«Æвзаджы аивгæнæн - нывæфтыд мадзæлттæ».
план-конспект урока (9 класс)

Джигкаева Людмила Федоровна

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 9-æм къласы

Скачать:


Предварительный просмотр:

Технологон картæ ирон æвзаджы урокмæ 9-æм къласы

Темæ:  «Æвзаджы аивгæнæн - нывæфтыд мадзæлттæ.»

Урочы  нысантæ

Аивгæнæн - нывæфтыд мадзæлттæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын æмæ сахуыр кæнын ахуырдзауты уыдонæй пайда  кæнын ныхасы.

Ахуыргæнинæгты æвзаг хъæздыг, ирд æмæ нывæфтыд кæнын.

Урочы хуыз

Урок- практикум

Урочы ахуырадон фæстиуджытæ

Предметон: : терминтæ  зонын æмæ сæ кæрæдзийæ иртасын.

Метапредметон: арæхсын аивгæнæн мæдзæлттæй пайда кæнын.

Удгоймагон: рæзын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ.

Ахуыры методтæ æмæ формæтæ

Иртасæн - абарсты метод, проектон метод, хъазты формæ, къæйттæй архайды метод.

Æххуысгæнæг фæрæзтæ

Карточкæтæ, презентаци, интерактивон фæйнæг

                               Урочы эпиграф:

Адæмы стырдæр хæзна у æвзаг, кæцыйыл

фыссынц, дзурынц, хъуыды кæнæнц.

Д.Н.Лихачев     

Урочы организацион структурæ

Урочы сæйраг этаптæ æмæ структурæ

Ахуыргæнæджы архайды мидис

Скъоладзауы архайды мидис

Универсалон ахуырадон архайд (УАА)

Мотиваци.

(ахуыргæнæг дæтты ног темæ бамбарынæн æххуыс чи у ахæм æрмæг.)

- Уæ бонтæ хорз, сывæллæттæ.

- Уæ бонтæ хорз, нæ зынаргъ уазджытæ æмæ фарн уæ хæдзæртты.

 

-Абон мæ фæнды нæ урок райдайын синквейн – базон-базонæй:

Слайд №1

                  Уыдон

                  Рæсугъд, ирд, нывæфтыд

                   Аив кæнынц, ныв кæнынц, имитаци кæнынц

                   Æвзаджы хъæздыгдзинад - хъуыдыты хъæздыгдзинад

                   Ныхасы хазна.

-Куыд хъуыды кæнут, дзырд цæуыл цæуы?

(слайд 1)

Раст! Нæ урочы темæ: «Æвзаджы аивгæнæн- нывæфтыд мадзæлттæ»

(слайд 2)

-Урочы эпигрæф ма бакæсут.

-Разы стут йемæ?

-Цæмæн?

-Ныффыссут урочы темæ æмæ эпигрæф уæ тетрæдты.

Ахуыргæнæг дзуры æвзаджы ахадындзинадыл…

-Цавæр нысæнттæ сæвæрдзыстæм нæ разы?

(слайд 3)

салам дæттынц

Дзуапп: аивгæнæн мадзæлттыл;

Æвзаджы аивгæнæн- нывæфтыд мадзæлттыл

Кæсынц эпиграф æмæ сæ хъуыдытæ зæгъынц.

Фыссынц нымац, темæ æмæ эпигрæф

Скъоладзаутæ сæ хъуыды зæгъынц…

           

Регулятивон:  зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинæдтæ иумæйаг кæнын

Актуализаци

Терминологон диктант

(къуылымпытæ кæм æмæ цæмæн æййафдзысты, уый сбæрæг кæнын.)

-Нæ урочы темæ зонæм, нæ размæ хæстæ сæвæрдтам, дарддæр фыссæм терминологон диктант. Æз кæсын цыбыр раиртæстытæ, сымах та уæ тетрæдты фыссут аивгæнæн мадзæлтты нæмттæ, ома терминтæ.

1. Уыцы-иу дзырдæй райдайынц сыхаг хъуыдыйæдтæ… (Анафорæ)

2. Уыцы-иу дзырдæй фæваййынц сыхаг хъуыдыйæдтæ… (Эпифорæ)

3. Иу хъуыдыйад ныммур кæнынц хицæн хъуыдыйæдтыл… (Парцелляци)

4. Æнæуд предмет архайы куыд удгоймаг… (Олицетворени)

5. Стырдæргонд кæнын… (Гиперболæ)

6. Гыццылдæр кæнын… (Литотæ)

7. Зыгъуыммæ рæнхъæвæрд хъуыдыйады… ( Инверси)

8.  Æмбæхст абарст … (Метафорæ)

9. Фæлгоцджын бæрæггæнæн… (Эпитет)

10. Сыхаг хъуыдыйæдтæ иухуызæн арæзт… (Синтаксисон параллелизм)

11. Ныхæй- ныхмæ æвæрд хъуыдытæ… (Антитезæ)

12. Барст цæуынц предметтæ… (Абарст)

13. Сæ нысаниуджытæ ныхмæвæрд кæмæн сты, ахæм дзырдбаст… (Оксюморон)

14. Архайд тыхджынæй- тыхджындæр кæнын… (Градаци)

-Кæрæдзимæ радтут уæ тетрæдтæ æмæ бæрæггæнæнтæ сæвæрут.

Слайд №5

- Зын базонæн уын цы уыд?

-Цал къордыл адих кæнæн ис ацы терминтæ?

 

-Цæмæй хицæн кæнынц?

Скъоладзаутæ фыссынц…

  1 – анафорæ

 

2 – эпифорæ

                       

3 – парцелляци

                       

4 – олицетворени

                       

 5 – гиперболæ

                       

 6 – литотæ

                       

 7 – инверсии

 8 – метафорæ

 9 – эпитет

 10 – синтаксисон параллелизм

 11 – антитезæ

                       

12 – абарст

 13 – оксюморон

                         

14 – градации

Ахуырдзаутæ ахуыргæнæджы аххуысæй æмбарын кæнынц терминтæ

-Дыууæ: лексикон æмæ синтаксисон, ома троптыл æмæ фигурæтыл

-Лексикон къорды дзырдтæн ис ахæсгæ нысаниуæг, синтаксисон къорды та – хъуыдыйæдтæн ис æнахуыр арæзт

Зонадон: арæхсын æрмæгæй пайда кæнынмæ урочы темæ æргомгæнгæйæ

Коммуникативон: арæхсын æрмæгæй пайда кæнынмæ урочы темæ æргомгæнгæйæ

Удгоймагон: рæзын кæнын уарзондзинад мадæлон æвзагмæ.

Цæлхдуртæ аиуварс кæныныл куыст.

Къордты куыст.

Ахуыргæнæг хæс дæтты:

-Терминологон диктанты дзырдтæ фæдих кæнут дыууæ къордыл æмæ саразут кластертæ.

1 къорд- троптæ,

2къорд- фигурæтæ

Кластертæ аразынц.

1къорд. Троптæ:

гиперболæ,

литотæ,

метафорæ,

эпитет,

абарст,

оксюморон

2къорд.

Фигурæтæ:

анафорæ,

эпифорæ,

парцелляции,

инверсии,

синтаксисон параллелизм,

антитезæ,

градации

Слайд№ 6, 7

Зонадон: анализ, синтез, абарст; хъуыдытæ логикон æгъдауæй аразын æмæ бæлвырд кæнын; алыхуызон хъуыдытæ нымайын æмæ афтæмæй æмгуыст кæнын

Коммуникативон: бæлвырд æмæ биноныг дзурын хи хъуыдытæ; иумæйаг уынаффæмæ æрцæуын иумæйаг хъуыддаг аразгæйæ

Удгоймагон: хи бæрнондзинад æмбарын иумæйаг хъуыддаджы; моралон æмæ этикон домæнтæ æххæст кæнын

Чиныгимæ куыст

Ахуыргæнæг дæтты ног хæслæвæрд.

Бацамонын æвзаджы аивгæнæн - нывæфтыд мадзæлттæ.

Аргъ кæны скъоладзауты дзуæппытæн.

Хъуыдыйæдтæ фыссынц æмæ амонынц аивгæнæн мадзæлттæ .

                               

1.Дзæгъæлы нæ дымдтой дымгæтæ.

    Дзæгъæлы нæ цыд тæркъæвда.

2.Талынджы уыны, рухсы –нæ.

3. Зæлдаг зæлтæ хуры тынтыл дзинг- дзинг кæнынц.

4. Уый раджы уыд. Мамысонгомы. Къуыдарæй рацыд иу ус. Сидзæргæс.

5. Бирæ хабæрттæ фæдзуры дон бæласæн: куыд рæсугъд сты хæхтæ, йæхи хъæдмæ куыд раппары къæдзæхæй.

6. Райсомы уазалæн йæ тых нæ сæтты, æлхысчъытæ кæны фыд æмæ фырты цæсгæмттæ.

7. Мит хъæрзы къæхты бын.

8. Мады рæвдыд  у уалдзыгон хурау, йæ дзыхы ныхас та фæлмæн бæмбæгау.

Регулятивон: архæйдтытæ зæрдыл лæууын кæнын; аххос æмæ фæстиуджыты бастдзинад сбæлвырд кæнын, архайдтытæ алгоритмæ гæсгæ кæнын

Коммуникативон:

Удгоймагон:

Ног зонындзинæдтæ дзургæйæ фидар кæнын.

Хæслæвæрд. Текст   бакæсут æмæ йæ бахъуыды кæнут. Бацамонут æвзаджы аивгæнæн –нывæфтыд мадзæлттæ: анафорæ, эпитеттæ, метафорæтæ, гиперболæтæ, олицетворенитæ.

-Текст хи ныхæстæй чи радзурдзæн?

Текстыл кусынц.

                                                               Уалдзæг.

         Уалдзыгон фæлмæн къæвда – царды хос, дзæм – дзæм суадон. Цы мыггæгтæм баулæфы, уыдоны мидæг райхъал вæййы цард. Цы уидæгтыл бандзæвы, уыдон февналынц зæххы сой цъирынмæ.

          Майы æнæбын цъæх  цæстытæм джихæй ныккаст ног сыфтæрджын хъæд. Арвæрттывд æмæ ивылд дæтты хъæрмæ сæ сæртæ сдардтой нартхоры æвзартæ. Фæрсынц:

       - Кæй узæлдæй райхъал стæм?

          Дзуаппы бæсты сын цалхы йас хур зæлдаг тынты баст æрвиты лæварæн…

         Быдыр райхъал .Хуымтæ худынц. Уалдзæг дзæнгæрджытæ цæгъды.

Дзурынц текст                        

Зонадон:

хи ныхас раст рацаразын зонын; хъæугæ информаци ссарын æмæ радзурын зонын

Коммуникативон: хи хъуыдытæ æргом кæнын),

Удгоймагон: 

мадæлон  æвзаджы аивдзинад;

Фыдыбæстæм æмæ мадæлон æвзагмæ уарзондзинад гуырын кæнын

Рефлекси.

Æрмæг бафидар кæныныл куыст.

-Нæ урок цы синквейнæй райдыдтам , уый фæстаг рæнхъ уыд  «Ныхасы хæзна». Уыцы дыууæ дзырдæй райдайдзыстут  уæ нывæцæн фыссын.  Радыгай кæрæдзимæ дæттут сыф æмæ алчидæр фыссы  1-2 минутмæ, иу хъуыдыйад  .

Фæстаг кæсы нывæцæн.

-Сымах сахуыр стут аивадон -нывæфтыд мадзæлттæ тексты арын æмæ сæ пайда сфæлдыстадон куысты.

Ныр  та фæйнæгмæ уе ‘ргом раздахут æмæ алчидæр иу хъуыдыйад кæронмæ ахæццæ кæнут. Слайд№9

Фыссынц фæйнæ хъуыдыйады радыгай, стæй фæстаг скъоладзау кæсы нывæцæн

                                           

Абон æз базыдтон…

Уыди цымыдисаг…

Æз бамбæрстон уый  æмæ…

Ныр мæ бон у…

Мæн бафæндыди …

Мæ бон баци…

Фæнды мæ  фылдæр базонын…

Зонадон: ахуырадон нысан æвæрын, ахуырадон архæйдтытæ сбæрæг кæнын,

ахуыры фæстиу-джытæ рагацау сбæрæг кæнын,

Коммуникативон: 

хи хъуыдытæ æргом кæнын, хъуыды бавæрын ныхасы.

Удгоймагон:  иумæйаг хъуыддаджы бæрнондзинад æмбарын

Хатдзæгтæ скæнын.

- Фæнды мæ, цæмæй уæ ныхас уа хъæздыг, ирд, нывæфтыд. Кæддæриддæр тырнат, ацы хъуыды равдисынæн ацы ран кæнæ ацы уавæры хуыздæр чи уыдзæн, хуыздæр чи сфидаудзæн, ахæм мадзæлттæ ссарынмæ. Рæсугъд ныхас аразын у нывгæнæджы дæсныйады хуызæн. Иу æвзаджы дзурджытæй иутæн сæ ныхас вæййы æгъуыз æмæ æдых. Иннæтæн – тыхджын, нуарджын, аив.

Скъоладзаутæ хатдзæгтæ кæнынц

Коммуникативон: хи хъуыдытæ бæлвырд нæнын алыхуызон критеритæй пайда кæны; ахуырады æмгуыстдзинадæн фæтк аразын),

Удгоймагон :

æнтыстытæ бæлвырд кæнын; ахуырадон архайды къухы цы бафтыд, уый бæрæг кæнын.

Хæдзармæ куыст

Бæрæггæнæнтæ

Скъоладзаутæн лæвæрд цæуынц презентацийы темæтæ.

Слайд №10

Метафорæ – аивгæнæн мадзæлтты паддзах.

Егъау гиперболæ æмæ гыццыл литотæ.

Диссаджы эпитет.

Градацийы хæрдмæ схызт æмæ бынмæ æрхызт.

Абарсты фадæттæ.

Анафорæ æмæ эпифорæ – стилисикон антонимтæ.

-Равзарут уæхицæн темæ сфæлдыстадон куыстæн – презентацийæн.

Алы раст дзуаппæн - 1 балл. Банымайут  уæ кæрæдзийы балтæ æмæ бæрæггæнæнтæ сæвæрут.

Бæрæг кæнынц сæхимæ хæслæвæрд.

                                        Директор МБОУ СОШ с. Михайловское                               Медоев А.Х.


Предварительный просмотр:


Подписи к слайдам:

Слайд 1

синквейн – базон-базон : Уыдон Рæсугъд, ирд , нывæфтыд Аив кæнынц, ныв кæнынц , имитаци кæнын Æвзаджы хъæздыгдзинад - хъуыдыты хъæздыгдзинад Ныхасы хазна .

Слайд 2

Нæ урочы темæ: «Æвзаджы аивгæнæн- нывæфтыд мадзæлттæ»

Слайд 3

Урочы нысантæ: Аивгæнæн- нывæфтыд мадзæлттæй зонындзинæдтæ ныффидар кæнын æмæ сахуыр кæнын уыдонæй пайда кæнын ныхасы . Ахуыргæнинæгты æвзаг хъæздыг, ирд æмæ нывæфтыд кæнын.

Слайд 4

Терминологон диктант: 1 – анафорæ 2 – эпифорæ 3 – парцелляци 4 – олицетворени 5 – гиперболæ 6 – литотæ 7 - градаци

Слайд 5

8 – метафорæ 9 – эпитет 10 – синтаксисон параллелизм 11 – антитезæ 12 – абарст 13 – оксюморон 14 – градации

Слайд 6

Троптæ : гиперболæ, литотæ, метафорæ, эпитет, абарст , оксюморон

Слайд 8

Уалдзыгон фæлмæн къæвда – царды хос , дзæм – дзæм суадон . Цы мыггæгтæм баулæфы, уыдоны мидæг райхъал вæййы цард . Цы уидæгтыл бандзæвы, уыдон февналынц зæххы сой цъирынмæ . Майы æнæбын цъæх цæстытæм джихæй ныккаст ног сыфтæрджын хъæд . Арвæрттывд æмæ ивылд дæтты хъæрмæ сæ сæртæ сдардтой нартхоры æвзартæ. Фæрсынц: - Кæй узæлдæй райхъал стæм? Дзуаппы бæсты сын цалхы йас хур зæлдаг тынты баст æрвиты лæварæн … Быдыр райхъал .Хуымтæ худынц . Уалдзæг дзæнгæрджытæ цæгъды. Уалдзæг.

Слайд 9

Рефлекси : Абон æз базыдтон … Уыди цымыдисаг … Æз бамбæрстон уый æмæ… Ныр мæ бон у… Мæн бафæндыди … Мæ бон баци … Фæнды мæ фылдæр базонын …

Слайд 10

Презентацийы темæтæ: Метафорæ – аивгæнæн мадзæлтты паддзах . Егъау гиперболæ æмæ гыццыл литотæ. Диссаджы эпитет. Градацийы хæрдмæ схызт æмæ бынмæ æрхызт. Абарсты фадæттæ. Анафорæ æмæ эпифорæ – стилисикон антонимтæ


По теме: методические разработки, презентации и конспекты

Темӕ:"Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты."

Ныхасы разтыл куысты эффективон мадзалтта ламагъ къордты. Алы урочы дар хъуама ахсджиаг бынат ахсы дзырд, дзырды разт,дзырдбаст,ома авзаджы лексика. Урочы авзарыл хъауы ахам армаг, кацы алы скъоладзау...

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат иннæ ‘взæгты ‘хсæн.

Интегративон урок: Æвзаджы равзæрд æмæ рæзт. Ирон æвзаджы бынат  иннæ ‘взæгты  ‘хсæн....

Темӕ: «Ныхасы рӕзтыл куысты эффективон мадзӕлттӕ лӕмӕгъ къордты»

Для изучеия материала по любому языку важна методика преподавания определенного языка. методы подхода. Я решила для себя, что очень важны игровые методы для изучения осетинского языка. Я практически к...

Литературон- музыкалон мадзал "Ирыстон махан у на уазаг"

В данной  литературно- музыкальной композиции "Осетия - наш общий дом" говорится о том, что Осетия многонациональная республика. Здесь, в Осетии,  представители всех национальносте...

Амонд- хиирхæфсынæн кæнæ мулк амалгæнæн мадзал нæу,уæхскуæз фæллой дзы хъæуы удуæлдайæ

Урочы эпигрæф:  «…Æддаг бакаст ницы мары, лæгдзинад хъуыддаджы рабæрæг вæййы,цæмæй дæ адæм уари рахоной, уый тыххæй хъуамæ арвмæ стæхай..» Урочы темӕйы проблемӕ: « А...

Амонд- хиирхæфсынæн кæнæ мулк амалгæнæн мадзал нæу,уæхскуæз фæллой дзы хъæуы удуæлдайæ

Урочы эпигрæф:  «…Æддаг бакаст ницы мары, лæгдзинад хъуыддаджы рабæрæг вæййы,цæмæй дæ адæм уари рахоной, уый тыххæй хъуамæ арвмæ стæхай..»Урочы темӕйы проблемӕ: « Адæймаг...