
къахдзоныгътæ
миткъуыбæрттæ
Хъазт « Цæй ныр та ды дæр фæлвар-ам хъæугæ дзырдтæ ссар».
1.Æг-æг-æг
Æрбахæццæ та нæм…(зымæг).
2.Аз-аз-аз
Ралæууыди нæм … (Ног аз).
3.Ры-ры-ры
Мит та ногæй …( рауары)
4.Аг-аг-аг
Фæндаг та у…( бырынцъаг).
VII.Ног æрмæг.
-Æркæсут ма нывмæ æмæ бакæсут æмдзæвгæйы сæргонд,-Цæй тыххæй у ацы æмдзæвгæ?
Беседæ заз бæласы тыххæй.
VIII.Дзырдуатон куыст.
IX.Хинымæр каст.
Æмдзæвгæйыл куыст фæрстытæм гæсгæ.
X.Аив каст.
XI.Релаксаци.
-Дыууæ митын лæджы абарут. Æмхуызон сты? Ссарут сын сæ хицæндзинæдтæ.
XII.Ног термин.
-Бакæсут- ма хъуыдыйад йæ райдайæнæй кæронмæ, стæй та – кæронæй райдайæнмæ.
-Размæ дæр æмæ фæстæмæ дæр иухуызон кæсгæ чи у, ахæм текст хуыйны ПАЛИНДРОМ.
XIII.Рефлекси.
XIV.Хæдзармæ куыст:
Æмдзæвгæ сахуыр кæнын наизусть.
По теме: методические разработки, презентации и конспекты
Методическая разработка: предполагаемый план проведения урока - При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке.
При подготовке к уроку использовать как вспомпгательный ориентир для каждого этапа урока. Презентация отражает создание условий для учебных действий на уроке....
Методическая разработка урока литературы по теме «Творчество Сергея Есенина»(11 класс). Тема урока - «Голубая Русь» Сергея Есенина. Тип урока –урок-исследование.
Знакомство со стихотворениями С.Есенина, посвящёнными теме родины, с творческим методом поэта....
Конспект открытого урока по технологии в 6 классе. Тема урока: Игровые технологии на уроках обслуживающего труда. Одежда и требование к ней. Снятие мерок для построения чертежа юбки. (Презентация к уроку)
Разработка урока с презентацией помогает учителю более доступно и понятно познакомить учащихся с историей юбки. На уроке используются игровые технологии, что помогают учащимся лучше усвоить материал у...
Урок изобразительного искусства в 5-ом классе.Тема урока: « Деревья как люди». Вид работы: рисование по представлению Тип урока: комбинированный, урок – сказка
Тема урока: « Деревья как люди».Вид работы: рисование по представлениюТип урока: комбинированный, урок – сказка Цель урока:ü Средствами изобразительного языка ...
Класс 9 Урок №24. Тема урока: Системы счисления. Перевод чисел Тип урока; Урок «построения » системы знания.
Урок для учащихся 9 класса по теме "Системы счисления. Перевод чисел". Урок в разделе программы по счету третий. Цель:Образовательная: систематизация и расширение знаний обучающихся о операциях п...
Сходства и различия уроков с метапредметным подходом с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе) Метапредметный подход на уроке русского языка в 8 классе
Сходства и различия уроков с интегрированными уроками и уроками с межпредметными связями (на примере уроков русского языка в 8 классе)...